Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕлварӕнтӕ ӕмӕ ныфссастдзинад. Фидар куыд фӕлӕууӕм?

Фӕлварӕнтӕ ӕмӕ ныфссастдзинад. Фидар куыд фӕлӕууӕм?

«хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут» (ХЪУЫД. 1:8).

1, 2. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ сӕ уый ӕнӕмӕнгӕй цӕмӕн хъуыди?

ЙЕСО хорз зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бафӕдзӕхста, уый сӕхи хъаруйӕ кӕй нӕ бакӕндзысты. Бирӕ бӕстӕты кӕй хъуамӕ хъусын кодтаиккой, се знӕгтӕ тыхджын кӕй уыдысты, стӕй, адӕймаджы буар лӕмӕгъ кӕй у, уый тыххӕй сӕ хъуыди, адӕймаджы хъаруйӕ фылдӕр хъару. Ӕмӕ Йесо, уӕларвмӕ куы нӕма ацыд, уый размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8).

2 Ацы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон, Хуыцауы сыгъдӕг тых Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуджытыл куы ӕрцыд, ӕмӕ Иерусалимы алы рӕтты куы хъусын кодтой, уӕд. Никӕй бон сӕ уыди бауромын (Хъуыд. 4:20). Уӕдӕ «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа», уӕдмӕ Йесойы иузӕрдион фӕдылдзӕуджыты, уыимӕ мах дӕр, ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы хъару (Матф. 28:20).

3. Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон цы у аразын?

3 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ уыл «Хуыцауы сыгъдӕг тых куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут». Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты цы хъаруйӕ схайджын кӕны, уый фӕрцы махӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон у йӕ чырыстон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ куы хъӕуа, уӕд та ӕвзӕр зондахасты ныхмӕ фӕлӕууын дӕр. (Бакӕс Михей 3:8; Колоссӕгтӕм 1:29.)

4. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

4 Хуыцауы сыгъдӕг тых нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый кӕцӕй зонӕм? Сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй алыхуызон уавӕрты куыд бакӕнӕм, уый зонӕм? Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныныл куы фӕархайӕм, уӕд сӕмбӕлӕм бирӕ зындзинӕдтыл – уыцы зындзинӕдты хай нӕ бакӕнынц Сайтан, ацы фыддуне ӕмӕ не ’нӕххӕстдзинад. Ӕмӕ ахсджиаг у уыцы зындзинӕдты сӕрты хизгӕйӕ нӕ чырыстон ном сыгъдӕгӕй бахъахъхъӕнын, ӕдзух хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ Йегъовӕимӕ хӕлӕрттӕй баззайын. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ, фӕллад ӕмӕ ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд ма фӕцудӕм.

Фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм

5. Куывд нын куыд ӕххуыс кӕны?

5 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын: «Ма нӕ баппар фӕлварӕны ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕн» (Матф. 6:13). Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй афтӕ чи фӕлӕгъстӕ кӕны, уыдоны никуы ныууадзы. Ӕндӕр хатт та Йесо загъта, зӕгъгӕ, «уӕ уӕларвон Фыд... куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн» (Лук. 11:13). Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ сыгъдӕг тых нын кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй нӕ бон уа, раст цы у, уый аразын. Уый нын нӕ ныфсыл ныфс куыд тынг ӕфтауы! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ фӕлварӕнтӕй хиздзӕн (1 Кор. 10:13). Уӕдӕ фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд нӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй фӕхъӕуы кувын (Матф. 26:42).

6. Сайтан Йесойы куы рӕдийын кодта, уӕд ын дзуапп кӕцӕй лӕвӕрдта?

6 Хӕйрӕг Йесойы куы рӕдийын кодта, уӕд ын-иу дзуапп лӕвӕрдта Фыстадӕй. Чырысти Хуыцауы Ныхас хорз кӕй зыдта, уый бӕрӕг уыд йӕ ныхӕстӕй: «Фыст у... Афтӕ дӕр фыст у... Ацу ардыгӕй, Сайтан! Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“». Йесо Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Ныхас кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕгӕн йӕхи сайын нӕ бауагъта (Матф. 4:1–10). Йесо фӕлварӕнты цалдӕр хатт фидар куы фӕлӕууыд, уӕд ӕй Сайтан дӕр ныууагъта.

7. Библи нын куыд ӕххуыс кӕны фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн?

7 Йесо-иу Хӕйрӕджы ныхӕстӕн дзуапп Фыстадӕй лӕвӕрдта. Уымӕ гӕсгӕ мах та ноджы тынгдӕр хъӕуы не ’ргом Библимӕ здахын. Цӕмӕй мах дӕр Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ хорз зонӕм ӕмӕ нӕ цард ӕгасӕй дӕр уыдонмӕ гӕсгӕ аразӕм. Бирӕтӕ афтӕ бакодтой, Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд, ӕмӕ хуыздӕр бамбӕрстой Хуыцауы зонд ӕмӕ рӕстдзинад. Ӕцӕгдӕр, «Хуыцауы ныхасы» стыр тых ис, ӕмӕ базоны «зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзут. 4:12). Ӕмӕ адӕймаг Библи цас фылдӕр фӕкӕсы ӕмӕ йыл цас фылдӕр фӕхъуыды кӕны, уыйас тынгдӕр фембары, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый (Ӕмб. 2:4, 5).

8. Сыгъдӕг тыхӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм?

8 Йесойӕн йӕ бон фидар фӕлӕууын ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ уыд, ӕмӕ Фыстад хорз зыдта, фӕлӕ ма хайджын уыд «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй» дӕр (Лук. 4:1). Цӕмӕй махмӕ дӕр ахӕм хъару уа ӕмӕ нӕ бон фидар фӕлӕууын уа, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм – нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй пайда кӕнӕм (Иак. 4:7, 8). Уымӕ хауы Библи ахуыр кӕнын, кувын ӕмӕ не ’мчырыстӕттыл хи бӕттын. Уыцы хъуыддӕгтӕ пайда кӕй сты, уый бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕхицӕй зонынц, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у сӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕм саразын.

9, 10. а) Кӕм цӕрыс, уым чырыстӕттӕ цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлынц? ӕ) Фӕллад куы вӕййыс, уӕд дӕм тых кӕцӕй фӕзыны?

9 Цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлыс? Мыййаг, дӕ цардӕмбал чи нӕу, уыцы адӕймагмӕ де ’ргом искуы здӕхтай? Кӕд дын цардӕмбал нӕй, уӕд дӕ искуы фӕндыд ӕнӕуырнӕг адӕймагимӕ ӕмбӕлын райдайын? Телевизоры кӕнӕ Интернеты ӕнӕнхъӕлӕджы исты чъизи нывтӕ куы фӕзыны, уӕд куыд бакӕныс? Хорз уаид нӕ зӕрдыл куы дариккам: иу рӕдыд къахдзӕф ӕркӕны ӕндӕр рӕдыд къахдзӕфмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй адӕймаг стыр тӕригъӕд ракӕны (Иак. 1:14, 15). Ахъуыды-ма кӕн, уый Йегъовӕйӕн, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн куыд хъыг уаид, ууыл. Фӕлӕ Хуыцауы закъӕттыл фидар куы хӕцӕм, уӕд нӕ цӕсгом сыгъдӕг уыдзӕн. (Бакӕс Псалом 119:37; Ӕмбисӕндтӕ 22:3.) Ахӕм фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлай, уӕд-иу Йегъовӕйӕ тыхтӕ кур, цӕмӕй дӕ бон фидар фӕлӕууын уа.

10 Хӕйрӕджы миты тыххӕй ма хъуамӕ нӕ зӕрдыл иу хъуыддаг дарӕм. Йесо ӕдзӕрӕг быдыры 40 боны дӕргъы ӕххормагӕй куы фӕци, уӕд ӕм Сайтан бацыд. Хӕйрӕг хъуыды кодта, «хорз фадат» ын кӕй фӕзынд, цӕмӕй Йесойы иузӕрдиондзинад бафӕлвӕрдтаид (Лук. 4:13). Цӕмӕй Сайтан мах иузӕрдиондзинад дӕр бафӕлвара, уый тыххӕй дӕр хорз фадат фӕагуры. Ӕмӕ цӕмӕй йӕ фӕнд йӕ къухы ма бафта, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар уа. Хӕйрӕг ныл арӕх йӕхи ныццӕвы, куы ӕрлӕмӕгъ вӕййӕм, уӕд. Уӕдӕ фӕллад кӕнӕ ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд хъуамӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй бахай кӕна (2 Кор. 12:8–10).

Фӕллад ӕмӕ ныфссаст куы вӕййӕм

11, 12. а) Абон бирӕтӕн сӕ ныфс цӕмӕн асӕтты? ӕ) Ныфссаст куы уӕм, уӕд нӕм хъарутӕ цӕй фӕрцы фӕзындзӕн?

11 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй хаттӕй-хатт нӕ ныфс асӕтты. Уӕлдай дӕр ныр, тынг уӕззау рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй. Абон адӕм цас мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыйас никуы ӕвзӕрстой (2 Тим. 3:1–5). Армагеддон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кӕны, уый тыххӕй цард кӕны уӕззаудӕр ӕмӕ тыхстдӕр. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, бирӕтӕн зын кӕй у сӕ бинонты дарын. Уый тыххӕй се уӕнгтӕ ӕркӕлынц, сӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъырт никӕцӕйуал фӕкӕлы ӕмӕ сагъӕсты бын фӕвӕййынц. Кӕд ды дӕр дӕхи афтӕ фӕхатыс, уӕд дӕ бон цы у саразын?

12 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ныфс бавӕрдта, зӕгъгӕ уын ратдзынӕн ӕххуысгӕнӕг – Хуыцауы сыгъдӕг тых. (Бакӕс Иоанны 14:16, 17.) Дун-дунейы уыцы тыхӕн ӕмбал нӕй. Сыгъдӕг тыхы уылты нын Йегъовӕ фӕлварӕнты рӕстӕг фагӕй фылдӕр хъарутӕ ратдзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм (Еф. 3:20). Ӕмӕ апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд схайджын уыдзыстӕм, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», кӕд нӕ «алырдыгӕй дӕр... хъыгдарынц», уӕддӕр (2 Кор. 4:7, 8). Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, зӕгъгӕ уӕ мастӕй хиздзынӕн, фӕлӕ нын ныфс ӕвӕры, ахӕм уавӕры нын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн (Фил. 4:13).

13. а) Иу ӕрыгон хо йӕ зын уавӕртӕн куыд быхсы? ӕ) Зын уавӕры чи бахауд, ахӕм искӕй зоныс?

13 Ӕркӕсӕм Стефанийы хабармӕ. Цӕуы йыл 19 азы ӕмӕ лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй. 12 азы йыл куы цыди, уӕд ын уыд инсульт ӕмӕ йын дохтыртӕ йӕ сӕрымагъзы опухоль ссардтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йын дыууӕ хатты операци скодтой ӕмӕ облученитӕ дӕр. Уый фӕстӕ ма йын дыууӕ хатты уыди инсульт, ӕмӕ йӕ галиу фарс хорз нал кусы, стӕй цӕстӕй дӕр хорз нал уыны. Стефанийы фӕхъӕуы йӕхиуыл ауӕрдын, цӕмӕй-иу ӕм тыхтӕ баззайа, тынг ахсджиагыл кӕй нымайы, уыцы хъуыддӕгтӕн – фембӕлдтӕм цӕуынӕн ӕмӕ хъусын кӕнынӕн. Ӕмӕ йӕ ӕмбары, Йегъовӕ йын хъарутӕ кӕй дӕтты, цӕмӕй фидар уа. Йӕ ныфс куы асӕтты, уӕд нӕ публикациты не ’мчырыстӕтты царды хабӕрттӕ куы фӕкӕсы, уӕд дзы ныфс бацӕуы. Хотӕ ӕмӕ йын ӕфсымӕртӕ дӕр йӕ зӕрдӕ бафидар кӕнынц сӕ писмотӕй, стӕй йын фембӕлдты размӕ дӕр ӕмӕ фембӕлдты фӕстӕ дӕр зӕрдӕдарӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Библи кӕимӕ ахуыр кӕны, уыдон ӕм цӕуынц хӕдзармӕ, ӕмӕ дзы бузныг сты, Библи сын кӕй амоны, уый тыххӕй. Уыдӕтты тыххӕй Стефани Йегъовӕйӕ у тынг бузныг. Ӕппӕты фылдӕр уарзы Псалом 41:3, ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, Йегъовӕ уымӕн дӕр кӕй ӕххуыс кӕны.

14. Ныфссаст куы уӕм, уӕд нӕ нӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын ӕмӕ цӕмӕн?

14 Куы бафӕллайӕм кӕнӕ истӕуыл куы фӕмаст кӕнӕм, уӕд раст нӕ уаид афтӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, мӕхимӕ уал ӕркӕсон, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ та фӕлӕудзысты. Уый раст цӕуылнӕ у? Уымӕн ӕмӕ адӕймаг Библи йӕхӕдӕг кӕнӕ йӕ бинонтимӕ куы фӕахуыр кӕны, куы фӕхъусын кӕны, фембӕлдтӕм куы фӕцӕуы, уӕд дзы сыгъдӕг тых хъарутӕ бауадзы. Чырыстон хъуыддӕгтӕ нын алкӕддӕр ӕрхӕссынц удӕнцой. (Бакӕс Матфейы 11:28, 29.) Цал ӕмӕ цал хатты уыди афтӕ, хотӕ ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ фембӕлдтӕм ӕнкъардӕй ӕрбацыдысты, фӕлӕ-иу сӕ хӕдзӕрттӕм уӕнгрогӕй ацыдысты!

15. а) Йегъовӕ искуы загъта, чырыстӕттӕ ӕнӕмӕт цард кӕй кӕндзысты? Библийӕ цӕвиттон ӕрхӕсс. ӕ) Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ бафӕрсӕм?

15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстӕттӕн царды мидӕг ӕнцон нӕу. Хъӕуы сӕ хъарутӕ, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайой (Матф. 16:24–26; Лук. 13:24). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы уылты адӕймагӕн ратты хъарутӕ. Уый тыххӕй пехуымпар Исай ныффыста: «Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдоны ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн. Цыма сыл цӕргӕсы базыртӕ ис, уыйау бӕрзонд стӕхдзысты. Азгъордзысты, ӕмӕ нӕ бафӕллайдзысты, ацӕудзысты, ӕмӕ не сфӕлмӕцдзысты» (Ис. 40:29–31). Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Кӕй бафӕллайын, уый ӕцӕгдӕр мӕ чырыстон хӕсты аххос у?»

16. Цӕмӕй ма фӕллайӕм ӕмӕ нӕ ныфс ма асӕтта, уый тыххӕй цы хъӕуы бакӕнын?

16 Йегъовӕйы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны, «цӕмӕй-иу, ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнӕм» (Фил. 1:10). Апостол Павел чырыстон цард абарста, ерысгӕнджытӕ кӕуыл фӕлидзынц, ахӕм даргъ фӕндагимӕ, ӕмӕ загъта: «Нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый... ӕмӕ нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм» (Дзут. 12:1). Ома, хъуамӕ нӕхи хизӕм, уӕз ныл чи кӕны, ахӕм ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй адӕймаг фӕллайгӕ кӕны. Иуӕй-иутыл ахӕм хабар ӕрцӕуы, сӕхи бирӕ хъуыддӕгты бын кӕй фӕкӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ кӕд ды дӕр бафӕлладтӕ ӕмӕ цӕуылдӕр маст кӕныс, уӕд дӕ хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, куыстыл, ирхӕфсӕнтыл, спортыл ӕмӕ ӕндӕр хабӕрттыл цас рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ ацӕуы, ууыл. Зондӕй куы архайӕм ӕмӕ бонзонгӕ куы уӕм, уӕд ӕй ӕмбардзыстӕм, нӕ бон алцӕуыл аххӕссын кӕй нӕу ӕмӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл тынг гыццыл рӕстӕг кӕй хъӕуы хардз кӕнын.

17. Кӕмӕндӕр йӕ ныфс цӕмӕн асӕтты, фӕлӕ нын Йегъовӕ фидарӕй цы дзуры?

17 Кӕмӕндӕр та йӕ ныфс асӕтты, ацы дунейӕн йӕ кӕрон, куыд ӕнхъӕл уыдис, афтӕ тагъд кӕй не ’рцыд, уый тыххӕй (Ӕмб. 13:12). Ахӕм хъуыдытӕ кӕмӕ ис, уымӕн ныфсы хос уыдзӕн Аввакумы 2:3 стих: «Ацы цӕстылуайӕн нырма хъуамӕ йӕ рӕстӕджы сӕххӕст уа. Тагъд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ нӕ фӕсайдзӕн. Кӕд бафӕстиат уа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Нӕ байрӕджы кӕндзӕн». Йегъовӕ нын фидарӕй дзуры, ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, цы рӕстӕг ын снысан кодта, раст уыцы рӕстӕг!

18. а) Дӕ хъарутыл дын хъарутӕ цавӕр ныхӕстӕ ӕфтауынц? ӕ) Иннӕ статья нын цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

18 Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, сӕ фӕллад куы ссӕуа ӕмӕ ныфссаст куы нал уой, стӕй иууылдӕр «се ’взонджы бонтӕм [куы] раздӕхой», уыцы бонмӕ (Иов 33:25). Ныр дӕр чырыстон хъуыддӕгты куы архайӕм, уӕд нӕм сыгъдӕг тыхы фӕрцы уыдзӕн хъарутӕ (2 Кор. 4:16; Еф. 3:16). Кӕй бафӕллайыс, уый тыххӕй дӕхи ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕн. Цыфӕнды зындзинады ма бахауай – фӕлварӕн уа, фӕллад уай ӕви ныфссаст – кӕрон сын ӕрцӕудзӕн, кӕд ныртӕккӕ нӕ, уӕддӕр Хуыцауы ног дунейы. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, сыгъдӕг тых чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд сӕ бон уа фидар фӕлӕууын, цӕмӕй иннӕты зондыл ма ацӕуой ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдты сӕрты хизой.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Библи куы кӕсӕм, уӕд нӕм хъарутӕ куыд фӕзындзӕн?

• Куы кувӕм ӕмӕ лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ хъарутыл куыд бафтдзӕн?

• Цӕмӕй нӕ ныфс ма асӕтта, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 24 фарсыл]

Фембӕлдтӕ нын нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауынц