Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ дӕу тыххӕй цы сарӕзта, ууыл хъуыды кӕн

Йегъовӕ дӕу тыххӕй цы сарӕзта, ууыл хъуыды кӕн

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ куы райгас, уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕ Иерусалимӕй Еммаусмӕ фӕцӕйцыдысты. Дарддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй Лука фыссы: «Куыд ныхас кодтой, афтӕ сӕм Йесо ӕрбаиу ӕмӕ йӕ фӕндаг семӕ акодта. Фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой». Ӕмӕ сӕ уӕд Йесо бафарста: «„Цӕуыл ныхас кӕнут?“ Уыдон ӕнкъардӕй ӕрлӕууыдысты». Цымӕ цӕуыл ӕнкъард кодтой? Афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, ӕмӕ Чырысти уыцы рӕстӕг Израилы адӕмы иннӕ адӕмты къухӕй фервӕзын кӕндзӕн, фӕлӕ уыцы хабар не ’рцыд. Уый нӕ, фӕлӕ ма Йесойы маргӕ дӕр акодтой. Ӕмӕ ӕнкъард дӕр уый тыххӕй уыдысты (Лук. 24:15–21; Хъуыд. 1:6).

Уӕд сын Йесо «Моисейы чингуытӕй ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй се ’ппӕтӕй дӕр райдыдта ӕмбарын кӕнын, ӕппӕт Фыстады йӕхи тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ». Йесойы мӕлӕты размӕ бирӕ стыр ӕмӕ диссаг хъуыддӕгтӕ ӕрцыд. Ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ ныхӕстӕм куы байхъуыстой, уӕд сӕ хъыг цинмӕ раивта. Фӕстӕдӕр, уыцы изӕр, кӕрӕдзийӕн загътой: «Ӕцӕгдӕр, немӕ фӕндагыл куы ныхас кодта ӕмӕ нын Фыстад куы ’мбарын кодта, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ нӕ риуы нӕ сыгъдысты?» (Лук. 24:27, 32). Уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Цӕмӕ бӕллӕм, уый куы нӕ сӕххӕст уа?

Еммаусмӕ чи фӕцӕйцыд, уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы ӕнкъард уымӕн уыдысты, ӕмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый не ’рцыд. Сӕ хабар рауад, Ӕмбисӕндты 13:12 куыд фыст ис, афтӕ: «Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у». Афтӕ абон дӕр махӕй иуӕй-иутӕ, Йегъовӕйӕн рагӕй иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдон, «стыр бӕллӕхмӕ» кӕд ӕнхъӕлмӕ кастысты, уӕд не ’рцыд (Матф. 24:21; Рарг. 7:14). Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый тыххӕй иуӕй-иу хатт ӕрӕнкъард вӕййынц.

Йесойы ахуыргӕнинӕгты хъыг цинмӕ раивта, куы сын бамбарын кодта, иуӕй-иу пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, суанг сӕ рӕстӕджы дӕр, уӕд. Махӕн дӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы циндзинад уа ӕмӕ нӕ ныфс ма асӕтта. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Майкл, зӕгъгӕ, афтӕ загъта: «Хъуыды кӕн, Йегъовӕ цы нӕма сарӕзта, ууыл нӕ, фӕлӕ цы сарӕзта, ууыл». Диссаджы хъуыды!

Йегъовӕ цы сарӕзта

Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Чырысти загъта: «Чи мыл ӕууӕнды, уый араздзӕн, ӕз цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон. Ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр сараздзӕн» (Иоан. 14:12). Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ аразынц, чи никуыма уыд, ахӕм стыр хъуыддӕгтӕ. Авд милуанӕй фылдӕр адӕймаджы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, стыр бӕллӕхы сӕрты кӕй ахиздзысты, уымӕ. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн ӕнӕхъӕн зӕххыл уыйбӕрц иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ никуыма уыди! Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ къухы бафтой, Йесо кӕй сарӕзта, уыцы «хъуыдӕгтӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ».

Йегъовӕ ма мах тыххӕй цы сарӕзта? Йегъовӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн фадат дӕтты, цӕмӕй ацы фыддунейӕ рацӕуой ӕмӕ бацӕуой, ныридӕгӕн зӕххыл цы «дзӕнӕт» ис, уырдӕм – йӕ организацимӕ (2 Кор. 12:1–4). Ахъуыды-ма кӕн, уым цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, ууыл. Дӕ цӕст-ма ахӕсс дӕхи кӕнӕ, Паддзахады залы чи ис, уыцы библиотекӕйыл. Ис ма нӕм «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы индекс» кӕнӕ электрон библиотекӕ («Watchtower Library»). Дӕ бон ма у байхъусын драмӕтӕм дӕр. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, фӕстаг конгрессы цы федтай ӕмӕ цы базыдтай, уый дӕр. Уӕдӕ нын не ’мчырыстӕтты ’хсӕн цас ӕмбӕлттӕ ис, уый та! Йегъовӕ у рӕдау Хуыцау. Уый нын парахатӕй дӕтты, нӕ уырнындзинадӕн пайда чи у, ахӕм хӕринаг ӕмӕ ма нын балӕвар кодта диссаджы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты дӕр. Уый «дзӕнӕт» куыннӕ у!

Псаломзарӕггӕнӕг Давид загъта: «Бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, о Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, бирӕ сты дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕм бирӕ хъуыдытӕ ис мах тыххӕй» (Пс. 40:5). Йегъовӕ мах тыххӕй цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ ма йӕ зӕрды цы ис саразын, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм уыдзӕн хъарутӕ, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм (Матф. 24:13).

[Ныв 31 фарсыл]

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй хъуыды кӕной, Йегъовӕ сын цы сарӕзта, ууыл

[Нывтӕ 32 фарсыл]

Дӕ зӕрдыл-иу ӕрлӕууын кӕн, фӕстаг конгрессы цы федтай ӕмӕ цы базыдтай, уый