Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕймаг цас цӕры?

Адӕймаг цас цӕры?

Адӕймаг цас цӕры?

ХУЫЦАУМӔ райдианы уыди фӕнд, цӕмӕй адӕм цардаиккой ӕнустӕм. Фыццаг адӕймаг Адам уыд ӕххӕст ӕмӕ, Хуыцаумӕ куы хъуыстаид, уӕд ӕнустӕм цардаид (Райд. 2:15–17). Фӕлӕ йӕм кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фӕци, ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр сӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастой (Ром. 5:12).

Доны хъаймӕты размӕ

Доны хъаймӕты размӕ адӕм цардысты 1 000 азы бӕрц (Райд. 5:5–29). Ӕххӕстдзинадмӕ хӕстӕгдӕр кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ фылдӕр цардысты, фӕлӕ ӕххӕстдзинадӕй куыд дарддӕр кодтой, афтӕ сӕ цард цыбырдӕр кодта. Ӕппӕты фылдӕр фӕцард Мафусал – 969 азы. Доны хъаймӕты фӕстӕ та адӕймаджы цард бынтон фӕцыбыр.

Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Доны хъаймӕты размӕ иу аз нымад уыди иу мӕйыл. Фӕлӕ уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу. Иу аз 30 боны куы уыдаид, уӕд Еносӕн райгуырдаид сывӕллон, 8 азы дӕр ыл куы нӕма цыд, уӕд. Каинанӕн, Малелеилӕн ӕмӕ Енохӕн та сывӕллӕттӕ райгуырдаид, 6 азы дӕр сыл куы нӕма сӕххӕст, уӕд (Райд. 5:9, 12, 15, 21). Райдианы 7:11 ӕмӕ Райдианы 8:3, 4 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй 150 боны уыдысты фондз мӕйы. Доны хъаймӕт цы аз райдыдта, уыцы аз ма цы хабӕрттӕ ӕрцыд, Библи ма уыдоны кой дӕр кӕны, зӕгъӕм, 10-ӕм мӕйы кой дӕр, 40 боны кой ӕмӕ дыууӕ хатты 7 боны кой, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у афӕдзы мидӕг кӕй уыди 12 мӕйы (Райд. 8:5, 6, 10, 12–14).

Моисейы рӕстӕгӕй абоны онг

3 500 азы размӕ Моисей адӕймаджы царды тыххӕй ныффыста: «Нӕ царды бонтӕ сты ӕвдай азы. Ӕмӕ кӕд, уӕлдай фидар чи у, уымӕн ӕстай азы сты, уӕддӕр иууылдӕр сты маст ӕмӕ фыдӕбон» (Пс. 90:10). Уӕдӕй абоны онг уавӕр ӕппындӕр нӕ аивта.

Ӕнусты дӕргъы адӕм архайынц, фылдӕр куыд фӕцӕрой, ууыл. Ӕмӕ сӕ фӕнд сӕ къухы не ’фты. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу бӕстӕты адӕм цӕрынц фылдӕр. Джеймс Фрайс ӕмӕ Лоуренс Крапо афтӕ зӕгъынц: «Ивгъуыд ӕнусы АИШ-ы адӕймаг цард 47 азы бӕрц. Абон та цӕры 73 азӕй фылдӕр – адӕймагӕн йӕ цардыл бафтыд 25 азӕй фылдӕр [...] Афтӕ уый тыххӕй нӕу, ӕмӕ цард ӕцӕгдӕр фӕдаргъдӕр ис, фӕлӕ адӕймаг афонӕй раздӕр кӕй нал амӕлы, уый тыххӕй» («Vitality and Aging», 1981 аз, 74, 75 фӕрстӕ).

Иу-2 000 азы размӕ Йесо Чырысти загъта, адӕймагӕн йӕ бон кӕй нӕу йӕ цардыл иу гыццыл дӕр бафтауын (Лук. 12:25). Фӕлӕ ма афтӕ дӕр загъта: «Адӕмӕн сӕ бон цы нӕу, уый Хуыцауӕн у йӕ бон» (Лук. 18:27). Хуыцау пехуымпар Исайы уылты загъта: «Мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау бирӕ» (Ис. 65:22). Стӕй ма Исайы 25:8 фыст ис: «[Хуыцау] фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн». Ацы зӕрдӕвӕрд ма фыст ис Библийы фӕстаг чиныджы дӕр: «Ӕмӕ сын [Хуыцау] ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Рарг. 21:4).