Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ хъусы ныфссаст адӕймаджы дзыназын

Йегъовӕ хъусы ныфссаст адӕймаджы дзыназын

Йегъовӕ хъусы ныфссаст адӕймаджы дзыназын

РАГОН Израилы куырыхон паддзах Соломон загъта: «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Адӕймагыл исты уӕззау хабар куы ’рцӕуы, уӕд ыл хур дӕр баталынг вӕййы. Уӕлдайдӕр бинонтӕй исчи ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕхъӕуы, уӕд адӕймаджы зӕрдӕмӕ рухсы цъырт никӕцӕйуал фӕкӕлы. Рӕстӕг куыд фӕцӕуы, афтӕ йыл йӕ судзгӕ маст тынгӕй-тынгдӕр райдайы тӕфсын. Ӕмӕ йӕхимӕ кӕй ныхъхъусы, уый тыххӕй йӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ Йегъовӕмӕ скува, уый аккаг дӕр нал у.

Ахӕм рӕстӕг адӕймаджы фӕхъӕуы, цӕмӕй дзы исчи ныфс бауадза, йӕ хъус ӕм фӕдара ӕмӕ йӕ йӕ уарзтӕй батава. Уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи ахауы, уыдонӕн, схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл» (Пс. 145:14). Библи ма нын дзуры: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Аз. 16:9). Йегъовӕ ис, «ныфссаст ӕмӕ сӕрныллӕг чи у, уыдонимӕ, цӕмӕй сӕрныллӕг адӕмы ныфс бауадза ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕна» (Ис. 57:15). Цымӕ Йегъовӕ ныфссаст адӕймагӕн куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ куыд бафидар кӕны?

«Йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас»

Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты. Фӕдзӕхсы нӕ, цӕмӕй, «ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдауӕм» (1 Фес. 5:14). Уӕззау хабар кӕуыл ӕрцыд, ахӕм адӕймаг куы фены, йӕ хӕларзӕрдӕ ӕмуырнджытӕ йыл кӕй тыхсынц ӕмӕ йӕ кӕй уарзынц, уӕд ын фенцондӕр вӕййы. Ахӕм адӕймаджы цалдӕр ныфсы ныхас дӕр бафидар кӕнынц. Ныфссаст адӕймагӕн, гӕнӕн ис, ахӕм зӕрдӕлӕууӕн ныхӕстӕ зӕгъа, ахӕм хабар чи сфӕрӕзта, уыцы ӕмчырыстон йе та йе ’ввахс ӕмбал. Уый фӕрцы Йегъовӕ ныфссаст адӕймаджы зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны.

Ӕркӕсӕм-ма иу хистӕр нӕлгоймаг Алексы хабармӕ. Алекс ус куы ракуырдта, уӕд йӕ циндзинад бирӕ нӕ ахаста, йӕ ус уӕззау низӕй фӕрынчын ӕмӕ ӕвиппайды амард. Иу хӕларзӕрдӕ районон цӕстдарӕг Алексы бабӕрӕг кодта ӕмӕ йын зӕрдӕдарӕн ныхӕстӕ фӕкодта. Уыцы районон цӕстдарӕгӕн дӕр йӕ цардӕмбал амард, фӕлӕ уый фӕстӕ ногӕй ус ракуырдта. Алексӕн радзырдта, йӕ цардӕмбалы мӕлӕты фӕстӕ йын цард царды ад кӕй нал кодта. Ӕмӕ-иу иннӕтимӕ куы хъусын кодта ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм куы цыд, уӕд-иу ын фенцондӕр ис. Фӕлӕ-иу хӕдзармӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд та-иу ӕм афтӕ каст, цыма зӕххы цъарыл зыбыты иунӕг у. Алекс афтӕ зӕгъы: «Адӕймагӕн тынг фенцон вӕййы, куы йӕ бамбары, ахӕм ӕнкъарӕнты ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис ӕмӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ иннӕтӕм дӕр кӕй вӕййы». Ӕцӕгдӕр, «йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас» рыстзӕрдӕ адӕймаджы тынг бафидар кӕны (Ӕмб. 15:23).

Алексы ма бафидар кодта иу хистӕр нӕлгоймаг. Уый хорз зыдта, сӕ цардӕмбӕлттӕ кӕмӕн амардысты, ахӕм чырыстӕтты. Уыцы ӕфсымӕр ын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, Йегъовӕ нын не ’нкъарӕнтӕ кӕй ӕмбары ӕмӕ, цы цух стӕм, уый кӕй зоны. Уыцы хистӕр нӕлгоймаг ма йын загъта: «Мӕйтӕ ӕмӕ азтӕ куы рацӕуы, ӕмӕ йӕ адӕймаг куы бамбары, ӕнӕ цардӕмбалӕй йын зын кӕй у ӕмӕ ногӕй ус куы ракура, уӕд уымӕ Йегъовӕ ӕвзӕр цӕстӕй нӕ ракӕсы». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард ӕмӕ ногӕй йӕ цард саразын кӕй фӕфӕнды, уыдон иууылдӕр афтӕ нӕ бакӕнынц. Ӕмӕ Алекс уыцы ӕфсымӕры ныхӕстыл куы ахъуыды кодта, уӕд загъта: «Йегъовӕ адӕймагӕн ахӕм бар кӕй дӕтты, цӕмӕй йӕ цард ногӕй ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕна, уый зонгӕйӕ адӕймаг йӕхи нал фефхӕры, ома афтӕмӕй йӕ цардӕмбалыл ӕмӕ, Йегъовӕ бинонты царды тыххӕй цы закъон радта, ууыл гадзрахатӕй нӕ рацӕуы» (1 Кор. 7:8, 9, 39).

Псаломзарӕггӕнӕг Давид дӕр царды бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста. Уый загъта: «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ дзыназынмӕ» (Пс. 34:15, 18). Йегъовӕ ныфссаст адӕймаджы дзыназын фехъусы ӕмӕ йын йӕ афоныл баххуыс кӕны, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ фӕлтӕрдджын ӕмчырыстӕттӕ йын зӕрдӕфидаргӕнӕн ӕмӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ кӕй фӕзӕгъынц, уый фӕрцы. Ахӕм ӕххуысӕн ӕмбал нӕй.

Ӕххуыс нын кӕны фембӕлдты уылты

Зӕрдӕрыст адӕймагмӕ тар хъуыдытӕ кӕй фӕзыны, уымӕ гӕсгӕ йӕхи иннӕтӕй дард фӕласы. Фӕлӕ Ӕмбисӕндты 18:1 афтӕ фыст ис: «Йӕхи иннӕтӕй дард чи ласа, уый схивӕнд уыдзӕн. Ахӕм адӕймаг цӕудзӕн ӕппӕт куырыхон зонды ныхмӕ». Алекс афтӕ загъта: «Адӕймагӕн йӕ цардӕмбал куы фӕхъӕуы, уӕд ӕй тар хъуыдытӕ сӕ быны скӕнынц». Ахӕм рӕстӕг Алекс йӕхицӕн фӕзӕгъы: «Мӕ бон исты аивын у? Ӕмбаргӕдӕр куыд уон?» Алекс ма загъта: «Иунӕгӕй цӕрын мӕ нӕ фӕндыд. Ахӕм хъуыдытимӕ тох кӕнын тынг зын у, иунӕг кӕй дӕ, ууыл дын ӕдзух алцыдӕр дзурӕг куы уа, уӕд».

Ахӕм уавӕры ныфссаст адӕймаджы хорз ӕмбӕлттӕ тынг фӕхъӕуы. Хорз ӕмбӕлттӕ та ссарӕн ис чырыстон ӕмбырды. Фембӕлдты уыдоны уылты Хуыцау фӕзӕгъы, чи нын баххуыс кӕны, ахӕм зӕрдӕфидаргӕнӕн ӕмӕ хорз хъуыдытӕ.

Фембӕлдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Библийӕ дзы цы фӕкӕсынц, уымӕ куы хъусӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сараздзыстӕм нӕхи зындзинӕдтӕм нӕ, фӕлӕ ахсджиагдӕр цы у, уымӕ – Йегъовӕ Дун-дунейы хицау кӕй у, уый кӕй сбӕлвырд уыдзӕн ӕмӕ йӕ ном кӕй срухс уыдзӕн, уымӕ. Фембӕлдты куы вӕййӕм, уӕд ноджы бӕлвырддӕр бамбарӕм, нӕ рыст ӕмӕ нын не ’нкъарӕнтӕ Йегъовӕ хорз кӕй ӕмбары, кӕд нӕ иннӕтӕ нӕ фембарынц, уӕд дӕр. Йегъовӕ зоны, «зӕрдӕйы маст ныфс [кӕй] асӕтты» (Ӕмб. 15:13). Ӕцӕг Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, ӕмӕ уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм хъарутӕ фӕзыны дарддӕр тох кӕнынӕн (Пс. 27:14).

Паддзах Давиды йе знӕгтӕ куы суынгӕджы кодтой, уӕд Хуыцаумӕ сдзынӕзта: «Мӕ уд мӕ мидӕг батад, мӕ зӕрдӕ амард» (Пс. 143:4). Зындзинӕдтӕ адӕймаджы тых ӕмӕ хъарутӕ басӕттынц ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ амарынц. Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы маст бацӕуы, истӕмӕй куы фӕрынчын вӕййы кӕнӕ йӕ бирӕ рӕстӕг исты куы фӕтыхсын кӕны, уӕд. Фӕлӕ мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕддых фӕлӕууӕм (Пс. 41:1–3). Кӕд абон Хуыцау диссаджы хуызы никӕй дзӕбӕх кӕны, уӕддӕр нын ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ тыхтӕ ратты, цӕмӕй нӕ бон уа бафӕразын. Дӕ зӕрдыл дар, Давид зын уавӕры Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр кӕй феввахс ис. «Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагон замантӕ,– зарыд Давид.– Хъуыды кӕнын де ’ппӕт хъуыддӕгтыл, мӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты, дӕ къухтӕ цы сарӕзтой, ууыл» (Пс. 143:5).

Ацы ныхӕстӕ фыст сты Хуыцауы Ныхасы, ӕмӕ уыдонӕй зыны, Йегъовӕ нын не ’нкъарӕнтӕ хорз кӕй ӕмбары. Стӕй ма ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курӕм, уӕд нын «баххуыс кӕндзӕн» (Пс. 55:22).

«Ӕппынӕдзух кувӕм»

Иаковы 4:8 фыст ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн». Хуыцаумӕ баввахс уыдзыстӕм, куы йӕм кувӕм, уӕд. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй апостол Павел разӕнгард кӕны, цӕмӕй «ӕппынӕдзух кувӕм» (1 Фес. 5:17). Фӕлӕ цы зӕгъӕм, уый дӕр куы нӕ фӕзонӕм, уӕд «сыгъдӕг тых фӕлӕгъстӕ кӕны нӕ бӕсты» (Ром. 8:26, 27). Йегъовӕ хорз зоны, куыд зын нын вӕййы, уый.

Йегъовӕимӕ тынг ӕнгом чи у, иу ахӕм хо, Моникӕ, зӕгъгӕ, загъта: «Кӕй фӕкувын, Библи кӕй фӕкӕсын ӕмӕ йӕ кӕй фӕахуыр кӕнын, уый фӕрцы Йегъовӕ ме ’ввахсдӕр ӕмбал сси, ӕмӕ уый бӕрӕг у, алкӕддӕр мын кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕй. Мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн мӕ бон радзурын куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр мӕ кӕй бамбары, уый мын тынг ӕхсызгон у. Йегъовӕйы хӕларзӕрдӕдзинадӕн ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕн кӕрон нӕй».

Цӕй уӕдӕ не ’мчырыстӕтты фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕм хъусӕм. Стӕй пайда кӕнӕм, фембӕлдты цы хорз хъуыдытӕ фехъусӕм ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад чи фидар кӕны, уыцы уынаффӕтӕй, ӕмӕ-иу нӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ Йегъовӕйы раз суадзӕм. Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы. Алекс йӕхиуыл цы бавзӕрста, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй нын Йегъовӕ цы дӕтты, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕм уыдзӕн, „адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару“ ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды зындзинады сӕрты дӕр ахизын» (2 Кор. 4:7).

[Рамкӕ/Ныв 18 фарсыл]

Ӕххуыс ныфссаст адӕймагӕн

Псаломты бирӕ рӕтты ис фыст адӕймаджы ӕнкъарӕнты тыххӕй ӕмӕ, Йегъовӕ ныфссаст адӕймаджы дзыназын кӕй хъусы, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм цалдӕр стихмӕ:

«Зын сахат ӕз дзынӕзтон Йегъовӕмӕ, ӕххуыс куырдтон мӕ Хуыцауӕй. Уый мын йӕ кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс, фехъуыст ӕм мӕ дзыназын» (Пс. 18:6).

«Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Пс. 34:18).

«Уый [Йегъовӕ] дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны, бӕтты сын сӕ хъӕдгӕмттӕ» (Пс. 147:3).

[Ныв 17 фарсыл]

Куыд ӕхсызгон вӕййы зын сахат «хорз ныхас» фехъусын!