Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аргъ кӕн Хуыцауы лӕварӕн – бинонты цардӕн

Аргъ кӕн Хуыцауы лӕварӕн – бинонты цардӕн

«Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (РАЙД. 2:24).

1. Йегъовӕ кады аккаг цӕмӕн у?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ у бинонты царды Бындурӕвӕрӕг, ӕмӕ у кады аккаг. Не Сфӕлдисӕг, Дун-дунейы Хицау ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын дӕтты «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» (Иак. 1:17; Рарг. 4:11). Уый дзурӕг у йе стыр уарзондзинадыл (1 Иоан. 4:8). Йегъовӕ нӕ цӕуылдӕриддӕр ахуыр кӕны, цыдӕриддӕр нӕ домы ӕмӕ нын цыдӕриддӕр дӕтты, уый у нӕ пайдайӕн (Ис. 48:17).

2. Йегъовӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн цавӕр амындтӕ радта?

2 Библи бинонты цард хоны Хуыцауы лӕвар (Руф 1:9; 2:12). Хуыцау фыццаг чындзӕхсӕв куы скодта, уӕд Адамӕн ӕмӕ Евӕйӕн бӕлвырд амындтӕ радта, цӕмӕй фӕрнӕй цардаиккой. (Бакӕс Матфейы 19:4–6.) Ӕмӕ йӕм куы байхъуыстаиккой, уӕд ӕнустӕм амондджын уыдаиккой. Фӕлӕ ӕнӕзонд ми бакодтой – Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты, ӕмӕ сӕхи бирӕ фыдбылызты хай бакодтой (Райд. 3:6–13, 16–19, 23).

3, 4. а) Абон бирӕтӕм бинонты цард дӕр ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау дӕр нымады кӕй не сты, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Адам ӕмӕ Евӕйау абон дӕр бирӕ бинонтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ницӕмӕ дарынц. Чидӕртӕ фӕцӕры, сӕ къухтӕ не ’рфыссынц, афтӕмӕй. Иннӕтӕ та разы сты, цӕмӕй дыууӕ нӕлгоймаджы кӕнӕ дыууӕ сылгоймаджы лӕг ӕмӕ усы цард кӕной (Ром. 1:24–32; 2 Тим. 3:1–5). Фӕлӕ уыдон бинонты цард Хуыцауы лӕварыл нӕ нымайынц. Афтӕмӕй уыдон ницӕмӕ дарынц уыцы лӕвар дӕр ӕмӕ йӕ чи радта, уый дӕр – Йегъовӕ Хуыцауы.

4 Хатт ма суанг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр бинонты цардмӕ раст цӕстӕй нал фӕкӕсынц. Иуӕй-иу чырыстон бинонтӕ хицӕнӕй цӕрын райдайынц кӕнӕ ахицӕн вӕййынц, кӕд сын Библимӕ гӕсгӕ уый бар нӕ вӕййы, уӕд дӕр. Цы ис саразӕн, цӕмӕй хабар уыйонг ма ӕрцӕуа? Райдианы 2:24 цы фыст ис, уый бинонтӕ куы нӕ рох кӕной, уӕд сын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Ӕмӕ йӕ цард искӕимӕ баиу кӕнын чи фӕнд кӕны, уыдонӕн дӕр сӕ бон куыд у бинонты цардмӕ сӕхи бацӕттӕ кӕнын? Ӕркӕсӕм, амондджынӕй чи цард, ӕртӕ ахӕм бинонты хабармӕ. Уыцы бинонтӕ Йегъовӕйӕн кӕй кад кодтой, уый фӕрцы амондджын уыдысты.

Иузӕрдион ут

5, 6. Захари ӕмӕ Елизаветӕйӕн масты хос цы уыдаид, ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй куыд раарфӕ кодта?

5 Захари ӕмӕ Елизаветӕ уыдысты иу зондыл хӕст. Кӕрӕдзийыл дӕр ӕмӕ Йегъовӕйыл дӕр уыдысты иузӕрдион. Захари кувӕндоны сауджыны хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кодта, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ цардысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕй бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй уыдысты бузныг. Фӕлӕ сӕм хӕдзармӕ куы бацыдаис, уӕд бамбӕрстаис, цыдӕр дзы кӕй нӕ фаг кодта. Цот сын нӕ уыд. Елизаветӕ уыди ӕнӕзӕнӕг, стӕй сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ацӕргӕтӕ (Лук. 1:5–7).

6 Рагон Израилы, бирӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн уыди, уыцы бинонтӕ кадджын уыдысты. Ӕмӕ-иу цӕргӕ дӕр бирӕгӕйттӕй кодтой (1 Сам. 1:2, 6, 10; Пс. 128:3, 4). Рагзаманты-иу израилаг лӕгтӕй иуӕй-иутӕ сӕ устыты арвыстой, зӕнӕг-иу сын кӕй нӕ рацыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ Захари Елизаветӕйӕн афтӕ нӕ бакодта, уымӕн ӕмӕ йыл уыд ӕнувыд. Захари ӕфсӕнттӕ нӕ агуырдта, цӕмӕй йӕ усӕй ахицӕн уыдаид, афтӕ Елизаветӕ дӕр. Цот сын кӕй нӕ уыд, ууыл кӕд маст кодтой, уӕддӕр Йегъовӕйӕн иумӕ иузӕрдионӕй лӕггад кодтой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕппынфӕстаг раарфӕ кодта – зӕрондӕй сын лӕппу райгуырд (Лук. 1:8–14).

7. Елизаветӕ ма йӕ лӕгыл иузӕрдион цавӕр хъуыддаджы уыд?

7 Елизаветӕ ма йӕ лӕгыл иузӕрдион уыд ноджы иу хъуыддаджы. Йӕ лӕппу Иоанн куы райгуырд, уӕд Захари нӕма дзырдта, уымӕн ӕмӕ зӕды ныхӕстыл фӕдызӕрдыг ис, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй багомыг кодта. Фӕлӕ Захари, ӕвӕццӕгӕн, йӕ усӕн куыддӕрты бамбарын кодта, Йегъовӕйы зӕд ын кӕй загъта, цӕмӕй сывӕллоны Иоанн схона. Сыхӕгты ӕмӕ хӕстӕджыты фӕндыд, цӕмӕй сывӕллоныл йӕ фыды ном сӕвӕрдтаиккой. Фӕлӕ Елизаветӕ йӕ лӕджы ныхасы сӕрты нӕ ахызт. Уый сын загъта: «Нӕ, нӕ! Йӕ ном Иоанн уыдзӕн» (Лук. 1:59–63).

8, 9. а) Иузӕрдиондзинад бинонты цард куыд фидар кӕны? ӕ) Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл иузӕрдион кӕй сты, уый сӕ бон куыд у ӕвдисын?

8 Абон дӕр бинонтӕ, Захари ӕмӕ Елизаветӕйау, ӕмбӕлынц алыхуызон зындзинӕдтыл. Дыууӕ уды кӕрӕдзийыл иузӕрдион куы нӕ уой, уӕд сӕ цард нӕ ацӕудзӕн. Лӕг кӕнӕ ус ӕндӕр искӕмӕ йе ’ргом куы здаха, порнографимӕ куы кӕса, куы хӕта кӕнӕ ма ӕндӕр исты ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы кӕна, уӕд кӕрӕдзийыл фенӕууӕнк уыдзысты, ӕмӕ сӕ адджын цард фехӕлдзӕн. Ӕмӕ бинонтӕ кӕрӕдзийыл ӕнӕууӕнк кӕнын куы райдайынц, уӕд сӕ уарзт бамынӕг вӕййы. Иузӕрдиондзинад абарӕн ис, хӕдзары алыварс цы забор вӕййы, уыимӕ. Забор хӕдзаронты фӕхъахъхъӕны ӕцӕгӕлӕттӕй ӕмӕ ӕндӕр тӕссаг хабӕрттӕй. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл иузӕрдион куы вӕййынц ӕмӕ, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕргом куы фӕдзурынц, уӕд сӕ уарзондзинад тыхджынӕй-тыхджындӕр фӕкӕны. Уӕдӕ ӕнӕ иузӕрдиондзинадӕй лӕг ӕмӕ усӕн сӕ цард царды ад нӕ кӕндзӕн.

9 Йегъовӕ Адамӕн загъта: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ», кӕнӕ баныхӕсдзӕн йӕ усыл (Райд. 2:24). Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Дыууӕ адӕймаджы сӕ цард куы баиу кӕнынц, уӕд сын се ’мбӕлттӕн, сӕ ныййарджытӕн ӕмӕ сӕ мадызӕнджытӕн бирӕ рӕстӕг нал вӕййы. Лӕг ӕмӕ ус рӕстӕг фыццаджыдӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн арой. Се ’мбӕлтты ӕмӕ сын сӕ ныййарджыты разӕй хъуамӕ уой сӕхи царды хабӕрттӕ. Стӕй сӕ ныййарджытӕн дӕр хъуамӕ уый бар ма дӕттой, цӕмӕй сын сӕ хъуыддӕгты сӕхи тъыссой кӕнӕ сын уынаффӕгӕнджытӕ суой. Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл баныхӕсой. Уый у Хуыцауы фӕдзӕхст.

10. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл иузӕрдион цӕй фӕрцы уыдзысты?

10 Лӕг кӕнӕ ус уырнӕг куы нӕ уа, уӕддӕр иузӕрдиондзинад ӕркӕны бирӕ хорз хъуыддӕгтӕм. Иу хо, йӕ лӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, афтӕ загъта: «Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, кӕй мӕ сахуыр кодта мӕ лӕджы коммӕ кӕсын ӕмӕ йын аргъ кӕнын. Иузӕрдион ыл кӕй дӕн, уый фӕрцы иумӕ 47 азы царӕм, кӕрӕдзийы уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнӕм» (1 Кор. 7:10, 11; 1 Пет. 3:1, 2). Уӕдӕ архай, цӕмӕй дӕм дӕ цардӕмбалы зӕрдӕ мацӕмӕй ӕхсайа. Ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уӕд, дӕ цардӕмбалӕй зынаргъдӕр дын зӕххы цъарыл кӕй ничи ис. Дӕ тых дӕ бонӕй архай, цӕмӕй уӕ дыууӕйы ’хсӕн мачи ӕмӕ мацы ӕрлӕууа. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 5:15–20.) Рон ӕмӕ Джаннетт иумӕ цӕрынц 35 азӕй фылдӕр. Ӕмӕ афтӕ зӕгъынц: «Хуыцауыл ӕмӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ стӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райы».

Иудзинад бинонты кӕрӕдзийыл бӕтты

11, 12. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ алцыдӕр иумӕ куыд арӕзтой а) хӕдзары ӕ) куысты ӕмӕ б) Хуыцауы хъуыддаджы?

11 Апостол Павел-иу йе ’ввахс хӕлӕрттӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы тыххӕй куы дзырдта, уӕд-иу алкӕддӕр сӕ дыууӕйы кой дӕр ракодта. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ тынг адджынӕй цардысты. Ӕмӕ, Хуыцау лӕг ӕмӕ усӕй куыд загъта, суыдзысты «иу буар», зӕгъгӕ, уыдон дӕр раст уыдысты иу буар (Райд. 2:24). Ӕдзух сӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕ кодтой иумӕ, стӕй кусгӕ дӕр ӕмӕ лӕггад дӕр иумӕ кодтой. Дзырдӕн, Павел фыццаг хатт Коринфмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕй Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ сӕхимӕ фӕхуыдтой, цӕмӕй уыдонмӕ ӕрлӕууыдаид. Ӕмӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, уый фӕстӕ дӕр уыдонмӕ баззад. Цасдӕры фӕстӕ, Ефесмӕ цӕрынмӕ куы ацыдысты, уӕд-иу сӕ хӕдзары ӕмбырдтӕ уыди. Иумӕ-иу ӕххуыс кодтой ногтӕн, цӕмӕй-иу рӕстдзинад хуыздӕр базыдтаиккой, Аполлосӕн куыд баххуыс кодтой, афтӕ (Хъуыд. 18:2, 18–26). Фӕстӕдӕр уыцы дыууӕ зынгзӕрдӕ адӕймаджы Роммӕ куы ацыдысты, уӕд та ногӕй сӕ хӕдзары дуар байгом кодтой ӕмбырдӕн. Уый фӕстӕ ӕрыздӕхтысты Ефесмӕ ӕмӕ-иу ӕфсымӕрты бафидар кодтой (Ром. 16:3–5).

12 Цасдӕры фӕстӕ та, Акилӕ, Прискиллӕ ӕмӕ Павел иумӕ кусын райдыдтой, цатыртӕ-иу хуыдтой. Ӕмӕ та Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ уыдысты иумӕ, ӕмгуыст кодтой, кӕрӕдзи хорз ӕмбӕрстой, «а» ӕмӕ «о»-йӕ цардысты (Хъуыд. 18:3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ алцыдӕр иумӕ кӕй арӕзтой, уый фӕрцы уыдысты ӕнгом ӕмӕ амондджын бинонтӕ. Ӕмӕ сӕ Коринфы, Ефесы ӕмӕ Ромы зыдтой «ӕмкусджытӕй Йесо Чырыстийы хъуыддаджы» (Ром. 16:3). Уӕхски-уӕхск иумӕ лӕггад кодтой, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтаиккой.

13, 14. а) Бинонты иудзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у? ӕ) Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус «иу буар» суой, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразой?

13 Дзырд дӕр ыл нӕй, лӕг ӕмӕ ус уыцы иу нысӕнттӕм куы тырной ӕмӕ иу зондыл хӕст куы уой, уӕд кӕрӕдзийыл ӕнувыд уыдзысты (Еккл. 4:9, 10). Фӕлӕ, хъыгагӕн, абон бирӕ бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ бирӕ рӕстӕг нӕ фервитынц. Лӕгӕн дӕр ӕмӕ усӕн дӕр сӕ куыстыл ацӕуы бирӕ рӕстӕг. Иннӕтӕ та дард ранмӕ фӕцӕуынц куыстмӕ, чи та фӕсарӕнтӕм ацӕуы кусынмӕ, цӕмӕй йӕ бинонтӕн ӕхца ӕрвита. Иуӕй-иутӕ та хӕдзары дӕр куы вӕййынц, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн рӕстӕг не ссарынц, уымӕн ӕмӕ чи телевизормӕ фӕкӕсы, чи йӕхи хъуыддӕгтӕ фӕкӕны, чи йӕхи фӕирхӕфсы, чи видеохъӕзтытӕй фӕхъазы, чи та Интернетмӕ фӕкӕсы. Сымахӕн дӕр, мыййаг, уӕ хабар афтӕ у? Кӕд о, уӕд цы ис саразӕн, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзиимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитат? Зӕгъӕм, уӕ бон у истытӕ иумӕ аразын: хӕринаг кӕнын, къустӕ ӕхсын ӕмӕ цӕхӕрадоны иумӕ кусын. Кӕнӕ та уӕ сывӕллӕтты иумӕ хъомыл кӕнын, йе та уӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсын.

14 Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у ӕдзух иумӕ Хуыцауы хъуыддӕгты архайын. Алы бон дӕр стих иумӕ куы ӕвзарат ӕмӕ бинонты ахуыры рӕстӕг дӕр уӕ хъуыдытӕ куы дзурат, уӕд уыдзыстут иу зондыл хӕст ӕмӕ уын иу нысӕнттӕ уыдзӕн. Стӕй ма-иу иумӕ уацамынды дӕр ацӕут. Кӕд уӕ уӕ уавӕртӕ амонынц, уӕд-иу бацархайут, цӕмӕй иумӕ пионертӕй балӕггад кӕнат иу мӕй йе та иу афӕдз. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:58.) Йӕ цардӕмбалимӕ пионертӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм хо загъта: «Уацамынды фӕрцы ма-иу уыдыстӕм иумӕ ӕмӕ-иу нын ныхас кӕнынӕн уыд фадат. Иу нысан нын кӕй уыд ӕмӕ уацамынды кӕрӕдзийӕн кӕй ӕххуыс кодтам, уый руаджы уыдыстӕм ӕнгом. Мӕ цардӕмбал мын ахӕм адджын сси, ӕмӕ йӕ ӕрмӕст мӕ сӕрыхицауыл нӕ нымадтон, фӕлӕ ма ме ’ввахс ӕмбалыл дӕр». Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйау алцыдӕр иумӕ куы аразат ӕмӕ иу нысӕнттӕм куы тырнат, уӕд сымах дӕр гыццылгай-гыццылгай «иу баур» суыдзыстут, ӕмӕ хъуыды дӕр иухуызон кӕндзыстут.

Хуыцау уын фыццаг бынаты уӕд

15. Цӕмӕй бинонтӕ адджынӕй цӕрой, уый тыххӕй сын фыццаг бынаты цы хъуамӕ уа? Бамбарын ӕй кӕн.

15 Йесо Чырысти зыдта, ахсджиаг кӕй у бинонты царды Хуыцауы фыццаг бынаты ӕвӕрын. Йесо федта, Йегъовӕ фыццаг чындзӕхсӕв куыд скодта, уый. Федта ма, Адам ӕмӕ Евӕ цалынмӕ Хуыцаумӕ хъуыстой, уӕдмӕ амондджын кӕй уыдысты. Афтӕ ма федта, Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахызтысты, уӕд сӕ уый цы ӕнамонд хабӕрттӕм ӕркодта, уый дӕр. Гъемӕ адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд йӕ Фыды фӕдзӕхст ногӕй загъта, фыст ис Райдианы 2:24. Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:6). Уӕдӕ цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой ӕмӕ адджынӕй цӕрой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы Йегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй кад кӕнын. Уыцы хъуыддаджы Йесойы зӕххон ныййарджытӕ, Иосиф ӕмӕ Марийӕ, сты фӕзминаг.

16. Иосиф ӕмӕ Марийӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕн стыр аргъ кӕй кодтой, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

16 Иосиф Марийӕйы бирӕ уарзта ӕмӕ йын кад кодта. Марийӕ йӕхи бар кӕй нӕу, уый Иосиф куы базыдта, уӕд ӕй нӕ фӕндыди Марийӕйы адӕмы цӕсты бафтауын, ӕмӕ йӕ сфӕнд кодта сусӕгӕй ауадзын. Уыцы фӕнд ӕм фӕзынд, Хуыцауы зӕд ын хабӕрттӕ бӕлвырд куы нӕма бамбарын кодта, уӕдмӕ (Матф. 1:18–20). Сӕ дыууӕ дӕр Ромы паддзахы бардзырдмӕ байхъуыстой, стӕй Моисейы Закъон дӕр иууылдӕр сӕххӕст кодтой (Лук. 2:1–5, 21, 22). Стӕй Закъон кӕд ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕй домдта, цӕмӕй стыр бӕрӕгбӕтты рӕстӕг Иерусалиммӕ цыдаиккой, уӕддӕр-иу сӕ дыууӕ дӕр сӕ сывӕллӕттимӕ алы аз дӕр Иерусалиммӕ ацыдысты (Дык. з. 16:16; Лук. 2:41). Иосиф ӕмӕ Марийӕ уыцы хъуыддагӕй ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодтой, ӕмӕ бӕрӕг уыди, Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕн стыр аргъ кӕй кодтой. Йегъовӕ сӕ уый тыххӕй равзӕрста, цӕмӕй йын йӕ Фырты схъомыл кодтаиккой.

17, 18. а) Бинонтӕн сӕ бон куыд у сӕ царды Хуыцауы фыццаг бынаты ӕвӕрын? ӕ) Уый сын цы пайда ӕрхӕссы?

17 Сымах дӕр Хуыцауы хъуыддӕгтӕн афтӕ аргъ кӕнут? Зӕгъӕм, исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын уӕ куы фӕхъӕуы, уӕд Библимӕ уе ’ргом аздахут, уый тыххӕй фӕкувут ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй ӕххуыс ракурут? Ӕви уӕхимӕ, уӕ ныййарджытӕм кӕнӕ уе ’мбӕлттӕм раст куыд кӕсы, афтӕ бакӕнут? Уӕхи ууыл ахуыр кӕнут, цӕмӕй, ӕууӕнкджын цагъар публикациты цы бирӕ уынаффӕтӕ фӕдӕтты, уыдонӕй пайда кӕнат? Ӕви фӕархайут бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ ӕмӕ адӕм куыд хъуыды кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ? Ӕдзух иумӕ фӕкувут, Библи иумӕ фӕахуыр кӕнут, чырыстон нысӕнттӕ уӕ разы ӕвӕрут ӕмӕ уын царды сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа, ууыл фӕныхас кӕнут?

18 Рей йӕ бинойнагимӕ адджынӕй цӕры 50 азы, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Нӕ царды Йегъовӕ алкӕддӕр ӕртыккаг „таг“ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нырма ахӕм зындзинадыл нӕ сӕмбӕлдыстӕм, ӕмӕ нӕ бон ма бауыдаид йӕ сӕрты ахизын». (Бакӕс Екклесиаст 4:12.) Дэнни ӕмӕ Тринӕ дӕр разы сты ацы ныхӕстимӕ, иумӕ цӕрынц 34 азӕй фылдӕр. «Хуыцауӕн иумӕ кӕй лӕггад кӕнӕм,– зӕгъынц уыдон,– уый фӕрцы абон стӕм ӕнгомдӕр». Сымахӕн дӕр уӕ царды Йегъовӕ фыццаг бынаты куы уа, уӕд уын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджын уат ӕмӕ уӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕндзӕн (Пс. 127:1).

Хуыцауы лӕварӕн дарддӕр дӕр аргъ кӕнут

19. Хуыцау бинонты цардӕн бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта?

19 Абон бирӕтӕ сӕхи удӕй дарддӕр ӕндӕр никӕуыл хъуыды кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ахӕм зондыл хӕст не сты. Уыдон зонынц, бинонты цардӕн бындур Хуыцау кӕй ӕрӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кодтаид (Райд. 1:26–28). Адам ӕмӕ Евӕ уыцы лӕварӕн куы аргъ кодтаиккой, уӕд абон ӕгас зӕххыл дӕр уыдаид дзӕнӕт ӕмӕ дзы амондджынӕй цардаиккой Хуыцауы рӕстаг лӕггадгӕнджытӕ.

20, 21. а) Бинонты цардмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы ныхас цӕуыл цӕудзӕн?

20 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ бинонты цардӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн кад хӕссой. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:31.) Куыд ӕй федтам, афтӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл иузӕрдион куы вӕййынц, иу зондыл хӕст куы вӕййынц ӕмӕ сӕ царды фыццаг бынаты Хуыцауы куы февӕрынц, уӕд Хуыцауы зӕрдӕ фӕрухс кӕнынц ӕмӕ сӕ цард вӕййы адджындӕр. Уӕдӕ нӕ цард искӕимӕ баиу кӕныныл куы хъуыды кӕнӕм, кӕнӕ куы архайӕм, цӕмӕй нӕ цардӕмбалимӕ ӕнгомдӕр уӕм йе та нӕ куы фӕнда, цӕмӕй нӕ бинонты цард ма фехӕла, уӕд сӕйраджыдӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, бинонты царды Бындурӕвӕрӕг Хуыцау кӕй у. Уыцы хъуыддаг нӕ хъуыдыйы куы дарӕм, уӕд алы хатт дӕр уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ. Афтӕмӕй ӕрмӕст уыцы лӕварӕн – бинонты цардӕн – нӕ аргъ кӕндзыстӕм, фӕлӕ ма йӕ чи радта, уымӕн дӕр, Йегъовӕ Хуыцауӕн.

21 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы лӕвар ӕрмӕст бинонты цард нӕу. Стӕй, адӕймаг ӕрмӕст уый фӕрцы нӕ вӕййы амондджын. Хуыцауы иннӕ зынаргъ лӕвар ма у адӕймагӕн бинонтӕ куы нӕ уа, уый дӕр. Ууыл та ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уой?

• Лӕг ӕмӕ ус алцыдӕр иумӕ куы аразой, уӕд ӕнгомдӕр куыд уыдзысты?

• Лӕг ӕмӕ усӕн Хуыцауы разамындмӕ хъусынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

• Йегъовӕйӕн, бинонты царды Бындурӕвӕрӕгӕн, кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон ӕвдисын куыд у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Лӕг ӕмӕ ус алцыдӕр иумӕ куы аразой, уӕд ӕнгомдӕр уыдзысты