Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй хуыздӕр базоной Йегъовӕйы организаци

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй хуыздӕр базоной Йегъовӕйы организаци

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй хуыздӕр базоной Йегъовӕйы организаци

СЫВӔЛЛӔТТЫ фӕфӕнды алцы зонын. Ахъуыды-ма кӕн, израилаг сывӕллӕттӕм цас фарстатӕ уыдаид, Египеты фыццаг хатт Куадзӕн куы бӕрӕг кодтой, уыцы ӕхсӕв. Хӕрзаг, хистӕрты фарстой: «Уӕрыкк цӕмӕн аргӕвстой? Баба дуары фӕрстӕ тугӕй цӕмӕн сӕрды? Кӕдӕм цӕуӕм?» Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты кӕй фарстой, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй цыди, уый бӕрӕг у, израилаг фыдӕлтӕн цы фӕдзӕхст радта, уымӕй. Йегъовӕ сын Куадзӕны бӕрӕгбоны тыххӕй загъта: «Уӕ фырттӕ уӕ куы фӕрсой, ацы бӕрӕгбон цӕмӕн кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут: „Ай у Куадзӕны нывонд Йегъовӕйӕн. Египетӕгты куы бафхӕрдта, уӕд Израилы фырттӕн сӕ хӕдзӕртты рӕзты ацыд ӕмӕ нын нӕ бинонты бахызта уыцы бӕллӕхӕй“» (Рац. 12:24–27). Фӕстӕдӕр Йегъовӕ израилаг ныййарджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй-иу сӕ сывӕллӕттӕ йӕ «уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕтты» тыххӕй куы фӕрсой, уӕд-иу сын дзуапп раттой (Дык. з. 6:20–25).

Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕндыд, сывӕллӕттӕм-иу раст дины тыххӕй цы фарстатӕ уыд, уыдонӕн-иу дзуапп ссардтаиккой – сӕ Хуыцауы ӕмӕ сӕ Ирвӕзынгӕнӕджы уарзынӕн сын чи баххуыс кодтаид, ахӕм дзуапп. Йегъовӕ абон дӕр йӕ фӕндон нӕ аивта. Цӕмӕй сывӕллӕттӕ Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзой, уый тыххӕй ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы организациимӕ базонгӕ уой ӕмӕ уыцы хъуыддаг цы пайда у, уый сын ӕмбарын кӕной. Ӕркӕсӕм, сывӕллӕттӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы организацийы тыххӕй фылдӕр базоной.

Ӕмбырд

Сывӕллӕттӕ хъуамӕ зоной, уӕ бинонтӕ цы ӕмбырдмӕ цӕуынц, уый. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй хъӕуы алы ӕмбырдмӕ дӕр кӕнын. Афтӕ куы кӕнат, уӕд фӕзмдзыстут израилӕгты. Йегъовӕ сын загъта: «Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы се ’ппӕты дӕр: нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сывӕллӕтты...,– цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ тӕрсой уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ ӕмӕ, ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый ӕххӕст кӕной. Хъуамӕ хъусой сӕ фырттӕ дӕр, уыдӕттӕ чи нӕ зоны, уыдон, ӕмӕ ахуыр кӕной уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсын» (Дык. з. 31:12, 13).

Сывӕллӕттӕн гыццылӕй дӕр сӕ бон у Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын. Апостол Павел Тимофейы тыххӕй афтӕ загъта: «Дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ» (2 Тим. 3:15). Ӕмбырдты суанг гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр бамбарынц бирӕ цыдӕртӕ ӕмӕ Паддзахады зарджытӕ дӕр базонынц. Уым сахуыр вӕййынц Библийӕ ӕмӕ нӕ литературӕйӕ пайда кӕнын ӕмӕ йын аргъ кӕнын. Ӕмбырдты ма банкъарынц уарзондзинад дӕр – Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. Чырысти загъта: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:34, 35). Ӕмбырды уарзондзинад кӕй ис ӕмӕ дзы ӕдас кӕй у, уый сывӕллӕттӕ куы фенынц, уӕд сын уый сӕ зӕрдӕтӕ бацагайы ӕмӕ сӕ фӕфӕнды алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын.

Ӕмбырдмӕ-иу рагацау куы ӕрбацӕуай ӕмӕ-иу ӕмбырды фӕстӕ гыццыл куы афӕстиат уай, уӕд дӕ сывӕллӕттӕн ӕмбӕлттӕ фӕзындзӕн. Ӕмӕ се ’мбӕлттӕ ӕнӕмӕнг сӕхи карӕн хъуамӕ ма уой. Хорз уаид, алы карӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ сӕ куы зонгӕ кӕнис. Хистӕртимӕ куы базонгӕ уой, уӕд сӕ бирӕ хорз хабӕрттӕ базондзысты ӕмӕ фендзысты, стыр зонды хицау кӕй сты, уый. Рагзаманты, Захари, «ӕцӕг Хуыцауӕй тӕрсын чи ахуыр кодта», уый ӕрыгон Озийыл, Иудӕйы паддзахыл, хорзырдӕм куыд фӕзынд, афтӕ абон дӕр, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр ӕрыгӕттыл хорзырдӕм фӕзынынц (2 Аз. 26:1, 4, 5). Уымӕй уӕлдай ма, Паддзахады залы сывӕллӕттӕн радзурӕн ис, куыд ис библиотекӕйӕ пайда кӕнӕн, цӕмӕн хъӕуы хъусинӕгты фӕйнӕг ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Ӕппӕтдунеон организаци

Сывӕллӕттӕ хъуамӕ ӕмбарой, сӕ ӕмбырд кӕй у, ӕппӕт дунейы цы 100 000 ӕмбырды ис, уыдонӕй сӕ иу. Уыцы организаци куыд архайы ӕмӕ сывӕллӕттӕн уыцы куыстӕн сӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, уый сын лӕмбынӕг ӕмбарын кӕн. Радзур-иу сын, районон ӕмӕ облӕстон конгресстӕм ӕмӕ уын уе ’мбырд районон цӕстдарӕг кӕй бӕрӕг кӕндзӕн, уымӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсыс. (Кӕс фӕлгӕты  «Бинонты ахуыры рӕстӕг цӕуыл ис аныхас кӕнӕн», 28 фарс.)

Фадат дын куы уа, уӕд-иу районон цӕстдарӕджы, миссионерты, вефилӕгты кӕнӕ, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонӕй искӕй уӕхимӕ фӕхон. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ сӕ гыццыл сывӕллӕттӕм нӕ равдӕлдзӕн. Уыцы ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты фӕнды Чырыстийы фӕзмын. Чырысти-иу сывӕллӕттӕн ӕдзух рӕстӕг ардта ӕмӕ-иу семӕ ныхас кодта (Марчы 10:13–16). Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕнынц, уый-иу сын куы радзурой ӕмӕ йӕ куы уыной, уый сын стыр циндзинад кӕй хӕссы, уӕд, чи зоны, уыдоны дӕр бафӕнда ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын.

Уӕ бон ма цы у аразын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы организаци хуыздӕр базоной? Уӕ бинонтимӕ-иу бакӕсут чиныг «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога». Аныхас-иу кӕнут, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ куыд ӕнувыд, сӕрныллӕг ӕмӕ иузӕрдион уыдысты ӕмӕ Йегъовӕ хорз хабар уыдоны уылты ӕнӕхъӕн зӕххыл куыд апарахат кодта, ууыл. Бакӕсут-иу нӕ организацийы кинотӕм, цӕмӕй сывӕллӕттӕ, рагзаманты ӕмӕ абоны лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕй истӕуыл сахуыр уой. Кӕд уын гӕнӕн ис, уӕд уӕ бӕстӕйы кӕнӕ суанг ӕндӕр бӕстӕйы Вефилмӕ ацӕут. Уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕудзӕн, Йегъовӕйы зӕххон организацийӕн ӕууӕнкджын цагъар «хӕринаг» кӕй уары ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр разамынд кӕй дӕтты, н. э. 1 ӕнусы куыд уыд, раст афтӕ (Матф. 24:45–47; Ап. хъ. 15:22–31).

Сывӕллон цас бамбардзӕн, уыйбӕрц ын амонут

Уӕ сывӕллӕтты ахуыргӕнгӕйӕ уӕ зӕрдыл дарут, Чырысти йӕ апостолты куыд ахуыр кодта, уый. Иу хатт сын Чырысти загъта: «Бирӕ цыдӕртӕ ма мын ис сымахӕн зӕгъинаг, фӕлӕ сӕ ныр уӕ бон бамбарын не суыдзӕн» (Иоан. 16:12). Чырысти-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, сӕ бон бамбарын цас уыди, уыйбӕрц. Ахсджиаг хъуыддӕгтӕ-иу сын гыццылгай амыдта, цӕмӕй-иу сӕм хуыздӕр бахъардтаиккой. Сымах дӕр уӕ сывӕллӕтты афтӕ ахуыр кӕнут. Арӕх, фӕлӕ сын гыццылгай организацийы тыххӕй исты куы дзурат, уӕд сӕ фӕнддзӕн фылдӕр зонын ӕмӕ сын ног истытӕ базонын циндзинад хӕсдзӕн. Уӕ сывӕллӕттӕн сӕ уавӕртӕ куыд ивой, афтӕ та сын-иу ногӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, цы зыдтой, уый ӕмӕ-иу сын ӕй лӕмбынӕгдӕр бамбарын кӕнут.

Ӕмбырд нын тынг ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕмӕ хӕстӕгдӕр уӕм. Ӕмӕ ӕрыгӕттӕй ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй чи архайы, уыдонӕн ӕнцондӕр уыдзӕн Хӕйрӕджы дунейы зондахасты ныхмӕ фидар лӕууын (Ром. 12:2). Уӕ сывӕллӕттӕн куы ӕххуыс кӕнат, цӕмӕй Йегъовӕйы организаци хуыздӕр базоной, уӕд уын уый стыр циндзинад ӕрхӕсдзӕн. Уӕдӕ уын уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕ дарддӕр дӕр арфӕ кӕнӕд, нӕ уарзӕгой Хуыцау ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдионӕй куыд баззайой.

[Рамкӕ/​Ныв 28 фарсыл]

 Бинонты ахуыры рӕстӕг цӕуыл ис аныхас кӕнӕн

Ам ис, бинонты ахуыры рӕстӕг уӕ сывӕллӕттимӕ Йегъовӕйы организацийы тыххӕй уӕ бон цӕуыл у аныхас кӕнын, уый фӕдыл цалдӕр хъуыдыйы.

▪ Аныхас кӕнут уе ’мбырды хабӕрттыл. Фыццаг ӕмбырд куыд ӕмӕ кӕд фӕзынд? Раздӕр-иу ӕмбырдтӕ кӕм цыдысты? Хорз уаид, уӕ бинонты ахуырмӕ куы фӕхониккат, ӕмбырдмӕ рагӕй чи цӕуы, ахӕм ӕфсымӕры кӕнӕ хойы, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты фарстатӕн дзуапп ратта.

▪ Бамбарын сын кӕнут, алы ӕмбырды ӕмӕ алы конгрессы нысан цы у, ӕмӕ, сывӕллӕттӕн цы пайда хӕссынц, уый.

▪ Аныхас кӕнут, Йегъовӕйы организацийы цы алыхуызон скъолатӕ ис, уыдоныл. Уыцы скъолаты чи ахуыр кодта, уыдонӕн цы хорз хъуыддӕгтӕ бантыст, ахӕм цӕвиттонтӕ ӕрхӕссут.

▪ Ӕмбарын сын кӕнут, куыд ахсджиаг у ӕдзухдӕр хорз хабар хъусын кӕнын. Радзур сын, уацамынды куы цӕуой, уӕд уый ӕппӕтдунеон хыгъдыл куыд фӕзындзӕн. Уыцы хыгъд та вӕййы чиныджы «Ежегодник Свидетелей Иеговы».

▪ Аныхас кӕнут, ӕрыгӕттӕн цавӕр фадӕттӕ ис ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕн. Хорз хъуыдытӕ ссардзыстут чиныджы «Организованы, чтобы исполнять волю Иеговы», 10 сӕры.

▪ Ӕрыгӕттӕн бамбарын кӕнут, ӕмбырды алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл цӕмӕн у, уый. Бамбарын сын кӕнут, гыццыл хъуыддӕгты дӕр ӕнӕ Йегъовӕйы организацийӕ кӕй хъуамӕ мацы аразой. Аныхас кӕнут, хистӕр нӕлгоймӕгты разамындмӕ куы хъусой, уӕд кӕй ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбырды уаг ӕмӕ ӕгъдау уа.

[Ныв]

Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдон уӕ сывӕллӕтты ӕмбӕлттӕ куы уой, уӕд сыл уый хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Рагон израилӕгтау абон дӕр ныййарджытӕ дзуапп фӕдӕттынц, сӕ сывӕллӕттӕм Йегъовӕйы организацийы тыххӕй цы фарстатӕ вӕййы, уыдонӕн