Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иннӕтӕн кад кӕнынмӕ фӕразӕй вӕййыс?

Иннӕтӕн кад кӕнынмӕ фӕразӕй вӕййыс?

Иннӕтӕн кад кӕнынмӕ фӕразӕй вӕййыс?

«Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд» (РОМ. 12:10).

1, 2. а) Апостол Павел ромӕгтӕм цӕй тыххӕй ныффыста? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

АПОСТОЛ Павел ромӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым дзуры, чырыстӕттӕ кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой ӕмӕ сӕ уарзт «ӕнӕхин» кӕй хъуамӕ уа. Загъта ма, цӕмӕй «кӕрӕдзи уарзӕм ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй», зӕгъгӕ (Ром. 12:9, 10а).

2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ не сты, ӕмӕ ӕрмӕст нӕ зӕрдӕты иннӕтӕн бынат скӕнӕм. Уыцы уарзт хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ хъуыддӕгтӕй. Нӕ уарзондзинад хъуыддӕгтӕй куы не ’вдисӕм, уӕд ӕй ничи уындзӕн. Павел уый тыххӕй радта ахӕм фӕдзӕхст: «Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд» (Ром. 12:10ӕ). Иннӕтӕн кад кӕнын цы нысан кӕны? Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу нӕ иу иннӕйы разӕй цӕмӕн хъуамӕ фӕуа? Уый нӕ бон куыд у аразын?

Аргъ кӕнын ӕмӕ кад кӕнын

3. Дзырд «кад кӕнын» рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтыл цы нысан кӕны?

3 Дзырд «кад кӕнын» цы рагон дзуттаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «уӕз». Кад цы адӕймагӕн фӕкӕнынц, уымӕн иннӕты ’хсӕн вӕййы уӕз. Ацы дзырд ма Сыгъдӕг Фыстады тӕлмац ӕрцыд «нымайынӕй» ӕмӕ амоны, кӕмӕн кад кӕныс, уыцы адӕймаджы буц дарын (Райд. 45:13). «Кад кӕнын» цы грекъаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны искӕй нымайын кӕнӕ адджын ӕмӕ зынаргъ адӕймаг (Лук. 14:10). О, кӕмӕн кад кӕнӕм, уыдон нын сты уӕлдай зынаргъ ӕмӕ адджын.

4, 5. Кад кӕнын ӕмӕ аргъ кӕнын сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ӕввахс куыд сты? Бамбарын ӕй кӕн.

4 Иннӕтӕн кад кӕнын цы нысан кӕны? Дзырдтӕ «кад кӕнын» ӕмӕ «аргъ кӕнын» сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ӕввахс кӕй сты, уый тыххӕй сӕ арӕх иумӕ фӕпайда кӕнынц. Кад кӕнын у, иннӕтӕн кӕй аргъ кӕныс, уый хъуыддӕгтӕй ӕвдисын. Ӕндӕр ныхасӕй, аргъ кӕнын амоны, не ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕ, кад кӕнын та – куыд сын стӕм, уымӕ.

5 Йе ’мчырыстӕттӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи нӕ аргъ кӕны, уый сын зӕрдиагӕй кад кӕндзӕн? (3 Иоан. 9, 10). Зӕгъӕм, зайӕгой хорз зӕххы сагъд куы вӕййы, уӕд дидинӕг фӕкалы ӕмӕ йӕ сыфтӕр ӕдзух цъӕхӕй фӕлӕууы. Афтӕ мах дӕр не ’фсымӕртӕн кад кӕндзыстӕм, нӕ зӕрдӕ «хорз зӕххы сагъд куы уа», уӕд, ома сын ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы аргъ кӕнӕм, уӕд. Фӕлӕ сын зӕрдиагӕй куы нӕ кад кӕнӕм, уӕд сын, абон уа, райсом уа, нал аргъ кӕндзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Павел фӕдзӕхсы: «Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин» (Ром. 12:9; бакӕс 1 Петры 1:22).

«Хуыцаумӕ гӕсгӕ» чи ӕрцыд фӕлдыст, уыдонӕн кад кӕнӕм

6, 7. Иннӕтӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

6 Иннӕтӕн зӕрдӕбынӕй куы аргъ кӕнӕм, уӕд сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кад кӕндзыстӕм. Фӕлӕ нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, Библимӕ гӕсгӕ не ’фсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр аргъ кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.

7 Цӕрӕгойтӕй уӕлдай адӕм уыдысты «Хуыцаумӕ гӕсгӕ» фӕлдыст (Иак. 3:9). Уымӕ гӕсгӕ нӕм ис Хуыцауы миниуджытӕ: уарзондзинад, зонд ӕмӕ рӕстдзинад. Фӕлӕ ма нӕ Хуыцау ноджы цӕмӕй схайджын кодта? Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «О Йегъовӕ, [...] дӕ кады кой хъуысы ӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр! [...] Зӕдтӕй [адӕймаджы] бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ намысы худ ын ӕркодтай йӕ сӕрыл» (Пс. 8:1, 4, 5; 104:1) *. Хуыцау адӕймаджы схайджын кодта кад ӕмӕ намысӕй. Уӕдӕ искӕмӕн куы фӕаргъ кӕнӕм, уӕд фӕаргъ кӕнӕм Йегъовӕйӕн, адӕймаджы кадӕй чи схайджын кодта, уымӕн. Кӕд адӕмӕн кад кӕнын тынг ахсджиаг у, уӕд не ’фсымӕртӕн кад кӕнын та ноджы ахсджиагдӕр у (Иоан. 3:16; Гал. 6:10).

Иу бинонтӕ

8, 9. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ не ’мчырыстӕттӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

8 Кӕрӕдзийӕн ма цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм, уый бӕрӕг у Павелы ныхӕстӕй. Павел куы загъта, уӕ кӕрӕдзийӕн кад кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй». «Фӕлмӕн уарзт» цы грекъаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уый амоны, фӕрнджын ӕмӕ ӕнгом бинонтӕ цы фидар тӕгтӕй баст вӕййынц, уыдонмӕ. Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ ӕмбырды дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хъуамӕ уой ӕнгом бинонтау фидар тӕгтӕй баст (Ром. 12:5). Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста сӕрст чырыстӕттӕм, иу Фыды, Йегъовӕйы, сывӕллӕттӕ чи систы, уыдонмӕ. Уыдон уыдысты ӕнгом бинонтау. Уый тыххӕй Павелы рӕстӕджы сӕрст чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн стыр аргъ кодтой. Афтӕ абон дӕр сӕрст чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн стыр аргъ кӕнынц.

9 «Ӕндӕр фыстӕй» та цы зӕгъӕн ис? (Иоан. 10:16). Кӕд сӕ Хуыцау нырма йӕ сывӕллӕттӕ не схуыдта, уӕддӕр кӕрӕдзи хонынц хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейы се ’мчырыстӕттимӕ сты иу бинонтау ӕнгом (1 Пет. 2:17; 5:9). Уӕдӕ «ӕндӕр фыстӕ» кӕрӕдзи хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй хонынц, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ се ’мчырысттӕтӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ аргъ кӕной. (Бакӕс 1 Петры 3:8.)

Кад кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

10, 11. Иннӕтӕн аргъ кӕнын ӕмӕ кад кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

10 Иннӕтӕн аргъ кӕнын ӕмӕ кад кӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн куы кад кӕнӕм, уӕд уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл хорзырдӕм фӕзындзӕн ӕмӕ ӕнгомдӕр уыдзыстӕм.

11 Мах ӕй ӕмбарӕм, Йегъовӕимӕ ӕнгом куы уӕм ӕмӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы хайджын кӕна, уӕд нын уый ӕппӕты хуыздӕр ӕххуыс кӕй уыдзӕн (Пс. 36:7; Иоан. 14:26). Не ’мчырыстӕттӕн зынаргъ кӕй стӕм, уый куы фӕуынӕм, уӕд нӕ ныфсыл ныфс бафты (Ӕмб. 25:11). Ӕмӕ нын исчи куы фӕзӕгъы, зынаргъ мын дӕ, зӕгъгӕ, кӕнӕ йӕ хъуыддагӕй куы равдисы, уӕд ныл базыртӕ базайы. Афтӕмӕй нӕм фылдӕр тыхтӕ фӕзыны, ӕмӕ нӕ царды фӕндагыл зӕрдӕрайгӕйӕ ӕмӕ фӕндфидарӕй дарддӕр фӕлидзӕм. Уый ды дӕр дӕхицӕй куыннӕ зоныс.

12. Цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ уарзондзинад уа, уый тыххӕй алкӕй бон дӕр цы у аразын?

12 Йегъовӕ йӕ зоны, алкӕй дӕр нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын аргъ кӕной, уымӕ гӕсгӕ нӕ йӕ Ныхас разӕнгард кӕны: «Иу иннӕйы нымайӕд йӕхицӕй фылдӕр» (Ром. 12:10, «Ног Фӕдзӕхст», 2006; бакӕс Матфейы 7:12). Ацы уынаффӕ зӕрдӕбынӕй чи ӕххӕст кӕны, уыдоны фӕрцы ӕгас дунейы ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн ис фарн ӕмӕ уарзондзинад. Хорз уаид ахъуыды кӕнын: «Мӕ хотӕн ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн кӕй аргъ кӕнын, уый сын фӕстаг хатт кӕд загътон кӕнӕ кӕд равдыстон?» (Ром. 13:8).

Кад кӕнынмӕ иннӕты разӕй у

13. а) Иннӕтӕн кад кӕнынмӕ-иу разӕй чи хъуамӕ фӕуа? ӕ) Павелы ныхӕстӕ Ромӕгтӕм 1:7 цӕуыл дзурӕг сты?

13 Иннӕтӕн кад кӕнынмӕ-иу разӕй чи хъуамӕ фӕуа? Павел дзуттӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым хистӕр нӕлгоймӕгты тыххӕй загъта, зӕгъгӕ нын уыдон «разамынд дӕттынц» (Дзут. 13:17). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын разамынд бирӕ хъуыддӕгты дӕттынц. Ӕмбырды фыййӕуттӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ разӕй фӕуой се ’мбырды хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕмӕ иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кад кӕнынмӕ. Зӕгъӕм, ӕмбырды хъуыддӕгты фӕдыл куы ӕрӕмбырд вӕййынц ӕмӕ кӕрӕдзимӕ лӕмбынӕг кӕй байхъусынц, уымӕй кӕрӕдзийӕн кад кӕнынц. Кӕрӕдзийӕн ма кӕй кад кӕнынц, уый равдисынц, исты уынаффӕ хӕсгӕйӕ алкӕй хъуыдымӕ дӕр ӕмӕ ныхасмӕ дӕр сӕ хъус кӕй ӕрдарынц, уымӕй (Ап. хъ. 15:6–15). Мах хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Павелы фыстӕг ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕм кӕй нӕ хауы, фӕлӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырдмӕ дӕр (Ром. 1:7). Уымӕ гӕсгӕ, ацы уынаффӕ, кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иннӕты разӕй фӕут, зӕгъгӕ, хауы алкӕмӕ дӕр.

14. а) Иннӕтӕн кад кӕнын ӕмӕ кад кӕнынмӕ раздӕр фӕуын кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц? ӕ) Нӕхимӕ цавӕр фарста хъуамӕ раттӕм?

14 Павел ромаг чырыстӕтты кӕрӕдзийӕн ӕрмӕст кад кӕнынмӕ нӕ разӕнгард кодта, фӕлӕ ма-иу цӕмӕй уыцы хъуыддаджы иу иннӕмӕй раздӕр фӕуыдаид. Фӕлӕ цымӕ уыцы хъуыддӕгтӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц? Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Кӕсын чи зоны, ахӕм ахуырдзауты ма ахуыргӕнӕг кӕсын ахуыр кӕндзӕн? Нӕ, уымӕн ӕмӕ кӕсын зонынц. Ахуыргӕнӕг сӕ ахуыр кӕндзӕн хуыздӕр кӕсыныл. Афтӕ мах дӕр, кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийӕн кад кӕнӕм, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый (Иоан. 13:35). Ахуырдзаутӕн сӕ бон у хуыздӕр кӕсыныл ахуыр кӕнын, махӕн дӕр нӕ бон у ахуыр кӕнын, цӕмӕй-иу кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ иу иннӕмӕй фӕраздӕр уа (1 Фес. 4:9, 10). Ацы фӕдзӕхст махмӕ алкӕмӕ дӕр хауы. Нӕ бон у нӕхимӕ ахӕм фарста раттын: «Ӕз дӕр афтӕ кӕнын – ӕз дӕр ӕмбырды иннӕтӕн кад кӕнынмӕ фӕраздӕр вӕййын?»

«Мӕгуырӕн» кад кӕнӕм

15, 16. а) Ӕмбырды кӕй тыххӕй хъуамӕ ма рох кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Куыд ис базонӕн, не ’мчырыстӕттӕн зӕрдиагӕй кад кӕнӕм ӕви нӕ?

15 Иннӕтӕн кад кӕнын хорз у, фӕлӕ ма ӕмбырды кӕй хъуамӕ ма рох кӕнӕм? Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад» (Ӕмб. 19:17). Ацы ныхӕстӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу иннӕтӕн кад кӕнынмӕ разӕй фӕуӕм?

16 Ӕвӕццӕгӕн ды дӕр сразы уыдзынӕ, адӕймаг фылдӕр кад кӕй фӕкӕны, йӕхицӕй уӕлдӕр чи у, уымӕн. Фӕлӕ, йӕхицӕй дӕлдӕр чи у, уымӕн та гыццыл кад фӕкӕны кӕнӕ та ӕппындӕр нӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ ахӕм нӕу. Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕз кад кӕндзынӕн, мӕнӕн чи кад кӕны, уыдонӕн» (1 Сам. 2:30; Пс. 113:5–7). Йегъовӕ кад кӕны, чи йын лӕггад кӕны ӕмӕ йын йӕхицӕн чи кад кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Уый «мӕгуыры» нӕ рох кӕны. (Бакӕс 1 Самуилы 2:8; 2 Аз. 16:9.) Уӕдӕ мах дӕр куыннӕ фӕнды Йегъовӕйы фӕзмын. Ӕмӕ нӕ кӕд фӕнды базонын, иннӕтӕн зӕрдиагӕй кад кӕнӕм ӕви нӕ, уӕд хъуамӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Не ’мбырды кадджын хӕстӕ кӕуыл нӕй кӕнӕ, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дарын?» (Иоан. 13:14, 15). Ацы фарстайӕн цы дзуапп ратдзыстӕм, уымӕй бӕрӕг у, иннӕтӕн зӕрдиагӕй кад кӕнӕм ӕви нӕ. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:3, 4.)

Нӕ рӕстӕг куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд иннӕтӕн кад кӕндзыстӕм

17. Нӕ бон куыд у равдисын, ӕмбырды нӕ се ’ппӕтӕн дӕр кад кӕнын кӕй фӕнды ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

17 Нӕ бон куыд у равдисын, ӕмбырды нӕ се ’ппӕтӕн дӕр кад кӕнын кӕй фӕнды, уый? Иннӕтӕн нӕ рӕстӕг куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд. Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, ӕмӕ ныл ӕмбырды раз цы бирӕ ӕмӕ ахсджиаг хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕныныл бирӕ рӕстӕг ацӕуы. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, нӕ рӕстӕг нын зынаргъ кӕй у, уый. Стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй дӕр нӕ домӕм, цӕмӕй нын сӕ рӕстӕгӕй фагӕй фылдӕр хицӕн кӕной. Ӕмӕ уыдон дӕр махӕй уый кӕй нӕ домынц, уымӕн аргъ кӕнӕм.

18. Не ’мчырыстӕттӕн нӕ рӕстӕг кӕй не ’вгъау кӕнӕм, уый 18 фарсыл цы ныв ис, уӕмӕй куыд у бӕрӕг?

18 Фӕлӕ мах (уӕлдай дӕр та ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ) ӕмбарӕм, не ’мчырыстӕттӕн нӕ рӕстӕг куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд сын ӕвдисдзыстӕм, кад сын кӕй кӕнӕм. Не ’фсымӕрты тыххӕй нӕ хъуыддӕгтӕ куы ныууадзӕм, уӕд сын бамбарын кӕнӕм, нӕ хъуыддӕгтӕй нын бирӕ зынаргъдӕр кӕй сты (Марчы 6:30–34). Фӕлӕ нӕм не ’мчырыстоны тыххӕй нӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕвгъау куы кӕса, уӕд хъуыды кӕндзӕн, цыма йын нӕ аргъ кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг ахсджиаг хъуыддӕгтӕ нын куы вӕййы, уӕд сӕ фӕхъӕуы кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын. Нӕ рӕстӕгӕй иннӕтӕн зӕрдиагӕй фӕхицӕн кӕнӕм ӕви ӕвӕндонӕй, уымӕй бӕрӕг вӕййы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кад кӕнӕм ӕви нӕ (1 Кор. 10:24).

Кад кӕнынмӕ-иу иннӕтӕй раздӕр фӕу

19. Не ’мчырыстӕтты ма нӕ рӕстӕгӕй уӕлдай цы хъӕуы?

19 Не ’мчырыстӕттӕн кӕй кад кӕнӕм, уый ма нӕ бон у бирӕ цӕмӕйдӕртӕй равдисын. Зӕгъӕм, мах сын ӕрмӕст нӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнӕм, фӕлӕ ма-иу сӕм лӕмбынӕг дӕр байхъусӕм. Ацы хъуыддаджы дӕр та нын Йегъовӕ у фӕзминаг. Псаломзарӕггӕнӕг Давид загъта: «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ» (Пс. 34:15). Мах тынг фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм ӕмӕ нӕ цӕстытӕ ӕмӕ нӕ хъустӕ здӕхт уой нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм, ома сӕм лӕмбынӕг уӕм, уӕлдайдӕр та нӕ ӕххуыс куы фӕкурынц, уӕд. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд сын кад кӕндзыстӕм.

20. Иннӕтӕн аргъ кӕныны тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

20 Уӕдӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, не ’мчырыстӕттӕн зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм, уый. Мах ма фадӕттӕ агурӕм, цӕмӕй-иу кад кӕнынмӕ иннӕтӕй раздӕр фӕуӕм, уыимӕ «мӕгуыртӕн» дӕр. Не ’мчырыстӕттӕн кад куы кӕнӕм, уӕд нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ иудзинад фидардӕр кӕндзысты. Цӕй уӕдӕ, кӕрӕдзийӕн ӕрмӕст кад ма кӕнӕм, фӕлӕ-иу уыцы хъуыддагмӕ иннӕты разӕй фӕуыныл архайӕм. Ды дӕр афтӕ кӕндзынӕ?

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Давид 8-ӕм псаломы кӕны ӕххӕст адӕймаг Йесо Чырыстийы кой (Дзут. 2:6–9).

Бахъуыды кодтай?

• Кад кӕнын ӕмӕ аргъ кӕнын сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ӕввахс куыд сты?

• Не ’мчырыстӕттӕн цӕмӕн хъуамӕ кад кӕнӕм?

• Кӕрӕдзийӕн кад кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

• Не ’мчырыстӕттӕн кад кӕй кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Не ’мчырыстӕттӕн кад кӕй кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?