Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕстӕртӕ, уе ’мгӕртты зондыл ма цӕут

Кӕстӕртӕ, уе ’мгӕртты зондыл ма цӕут

Кӕстӕртӕ, уе ’мгӕртты зондыл ма цӕут

«Уӕ дзыхыныхас... уӕд... зӕрдӕмӕдзӕугӕ, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (КОЛ. 4:6).

1, 2. Кӕстӕртӕй бирӕты се ’мгӕрттӕй хицӕн кӕнын цӕуылнӕ фӕфӕнды?

ӔМГӔРТТЫ зондыл цӕуын цы у, уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕрмӕст хъусгӕ нӕ фӕкодтаис, фӕлӕ йӕ дӕхицӕй дӕр зоныс. Чи зоны дӕу дӕр фӕардауынц, цӕмӕй исты ӕвзӕр хъуыддаг саразай. Уӕд дӕм цавӕр хъуыдытӕ фӕзыны? «Хатт фӕзӕгъын, фӕлтау зӕххы скъуыды куы ныххауин,– дзуры 14-аздзыд лӕппу Кристофер,– хатт та мӕ фӕфӕнды, цӕмӕй ме ’мкъласонтӕй мацӕмӕй хицӕн кӕнон».

2 Мыййаг дӕ де ’мгӕртты зондыл ацӕуын фӕфӕнды? Кӕд о, уӕд цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй дын аргъ кӕной. Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Хистӕрты дӕр ма куы фӕфӕнды, цӕмӕй сын се ’мгӕртты цӕсты кад уа. Алкӕйдӕр фӕнды, кӕстӕрты дӕр ӕмӕ хистӕрты дӕр, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ нымайой. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр нӕ цӕудзӕн, хорз хъуыддӕгтӕ кӕй аразыс, уый. Афтӕ уыди Йесойы хабар дӕр. Йесо алкӕддӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ кӕд иутӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ систы, уӕд иннӕтӕ та Хуыцауы Фырты ницӕмӕ дардтой ӕмӕ йӕ «нымадтой ницӕйагыл» (Ис. 53:3).

Де ’мгӕрттӕ дыл тынг ӕндавынц?

3. Ӕмгӕртты зондыл цӕуын раст цӕуылнӕ у?

3 Де ’мгӕртты зӕрдӕхудты бацӕуынӕй кӕй тӕрсыс, уый тыххӕй дӕ, ӕвӕццӕгӕн, хатт фӕфӕнды сӕ зондыл ацӕуын. Фӕлӕ уый раст нӕу. Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «сывӕллӕтты хуызӕн мауал уӕм ӕмӕ нӕ цыма уылӕнтӕ раппар-баппар кӕнынц, афтӕ дыууӕрдӕм мауал кӕнӕм» (Еф. 4:14). Сывӕллон иннӕты зондыл ӕнцонтӕй ацӕуы. Ды та сывӕллон нал дӕ. Ӕмӕ кӕд ӕмбарыс, Йегъовӕйы закъӕттӕ дӕ пайдайӕн кӕй сты, уӕд дӕ цард араздзынӕ, цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕ гӕсгӕ (Дык. з. 10:12, 13). Фӕлӕ иннӕты зондыл куы цӕуай, уӕд дӕ цардыл дӕ бар нал цӕудзӕн, ома сӕ къухы хъазӕны хуызӕн суыдзынӕ. (Бакӕс 2 Петры 2:19.)

4, 5. а) Аарон йе ’мгӕртты зондыл куыд ацыд ӕмӕ дын уый цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Де ’мгӕрттӕ дӕ куыд рӕдийын кӕндзысты?

4 Иухатт Моисейы ’фсымӕр Аарон дӕр йе ’мгӕртты зондыл ацыд. Израилӕгтӕ йӕм куы ныууырдыг сты, цӕмӕй сын сызгъӕрин род сарӕзтаид, уӕд сын сразы ис. Фӕлӕ уый размӕ та, Аарон Моисеимӕ хъӕддыхӕй ӕрлӕууыдысты фараоны ныхмӕ, Египеты тӕккӕ хъомысджындӕр адӕймаджы ныхмӕ. Аарон ын хъӕбатырӕй хъусын кодта Хуыцауы фӕнд. Фӕлӕ Аароны адӕм куы нал ӕмӕ нал уагътой, уӕд сӕ фӕндыл ацыд. Ӕвӕдза, иннӕты зонд адӕймагыл куыд тынг бандавы! Ааронӕн Египеты паддзахы ныхмӕ ӕрлӕууын йӕ бон сси, йӕ адӕмы ныхмӕ ӕрлӕууын та йӕ бон нӕ баци (Рац. 7:1, 2; 32:1–4).

5 Аароны хабарӕй бӕрӕг у, ӕмгӕртты зонд ӕрмӕст кӕстӕртыл ӕмӕ, ӕвзӕрдзинадмӕ ӕмхиц чи у, уыдоныл кӕй нӕ фӕзыны. Фӕзыны ма, раст цы у, уый аразын тынг кӕй фӕнды, уыдоныл дӕр ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕуыл дӕр ӕндавы. Цӕмӕй дӕ де ’мгӕрттӕ ӕвзӕр истӕуыл бафтауой, уый тыххӕй дӕ тӕрсын кӕндзысты, худдзысты дыл кӕнӕ дӕ мӕстӕй мардзысты. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр зын у сӕ ныхмӕ фӕлӕууын. Фӕлӕ уый дӕ къухы бафтдзӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уый дзӕбӕх куы ӕмбарай, уӕд.

«Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут»

6, 7. а) Цӕуыл ӕууӕндыс, уый раст кӕй у, уый фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ зонай ӕмӕ уый куыд ис сбӕлвырд кӕнӕн? ӕ) Цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕнай, уый тыххӕй дӕхимӕ цавӕр фарстатӕ хъуамӕ раттай?

6 Цӕмӕй де ’мгӕртты зондыл ма ацӕуай, уый тыххӕй хъуамӕ фидарӕй зонай, цӕуыл ӕууӕндыс ӕмӕ куыд цӕрыс, уый раст кӕй у. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 13:5.) Уый фидарӕй куы зонай, уӕд ныфсджын уыдзынӕ, кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ, уӕддӕр (2 Тим. 1:7, 8). Суанг ныфсхаст адӕймагӕн дӕр алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы, фидарӕй цӕуыл ӕууӕнды, уымӕ гӕсгӕ архайын. Уӕдӕ хорз нӕ уаид, куы сбӕлвырд кӕнис, Библийӕ цы базыдтай, уый раст кӕй у? Зӕгъӕм, дӕ бон у райдайын сӕйраг ахуырӕдтӕй. Хуыцау кӕй ис, ууыл ӕууӕндыс ӕмӕ йӕ иннӕтӕй дӕр фехъусыс, кӕй йыл ӕууӕндынц. Уымӕ гӕсгӕ дӕхи бафӕрс: «Ӕз та Хуыцауыл цӕмӕн баууӕндыдтӕн?» Ахӕм фарста уый тыххӕй нӕ цӕуы лӕвӕрд, цӕмӕй фӕдызӕрдыг уай, фӕлӕ цӕмӕй дӕ уырнындзинад фӕфидардӕр уа. Ис ма ахъуыды кӕнӕн ахӕм фарстатыл дӕр: «Библи Хуыцауы комытӕфӕй фыст кӕй у, уый кӕцӕй зонын? (2 Тим. 3:16). „Фӕстаг бонты“ кӕй цӕрын, уый мӕ цӕмӕн уырны? (2 Тим. 3:1–5). Кӕцӕй йӕ зонын, Йегъовӕйы закъӕттӕ мӕ пайдайӕн кӕй сты?» (Ис. 48:17, 18).

7 Мыййаг, тӕрсыс дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттын, дзуапп сын кӕй не ссардзынӕ, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд уыдзынӕ, йӕ машинӕйы бензины датчикмӕ кӕсын чи нӕ уӕнды, ахӕм шофыры хуызӕн, стрелкӕ афтид бакмӕ куы амона, зӕгъгӕ. Машинӕйы бензин куы нал уа, уӕд дзы хъуамӕ бензин ныккӕнай. Уӕдӕ куы бамбарай, дӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй у, уӕд ӕй хъуамӕ фидар кӕнай (Ап. хъ. 17:11).

8. Бамбарын кӕн, хӕтындзинадӕй дард лидзын раст кӕй у, уый.

8 Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй «хӕтындзинадӕй дард лидзӕм». Ахъуыды-ма кӕн: «Ацы ныхӕстӕ раст цӕмӕн сты?» Цымӕ де ’мгӕрттӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл цӕмӕн бафтынц? Стӕй, хӕтгӕ чи кӕны, уый «йӕхи буары тӕригъӕды [куыд] цӕуы»? (1 Кор. 6:18). Ныр дзуаппытыл ахъуыды кӕн ӕмӕ дӕхи бафӕрс: «Растдӕр куыд у? Ӕнӕгъдау цард кӕнын ӕцӕгдӕр исты пайда у?» Дӕхимӕ-ма ратт ахӕм фарста: «Исты ӕнӕгъдау хъуыддаг куы саразон, уӕд мӕхи куыд хатдзынӕн?» Чи зоны, ӕмӕ дын де ’мгӕртты цӕсты кад уа, фӕлӕ дӕ ныййарджыты кӕнӕ Паддзахады залы де ’мчырыстӕтты раз цы цӕсгомӕй ӕрлӕудзынӕ? Хуыцаумӕ скувын дӕ куы фӕнда, уӕд дӕхи куыд хатдзынӕ? Уӕдӕ де ’мкъласонты зӕрдӕхудты бацӕуыны тӕссӕй Хуыцауы раз дӕ цӕсгом фӕчъизи кӕндзынӕ?

9, 10. Библийыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыс, уый дын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу де ’мгӕрттӕн фидарӕй «нӕ» дзурай?

9 Кӕд рӕзгӕ кары дӕ, уӕд дӕ уӕлдай тынгдӕр ныр хъӕуы ахуыр кӕнын «арф хъуыды кӕныныл». (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:1, 2.) Лӕмбынӕг-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай, уый ахсджиаг хъуыддагыл цӕмӕн нымайыс, ууыл. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ Библийыл. Ӕмӕ-иу дӕ де ’мгӕрттӕй исчи ӕвзӕр зондыл куы ардауа, уӕд-иу дӕ бон уыдзӕн ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ фидарӕй «нӕ» зӕгъын. Ӕмӕ дӕхи хатдзынӕ, афтӕ чи загъта, уыцы ӕрыгон хойау: «Фидар куы фӕлӕууын, уӕд уымӕй иннӕтӕн бамбарын кӕнын, чи дӕн, уый. Цы диныл хӕст дӕн, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсын. Ууыл сты баст мӕ хъуыдытӕ, мӕ фӕндтӕ, ме ’гъдау ӕмӕ мӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр».

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раст цы у, уый кӕнын алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы (Лук. 13:24). Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды дӕр фӕкӕныс, раст цы, уый аразын пайда у ӕви нӕ. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уымӕй куы ӕфсӕрмы кӕнай, уый иннӕтӕ куы бамбарой, уӕд ноджы тынгдӕр архайдзысты, цӕмӕй дӕ фӕрӕдийын кӕной. Фӕлӕ-иу дӕ ныхас фидарӕй куы зӕгъай, уӕд ма дис дӕр бакӕндзынӕ, де ’мгӕрттӕ-иу дӕ уайтагъддӕр ӕнцад кӕй ныууаддзысты, ууыл. (Абар Лукайы 4:12, 13.)

«Дзуапп раттыны размӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕн»

11. Цӕмӕй дӕ де ’мгӕрттӕ ма фӕрӕдийын кӕной, ууыл рагацау хъуыды кӕнын цы пайда у?

11 Цӕмӕй дӕ де ’мгӕрттӕ ма фӕрӕдийын кӕной, уый тыххӕй ма дӕ хъӕуы дӕхи цӕттӕ кӕнын дӕр. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:28.) Уымӕ хауы алыхуызон уавӕртыл рагацау хъуыды кӕнын. Рагацау-иу куы ахъуыды кӕнай, уӕд дӕхи фыдбылызы нӕ баппардзынӕ. Зӕгъӕм, де ’мкъласонтӕ тамако дымгӕ дӕ разӕй фӕцӕуынц. Исчи дӕм сӕ тамако куы ратта, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Ӕмбисӕндты 22:3 фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы». Дӕ фӕндаг иннӕ уылты куы акӕнай, уӕд сӕ дӕхи бахъахъхъӕндзынӕ. Ӕмӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, тӕппуд кӕй дӕ, фӕлӕ ӕмбаргӕ.

12. Исчи дӕ куы къаха, уӕд ын цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

12 Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, де ’мгар рацахста. Ӕмӕ дӕ хынджылӕггӕнгӕ фӕрсы: «Чызгимӕ нӕма уыдтӕ?» кӕнӕ «Лӕппуимӕ нӕма уыдтӕ?» Семӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл Колоссӕгтӕм 4:6 ис ахӕм уынаффӕ: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый». Ацы стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй, цавӕр дзуапп ратдзынӕ, уый уавӕрӕй кӕнгӕ у. Чи зоны, ӕмӕ дӕ ма бахъӕуа Библийӕ «лекцитӕ кӕсын». Чи зоны, цыбыр дзуапп дӕр фаг уа. Дӕ бон ын у зӕгъын: «Нӕ, нӕ уыдтӕн» кӕнӕ «Уый мӕхи хъуыддаг у».

13. Исчи дыл куы худа, уӕд дын ӕмбаргӕдзинад куыд баххуыс кӕндзӕн?

13 Чырысти-иу арӕх лӕвӕрдта цыбыр дзуапп, кӕд-иу цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл йӕ бон уыди бирӕ истытӕ зӕгъын, уӕддӕр. Иухатт ӕй Ирод куы фарста, уӕд ын ницы загъта (Лук. 23:8, 9). Бирӕ хатт та хуыздӕр вӕййы хъусӕй лӕууын, немӕ исчи тых ныхас куы кӕна, уӕд (Ӕмб. 26:4; Еккл. 3:1, 7). Фӕлӕ хабар гӕнӕн ис афтӕ дӕр рауайа, ӕмӕ дӕ раздӕр чи ӕфхӕрдта, уыцы адӕймаджы ӕцӕгдӕр бафӕнда базонын, цавӕрдӕр хъуыддагмӕ ахӕм цӕстӕй цӕмӕн кӕсыс, уый, зӕгъӕм, ӕнӕгъдаудзинадмӕ (1 Пет. 4:4). Уыцы уавӕры хуыздӕр уаид, ахӕм хъуыдыйыл хӕст цӕмӕн дӕ, уый йын лӕмбынӕг куы бамбарын кӕнис. Ма-иу тӕрс. Алкӕддӕр «цӕттӕ у... дзуапп раттынмӕ» (1 Пет. 3:15).

14. Чи дыл худы, уыдоны уӕзданӕй сӕхиуыл ӕрхудын кӕнӕн куыд ис?

14 Иуӕй-иу хатт та дӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй дӕ чи хынджылӕг кӕны, уый йӕхиуыл ӕрхуда. Фӕлӕ хъуамӕ уӕздан уай. Зӕгъӕм, де ’мкъласон дын тамако куы дымын кӕна, уӕд ын дӕ бон у зӕгъын: «Нӕ, бузныг. Ӕз дӕ зондджын ӕнхъӕлдтон, ды та тамако дымыс». Афтӕмӕй дӕ дӕхи рӕстытӕ кӕнын нӕ хъӕудзӕн, тамако цӕуылнӕ дымыс, уый тыххӕй, фӕлӕ уый йӕхӕдӕг хъуыды кӕнын райдайдзӕн, цӕмӕн дымы, ууыл *.

15. Де ’мгӕрттӕ дӕ иу ран куы нал уадзой, уӕд ацӕуын хуыздӕр цӕмӕн у?

15 Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иу ран куы нӕ уадзой, уӕд та куыд? Хуыздӕр уаид, куы сӕ ныууадзис ӕмӕ куы ацӕуис. Цас фылдӕр лӕууай семӕ, уыйас дын зындӕр уыдзӕн фидар фӕлӕууын. Ӕмӕ куы ацӕуай, уӕд-иу дӕм афтӕ ма кӕсӕд, ӕмӕ фӕхӕрд дӕ. Афтӕмӕй хъуыддаг дӕ къухмӕ райсдзынӕ ӕмӕ де ’мгӕртты къухы хъазӕны хуызӕн не суыдзынӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕндзынӕ (Ӕмб. 27:11).

«Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда»

16. Йӕхи чырыстон чи хоны, уыдон дӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл куыд ардаудзысты?

16 Иуӕй-иу хатт дӕ, чи зоны, ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ардауой, йӕхи Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи хоны, ахӕм ӕрыгӕттӕ. Зӕгъӕм дӕ бадтмӕ фӕхуыдтой, фӕлӕ дзы хистӕртӕй ничи ис. Кӕнӕ бадтмӕ нозт ӕрбахастой, афтӕмӕй та уын нуазыны бар нӕй. Бирӕ алыхуызон уавӕртӕ-иу фӕзындзӕн ӕмӕ дӕ хъӕудзӕн чырыстон ӕфсарммӕ гӕсгӕ архайын. Иу 16-аздзыд чызг Кристинӕ загъта: «Мӕ кӕстӕр хоимӕ киномӕ ацыдыстӕм ӕмӕ уыцы кинойы ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтой. Гъемӕ мах дӕр рацыдыстӕм уырдыгӕй, иннӕтӕ та уым баззадысты. Афтӕ кӕй бакодтам, уый тыххӕй нӕ нӕ ныййарджытӕ раппӕлыдысты. Фӕлӕ кинойы кӕимӕ уыдыстӕм, уыдон нӕм тынг смӕсты сты, цӕсты сӕ кӕй бафтыдтам, уый тыххӕй».

17. Бадты куы уай, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ма фехалай?

17 Уӕлдӕр цӕмӕ ӕркастыстӕм, уымӕй бӕрӕг у, чырыстон ӕфсарммӕ гӕсгӕ архайын дын алы хатт ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ раст цы у, уый дарддӕр дӕр араз. Дӕхи-иу рагацау бацӕттӕ кӕн. Искуы бадты куы уай, ӕмӕ дзы дӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ фӕцӕуа, уӕд-иу рацу. Иуӕй-иу ӕрыгӕттӕ сӕ ныййарджытимӕ баныхас кодтой, мыййаг исты, уӕд-иу сӕм телефонӕй кӕй бадзурдзысты ӕмӕ-иу сӕ хӕдзармӕ афоныл кӕй акӕндзысты (Пс. 26:4, 5). «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда»,– зӕгъы Библи (Ӕмб. 21:5).

«Де ’взонджы бонты царды цинӕй дӕхи рӕвдау»

18, 19. а) Кӕцӕй йӕ зоныс, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй амондджын уай? ӕ) Ӕмгӕртты зондыл чи нӕ цӕуы, уыдоны тыххӕй Хуыцау цы хъуыды кӕны?

18 Йегъовӕ дӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй цардӕй циндзинад исай ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уай. (Бакӕс Екклесиаст 11:9.) Дӕ зӕрдыл дар, де ’мгӕрттӕй бирӕтӕ цы тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдон сын ӕхсызгондзинад ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ кӕй хӕссынц (Дзут. 11:25). Ӕцӕг Хуыцауы та фӕнды, цӕмӕй амондджын уай рӕстӕгмӕ нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм. Уӕдӕ Хуыцауы цӕсты раст цы нӕу, уый дын куы аразын кӕной, уӕд-иу ма ферох кӕн, Йегъовӕ дӕ цы домы, уый алкӕддӕр дӕхи пайдайӕн кӕй вӕййы.

19 Стӕй ма хъуамӕ ӕмбарай, кӕд дын ныр де ’мгӕртты цӕсты кад ис, уӕддӕр, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд дын сӕ фылдӕр дӕ ном хъуыды дӕр нал ӕркӕндзысты. Фӕлӕ сӕ зондыл куы нӕ фӕцӕуыс, уӕд уый Йегъовӕ фӕуыны, ӕмӕ дын дӕ иузӕрдиондзинад никуы ферох кӕндзӕн. Йегъовӕ дын «арвы дуӕрттӕ... байгом кӕндзӕн ӕмӕ дыл арфӕдзинад руадздзӕн, цух куыд ницӕмӕйуал ӕййафай, афтӕ» (Мал. 3:10). Уымӕй уӕлдай ма дын рӕдауӕй хай кӕндзӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй дӕр, цӕмӕй дӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый дын уа. Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де ’мгӕртты зондыл макуы ацӕуай!

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. Кӕс чиныг «Вопросы молодежи. Практические советы», таблицӕ «Мои действия в условиях прессинга», 2 том, 132, 133 фӕрстӕ.

Бахъуыды кодтай?

• Адӕймагыл йе ’мгӕрттӕ куыд бандавынц?

• Библийыл фидарӕй куы ӕууӕндай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де ’мгӕртты зондыл ма ацӕуай?

• Цӕмӕй де ’мгӕртты зондыл ма ацӕуай, уый тыххӕй дӕ бон куыд у дӕхи бацӕттӕ кӕнын?

• Кӕцӕй йӕ зоныс, Йегъовӕ дын дӕ иузӕрдиондзинадӕн кӕй аргъ кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Аарон сызгъӕрин род саразыныл цӕмӕн сразы ис?

[Ныв 10 фарсыл]

Цы зӕгъдзынӕ, ууыл-иу рагацау ахъуыды кӕн