Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕстӕртӕ, уӕ цард дарддӕр куыд араздзыстут?

Кӕстӕртӕ, уӕ цард дарддӕр куыд араздзыстут?

Кӕстӕртӕ, уӕ цард дарддӕр куыд араздзыстут?

«Мӕ цӕфтӕ дӕр афтӕ не сты, цыма уӕлдӕф тымбылкъухӕй хойын» (1 КОР. 9:26).

1, 2. Цӕмӕй царды ӕнтыстджын уай, уый тыххӕй дӕм цы хъуамӕ уа?

ЗӔГЪӔМ, ӕнӕзонгӕ ранмӕ цӕуыс, уӕд демӕ картӕ ӕмӕ компас нӕ ахӕсдзынӕ? Картӕ дӕм куы уа, уӕд ӕй зондзынӕ, цы ран дӕ ӕмӕ дӕ дарддӕр кӕдӕм цӕуын хъӕуы, уый. Компас та дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма фӕдзӕгъӕл уай. Фӕлӕ кӕдӕм цӕуыс, уый куы нӕ зонай, уӕд дын нӕдӕр картӕ баххуыс кӕндзӕн, нӕдӕр компас. Ӕмӕ цӕмӕй дзӕгъӕл рацу-бацу ма кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ бӕлвырд зонай, кӕдӕм цӕуыс, уый.

2 Стыр кӕй кӕныс, уымӕ гӕсгӕ дӕ хъӕуы равзарын, цы фӕндагыл ацӕудзынӕ, уый. Дӕумӕ дӕр ис хорз картӕ ӕмӕ компас. Библи у, раст фӕндаг равзарынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм картӕ (Ӕмб. 3:5, 6). Де ’фсарм раст ахуыр куы уа, уӕд дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, цӕмӕй дарддӕр раст фӕндагыл цӕуай (Ром. 2:15). Ӕмӕ дын де ’фсарм компасӕй уӕлдай нӕ уыдзӕн. Цӕмӕй ӕнтыстджын уай, уый тыххӕй ма хъуамӕ зонай, кӕдӕм цӕуыс, уый дӕр. Дӕ разы хъуамӕ ӕвӕрай бӕлвырд нысӕнттӕ.

3. Нысӕнттӕ ӕвӕрын пайда кӕй у, уый тыххӕй Павел 1 Коринфӕгтӕм 9:26 цы ныффыста?

3 Адӕймаг йӕ разы нысӕнттӕ куы сӕвӕры ӕмӕ сӕм куы фӕтырны, уӕд ын цы пайда ӕрхӕссынц, уый тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Ӕз афтӕ не згъорын, цыма, цӕй тыххӕй згъорын, уый нӕ зонын, ӕмӕ мӕ цӕфтӕ дӕр афтӕ не сты, цыма уӕлдӕф тымбылкъухӕй хойын» (1 Кор. 9:26). Ды дӕр дӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрай, уӕд зондзынӕ, кӕдӕм «згъорыс», уый. Тагъд рӕстӕджы дӕ хъӕудзӕн ахсджиаг хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕтӕ рахӕссын, зӕгъӕм, дӕ лӕггады тыххӕй, куысты тыххӕй, ус курыны кӕнӕ чындзы цӕуыны тыххӕй, дӕ ныййарджыты тыххӕй ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Чи зоны дӕм иуӕй-иу хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уыйбӕрц цӕуылдӕртыл хъуыдыгӕнгӕйӕ адӕймаджы сӕрыл куырой разилдзӕн. Фӕлӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссай, уыдон Библийы уагӕвӕрдтыл баст куы уой, уӕд дӕ зӕрдӕ рӕдыд фӕндагмӕ нӕ ахсайдзӕн (2 Тим. 4:4, 5).

4, 5. а) Дӕ разы нысӕнттӕ куы нӕ ӕвӕрай, уӕд цы уыдзӕн? ӕ) Цы уынаффӕтӕ рахӕссыс, уыдон Хуыцауы зӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ рухс кӕной?

4 Кӕд дӕ разы ницы нысӕнттӕ сӕвӕрдтай, уӕд дӕ бӕсты де ’мгӕрттӕ ӕмӕ дӕ ахуыргӕнджытӕ ӕвзардзысты, цы кӕнгӕ дын у, уый. Фӕлӕ кӕд дӕ разы нысӕнттӕ дӕр сӕвӕрдтай, уӕддӕр дын иуӕй-иутӕ дзурдзысты, афтӕ ӕмӕ афтӕ бакӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-иу уӕд дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ ратт: «Цымӕ мӕ иннӕтӕ цы нысӕнттӕм разӕнгард кӕнынц, уыдон мын ӕххуыс кӕндзысты ме ’взонджы бонты ме Сфӕлдисӕджы мӕ зӕрдыл дарын? Ӕви мӕ ме Сфӕлдисӕгӕй адард кӕндзысты?» (Бакӕс Екклесиаст 12:1.)

5 Цы уынаффӕтӕ рахӕссыс, уыдон Хуыцауы зӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ рухс кӕной? Иу уый, ӕмӕ нӕм цыдӕриддӕр хорзӕй ис, уый нын Йегъовӕ радта (Иак. 1:17). Махӕй алчидӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕ бузныг уа (Рарг. 4:11). Уӕдӕ дӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй дӕ ӕмӕ, нысӕнттӕ ӕвӕргӕйӕ, дӕ Хуыцауы дӕ зӕрдыл кӕй дарыс, уый? Ӕркӕсӕм, дӕ бон дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у ӕвӕрын ӕмӕ, цы ис аразӕн, цӕмӕй дӕ къухы бафтой?

Дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ у дӕ бон ӕвӕрын?

6. Дӕ разы цавӕр стыр нысан хъуамӕ сӕвӕрай ӕмӕ цӕмӕн?

6 Айразмӕйы статьяйы куыд фыст уыд, афтӕмӕй дӕ разы цы стыр нысан хъуамӕ сӕвӕрай, уый у, Библийы хабӕрттӕ раст кӕй сты, уый сбӕлвырд кӕнын (Ром. 12:2; 2 Кор. 13:5). Де ’мгӕрттӕ, чи зоны, ӕууӕндынц эволюцийыл ӕмӕ мӕнг дины ахуырӕдтыл, уымӕн ӕмӕ, цӕуыл хъуамӕ ӕууӕндой, уый сын иннӕтӕ загътой. Фӕлӕ цӕуыл хъуамӕ ӕууӕндай, уый дын иннӕтӕ хъуамӕ ма дзурой. Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын ӕппӕт зондӕй лӕггад кӕнай. (Бакӕс Матфейы 22:36, 37.) Нӕ уӕларвон Фыды фӕнды, цӕмӕй фидарӕй ӕууӕндай, Библийы цы фыст ис, ууыл (Дзут. 11:1).

7, 8. а) Цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, уый тыххӕй дӕ бон дӕ разы цавӕр хуымӕтӕг нысӕнттӕ у ӕвӕрын? ӕ) Хуымӕтӕг нысӕнттӕй дӕ къухы искӕцы куы бафта, уӕд дын цы бантысдзӕн?

7 Цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, уый тыххӕй хорз уаид, дӕ разы хуымӕтӕг нысӕнттӕ куы ӕвӕрис. Уыцы нысӕнттӕй иу у алы бон дӕр Хуыцаумӕ кувын. Цӕмӕй дӕ куывдтытӕ бӕлвырддӕр ӕмӕ уыцы иухуызон ма уой, уый тыххӕй-иу рагацау ахъуыды кӕн кӕнӕ гӕххӕттыл ныффысс, боны мидӕг дыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый. Стӕй ма хорз уаид, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдтӕ, ӕрмӕст уыдоны кой-иу куы нӕ ракӕнис, фӕлӕ ма дыл цы ӕхсызгон хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны кой дӕр (Фил. 4:6). Ис ма ахӕм нысан дӕр сӕвӕрӕн – алы бон дӕр Библи кӕсын. Зыдтай йӕ, Библийӕ алы бон дӕр цыппар фарсы куы кӕсай, уӕд ӕй афӕдзмӕ каст кӕй фӕуыдзынӕ? * Псаломы 1:1, 2 фыст ис: «Амондджын у уыцы адӕймаг, [...] Йегъовӕйы закъон» циндзинад кӕмӕн хӕссы «ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй [чи] кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй».

8 Ӕртыккаг хуымӕтӕг нысан та у ахӕм – дӕхи алы фембӕлдмӕ дӕр цӕттӕ кӕн, цӕмӕй-иу дзуапп раттай. Фыццаг уал дӕ бон у бакӕсын абзацӕй дзуапп кӕнӕ Библийӕ стих. Уый фӕстӕ дӕ бон у сӕвӕрын нысан, цӕмӕй дзуапп дӕхи ныхӕстӕй дӕттай. Ӕмӕ-иу дзуапп цал хатты раттай, уал хатты-иу Йегъовӕйӕн кады нывонд ӕрхӕсдзынӕ (Дзут. 13:15). Уыцы нысӕнттӕй дӕ къухы искӕцы куы бафта, уӕд дӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн, Йегъовӕйӕ ноджы тынгдӕр бузныг уыдзынӕ, ӕмӕ дӕ фӕнддзӕн дӕ разы стырдӕр нысӕнттӕ ӕвӕрын.

9. Кӕд нырма ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг нӕ дӕ, уӕд дӕ бон дӕ разы цавӕр стыр нысӕнттӕ у сӕвӕрын?

9 Цавӕр стыр нысӕнттӕ у дӕ бон дӕ разы сӕвӕрын? Кӕд нырма хорз хабар нӕ хъусын кӕныс, уӕд дӕ бон у дӕ разы сӕвӕрын ахӕм стыр нысан, цӕмӕй суай ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг. Уыцы кадджын нысан дӕ къухы куы бафта, уӕд дӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй ноджы ӕнтыстджындӕрӕй ӕмӕ зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнай, ӕмӕ, цӕмӕй иу мӕй дӕр афтӕ ма ацӕуа, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй макӕмӕн радзурай. Дзырд дӕр ыл нӕй, кӕй ма дӕ бафӕнддзӕн уацамынды Библийӕ хуыздӕр пайда кӕнын. Афтӕмӕй хъусын кӕнын тынгдӕр бауарздзынӕ. Уӕд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фылдӕр хъусын кӕндзынӕ кӕнӕ искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын дӕр райдайдзынӕ. Ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕгӕн уымӕй хуыздӕр нысан цы хъуамӕ уа, цӕмӕй донаргъуыд райса ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцауы Ӕвдисӕн суа?

10, 11. Донаргъуыд чи райста, уыдонӕн сӕ бон сӕ разы цавӕр стыр нысӕнттӕ у ӕвӕрын?

10 Кӕд донаргъуыд райстай, уӕд дӕ бон у дӕ разы сӕвӕрын цалдӕр стыр нысаны. Чи зоны дӕ иуӕй-иухатт фӕфӕнды ӕмбырдтӕн баххуыс кӕнын – арӕх кӕм нӕ хъусын кӕнынц, ахӕм ранмӕ ацӕуын. Хъарутӕ дӕм кӕй ис ӕмӕ де ’нӕниздзинад фидар кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ма дӕ бон у ӕххуысгӕнӕг кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр. Йегъовӕйӕн пионертӕй чи лӕггад кӕны, уыцы дӕсгай мин амондджын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дын зӕгъдзысты, цӕмӕй де ’взонджы бонты де Сфӕлдисӕджы дӕ зӕрдыл дарай, уымӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис. Ацы нысӕнттӕ дӕ бон у дӕ разы сӕвӕрын, цалынмӕ дӕ ныййарджытимӕ цӕрыс, уӕдмӕ. Ӕмӕ уыцы нысӕнттӕм куы тырнай, уӕд ма стыр пайда ӕрхӕсдзысты де ’мбырдӕн дӕр.

11 Дӕ бон ма у дӕ разы сӕвӕрын, ӕрмӕст де ’мбырдӕн нӕ, фӕлӕ иннӕ ӕмбырдтӕн дӕр пайда чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ дӕр. Зӕгъӕм, дӕ бон у ацӕуын, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм ранмӕ кӕнӕ бӕстӕмӕ. Чи зоны дӕ фӕнды ӕндӕр бӕстӕты Паддзахады залтӕ кӕнӕ филиалтӕ аразын. Ис ма дын ахӕм фадат дӕр, цӕмӕй Вефилы лӕггад кӕнын райдайай кӕнӕ миссионер суай. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй уыцы нысӕнттӕй дӕ къухы искӕцы бафта, уый тыххӕй дӕ хъӕуы иу ахсджиаг хъуыддаг саразын – донаргъуыд райсын. Фӕлӕ кӕд донаргъуыд нӕма райстай, уӕд уал ахъуыды кӕн, цӕмӕй уыцы ахсджиаг хъуыддаг дӕ къухы бафта, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын.

Нысан – донаргъуыд райсын

12. Иуӕй-иутӕ донаргъуыд цӕмӕн райсынц, ӕмӕ уыцы аххосӕгтӕ фаг цӕуылнӕ сты?

12 Куыд хъуыды кӕныс, иуӕй-иутӕ донаргъуыд цӕмӕн райсынц? Иутӕ зӕгъдзысты, зӕгъгӕ, афтӕмӕй сӕхи тӕригъӕдӕй бахъахъхъӕндзысты. Иннӕтӕ та хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ донаргъуыд райсын хъӕуы, се ’мгӕрттӕ афтӕ кӕй бакодтой, уый тыххӕй. Кӕйдӕрты та фӕнды уымӕй сӕ ныййарджыты зӕрдӕ балхӕнын. Фӕлӕ дӕ донаргъуыд нӕ бахъахъхъӕндзӕн, сусӕгӕй дӕ цы фӕнды кӕнын, уымӕй. Стӕй донаргъуыд уый тыххӕй дӕр хъуамӕ ма райсай, ӕмӕ иннӕты афтӕ фӕнды. Донаргъуыд ӕрмӕстдӕр уӕд хъуамӕ райсай, ӕмӕ хорз куы ’мбарай, цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ном хӕссын, афтӕ ма, уыцы ахсджиаг хъуыддагмӕ цӕттӕ куы уай ӕмӕ дӕ уый зӕрдӕйӕ куы фӕнда, уӕд (Еккл. 5:4, 5).

13. Донаргъуыд цӕмӕн хъуамӕ райсай?

13 Донаргъуыд исын цӕмӕн хъӕуы, уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу у, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы фӕдзӕхст радта, уый – «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» ӕмӕ сын «дӕттут... донаргъуыд». Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕй нын цӕвиттон ныууагъта. (Бакӕс Матфейы 28:19, 20; Марчы 1:9.) Уымӕй уӕлдай ма нӕ донаргъуыд райсын хъӕуы, цӕмӕй фервӕзӕм. Апостол Петр ныффыста, Ной нау кӕй сарӕзта ӕмӕ уый фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр Доны хъаймӕты сӕрты кӕй ахызтысты. Уый фӕстӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Афтӕ у донаргъуыд дӕр, ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны, Йесо Чырысти кӕй райгас, уый фӕрцы» (1 Пет. 3:20, 21). Фӕлӕ донаргъуыд нӕу, хӕдзарӕн ӕрдзон бӕллӕхӕй тӕссаг куы вӕййы ӕмӕ йын страховкӕ куы скӕнынц, уый хуызӕн. Донаргъуыд хъуамӕ райсай, Йегъовӕйы кӕй уарзыс ӕмӕ дӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй (Марчы 12:29, 30).

14. Иуӕй-иутӕ донаргъуыд райсынмӕ сӕ ныфс цӕуылнӕ фӕхӕссынц, фӕлӕ дын ныфсы хос цавӕр ныхӕстӕ сты?

14 Иуӕй-иутӕ та донаргъуыд райсынмӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсынц, искуы сӕ ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уымӕй. Мыййаг, ды дӕр уымӕй тӕрсыс? Кӕд о, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ ӕмбарыс, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай, уый ахсджиаг хъуыддаг кӕй у. Мыййаг ма дӕ исты къуылымпы кӕны? Чи зоны йӕ нырма кӕронмӕ не ’мбарыс, ӕппӕты хуыздӕр кӕй у Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын. Ӕмӕ дӕ уӕд уый тыххӕй ахъуыды кӕнын хъӕуы, Библийы закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыдоны цардыл. Кӕнӕ та дӕ, чи зоны, къуылымпы кӕны ахӕм хъуыддаг, ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ уарзыс, фӕлӕ се ’ххӕст кӕнынмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрныллӕг адӕймаг дӕ. Нӕ хъӕуы рох кӕнын Библийы ныхӕстӕ дӕр, ӕнӕххӕст адӕймаджы зӕрдӕ мӕнгард у, зӕгъгӕ (Йер. 17:9). Фӕлӕ дӕхи куы хъахъхъӕнай ӕмӕ Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын. (Бакӕс Псалом 119:9.) Донаргъуыд райсын дӕ цыфӕнды ма къуылымпы кӕна, уӕддӕр дӕ хъӕуы уыцы хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын *.

15, 16. Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ ӕви нӕ, уый куыд ис базонӕн?

15 Уӕдӕ дӕ бон куыд у базонын, донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ ӕви нӕ? Уый тыххӕй дӕхимӕ ратт ахӕм фарстатӕ: «Мӕ бон у иннӕтӕн Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ бамбарын кӕнын? Мӕхӕдӕг ӕнӕ ныййарджытӕй уацамынды цӕудзынӕн? Архайын, цӕмӕй ӕмбырды фембӕлдтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр цӕуон? Мӕ бон у ӕрхъуыды кӕнын, ме ’мгӕртты зондыл куы нӕ ацыдтӕн, ахӕм хабӕрттӕ? Мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы куы ныууадзой, уӕд дӕр ын ӕз лӕггад кӕндзынӕн? Йегъовӕйӕн фӕдзурын, ахсджиаг мын кӕй у, цӕмӕй ме ’мбал уа? Йегъовӕмӕ скуывтон ӕмӕ йын загътон, зӕгъгӕ дын ӕнустӕм мӕхи нывонд кӕнын?»

16 Донаргъуыд у, адӕймаджы цард цӕхгӕр чи фӕивы, ахӕм къахдзӕф, ӕмӕ йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Уыйбӕрц фӕлтӕрддзинад дӕм ис, цӕмӕй ацы хъуыддагыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнай? Фӕлтӕрддзинад ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ хорз раныхӕстӕ дзурай кӕнӕ, иннӕты дисы чи бафтауы, ахӕм дзуаппытӕ дӕттай. Уый тыххӕй хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ хорз ӕмбарай ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ уынаффӕтӕ хӕссай. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:14.) Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд дӕм диссаджы кад ӕнхъӕлмӕ кӕсы – Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ афтӕ цӕрын, цӕмӕй бӕрӕг уа, дӕхи йын кӕй снывонд кодтай.

17. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дын донаргъуыды фӕстӕ цы фӕлварӕнтӕ фӕзындзӕн, уыдоны фидар фӕлӕууай?

17 Донаргъуыды фӕстӕ дӕ, чи зоны, ноджы тынгдӕр бафӕнда Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ тагъд, гӕнӕн ис, сӕмбӕлай, дӕ уырнындзинадӕн ӕмӕ дӕ фидардзинадӕн фӕлварӕн чи суа, ахӕм зындзинӕдтыл (2 Тим. 3:12). Фӕлӕ дӕм-иу афтӕ ма кӕсӕд, ӕмӕ иунӕг дӕ. Дӕ ныййарджытӕй-иу уынаффӕтӕ ракур. Ӕххуыс-иу агур фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй. Йӕ бон дын баххуыс кӕнын кӕмӕн уа, уыдонимӕ лымӕн кӕн. Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дыл кӕй тыхсы ӕмӕ дын фаг хъарутӕ кӕй ратдзӕн, цӕмӕй цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууай (1 Пет. 5:6, 7).

Дӕ нысӕнттӕ дӕ къухы куыд бафтдзысты?

18, 19. Сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ куы сбӕрӕг кӕнай, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

18 Кӕд дӕм бирӕ хорз фӕндтӕ ис, уӕддӕр дын, мыййаг, алы хатт фаг рӕстӕг вӕййы, цӕмӕй дӕ цы фӕнды ӕмӕ дӕ цы хъӕуы аразын, уый бакӕнай? Кӕд о, уӕд хъуамӕ сбӕрӕг кӕнай сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ. Ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонмӕ. Райстай ведра ӕмӕ дзы цалдӕр стыр дуры нывӕрдтай. Уый фӕстӕ дзы ныккодтай змис. Ведрайы бацыдысты дуртӕ дӕр ӕмӕ змис дӕр. Ныр та дӕ ведра раафтид кӕн. Ӕмӕ уал дзы фыццаг змис ныккӕн, уый фӕстӕ та дзы дуртӕ нывӕр. Дуртӕ ма дзы бацӕудзысты? Нӕ бацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ ведрайы раздӕр змис ныккодтай.

19 Афтӕ у йӕ хабар дӕ рӕстӕгӕн дӕр. Хиирхӕфсӕнтӕ дын фыццаг бынаты куы уой, уӕд стырдӕр хъуыддӕгтӕн, ома Хуыцауы хъуыддӕгтӕн, рӕстӕг никуы ссардзынӕ. Фӕлӕ Библийы фӕдзӕхстмӕ куы хъусай, зӕгъгӕ, ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут, уӕд дын фаг рӕстӕг уыдзӕни Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн дӕр ӕмӕ хиирхӕфсӕнтӕн дӕр (Фил. 1:10).

20. Дӕ нысӕнттӕм тырнгӕйӕ истӕуыл куы тыхсай ӕмӕ куы тӕрсай, уӕд дӕ цы аразын хъӕудзӕн?

20 Дӕ нысӕнттӕм куы тырнай, уыимӕ донаргъуыд райсынмӕ дӕр, уӕд, чи зоны, тыхсай ӕмӕ тӕрсай. Афтӕ-иу куы уа, уӕд-иу «дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн» (Пс. 55:22). Ныр дын ис диссаджы фадат, зӕххыл чи никуыма уыди, уыцы ахсджиаг хъуыддаджы архайын – хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Ап. хъ. 1:8). Дӕ бон у уыцы куыстмӕ йе фӕрсырдыгӕй кӕсын, йе та дзы зӕрдиагӕй архайын. Дӕ хъарутыл ма ауӕрд Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ, ӕмӕ никуы фӕфӕсмон кӕндзынӕ, «де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауӕн де ’взонджы бонты» кӕй лӕггад кодтай, ууыл (Еккл. 12:1).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Кӕс 2009 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15–18 фӕрстӕ, (уыр.).

^ 14 абз. Фылдӕр ӕрмӕг ссарӕн ис чиныджы «Вопросы молодежи. Практические советы», 2 том, 34 сӕр.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Дӕ разы дӕ нысӕнттӕ ӕвӕрын цӕмӕн хъӕуы?

• Цавӕр нысӕнттӕм у дӕ бон тырнын?

• Цӕмӕй донаргъуыд райсай, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын?

• Сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ куы сбӕрӕг кӕнай, уӕд дӕ нысӕнттӕ дӕ къухы куыд бафтдзысты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Дӕ разы нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй алы бон дӕр Библи кӕсай?

[Ныв 15 фарсыл]

Цы дын баххуыс кӕндзӕн донаргъуыд райсынӕн?

[Ныв 16 фарсыл]

Ацы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?