Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мах «фӕнды, нӕ къухы цы бафтыд, уый Йегъовӕйӕн лӕварӕн раттын»

Мах «фӕнды, нӕ къухы цы бафтыд, уый Йегъовӕйӕн лӕварӕн раттын»

Мах «фӕнды, нӕ къухы цы бафтыд, уый Йегъовӕйӕн лӕварӕн раттын»

ИСЧИ дын хорздзинад куы саразы, уӕд дзы бузныг кӕй дӕ, уый куыд равдисыс? Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Уыцы хабар ӕрцыд, израилӕгтӕ Фегоры Ваалӕн кувын куы райдыдтой ӕмӕ тӕригъӕды куы бафтыдысты, уый фӕстӕ. Израилы ӕфсады хистӕртӕ мадиамагтимӕ схӕцыдысты ӕмӕ сыл Хуыцауы фӕрцы фӕуӕлахиз сты. Цымӕ уӕд, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй уыдысты, уый куыд равдыстой? Сӕ къухы цы бафтыд, уый адих кодтой 12 000 ӕфсӕддоныл ӕмӕ иннӕ израилӕгтыл. Йегъовӕйы амындмӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ, цы сӕм ӕрхауд, уымӕн йӕ фылдӕр хай радтой сауджынтӕн, иннӕ израилӕгтӕ та – левиттӕн (Ным. 31:1–5, 25–30).

Фӕлӕ Израилы ӕфсады хистӕрты фӕндыд ноджы фылдӕр раттын. Уыдон Моисейӕн загътой: «Мах, дӕ лӕггадгӕнджытӕ, банымадтам, нӕ дӕлбар чи ис, уыцы хӕстонты, ӕмӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй нӕ адӕмӕй иу дӕр нӕ фӕхъуыд». Фӕндыд сӕ Йегъовӕйӕн лӕварӕн раттын сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон аивгӕнӕнтӕ. Уыцы сызгъӕрин аивгӕнӕнтӕн сӕ уӕз ӕдӕппӕтӕй уыди 190 килограммӕй фылдӕр (Ным. 31:49–54).

Абон дӕр бирӕты бафӕнды, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй сты, уый равдисын. Ӕмӕ уый ӕрмӕст Хуыцауы лӕггадгӕнджыты нӕ бафӕнды. Уый тыххӕй ӕркӕсӕм иу ахӕм хабармӕ. 2009 азы Италийы, горӕт Болоньяйы стадионы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыд ӕппӕтдунеон конгресс. Иу автобусы шофыр конгресдзауты уырдӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ ласта. Шофыр разынд тынг уӕздан ӕмӕ сабыр адӕймаг. Уымӕ гӕсгӕ йын конгресдзаутӕ открыткӕйыл арфӕйы ныхӕстӕ ныффыстой, ӕмӕ ма йын радтой иугыццыл уӕлдай ӕхца ӕмӕ чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Уӕд сын шофыр загъта: «Открыткӕ ӕмӕ чиныг ӕхсызгонӕй райсдзынӕн, фӕлӕ ӕхца нӕ райсдзынӕн. Уыцы ӕхца мӕ фӕнды мысайнагӕн раттын, цӕмӕй уӕ хъуыддаг размӕ цӕуа. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ дӕн, уӕддӕр мӕ фӕнды, цӕмӕй уын балӕггад кӕнон. Сымах тынг хӕларзӕрдӕ адӕм стут».

Йегъовӕйӕ бузныг кӕй дӕ, уый дӕ бон у равдисын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ куы дӕттай, уымӕй (Матф. 24:14). Дӕлдӕр амынд ис, дӕ бон мысайнӕгтӕ дӕттын куыд у, уый.

[Рамкӕ 20, 21 фарсыл]

ИУӔЙ-ИУТӔ МЫСАЙНӔГТӔ КУЫД ДӔТТЫНЦ

МЫСАЙНӔГТӔ ӔППӔТДУНЕОН ХЪУЫДДАГӔН

Бирӕтӕ се ’хцайӕ иу цасдӕр рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй сӕ ныппарой, «Мысайнӕгтӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн» кӕуыл ис фыст, уыцы асыччы (Матф. 24:14).

Алы мӕй дӕр ӕмбырдтӕ уыцы мысайнӕгтӕ ӕрвитынц бынӕттон филиалмӕ. Барвӕндон мысайнӕгтӕ арвитӕн ис, уӕ бӕстӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы филиалмӕ. Уӕ хорзӕхӕй, мысайнӕгтимӕ ма-иу арвитут гыццыл фыстӕг дӕр, ныффыссут дзы, мысайнӕгтӕ лӕвар кӕй сты.

ЦЫ МА ХАУЫ МЫСАЙНӔГТӔМ

Кӕцыдӕр бӕстӕты ма ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн ӕхцайӕ дарддӕр ӕххуыс кӕнӕн ис, ӕндӕр хуызы дӕр. Иуӕй-иутӕ дзы амынд сты дӕлдӕр.

Исбон. Филиалӕн балӕвар кӕнӕн ис, ауӕй кӕнӕн кӕй ис, ахӕм хӕдзар. Йе та йӕ ис афтӕ балӕвар кӕнӕн, ӕмӕ йӕ чи лӕвар кӕны, уымӕн дзы йӕ бон у цӕрын, цалынмӕ удӕгас уа, уӕдмӕ. Дӕ хӕдзар филиалӕн куы лӕвар кӕнай, уӕд гӕххӕттытӕ аразыны размӕ фӕдзур кӕнӕ ныффысс филиалмӕ.

Ныстуан. Мулк кӕнӕ ӕхца филиалӕн раттӕн ис ныстуанмӕ (завещание) гӕсгӕ. Гӕххӕтт саразын фӕхъӕуы, закъон куыд домы, уымӕ гӕсгӕ. Уӕ хорзӕхӕй, ныстуаны къопи-иу арвитут филиалмӕ.