Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Йегъовӕйы ном уӕд де ’мбӕхсӕн»

«Йегъовӕйы ном уӕд де ’мбӕхсӕн»

«Ныууадздзынӕн ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмы, ӕмӕ Йегъовӕйы ном уыдзӕн се ’мбӕхсӕн» (СОФ. 3:12).

1, 2. Цавӕр тыхдымгӕ ӕрбахӕццӕ кӕны?

ИСКУЫ тӕрккъӕвдайӕ кӕнӕ ихӕй навесы бын ӕмбӕхстӕ? Фӕлӕ зилгӕдымгӕ кӕнӕ торнадо куы рацӕуа, уӕд дын навес нӕ баххуыс кӕндзӕн. Ахӕм рӕстӕг хъӕуы ӕмбӕхсын, фидар арӕзт чи у, ахӕм бынаты.

2 Ӕрбахӕццӕ кӕны, цыфӕнды торнадойӕ дӕр ӕвирхъаудӕр чи у, ахӕм тыхдымгӕ, ӕмӕ дзы алкӕмӕндӕр тынг тӕссаг у. Уый у «тыхдымгӕйы бон» – «Йегъовӕйы стыр бон» – ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр фендзысты. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у ссарын ӕмбӕхсӕн бынат. (Бакӕс Софони 1:14–18.) «Йегъовӕйы судзгӕ масты бон» тагъд кӕй райдайдзӕн, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у ӕмбӕхсӕн бынат ссарын?

Тыхдымгӕйы бонтӕ рагзаманты

3. Цавӕр «тыхдымгӕ» рацыд Израилы дӕсмыггаг паддзахадыл?

3 Йегъовӕйы стыр бон райдайдзӕн, мӕнг динтӕ иууылдӕр пырх куы ӕрцӕуой, уӕд. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы рӕстӕг нӕхицӕн ӕмбӕхсӕн бынат ссарӕм, уый тыххӕй нӕ ӕркӕсын хъӕуы Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕм. Йегъовӕ Израилы дӕсмыггаг паддзахадӕн цы тӕрхон рахаста, уый пехуымпар Исай (цард н. э. размӕ 8 ӕнусы) абарста «тыхдымгӕимӕ», ӕмӕ йӕ никӕй бон сси бауромын. (Бакӕс Исай 28:1, 2.) Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст сты н. э. размӕ 740 азы, Ассирийы ӕфсад уыцы дӕсмыггаг паддзахадмӕ куы бабырста, уӕд. Ефремы мыггаг дӕс мыггагӕй уыд ӕппӕты стырдӕр.

4. «Йегъовӕйы стыр бон» н. э. размӕ 607 азы Иерусалимы куыд баййӕфта?

4 Мӕнгард Израилыл Хуыцауы тӕрхон сӕххӕст н. э. размӕ 607 азы, Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы паддзахад «Йегъовӕйы стыр бон» куы баййӕфта, уӕд. Иудейтыл ахӕм хабар уый тыххӕй ӕрцыд, ӕмӕ уыдон дӕр Хуыцауы ныууагътой. Вавилойнӕгтӕ, сӕ сӕргъы лӕууыд Навуходоносор, ӕртхъирӕн кодтой Иудӕмӕ ӕмӕ йӕ сӕйраг горӕт Иерусалиммӕ. Уӕд иудейтӕ ӕххуыс курын райдыдтой «гӕдыныхас ӕмбӕхсӕн бынатӕй», ома Египетимӕ цӕдис скодтой. Фӕлӕ уӕддӕр вавилойнӕгтӕ уыцы «ӕмбӕхсӕн бынат», их зӕхх куыд ныххойы, афтӕ «ныххостой» (Ис. 28:14, 17).

5. Хуыцау мӕнг дин куы сафа, уӕд йӕ адӕм цы бауыдзысты?

5 Уыцы хабар ӕвдисы, абон чырыстӕтты ном ӕрмӕст хӕсгӕ чи кӕны, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. «Стыр Вавилоны» иннӕ хай дӕр – иннӕ мӕнг динтӕ пырх ӕрцӕудзысты. Уый фӕстӕ, Хӕйрӕджы дунейӕ цы баззайа, уый фесӕфдзӕн. Хуыцауы адӕм та фервӕздзысты, Йегъовӕ се ’мбӕхсӕн кӕй у, уый тыххӕй (Рарг. 7:14; 18:2, 8; 19:19–21).

Нӕхи дӕр ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад дӕр цы бахъахъхъӕндзӕн

6. Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ бон куыд у сӕхи бахъахъхъӕнын?

6 Хуыцауы адӕмӕн абон дӕр, ацы фӕстаг бонты, сӕ бон куыд у сӕхи бахъахъхъӕнын кӕнӕ ӕмбӕхсӕн бынат ссарын? Хуыцауы «номыл... куы хъуыды кӕнӕм» ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕндзыстӕм. (Бакӕс Малахи 3:16–18.) Фӕлӕ Хуыцауы номыл ӕрмӕст хъуыды кӕнын фаг нӕу. Библийы кӕсӕм: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» (Ром. 10:13). Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕ адӕймаджы фервӕзын кӕна, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ йӕ номӕй кува. Бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм уынынц, «йӕ номыл ын чи хъуыды кӕны» ӕмӕ йын йӕ ном чи хӕссы, уыцы ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕндӕр диныл хӕст адӕмӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уый.

7, 8. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ удӕгасӕй цӕй фӕрцы баззадысты, ӕмӕ уый абон цӕуыл дзурӕг у?

7 Фӕлӕ нӕ бон канд нӕ уырнындзинад бахъхъахъӕнын нӕу, фӕлӕ ма нӕ цард дӕр. Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта, сӕ цард сын кӕй бахъахъхъӕндзӕн. Ӕмӕ уый рабӕрӕг, н. э. 66 азы Ромы ӕфсад, сӕ сӕргъы Цестий Галл, афтӕмӕй, Иерусалимы алыварс куы ӕрлӕууыд, уӕд. Фӕлӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, стыр бӕллӕхы бонтӕ «фӕцыбыр уыдзысты» (Матф. 24:15, 16, 21, 22). Йӕ ныхӕстӕ сӕххӕст сты, Ромы ӕфсад ӕнӕнхъӕлӕджы фӕстӕмӕ куы аздӕхт ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн «фервӕзыны» фадат куы фӕзынд, уӕд. Уыдон Иерусалимӕй алыгъдысты алы горӕттӕм. Иуӕй-иутӕ дзы ахызтызты Иорданыл ӕмӕ сӕхицӕн ӕмбӕхсӕн бынат ссардтой хӕхты, Иорданы скӕсӕнварс.

8 Уыцы рагон чырыстӕтты абарӕн ис, абон Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ. Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ӕмбӕхсӕн бынат куыд агуырдтой, афтӕ абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ агурынц ӕмбӕхсӕн бынат. Фӕлӕ абон ӕцӕг чырыстӕтты кӕдӕмдӕр лидзын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрынц алы рӕтты. «Ӕвзӕрстытӕ» ӕмӕ сӕ иузӕрдион ӕмбӕлттӕ, сӕхи Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ организацийы уазӕг кӕй бакодтой, уый тыххӕй удӕгасӕй баззайдзысты, чырыстон динтӕ сӕфт куы цӕуой, уӕд.

9. Чи архайы, цӕмӕй адӕм Хуыцауы ном ферох кӕной? Бамбарын ӕй кӕн.

9 Чырыстон дуне сӕфты аккаг у, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕмы талынджы дарынц ӕмӕ сын Хуыцауы ном ӕнад кӕнынц. Астӕуккаг ӕнусты Хуыцауы ном зынгонд уыд ӕгас Европӕйы дӕр. Хуыцауы ном цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ, тетраграмматон, ЙХВХ (YHWH) кӕнӕ ЙГЪВГЪ (JHVH) арӕх фыстой ӕхцатыл, хӕдзӕртты къултыл, бирӕ чингуыты ӕмӕ Библиты. Фыст ма уыд иуӕй-иу католикон ӕмӕ протестантон аргъуантыл дӕр. Фӕлӕ абон та бирӕтӕ архайынц, цӕмӕй Хуыцауы ном айсой Библийы тӕлмацтӕй ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕй дӕр. Уымӕн бӕлвырдгӕнӕнӕн ӕрхӕссӕн ис, 2008 азы 29 июны Ромаг католикон аргъуан «Хуыцауы номы фӕдыл» Сауджынты Ассоциацитӕм цы фыстӕг арвыста, уый. Фыст дзы уыд, цӕмӕй тетраграмматон кӕнӕ ма йӕ ӕндӕрхуызон куыд фӕфыссынц, уый ивд ӕрцӕуа дзырд «Дунедарӕг»-ӕй. Ватикан та бардзырд радта, цӕмӕй Хуыцауы номӕй ма пайда кӕной дины зарджыты ӕмӕ аргъуанты службӕты рӕстӕджы. Иннӕ чырыстон динты ӕмӕ ӕндӕр динты разамонджытӕ милуангай адӕмы сайынц, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы ма базоной.

Хуыцауы ном чи рухс кӕны, уыдон цӕрдзысты

10. Абон Хуыцауы ном куыд кадджын кӕнынц?

10 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иннӕ динтӕй тынг хицӕн кӕнынц, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ном кадджын кӕнынц ӕмӕ йӕ бӕрзонд кӕнынц. Рухс ӕй кӕнынц уымӕй, ӕмӕ йын аргъ кӕнынц ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕргом кӕнынц. Йегъовӕйыл йӕ ныфс чи дары, уыдонӕй райгонд у, ӕмӕ сын алкӕддӕр арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ сӕ хъахъхъӕндзӕн. Йегъовӕ «зоны, йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдоны» (Наум 1:7; Хъуыд. 15:14).

11, 12. Рагон Иудӕйы Йегъовӕйы ном чи кадджын кодта ӕмӕ йӕ абон чи кадджын кӕны?

11 Рагзаманты Иудӕйы цӕрджытӕй кӕд бирӕтӕ Йегъовӕйы ныууагътой, уӕддӕр дзы царди, «Йегъовӕйы ном... йе ’мбӕхсӕн» кӕмӕн уыди, ахӕмтӕ дӕр. (Бакӕс Софони 3:12, 13.) Хуыцау мӕнгард Иудӕйы куы бафхӕрдта – вавилойнӕгты къухмӕ сын сӕ бӕстӕ куы радта, ӕмӕ сӕ уацары куы акодтой, уӕд дзы чидӕртӕ фервӕзтысты, зӕгъӕм, Йереми, Варух ӕмӕ Авдемелех. Уыдон цардысты, Хуыцауы чи ныууагъта, уыцы адӕмы ’хсӕн. Иннӕтӕ та кӕд уацары уыдысты, уӕддӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты. Н. э. размӕ 539 азы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ,– сӕ сӕргъы уыд Кир,– бацахстой Вавилон. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Кир, дзуттӕгтӕй ма чи баззад, уыдонӕн бар радта, цӕмӕй сӕ райгуырӕн зӕхмӕ аздӕхтаиккой.

12 Раст дин йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уый чи уындзӕн, уыдоны тыххӕй Софони загъта, зӕгъгӕ сӕ Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ сыл цин кӕндзӕн. (Бакӕс Софони 3:14–17.) Хабар абон дӕр афтӕ у. Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куы ӕрфидар, уӕд Йегъовӕ, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдоны Стыр Вавилоны уацарӕй ссӕрибар кодта. Ӕмӕ сыл суанг абоны онг дӕр цин кӕны.

13. Ӕппӕт нацитӕй дӕр адӕм цӕмӕй ссӕрибар сты?

13 Зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр Стыр Вавилонӕй рацыдысты ӕмӕ ссӕрибар сты мӕнг дины ахуырӕдтӕй (Рарг. 18:4). Афтӕмӕй абон ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр ӕххӕст кӕнынц Софонийы 2:3 ныхӕстӕ: «Агурут Йегъовӕйы, зӕххыл цыдӕриддӕр сӕрныллӕг адӕм ис, ...уыдон». Ӕппӕт нацитӕй дӕр цы сӕрныллӕг адӕм ис, уыдонӕн,– уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сын ис ӕви зӕххыл,– Йегъовӕйы ном у се ’мбӕхсӕн.

Хуыцауы ном талисман нӕу

14, 15. а) Иуӕй-иутӕ талисманыл цы нымадтой? ӕ) Хуыцауы ном талисманыл нымайын цӕуылнӕ хъӕуы?

14 Израилӕгтӕй иуӕй-иутӕ кувӕндон нымадтой талисманыл, зӕгъгӕ сӕ се знӕгтӕй хъахъхъӕндзӕн (Йер. 7:1–4). Уый размӕ та талисманыл нымадтой бадзырды чырын, ӕмӕ сӕ ныфс уыди, хӕсты сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн (1 Сам. 4:3, 10, 11). Номдзыд Константин йе ’фсӕддонты уартытыл ныффыссын кодта титул «Чырысти»-йы фыццаг дамгъӕтӕ грекъагау «Ч» (хи) ӕмӕ «Р» (ро). Уый хъуыды кодта, уыцы фыст сӕ хӕсты кӕй бахъахъхъӕндзӕн. Стӕй ма, шведаг къарол Густав II Адольфы, Ӕртыназон хӕсты чи архайдта, уымӕн йӕ ӕфсӕйнаг риуылдарӕныл разӕй фыст уыди Иехова (Iehova). Уыцы ӕфсӕйнаг риуылдарӕны ныв ис 7 фарсыл.

15 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй хӕйрӕджытӕ кӕй хъыгдардтой, уыдонӕн Йегъовӕ сси се ’мбӕхсӕн, йӕ ном ын хъӕрӕй кӕй дзырдтой, уый фӕрцы. Фӕлӕ Хуыцауы ном уый тыххӕй талисманыл нымайын нӕ хъӕуы кӕнӕ хъуыды кӕнын, цыма йын ис адӕймаджы бӕллӕхтӕй хъахъхъӕны тых. Уӕдӕ, Йегъовӕйы ном уӕд де ’мбӕхсӕн, зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ дӕ талисманау хъахъхъӕндзӕн.

Абон не ’мбӕхсӕн бынат кӕм ис

16. Нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнын?

16 Нӕ уырнындзинадӕн ӕдас кӕм у, ахӕм ӕмбӕхсӕн бынат ссардтам Хуыцауы адӕмы ’хсӕн (Пс. 91:1). Ацы дунейы нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй нӕ Хуыцау «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты фӕдзӕхсы, цӕмӕй дзы нӕхи хизӕм (Матф. 24:45–47; Ис. 32:1, 2). Ахъуыды-ма кӕн, куыд арӕх нӕ фӕфӕдзӕхсынц, цӕмӕй мулкуарзаг ма уӕм ӕмӕ нын уыцы фӕдзӕхстытӕ куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма фӕцудыдтаид! Адӕймагӕн ма тынг тӕссаг у, ӕнӕмӕт куы суа, уымӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ уӕд Йегъовӕйӕ адард вӕййы. Уый тыххӕй Хуыцауы Ныхас зӕгъы: «Ӕнӕзӕндты, ӕнӕмӕт кӕй сты, уый фесафдзӕн. Мӕнмӕ чи хъусы, уый та цӕрдзӕн ӕдасӕй ӕмӕ фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн» (Ӕмб. 1:32, 33). Нӕхи ма ӕнӕгъдаудзинадӕй дӕр куы хъахъхъӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн.

17, 18. Абон милуантӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы ном се ’мбӕхсӕн суыдаид?

17 Ахъуыды-ма кӕн ноджыдӕр, ӕууӕнкджын цагъар нӕ кӕй фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй Чырыстийы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъгӕ, Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнут ӕгас зӕххы цъарыл дӕр (Матф. 24:14; 28:19, 20). Софони фыста, адӕмӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы ном се ’мбӕхсӕн суа, уый тыххӕй: «Уӕд ӕз адӕмтӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувой ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной» (Соф. 3:9).

18 Цы у сыгъдӕг ӕвзаг? Сыгъдӕг ӕвзаг у, Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндтӕ бӕлвырдӕй зонын. Уыцы фӕндтӕ та фыст сты йӕ Ныхасы. Мах сыгъдӕг ӕвзагыл фӕдзурӕм, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕгӕй цы у ӕмӕ уыцы Паддзахад Хуыцауы ном куыд срухс кӕндзӕн, уый тыххӕй куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд. Афтӕ ма, Хуыцауы хицаудзинад кӕй сбӕлвырд уыдзӕн ӕмӕ иузӕрдион адӕм цавӕр ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй уыдзысты хайджын, уый адӕмӕн куы фӕамонӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц сыгъдӕг ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕм,– «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй [чи] кувы ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск [чи] лӕггад кӕны», уыдон. О, ӕгас дунейы дӕр милуантӕ сӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакодтой (Пс. 1:1, 3).

19, 20. Рагзаманты йӕ ныфс «гӕдыныхасы ӕмбӕхсӕн бынатыл» чи дардта, уыдон-иу куыд фӕфыдӕнхъӕл сты?

19 Абон адӕм ӕгас дунейы дӕр бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ никуы фервӕздзысты. Уый тыххӕй ӕххуыс фӕагурынц ӕнӕххӕст адӕмӕй. Кӕнӕ сӕ ныфс сӕвӕрынц политикон организацитыл, зӕгъгӕ нӕ уыдон нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕндзысты. Афтӕ-иу кодта рагон Израил дӕр – йӕ ныфс-иу сыхаг адӕмтыл сӕвӕрдта, ӕмӕ-иу семӕ цӕдистӕ скодта. Фӕлӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй-иу уый Израилӕн нӕ баххуыс кодта. Афтӕ абон дӕр адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзын кӕндзысты нӕдӕр политикон организацитӕ, нӕдӕр Иугонд Нациты Организаци. Уӕдӕ политикон организацитӕ ӕмӕ цӕдистӕ не ’мбӕхсӕн бынат куыд хъуамӕ уой? Библи сӕ хоны «гӕдыныхасы ӕмбӕхсӕн бынат». Ды дӕр сӕм хъуамӕ кӕсай ахӕм цӕстӕй, уымӕн ӕмӕ сыл йӕ ныфс чи дары, уыдон иууылдӕр тынг фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты. (Бакӕс Исайы 28:15, 17.)

20 Тагъд Йегъовӕ зӕххыл «их» ныууарын кӕндзӕн. Ӕмӕ адӕмӕн ницы баххуыс кӕндзӕн – нӕдӕр сӕ ядерон хъомыс, нӕдӕр сӕ хъӕздыгдзинад. Исайы 28:17 уый тыххӕй фыст ис: «Их ныххойдзӕн гӕдыныхасы ӕмбӕхсӕн бынат, дӕттӕ сӕ быны фӕкӕндзысты, кӕм ӕмбӕхсы, уыцы бынат».

21. 2011 азы стихмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн?

21 Йегъовӕ Хуыцау йӕ адӕмӕн абон дӕр у се ’мбӕхсӕн бынат ӕмӕ фидӕны дӕр уыдзӕн. Растдӕр уымӕ амоны Софонийы ном дӕр, нысан кӕны «Йегъовӕ бамбӕхста». Уымӕ гӕсгӕ 2011 азы стих у: «Йегъовӕйы ном уӕд де ’мбӕхсӕн» (Соф. 3:12). Суанг абон дӕр Йегъовӕйы ном хъуамӕ уа не ’мбӕхсӕн ӕмӕ йыл нӕ ныфс кӕронмӕ дарӕм (Пс. 9:10). Цӕй уӕдӕ алы бон дӕр нӕ зӕрдыл дарӕм ацы ныхӕстӕ: «Йегъовӕйы ном у фидар мӕсыг. Рӕстгӕнӕг уырдӕм балидзы ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы» (Ӕмб. 18:10).

Бахъуыды кодтай?

• Абон нын Йегъовӕйы ном ӕмбӕхсӕн куыд у?

• «Гӕдыныхасы ӕмбӕхсӕн бынатыл» нӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ дарӕм?

• Цавӕр ӕмбӕхсӕн бынатӕй нӕ ис ныфс?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

2011 азы стих: «Йегъовӕйы ном уӕд де ’мбӕхсӕн» (Софони 3:12).

[Ныв барлӕвӕрдӕй 7 фарсыл]

Thüringer Landesmuseum Heidecksburg Rudolstadt, Waffensammlung “Schwarzburger Zeughaus”