Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕудзыстӕм

Цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕудзыстӕм

«Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (ФИЛ. 4:13).

1. Йегъовӕйы адӕм зындзинӕдтыл цӕмӕн ӕмбӕлынц?

ЙЕГЪОВӔЙЫ адӕм зындзинӕдтӕй хызт не сты. Иуӕй-иу зындзинӕдтӕ бавзарӕм не ’нӕххӕстдзинады аххосӕй, иннӕтӕ та, ацы дунейы кӕй цӕрӕм ӕмӕ, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй (Райд. 3:15). Фӕлӕ Хуыцау рагӕй фӕстӕмӕ дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фидар лӕууой, сӕ дины ныхмӕ куы цӕуой, ӕвзӕр зондыл сӕ куы ардауой ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлой, уӕд. Хуыцау махӕн дӕр йӕ сыгъдӕг тыхы уылты ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зындзинӕдты фидар лӕууӕм.

Нӕ дины ныхмӕ куы цӕуой

2. Дины ныхмӕ чи фӕцӕуы, уыдонӕн сӕ нысан цы у ӕмӕ куыд фӕархайынц?

2 Дины ныхмӕ цӕуын у, адӕймаг Хуыцауыл кӕй ӕууӕнды кӕнӕ цавӕрдӕр уырнындзинӕдтыл хӕст кӕй у, уый тыххӕй йӕ куы фефхӕрынц. Афтӕ та уымӕн фӕкӕнынц, цӕмӕй адӕймаг йӕ уырнындзинӕдты тыххӕй макӕмӕн дзура ӕмӕ йӕ диныл йӕ къух сиса. Дины ныхмӕ чи фӕцӕуы, уыдон кӕм ӕргомӕй фӕархайынц, кӕм сусӕгӕй. Сайтан дӕр афтӕ кӕй архайы, уый тыххӕй йӕ Библи хоны домбай ӕмӕ кобрӕ. (Бакӕс Псалом 91:13.)

3. Сайтан домбайау ӕмӕ кобрӕйау куыд архайы?

3 Тугдзых домбайау Сайтан ӕргомӕй лӕбуры Хуыцауы адӕммӕ – фыдгӕнджыты амӕттаг бавӕййынц, ахӕстӕтты сӕ бакӕнынц кӕнӕ сын сӕ хъуыддаг сӕхгӕнынц (Пс. 94:20). Ӕрвылазон чиныджы ахӕм хабӕрттӕ бирӕ вӕййы. Сауджынты кӕнӕ фанатик-политикты ардыдӕй адӕм Хуыцауы лӕггадгӕнджыты бирӕ рӕтты акъахдзӕф кӕнын дӕр нӕ уадзынц. Уый тыххӕй чидӕртӕ Йегъовӕйы ныууагътой. Хӕйрӕг ма кобрӕйау сусӕгӕй архайы, цӕмӕй нын нӕ зонд фӕхъӕстӕ кӕна ӕмӕ йӕ цы фӕнды, уый кӕнӕм. Архайы, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа кӕнӕ нӕ диныл нӕ къух сисӕм. Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы алкӕддӕр фидар фӕлӕудзыстӕм.

4, 5. Нӕхи фӕлварӕнтӕм куыд бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Кӕмӕ нӕ цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ничи зоны. Ӕмӕ ууыл рагацау куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сӕм нӕхи афтӕмӕй нӕ бацӕттӕ кӕндзыстӕм. Хабар ӕцӕгӕйдӕр куыд уыдзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ хъӕуы мӕт кӕнын, цы не ’рцӕудзӕн, ууыл. Фӕлӕ зонӕм, нӕ бон цы у аразын, уый. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй фӕлварӕнты чи нӕ фӕцудыдта, уыдонӕй сӕ фылдӕрӕн баххуыс кодта, йӕ рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтыл кӕй хъуыды кодтой, уый. Баххуыс ма сын кодта, Йесо цӕуыл ахуыр кодта ӕмӕ цы цӕвиттон ныууагъта, уый дӕр. Уыдӕтты фӕрцы Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр бауарзтой. Уыцы уарзондзинад сын баххуыс кодта, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаиккой.

5 Ӕркӕсӕм, Малавийы нӕ дыууӕ хойыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Хицауад сын тыхӕй партбилеттӕ ӕлхӕнын кодта, фӕлӕ сын нӕ разы кодтой. Уый тыххӕй сыл ӕрӕмбырд знӕт адӕм, фӕнадтой сӕ, сбӕгънӕг сӕ кодтой ӕмӕ сӕм ӕртхъирӕн кодтой, тыхми уын бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ та сын загътой, зӕгъгӕ, дам, Вефилы кусджытӕ дӕр партбилеттӕ балхӕдтой. Ӕмӕ сын уӕд хотӕ афтӕ бакодтой: «Мах лӕггад кӕнӕм ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн. Ӕмӕ филиалы ӕфсымӕртӕ партбилеттӕ ӕлхӕнынц ӕви нӕ, уый махмӕ нӕ хауы. Маргӕ нӕ куы акӕнат, уӕддӕр партбилеттӕ нӕ балхӕндзыстӕм!» Хотӕ афтӕ фидар кӕй фӕлӕууыдысты, уый тыххӕй сӕ ауагътой.

6, 7. Фӕлварӕнты Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд баххуыс кӕны?

6 Апостол Павел загъта, Фессалоникӕйы рӕстдзинад чи базыдта, уыцы чырыстӕттӕ «бирӕ зындзинӕдтӕ» кӕй бавзӕрстой, фӕлӕ уӕддӕр сӕ зӕрдӕтӕ дзаг уыдысты, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы циндзинад дӕтты», уымӕй (1 Фес. 1:6). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, чырыстӕттӕй раздӕр дӕр ӕмӕ абон дӕр фӕлварӕнты фидар чи фӕлӕууыд, уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ-иу тӕккӕ уӕззаудӕр рӕстӕг сӕ зӕрдӕты уыди фарн – Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый (Гал. 5:22). Уыцы фарн сын ӕххуыс кодта сӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сӕ зонд хъахъхъӕнынӕн. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕн бахай кӕны, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууой ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ архайой *.

7 Карз фӕлварӕнты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иузӕрдионӕй кӕй баззайынц, уый чи уыны, уыдон тынг фӕдис кӕнынц. Афтӕ сӕм фӕкӕсы, цыма адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм тыхӕй хайджын сты, ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Апостол Петр загъта: «Кӕд уын Чырыстийы номы тыххӕй фидистӕ кӕнынц, уӕд амондджын стут, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сымах хайджын стут Хуыцауы кадджын сыгъдӕг тыхӕй» (1 Пет. 4:14). Йегъовӕйы закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Хуыцау разы у (Матф. 5:10–12; Иоан. 15:20). Ацы ныхӕстӕ нын ныфсы хос куыннӕ сты!

Иннӕты зондыл ма цӕуӕм

8. а) Йесо Навин ӕмӕ Халев иннӕты зондыл цӕуылнӕ ацыдысты? ӕ) Цӕуыл сӕ ахуыр кӕнӕм?

8 Мах ма сӕмбӕлӕм ӕндӕр фӕлварӕныл дӕр – иннӕты ӕвзӕр зондыл. Фӕлӕ ныл кӕд дуне тынг ӕндавы, уӕддӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕн ӕмбал нӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон вӕййы фидар фӕлӕууын, адӕм ныл куы фӕхудынц, нӕ фыдкой куы фӕкӕнынц кӕнӕ нӕ галиу фӕндагыл куы фӕардауынц, уӕд. Зӕгъӕм, Йесо Навин ӕмӕ Халев иннӕ дӕс сгарӕджы хъуыдыимӕ не сразы сты, Ханааны зӕхмӕ сӕ куы арвыстой, уый фӕстӕ. Цӕуылнӕ? Уыдон Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ байхъуыстой, ӕмӕ раст хъуыдымӕ ’рцыдысты. (Бакӕс Нымӕцтӕ 14:6–10, 24.)

9. Чырыстӕттӕ иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уымӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсой?

9 Чырыстийы апостолтӕ дӕр уыдысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын. Уый фӕрцы сӕ бон уыд хъусын, адӕм раст дины ахуыргӕнджытӕ кӕй хуыдтой, уыдонмӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцаумӕ (Хъуыд. 4:21, 31; 5:29, 32). Абон бирӕтӕ иннӕты зондыл цӕуынц, цӕмӕй адӕмы цӕсты ма хауой. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ афтӕ нӕ кӕнынц, фидарӕй хӕцынц, раст цы у, ууыл. Хуыцау сын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕ гӕсгӕ нӕ тӕрсынц, иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уымӕй (2 Тим. 1:7). Ӕркӕсӕм, иннӕты зондыл ма кӕд хъуамӕ ма цӕуӕм, уымӕ.

10. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ цавӕр уавӕры бахауынц?

10 Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ нӕ фӕзонынц, куыд бакӕной, се ’мбӕлттӕй исчи тӕригъӕд куы саразы, уӕд. Сӕ ныфс дӕр нӕ фӕхӕссынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуын, зӕгъгӕ, мӕм ме ’мбал фӕхӕрам уыдзӕн ӕмӕ мыл нал ӕууӕнддзӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй уыцы хъуыддаг басусӕг кӕнынц. Вӕййы ма афтӕ дӕр, ӕмӕ тӕригъӕд чи ракодта, уый йе ’мбалы нӕ фӕуадзы, цӕмӕй йын йӕ тӕригъӕды тыххӕй искӕмӕн зӕгъа. Ахӕм хабӕрттӕ ӕрыгӕтты ’хсӕн арӕх вӕййы. Суанг ма стыртӕн дӕр зын вӕййы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуын ӕмӕ сын алцыдӕр радзурын, се ’мбӕлттӕй кӕнӕ сӕ бинонтӕй исчи тӕригъӕд кӕй саразы, уый тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ ахӕм уавӕры ӕцӕг чырыстон куыд хъуамӕ бакӕна?

11, 12. Ӕмбырды дын исчи куы дзура, мӕ тӕригъӕд мын ма схъӕр кӕн, зӕгъгӕ, уӕд растдӕр куыд уыдзӕн бакӕнын ӕмӕ цӕмӕн?

11 Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм уавӕрыл. Зӕгъӕм, иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Артур, зӕгъгӕ, базыдта ӕмбырдӕй йе ’мбал Сослан порнографимӕ арӕх кӕй фӕкӕсы. Ӕмӕ Артур Сосланӕн загъта, уыцы хъуыддаг йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы. Фӕлӕ йын Сослан йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта. Артур ын загъта, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуа ӕмӕ сын алцыдӕр радзура. Фӕлӕ йын Сослан афтӕ бакодта: «Кӕд ме ’мбал дӕ, уӕд мӕ не схъӕр кӕндзынӕ». Цымӕ Артур хъуамӕ Сосланы зӕрдӕхудтӕй тӕрса? Чи зоны, хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, Сослан куы нӕ басӕтта, уӕд мыл хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ баууӕнддзысты. Фӕлӕ Артур уыцы хъуыддаг куы сусӕг кӕна, уӕд уавӕр нӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн, ӕмӕ Сослан Йегъовӕйӕ адард уыдзӕн. Артур хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, «адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай [кӕй] нӕу, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уымӕн та тӕссаг [кӕй] ницӕмӕй уыдзӕн» (Ӕмб. 29:25). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай цы хъуамӕ сараза? Хъуамӕ ма Сосланимӕ иу хатт фӕлмӕнӕй аныхас кӕна, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн та хъӕуы лӕгдзинад. Чи зоны йӕм ацы хатт Сослан байхъуса. Артур ын хъуамӕ зӕгъа, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕна, фӕлӕ афтӕ куы нӕ бакӕна, уӕд сын иу-цасдӕры фӕстӕ йӕхӕдӕг алцыдӕр кӕй радзурдзӕн (Лев. 5:1).

12 Кӕд ды дӕр искуы ахӕм уавӕры бахауай, уӕд дӕм, чи зоны, фыццаг де ’мбал мӕсты кӕна. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбардзӕн, йӕ хорз дӕ кӕй фӕнды. Уыцы адӕймаг дӕм куы байхъуса, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм куы бацӕуа, уӕд дӕ цӕрӕнбонтӕм бузныг уыдзӕн, ахӕм ныфсхаст ӕмӕ иузӕрдион кӕй дӕ, уый тыххӕй. Фӕлӕ дӕ куы нӕ бамбара, уӕд дӕ ахӕм ӕмбал хъӕугӕ дӕр цӕмӕн кӕны? Нӕ хуыздӕр Ӕмбал Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнынӕй растдӕр ницы ис. Йегъовӕ нын фыццаг бынаты куы уа, уӕд ӕй чи уарзы, уыдон нын нӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй аргъ кӕндзысты ӕмӕ не ’цӕг ӕмбӕлттӕ суыдзысты. Мах хъуамӕ ӕмбырды Хӕйрӕгӕн бынат ма уадзӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы маст бауадздзыстӕм. Фӕлӕ чырыстон ӕмбырд сыгъдӕгӕй бахъахъхъӕныныл куы архайӕм, уӕд Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы куыд фӕнды, уымӕ гӕсгӕ архайдзыстӕм (Еф. 4:27, 30).

Алыхуызон зындзинӕдтӕ

13. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц ӕмӕ ахӕм хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцӕуы?

13 Мах сӕмбӕлӕм алыхуызон зындзинӕдтыл. Зӕгъӕм, цардыл не ’ххӕссӕм, ӕгуыстӕй баззадыстӕм, ӕрдзон бӕллӕх нӕ бахъыгдардта, нӕ бинонтӕй чидӕр фӕхъуыди, не ’нӕниздзинад фӕцудыдта ӕмӕ афтӕ дарддӕр. «Тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ, абон уа ӕви райсом, алчидӕр алыхуызон фӕлварӕнты бахаудзӕн (2 Тим. 3:1). Фӕлӕ ахӕм уавӕрты хъуамӕ ма фӕтӕрсӕм. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕм хъарутӕ уыдзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм.

14. Иов йӕ зындзинӕдтӕн цӕй фӕрцы бафӕрӕзта?

14 Иовы сӕр бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Йӕ фосӕй ницыуал баззад, йӕ хъӕбултӕ фӕмард сты, йе ’мбӕлттӕ йӕ ныууагътой, уӕззау низӕй фӕрынчын ис, стӕй ма йӕ цардӕмбал дӕр Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нал дардта (Иов 1:13–19; 2:7–9). Фӕлӕ Елиуй Иовы зӕрдӕ ӕрсабыр кодта. Йегъовӕ йын цы зӕгъинаг уыд, уый йын афтӕ бамбарын кодта: «Иу гыццыл ӕрлӕуу ӕмӕ Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн» (Иов 37:14). Иов фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууыд? Мах та куыд фӕлӕудзыстӕм фидар? Йегъовӕйы сыгъдӕг тых куыд архайы ӕмӕ йӕм цы хъару ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд (Иов 38:1–41; 42:1, 2). Уӕдӕ дӕ зӕрдыл куыннӕ ӕрлӕудзысты, Хуыцау дӕм йӕ уарзондзинад куыд равдыста, уый? Абон дӕр нӕм ахӕм зӕрдӕ дары.

15. Апостол Павел фӕлварӕнты фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууыд?

15 Апостол Павел йӕ дины тыххӕй бирӕ дудгӕбӕттӕ баййӕфта (2 Кор. 11:23–28). Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаид ӕмӕ ма фӕцудыдтаид? Йегъовӕмӕ кӕй куывта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ кӕй дардта, уый. Иухатт фыдӕвзарӕны куы бахауд, ӕвӕццӕгӕн ӕй марынмӕ куы хъавыдысты, уыцы рӕстӕг, уӕд загъта: «Нӕ Хицау уыди мӕ фарсмӕ ӕмӕ мын хъару лӕвӕрдта, цӕмӕй хорз хабар бӕстон фехъусын кодтаин ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъуыстаиккой, ӕмӕ мӕ нӕ Хицау домбайы дзыхӕй фервӕзын кодта» (2 Тим. 4:17). Павел йӕхицӕй зыдта, мӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый, ӕмӕ уый тыххӕй йе ’мчырыстӕттӕн дӕр фидарӕй дзырдта. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7, 13.)

16, 17. Йегъовӕ абон йӕ лӕггадгӕнджытӕн фӕлварӕнты рӕстӕг хъарутӕ куыд ратты, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

16 Иу пионер-хо, Роксанӕ, зӕгъгӕ, йӕхицӕй зоны, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый. Йӕ хицауӕй йӕхи цалдӕр бонмӕ конгресмӕ куы куырдта, уӕд ын хицау тызмӕгӕй загъта, зӕгъгӕ, куы ацӕуай, уӕд дӕ куыстӕй арвитдзынӕн. Роксанӕ рацыд, Хуыцауӕн зӕрдиагӕй ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ куыст ма фесӕфтаид. Уӕд йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Конгрессы фӕстӕ къуырисӕры куыстмӕ куы рацыд, уӕд ӕй йӕ хицау куыстӕй рарвыста. Ӕмӕ катайы бацыд. Кӕд мызд бирӕ нӕ иста, уӕддӕр ӕй нӕ фӕндыд йӕ куыст сафын, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыди йӕ бинонты дарын. Роксанӕ та ногӕй скуывта, ӕмӕ ахъуыды кодта, кӕд мын Хуыцау конгрессы уыйбӕрц лӕвӕрттӕ скодта, уӕд мӕ ӕххормагӕй куыд хъуамӕ ныууадза. Ӕмӕ хӕдзармӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд иу ран ауыдта фыст, зӕгъгӕ, хуыйджыты цехмӕ исӕм кусджытӕ, ӕмӕ уырдӕм бацыд. Роксанӕ кӕд уыцы хъуыддаг хорз нӕ зыдта, уӕддӕр ӕй хицау райста, ӕмӕ йын мызд фыста дыууӕ хатты фылдӕр. Роксанӕ бамбӕрста, йӕ куывдӕн дзуапп кӕй райста. Стырдӕр арфӕдзинад та уый уыди, ӕмӕ уыцы ран кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы йӕ хицау ӕмӕ ма ноджыдӕр цыппар адӕймаджы Библи ахуыр кӕнын райдыдтой ӕмӕ донаргъуыд райстой.

17 Иуӕй-иу хатт нӕм, чи зоны, афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ нын Хуыцау нӕ куывдтытӕн ӕппындӕр дзуапп нӕ дӕтты кӕнӕ та куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ сӕ нӕ сӕххӕст кӕны. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд уый хуымӕтӕджы нӕу. Йегъовӕ алцыдӕр зоны, ӕмӕ нын дзуапп цӕуылнӕ дӕтты, уый адӕймаг ӕрмӕстдӕр цасдӕры фӕстӕ бамбары. Фӕлӕ иу хъуыддагыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын – Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты никуы ныууадздзӕн (Дзут. 6:10).

Ӕххуыс фӕлварӕнты рӕстӕг

18, 19. а) Зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлдзыстӕм, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса? ӕ) Дӕ бон куыд у зындзинӕдты сӕрты хизын?

18 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зонынц, кӕй ӕмбӕлдзысты алыхуызон фӕлварӕнтыл, хаттӕй-хатт-иу сӕ ныфс дӕр кӕй асӕтдзӕн, кӕй сӕ хъыгдардзысты ӕмӕ сӕ иннӕтӕ ӕвзӕр зондыл кӕй ардаудзысты. Ацы дуне нӕ ӕцӕгӕйдӕр йе сӕфт уыны (Иоан. 15:17–19). Фӕлӕ нын Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы уылты дӕтдзӕн хъарутӕ, цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр нын-иу куы фӕзына, уӕддӕр. Йегъовӕ никуы бауадздзӕн, цӕмӕй бахауӕм, нӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны (1 Кор. 10:13). Хуыцау нӕ никуы ныууадздзӕн ӕмӕ нӕ никуы ферох кӕндзӕн (Дзут. 13:5). Йӕ Ныхасмӕ йын куы хъусӕм, уӕд хызт уыдзыстӕм бирӕ фыдбылызтӕй. Афтӕ ма, уӕлдай тыхст куы уӕм, уӕд Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы уылты баразӕнгард кӕндзӕн не ’мчырыстӕтты, цӕмӕй нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууой.

19 Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр дарддӕр дӕр Хуыцауӕй сыгъдӕг тых курӕм ӕмӕ Библи иртасӕм. Уӕдӕ, «стыр тыхы хицау чи у, уыцы Хуыцау» нын «уыйбӕрц хъару раттӕд, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм» (Кол. 1:11).

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Фылдӕр ӕрмӕг ссарӕн ис 2001 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 25 фарсыл ӕмӕ 1993 азы 8 февралы «Райхъал ут!»-ы 21, 22 фӕрстыл (уыр.).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕмӕй иннӕты зондыл ма ацӕуай, уый тыххӕй дӕ бон цы у аразын?

• Ӕмбырды дын исчи куы дзура, мӕ тӕригъӕд мын ма схъӕр кӕн, зӕгъгӕ, уӕд растдӕр куыд уыдзӕн бакӕнын?

• Алыхуызон зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлай, уӕд дын ныфсы хос цы уыдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 28 фарсыл]

Йесо Навин ӕмӕ Халевӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

[Ныв 29 фарсыл]

Де ’мбал исты тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ын дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?