«Ӕххуыс мын кӕны... адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурынӕн»
«Ӕххуыс мын кӕны... адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурынӕн»
ЦАЛДӔР азы размӕ Бразилийы, горӕт Порту-Алегрийы уыд дунеон конференци ӕхсӕнадон фарстаты фӕдыл. Уыцы конференцимӕ 135 бӕстӕйӕ ӕрцыд тынг бирӕ адӕм, дӕсгай минтӕ. Перерывты рӕстӕг, Порту-Алегрийы ӕмбырдӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ делегаттӕй бирӕтӕм бацыдысты, цӕмӕй сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар радзырдтаиккой. Фӕлӕ семӕ куыд ныхас кодтой?
Иу пионер, Елизабетӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Пайда кодтам брошюрӕйӕ „Благая весть для всех народов“». Уыцы хо ма загъта: «Делегаттӕй бирӕтӕ никуы фехъуыстой Паддзахады тыххӕй хорз хабар, фӕлӕ нӕм уӕддӕр дзӕбӕх байхъуыстой. Ныхас кодтам алыхуызон адӕмимӕ Боливийӕ, Китайӕ, Францӕй, Индийӕ, Израилӕй ӕмӕ Нигерийӕ. Иуӕй-иу делегатты ӕвзагыл нӕм уыди литературӕ ӕмӕ сӕ ӕхсызгонӕй айстой».
Мексикӕйы дӕр иу пионер, Рауль, зӕгъгӕ, пайда кӕны уыцы брошюрӕйӕ ӕмӕ йын бирӕ ӕнтысы. Иу хатт бацыд, ӕрӕджы йӕ ус кӕмӕн амард, иу ахӕм араббаг нӕлгоймагмӕ, цыди йыл 80 азы бӕрц. Уыцы лӕг брошюрӕйӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар араббагау куы бакаст, уӕд йӕ цины цӕссыг ӕркалд. Цӕмӕн? Раргомады 21:3, 4 Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, мӕлӕт кӕй нал уыдзӕн, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ йӕ мадӕлон ӕвзагыл куы бакаст, уӕд йӕ зӕрдӕйы ахызтысты. Ӕндӕр хатт та Рауль хъусынгӕнгӕйӕ фембӕлд, португайлагау чи дзырдта, ахӕм нӕлгоймагыл. Уыцы нӕлгоймагӕн дӕр амард йӕ адджын адӕймаг – йӕ фырт. Рауль ын брошюрӕйы Паддзахады тыххӕй хорз хабар португайлагау бакӕсын кодта. Куы йӕ бакаст, уӕд ӕй бафӕндыд Библи хуыздӕр базонын ӕмӕ сразы Библи ахуыр кӕныныл.
Рауль пайда кодта брошюрӕ «Благая весть для всех народов»-ӕй сомихаг, китайаг, англисаг, французаг, немыцаг, хинди, корейаг, михе, персайнаг, уырыссаг ӕмӕ сапотек ӕвзӕгтыл чи дзуры, ахӕм адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ. Рауль афтӕ зӕгъы: «Уацамынды ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы ацы брошюрӕйӕ пайда кӕнын. Уый мын ӕххуыс кӕны, цы адӕмы ӕвзӕгтыл нӕ дзурын, уыцы адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурынӕн».
Абон адӕм фӕсарӕнтӕм балцыты кӕнӕ цӕрынмӕ куыд арӕх цӕуынц, афтӕ никуы, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ фылдӕр фадӕттӕ фӕзыны, цӕмӕй хъусын кӕнӕм ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн. Паддзахады тыххӕй хорз хабар сын фехъусын кӕндзыстӕм брошюрӕйӕ «Благая весть для всех народов». Ды дӕр ӕй демӕ фӕхӕссыс?
[Нывтӕ 32 фарсыл]
Рауль ацы брошюрӕйы руаджы адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агуры