Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хи рӕстытӕ кӕнын. Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Хи рӕстытӕ кӕнын. Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Хи рӕстытӕ кӕнын. Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй кӕсы?

«ДЫ МЫН цы сылгоймаджы радтай, уый мын радта уыцы бӕласы дыргътӕй, ӕмӕ дзы бахордтон»,– загъта нӕлгоймаг. «Уый калм уыди, уый мӕ асайдта, ӕмӕ дзы бахордтон»,– загъта сылгоймаг. Афтӕ нӕ рагфыдӕлтӕ Адам ӕмӕ Евӕ сӕхи Хуыцауы раз рӕстытӕ кодтой, ӕмӕ уӕдӕй абоны онг адӕм уыцы ӕгъдау нӕ уадзынц (Райд. 3:12, 13).

Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй тӕрхон кӕй рахаста, уымӕй бӕрӕг у, сӕхи кӕй рӕстытӕ кодтой, уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд (Райд. 3:16–19). Уӕдӕ адӕймаг йӕхи куы фӕрӕстытӕ кӕны, уӕд уый алы хатт дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы? Ӕви ӕрмӕстдӕр иуӕй-иу хатт? Кӕд афтӕ у, уӕд куыд ис базонӕн, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый? Цӕмӕй дзуапп базонӕм, уый тыххӕй уал ӕркӕсӕм, адӕймаг йӕхи цӕмӕн фӕрӕстытӕ кӕны, уымӕ.

Адӕймаг йӕхи фӕрӕстытӕ кӕны, куы фӕрӕдийы, цы хъуамӕ сарӕзтаид, уый куы нӕ саразы кӕнӕ йӕ исты саразын куы нӕ фӕфӕнды, уӕд. Йӕхи чи фӕрӕстытӕ кӕны, уый цавӕрдӕр хъуыддаг цӕуылнӕ сарӕзта, уый бамбарын кӕны, фӕфӕсмон кӕны, ӕмӕ йын иннӕтӕ дӕр фӕтӕригъӕд кӕнынц ӕмӕ йын ныббарынц. Иуӕй-иутӕ Адам ӕмӕ Евӕйау сӕхи фӕрӕстытӕ кӕнынц, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый басусӕг кӕнын сӕ куы фӕфӕнды, уӕд. Иннӕтӕ та сӕхи фӕрӕстытӕ кӕнынц, сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ хорзмӕ кӕй не ’ркӕндзысты, уый ӕмбаргӕйӕ.

Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕфсӕнттӕ агурын куы райдайӕм, уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй «алы мӕнг хъуыдытӕй» нӕхи ма сайӕм (Иак. 1:22). Ӕркӕсӕм-ма, «нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый» ӕппынӕдзух бӕлвырд кӕнынӕн нын Библийӕ цы цӕвиттон ӕмӕ хъуыдытӕ баххуыс кӕндзысты, уыдонмӕ (Еф. 5:10).

Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъусӕм, йӕ Ныхасы нын цы фӕдзӕхстытӕ дӕтты, уыдонмӕ. Зӕгъӕм, Чырысти радта ахӕм фӕдзӕхст, «ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый абон хауы йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр (Матф. 28:19, 20). Ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ӕнӕмӕнгдӕр ӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй апостол Павел загъта: «Мӕгуыр мӕ бон, хорз хабар куы нӕ хъусын кӕнон, уӕд!» (1 Кор. 9:16).

Бирӕ рӕстӕг Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕфсӕрмы кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Матф. 24:14). Кӕнӕ, раздӕр хорз хабар чи хъусын кодта, уыдонӕй чидӕртӕ ныр нал хъусын кӕнынц. Уацамынды чи нал цӕуы, уыдон цымӕ цавӕр ӕфсӕнттӕ ссарынц? Йегъовӕ, рагзаманты йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ йӕ ныфс чи нӕ хаста, уыдонмӕ цавӕр цӕстӕй каст?

Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы

«Тынг зын мын у». Ӕфсӕрмыгӕнаг адӕймагӕн уӕлдай зындӕр вӕййы хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕркӕсӕм-ма Ионӕйы хабармӕ, ӕмӕ фенӕм, зондӕн дзы райсӕн цы ис, уый. Йегъовӕ йын бахӕс кодта, цӕмӕй Ниневийы цӕрджытӕн фехъусын кодтаид, цы бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Фӕлӕ уый Ионӕмӕ тынг зын хъуыддаг фӕкаст. Зын бамбарӕн нӕу, Ионӕ уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынмӕ йӕ ныфс цӕуылнӕ бахаста. Ниневи уыди Ассирийы сӕйраг горӕт. Ассириӕгтӕ та нымад уыдысты тынг ӕгъатыр адӕмыл. Ионӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта: «Уыцы адӕмы ’хсӕнмӕ куыд ацӕуон? Уӕд та ма мын исты бакодтой!» Бирӕ нӕ фӕрахъуыды-бахъуыды кодта, ӕмӕ алыгъд. Ӕфсӕнттӕ агурын кӕй райдыдта, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ та йын ногӕй загъта, цӕмӕй ниневиӕгтӕн йӕ ныхас фехъусын кодтаид. Ионӕ ацы хатт ныфсджынӕй сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрд, ӕмӕ Йегъовӕ уыцы адӕмы нӕ фесӕфта (Ионӕ 1:1–3; 3:3, 4, 10).

Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын зын у, уӕд дӕ дӕ зӕрдыл дарын хъӕуы иу хъуыддаг – Хуыцауӕн «алцыдӕр у йӕ бон» (Марчы 10:27). Ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕйӕ ӕдзух ӕххуыс куы курай, уӕд дӕ бафидар кӕндзӕн ӕмӕ дзы хъусын кӕныны тыххӕй ныфс куы курай, уӕд дын раарфӕ кӕндзӕн (Лук. 11:9–13).

«Нӕ мӕ фӕнды». Афтӕ тынг дӕ куы нал фӕнда дӕ чырыстон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, уӕд дӕ бон цы у саразын? Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕйӕн йӕ бон у адӕймаджы фӕндтӕ фӕивын. Павел загъта: «Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат» (Фил. 2:13). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕ бафӕнда йӕ фӕндон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнын. Паддзах Давид дӕр ын уый тыххӕй лӕгъстӕ кодта: «Ӕххуыс мын кӕн дӕ раст фӕндагыл цӕуынӕн» (Пс. 25:4, 5). Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ курын ӕххуыс, цӕмӕй нӕ фӕнда, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын.

Куы бафӕллайӕм кӕнӕ ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нӕ хатт нал фӕфӕнды ӕмбырдтӕм цӕуын дӕр ӕмӕ хъусын кӕнын дӕр. Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы нал уарзӕм? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Рагзаманты дӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хъуыди ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаиккой. Дзырдӕн, Павел загъта, йӕ буар хъизӕмарӕй кӕй мардта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъусын (1 Кор. 9:26, 27). Мах дӕр, куы нӕ нӕ фӕнда нӕ чырыстон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, фӕлӕ уӕддӕр ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, уӕд нын Йегъовӕ ӕнӕмӕнгдӕр раарфӕ кӕндзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Хӕйрӕджы гӕдыныхӕстӕн дзуапп дӕтдзыстӕм, ома, дам, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ фӕлварӕнты куы бахауой, уӕд ӕй ныууадздзысты (Иов 2:4).

«Рӕстӕг мын нӕй». Кӕд дын хорз хабар хъусын кӕнынӕн рӕстӕг нӕй, уӕд дӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы дӕ цардыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Чырысти загъта: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад» (Матф. 6:33). Цӕмӕй дӕ бон уа ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын, уый тыххӕй дӕ хъӕуы дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын кӕнӕ хи ирхӕфсӕнтӕй дӕ лӕггадӕн рӕстӕг тонын. Дзырд дӕр ыл нӕй, хи ирхӕфсын дӕр хъӕуы ӕмӕ царды хабӕрттӕ кӕнын дӕр, фӕлӕ нӕ уыдон хъуамӕ ма хъыгдарой лӕггад кӕнын. Махӕн нӕ царды фыццаг бынаты хъуамӕ уа Хуыцауы Паддзахад.

«Нӕ сарӕхсдзынӕн». Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дзӕбӕх нӕ арӕхсыс хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Рагзаманты дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуыды кодтой, кӕй нӕ сарӕхсдзысты, Йегъовӕ сын цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис Моисейы. Йегъовӕ йын иу ахсджиаг хъуыддаг куы бахӕс кодта, уӕд ын загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Нӕ уыдтӕн ахӕм нӕдӕр знон, нӕдӕр уый размӕ, ӕмӕ не сдӕн ахӕм, ды дӕ цагъаримӕ ныхас кӕнын куы райдыдтай, уый фӕстӕ дӕр. Нӕ арӕхсын дзурынмӕ». Кӕд ын Йегъовӕ ныфс бавӕрдта, уӕддӕр та йын Моисей загъта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ, фӕлӕ дӕ курӕг дӕн, мӕ бӕсты ӕндӕр искӕй арвит» (Рац. 4:10–13). Цымӕ Йегъовӕ куыд бакодта?

Йегъовӕ Моисейы уыцы хӕсӕй не ссӕрибар кодта, фӕлӕ ма йын Аароны дӕр йемӕ арвыста (Рац. 4:14–17). Уый фӕстӕ дӕр Йегъовӕ бирӕ азты дӕргъы уыди Моисеимӕ ӕмӕ йӕ цыдӕриддӕр хъуыди, уый йын лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ хӕс сӕххӕст кодтаид. Ды дӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ хотӕ кӕнӕ ӕфсымӕртӕй искӕй кӕй сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕна дӕ чырыстон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай ма нын Библи ныфс ӕвӕры, Йегъовӕ нын цы бахӕс кодта, уый йӕ фӕрцы кӕй сӕххӕст кӕндзыстӕм (2 Кор. 3:5). (Кӕс фӕлгӕты  «Мӕ царды амондджындӕр азтӕ».)

«Фӕхъыг мӕ кодтой». Иуӕй-иутӕ нал фӕхъусын кӕнынц кӕнӕ ӕмбырдтӕм нал фӕцӕуынц, чидӕр сӕ кӕй фӕхъыг кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕ Йегъовӕ бамбардзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд нын зын вӕййы. Фӕлӕ цымӕ уый хорз ӕфсон у, цӕмӕй нӕ чырыстон хӕстӕ ныууадзӕм? Павел ӕмӕ Варнавӕ «тынг [куы] фӕбыцӕу сты», уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кӕрӕдзийы тынг фӕхъыг кодтой (Ап. хъ. 15:39). Фӕлӕ сӕ цымӕ уый тыххӕй исчи йӕ чырыстон хӕстӕ ныууагъта? Иу дӕр нӕ!

Уӕдӕ дӕу дӕр де ’мчырыстӕттӕй исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар иу хъуыддаг: де ’знаг де ’нӕххӕст ӕмчырыстон нӕу, фӕлӕ Хӕйрӕг, аныхъуырынмӕ дӕ чи хъавы, уый. Фӕлӕ Хӕйрӕгӕн «йӕ ныхмӕ [куы] фӕлӕууай, уырнындзинады фидар [куы] уай», уӕд ын ницы рауайдзӕн (1 Пет. 5:8, 9; Гал. 5:15). Ахӕм фидар уырнындзинад дын куы уа, уӕд «фыдӕнхъӕл никуы фӕуыдзынӕ» (Ром. 9:33).

Нӕ бон куы нӕ уа

Куыд федтам, афтӕмӕй Библийӕ иу ӕфсон дӕр ӕрхӕссӕн нӕй, цӕмӕй нын, Йегъовӕ цы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдон мауал ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ уацамынды мауал цӕуӕм. Фӕлӕ уӕддӕр вӕййы ахӕм аххосӕгтӕ, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕ вӕййы фылдӕр лӕггад кӕнын. Хуыцау ма ныл цы хӕстӕ ӕвӕры, уыдоны тыххӕй дӕр нын, чи зоны, бирӕ рӕстӕг ма уа хъусын кӕнынӕн. Стӕй, гӕнӕн ис, тынг фӕллад стӕм кӕнӕ тынг рынчын стӕм ӕмӕ нӕ цас фӕнды, уыйбӕрц нӕ бон нӕу Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нын Сыгъдӕг Фыстад ныфс ӕвӕры, Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕйы фӕндон кӕй уыны ӕмӕ, нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый кӕй нӕ рох кӕны (Пс. 103:14; 2 Кор. 8:12).

Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕхицӕй дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр ӕгӕр бирӕ ма домӕм. Апостол Павел ныффыста: «Ды чи дӕ, ӕмӕ кӕйдӕр цагъарӕн тӕрхонгӕнӕг уай? Лӕугӕ кӕны ӕви хаугӕ акодта, уый йӕ хицау равзардзӕн» (Ром. 14:4). Нӕхи иннӕтимӕ барыны бӕсты, хуыздӕр уаид нӕ зӕрдыл иу хъуыддаг куы дариккам – «алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй» (Ром. 14:12; Гал. 6:4, 5). Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм ӕмӕ йын куы фӕдзурӕм, цы хӕстӕ ныл ис, уыдон цӕуылнӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕд-иу «ӕнӕзӕрдӕхудт» уӕм (Дзут. 13:18).

Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын циндзинад цӕмӕн хӕссы

Цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, уӕддӕр нӕ алкӕй бон дӕр нӕ у Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ сты раст ӕмӕ ӕнцонӕххӕстгӕнӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

Хуыцауы Ныхасы афтӕ фыст ис: «Дӕ къух куы амона, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн» (Ӕмб. 3:27). Ацы стихмӕ гӕсгӕ Хуыцауы фӕдзӕхстыты тыххӕй цы ис зӕгъӕн? Хуыцау дӕ уый нӕ домы, цӕмӕй дын де ’мчырыстӕттимӕ ӕмхуызон тыхтӕ уа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй, дӕхи тыхтӕ куыд амонынц, афтӕ йын лӕггад кӕнай. Алкӕмӕндӕр у йӕ бон Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын, нӕ тыхтӕ цас амонынц, уыйбӕрц (Лук. 10:27; Кол. 3:23).

[Рамкӕ/​Ныв 14 фарсыл]

 «Мӕ царды амондджындӕр азтӕ»

Кӕд нӕ, мыййаг, не ’нӕниздзинад кӕнӕ ӕндӕр исты тыхсын кӕны, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ бон нӕ бауыдзӕн нӕ хӕстӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕркӕсӕм, Канадӕйӕ не ’фсымӕр Эрнесты хабармӕ.

Эрнест дзургӕ дзӕбӕх нӕ кодта ӕмӕ уыд тынг ӕфсӕрмыгӕнаг. Йӕ астӕу куы фӕсахъат, уӕд йӕ бон стройкӕйы кусын нал уыд. Фӕлӕ йӕ бон уыди бирӕ рӕстӕг хъусын кӕнын. Ӕмбырды-иу ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй куы дзырдтой, уӕд-иу йӕ зӕрдӕйы зынг ссыгъд. Фӕлӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн.

Кӕд афтӕ хъуыды кодта, уӕддӕр иу мӕйӕн анкетӕ байдзаг кодта. Ӕмӕ йӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, уыцы мӕй 50 сахаты бӕрц уацамынды кӕй арвыста, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ загъта, дыккаг хатт мын нӕ рауайдзӕн, зӕгъгӕ. Дыккаг хатт дӕр та анкетӕ байдзаг кодта, ӕмӕ та йӕ нысан йӕ къухы бафтыд.

Афтӕмӕй Эрнест иу аз ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кодта, ӕмӕ загъта, мӕ бон ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын ницы хуызы бауыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ та, ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй анкетӕ байдзаг кодта. Йӕ бон иу аз ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын кӕй бауыдзӕн, уый ӕнхъӕл никуы уыди. Бафӕндыд ӕй дарддӕр дӕр ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ тынг цин кодта, дыууӕ азы бӕрц ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй кӕй баллӕггад кодта, уый тыххӕй, цалынмӕ йе ’нӕниздзинад нӕ фӕфыддӕр ис ӕмӕ нӕ амард, уӕдмӕ. Исчи-иу ӕм рынчынфӕрсӕг куы ’рбацыд, уӕд-иу ын йӕ цӕссыг калгӕйӕ дзырдта: «Йегъовӕйӕн пионерӕй лӕггадгӕнгӕйӕ цы азтӕ арвыстон, уыдон уыдысты мӕ царды амондджындӕр азтӕ».

[Ныв 13 фарсыл]

Цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты дӕр ахиздзыстӕм

[Ныв 15 фарсыл]

Нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ барухс кӕнӕм