Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дун-дуне фӕзынд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы

Дун-дуне фӕзынд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы

Дун-дуне фӕзынд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы

«Йегъовӕйы ныхасӕй фӕзынд арв, йӕ комытӕфӕй – цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон» (ПС. 33:6).

1, 2. а) Дун-дунейы ӕмӕ Зӕххы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтӕ куыд фылдӕр кӕнынц? ӕ) Цавӕр фарстайӕн хъуамӕ ссарӕм дзуапп?

ИВГЪУЫД ӕнусы, 1905 азы, зындгонд ахуыргонд Альберт Эйнштейн ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ахуыргӕндтӕ хъуыды кодтой, Дун-дунейы кӕй ис ӕрмӕстдӕр иу галактикӕ – Ӕрфӕныфӕд. Фӕлӕ куыд тынг рӕдыдысты! Абон ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Дун-дунейы ис 100 миллиард галактикӕйӕ фылдӕр, ӕмӕ иуӕй-иу галактикӕты ис миллиардгай стъалытӕ. Ныртӕккӕ зӕххыл ӕмӕ зӕххы орбитӕйыл цы тыхджын телескоптӕ ис, уыдонӕй ссардтой тынг бирӕ галактикӕтӕ ӕмӕ, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны.

2 1905 азы Дун-дуне ӕмӕ Зӕххы тыххӕй адӕм уыйбӕрц ницы зыдтой. Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕдӕ азы размӕ чи цард, уыдон сӕ рагфыдӕлтӕй бирӕ фылдӕр зыдтой. Абон та мах, Зӕххыл цы цард ис ӕмӕ уыцы цард цӕй фӕрцы ис, уыцы процессты тыххӕй ноджы фылдӕр зонӕм. Ӕмӕ рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ нӕм ноджы фылдӕр зонындзинӕдтӕ фӕзындзӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарста: «Дун-дуне куыд фӕзынд?». Ацы фарстайӕн не Сфӕлдисӕг Хуыцау дзуапп дӕтты Библийы.

Хуыцауы сконд дуне у диссаг

3, 4. Хуыцау дуне куыд сфӕлдыста ӕмӕ йын уый кад куыд хӕссы?

3 Дун-дуне куыд фӕзынд, уый тыххӕй Библийы афтӕ ис фыст: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Райд. 1:1). Ӕнӕхъӕн дунейы ӕппындӕр ницы уыд, ӕмӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы сфӕлдыста арв, зӕхх ӕмӕ ӕппӕт иннӕ диссӕгтӕ. Адӕймаг исты куы фӕаразы, уӕд фӕархайы йӕ къухтӕй ӕмӕ алыхуызон мигӕнӕнтӕй, Хуыцау та йӕ диссаджы стыр хъуыддӕгтӕ йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы аразы.

4 Библи Хуыцауы сыгъдӕг тых хоны «Хуыцауы ӕнгуылдз» (Рац. 8:19, фип.; Лук. 11:20, фип.). Ӕмӕ Хуыцауӕн «йӕ къухты фыдӕбон», ома йӕ сыгъдӕг тыхы уылты цы сфӕлдыста, уый йын стыр кад хӕссы. Псаломзарӕггӕнӕг Давид зарыд: «Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад, йӕ къухты фыдӕбоны тыххӕй дзуры арв» (Пс. 19:1). Уӕдӕ Дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн ӕмбал нӕй (Ром. 1:20). Цӕмӕн?

Хуыцауы тых ӕгӕрон у

5. Йегъовӕйы сыгъдӕг тых ӕнӕкӕрон кӕй у, уый кӕцӕй зыны?

5 Дун-дунейыл адӕймаджы цӕст кӕй не ’ххӕссы, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы тых ӕмӕ хъару, кӕнӕ энерги, ӕнӕкӕрон кӕй сты. (Бакӕс Исай 40:26.) Абон ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй матери раивӕн ис энергимӕ, энерги та – материмӕ. Ахӕм процесс ӕдзух цӕуы хурыл. Алы секунд дӕр ацы стыр стъалыйыл 4 милуан тоннӕйы матери рахизы хурырухсмӕ, хъарммӕ ӕмӕ энергийы ӕндӕр хуызтӕм. Зӕхмӕ дзы цы гыццылмур хай ӕрбахӕццӕ вӕййы, уый фаг у, цӕмӕй зӕххыл цард уа. Ӕвӕдза, Йегъовӕйы Хур ӕмӕ иннӕ миллиардгай стъалытӕ сфӕлдисынӕн цас тых ӕмӕ энерги бахъуыд! Фӕлӕ йӕ тых ӕмӕ энерги ууыл нӕ фесты.

6, 7. а) Цӕмӕн у нӕ бон афтӕ зӕгъын, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы алцыдӕр бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ кӕй аразы? ӕ) Дун-дуне йӕхи ӕгъдауӕй кӕй нӕ фӕзынд, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

6 Нӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы алцыдӕр бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ кӕй аразы. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Ис дӕм къопп алыхуызон гыццыл шариктимӕ,– цъӕхтӕ, буртӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Къопп сцагътай, ӕмӕ шариктӕ схӕццӕ сты. Уый фӕстӕ сӕ зӕхмӕ ӕркалдтай. Мыййаг, цъӕхтӕ иу ран ӕрхаудзысты, буртӕ та – ӕндӕр ран? Уымӕн гӕнӕн нӕй! Бӕлвырд фӕтк кӕм нӕй, уым бӕлвырд фӕтк йӕхи ӕгъдауӕй никуы фӕзындзӕн. Уый у ӕрдзы ӕнӕивгӕ закъон *.

7 Арвмӕ телескопӕй куы скӕсӕм, уӕд дзы цы фендзыстӕм? Галактикӕтӕ, стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ иууылдӕр бӕлвырд ӕмӕ ӕнӕивгӕ фӕткмӕ гӕсгӕ кӕй змӕлынц, уый. Уыцы фӕтк йӕхи ӕгъдауӕй кӕнӕ ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ фӕзынди. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын ахӕм фарстайыл: «Вазыгджын Дун-дуне цавӕр тыхы фӕрцы фӕзынд?» Адӕймагӕн йӕ зонд алцӕуыл кӕй не ’ххӕссы, уымӕ гӕсгӕ уыцы тых нӕ бон нӕу цыдӕр иртасӕнты кӕнӕ экспериментты фӕрцы сбӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ йӕ Библи хоны Хуыцауы сыгъдӕг тых, ӕмӕ йын ӕгас Дун-дунейы дӕр ӕмбал нӕй. Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Йегъовӕйы ныхасӕй фӕзынд арв, йӕ комытӕфӕй – цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон» (Пс. 33:6). Арвыл цыдӕриддӕр ис, уымӕн ӕхсӕвыгон ӕрмӕстдӕр йӕ гыццыл хай фенӕм.

Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмӕ Зӕхх

8. Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгты тыххӕй цас зонӕм?

8 Ныридӕгӕн ӕрдзы тыххӕй цы зонӕм, уый ницы у, цы ма базондзыстӕм, уыимӕ абаргӕйӕ. Хуыцауы сконд хъуыддӕгты тыххӕй нӕм цы зонындзинӕдтӕ ис, уыдоны тыххӕй иузӕрдион адӕймаг Иов афтӕ загъта: «Адон сты йӕ фӕндӕгтӕн ӕрмӕст сӕ кӕрӕттӕ, йӕ кой йын ӕрмӕстдӕр нӕ хъусы кӕронӕй ацахстам!» (Иов 26:14). Бирӕ ӕнустӕ фӕстӕ та паддзах Соломон ныффыста: «Уый [Хуыцау] йӕ рӕстӕджы ӕппӕт дӕр скодта диссаг. Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард дӕр, ӕмӕ кӕронмӕ никуы базондзысты, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон» (Еккл. 3:11; 8:17). Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕ Соломоны стыр дисы ӕфтыдтой.

9, 10. Хуыцау зӕхх куы фӕлдыста, уӕд йӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд спайда кодта ӕмӕ фыццаг ӕртӕ сфӕлдыстадон боны цы ӕрцыд?

9 Йегъовӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй раргом кодта ахсджиаг лыстӕг хабӕрттӕ. Дзырдӕн, Библи нын дзуры, Хуыцауы сыгъдӕг тых Зӕххыл мин-мин азты размӕ кӕй архайдта. (Бакӕс Райдиан 1:2.) Уыцы рӕстӕг Зӕххыл нӕма уыд сур зӕхх, рухс ӕмӕ, улӕфынӕн чи бӕззыд, ахӕм уӕлдӕф.

10 Библи нын ӕмбарын кӕны, Хуыцау сфӕлдыстадон бонты цы арӕзта, уый. Уыдон ӕнӕуи бонтӕ, кӕнӕ ӕхсӕз суткӕйы нӕ уыдысты, фӕлӕ дӕргъвӕтин рӕстӕджытӕ, мин-мин азтӕ. Фыццаг сфӕлдыстадон бон Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй зӕхмӕ рухс хӕццӕ кӕнын райдыдтаид. Ӕмӕ уыцы рухс тынгӕй-тынгдӕр кодта, цалынмӕ хур ӕмӕ мӕй зӕхмӕ дзӕбӕх нӕ разындысты, уӕдмӕ (Райд. 1:3, 14). Дыккаг бон ӕвзӕрын райдыдта атмосферӕ (Райд. 1:6). Уӕд Зӕххыл уыди дон, рухс ӕмӕ уӕлдӕф, фӕлӕ йыл сур зӕхх нӕма уыди. Ӕртыккаг сфӕлдыстадон боны райдиан Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фӕзынын кодта сур зӕхх. Уыцы рӕстӕг Зӕхх иууылдӕр уыди доны бын, ӕмӕ Хуыцау, ӕвӕццӕгӕн, зӕххы бын ӕрдзы тыхтӕ базмӕлын кодта, ӕмӕ доны бынӕй ссыдысты континенттӕ (Райд. 1:9). Ӕртыккаг ӕмӕ иннӕ сфӕлдыстадон бонты ӕрцыд ӕндӕр диссӕгтӕ.

Сыгъдӕг тых ӕмӕ цӕрӕг удтӕ

11. Цӕрӕг удтӕ вазыгджын конд кӕй сты, кӕрӕдзийыл баст кӕй сты ӕмӕ сӕм цӕст кӕсынӕй кӕй не ’фсӕды, уый цӕуыл дзурӕг у?

11 Хуыцау ма йӕ сыгъдӕг тыхы уылты сфӕлдыста цӕрӕг удты дӕр. Ӕртыккаг сфӕлдыстадон бонӕй ӕхсӕзӕм бонмӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы уылты сфӕлдыста тынг бирӕ алыхуызон зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ (Райд. 1:11, 20–25). Цӕрӕг удтӕ вазыгджын конд кӕй сты, кӕрӕдзийыл баст кӕй сты ӕмӕ сӕм цӕст кӕсынӕй кӕй не ’фсӕды, уымӕн бирӕ цӕвиттонтӕ ис. Ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, се Скӕнӕджы зондӕн ӕмбал кӕй нӕй.

12. а) Алы организм дӕр йӕхи хуызӕнӕй цӕмӕн баззайы? ӕ) Зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕн сӕ генетикон код кӕй нӕ ивы, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

12 Ӕркӕсӕм-ма, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонмӕ – микробтӕм, кӕрдӕгмӕ, пылтӕм, цъӕх киттӕм ӕмӕ адӕммӕ. Кӕд кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц, уӕддӕр сӕ кълеткӕты цы информаци, кӕнӕ генетикон код * ис, уый никуы фӕивы. Уымӕ гӕсгӕ алы организм дӕр йӕхи хуызӕнӕй баззайы, ӕмӕ афтӕ у бирӕ ӕнусты дӕргъы. Йегъовӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ӕнӕрлӕугӕйӕ сӕ куыст кӕнынц (Пс. 139:16). Ацы хабӕрттӕ ӕвдисынц, уыдӕттӕ иууылдӕр Хуыцауы «ӕнгуылдзы», ома сыгъдӕг тыхы, фӕрцы кӕй фӕзындысты.

Хуыцауы сконд хъуыддӕгты фидауц

13. Хуыцау адӕймаджы куыд сфӕлдыста?

13 Мин-мин азтӕ рацыд, ӕмӕ Хуыцау сфӕлдыста ӕрдз ӕмӕ цӕрӕг удты, ӕмӕ зӕхх афтид ӕмӕ ӕмтъеры нал уыд. Фӕлӕ Йегъовӕ дарддӕр архайдта – йӕ сыгъдӕг тыхы уылты ног цыдӕртӕ арӕзта. Хъуамӕ ма сфӕлдыстаид йе сконд хъуыддӕгты фидауц. Ӕмӕ ӕхсӕзӕм сфӕлдыстадон боны кӕрон Хуыцау скодта адӕймаджы. Йегъовӕ йӕ куыд сфӕлдыста? Сфӕлдыста йӕ зӕххы буаргъӕдтӕй йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Райд. 2:7).

14. Адӕм цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

14 Райдианы 1:27 кӕсӕм: «Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, сфӕлдыста йӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ. Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй». Йегъовӕ адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ бон у уарзын, стӕй ма нын радта сӕрибардзинад ӕмӕ фадат, цӕмӕй йемӕ ӕнгом уӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕрымагъз тынг хицӕн кӕны цӕрӕгойты сӕрымагъзӕй. Йегъовӕ адӕймаджы сӕрымагъз афтӕ скодта, ӕмӕ йӕ бон у ӕнусты дӕргъы йӕ миниуджытӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ ӕхсызгонӕй иртасын.

15. Адам ӕмӕ Евӕйӕн цавӕр фадат уыд?

15 Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы, Адам ӕмӕ Евӕйы, куы сфӕлдыста, уӕд сын радта зӕхх ӕмӕ йыл цы диссӕгтӕ уыди, уыдон, цӕмӕй сӕ иртӕстаиккой ӕмӕ сӕ зӕрдӕ рухс кодтаид (Райд. 1:28). Йегъовӕ сӕ дзӕнӕты ӕрцӕрын кодта ӕмӕ сын хӕринаг парахатӕй радта. Уыди сын фадат, цӕмӕй ӕнустӕм цардаиккой ӕмӕ сын рацыдаид миллиардгай байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ уыцы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр уыдаиккой ӕххӕст. Фӕлӕ хъуыддаг афтӕ нӕ рауад.

Сыгъдӕг тыхы ахадындзинад

16. Кӕд фыццаг адӕм тӕригъӕд ракодтой, уӕддӕр нын цавӕр ныфс ис?

16 Адам ӕмӕ Евӕ се Скӕнӕг Хуыцауӕй бузныг нӕ уыдысты ӕмӕ йӕ коммӕ нӕ кастысты, фӕлӕ ма йӕ ныхмӕ дӕр рацыдысты. Уый аххосӕй адӕм иууылдӕр сӕ туджы рахастой ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ хъизӕмар кӕнынц. Фӕлӕ нын Библи дзуры, фыццаг лӕг ӕмӕ усы тӕригъӕдджын хъуыддаг цы фыдбылызтӕм ӕркодта, Хуыцау адӕмы уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Сыгъдӕг Фыстад ма нын ӕвдисы, Йегъовӕ йӕ фыццаг фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый дӕр. Зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ йыл адӕм ӕнустӕм амондджынӕй ӕмӕ ӕнӕнизӕй цӕрдзысты (Райд. 3:15). Ӕмӕ цӕмӕй уыцы диссаджы ныфсӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс.

17. Нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм?

17 Хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм (Лук. 11:13). Уӕд ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм, Дун-дуне Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ууыл. Абон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны атеистты ӕмӕ эволюционистты пропагандӕ, ӕмӕ адӕмы зонд хӕццӕ кӕнынц. Ӕмӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй махӕн дӕр нӕ зонд ма схӕццӕ уа. Чырыстӕттӕ иууылдӕр хъуамӕ сӕхи хъахъхъӕной, цӕмӕй сыл уыцы зондахаст ма бандава ӕмӕ сӕ иннӕтӕ сӕ зондыл ма акӕной. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 2:8.)

18. Дун-дуне ӕмӕ адӕм сӕхихъӕдӕй кӕй фӕзындысты, ууыл ӕууӕндын раст цӕуылнӕ у?

18 Хуыцауы хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм Библийыл ӕмӕ Хуыцауыл. Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, Дун-дуне ӕмӕ адӕм сӕхихъӕдӕй кӕй фӕзындысты. Ахӕм зондыл хӕст куы уаиккам, уӕд зӕгъӕн уаид, ӕмӕ, бӕлвырд цы у, уый нӕ уынӕм. Уымӕй уӕлдай ма ницӕмӕ дариккам, Хуыцауы ӕнӕнымӕц «диссаджы хъуыддӕгтӕн» бӕлвырд фӕтк кӕй ис, уый дӕр (Иов 9:10; Пс. 104:25). Мах чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ алцыдӕр йӕ сыгъдӕг тыхы уылты кӕй сфӕлдыста, ууыл.

Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмӕ нӕ уырнындзинад

19. Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы уылты кӕй архайы, ууыл цӕмӕн ӕууӕндыс?

19 Цӕмӕй адӕймаг Хуыцауыл ӕууӕнда, уарза йӕ ӕмӕ йын кад кӕна, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ йын йе сконд хъуыддӕгтӕ иууылдӕр зона. Уый абарӕн ис, адӕмы ’хсӕн цы хӕлардзинад вӕййы, уыимӕ. Адӕймаджы тыххӕй цыдӕртӕ зонай, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йе ’мбал дӕ. Ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзиимӕ куыд хуыздӕр зонгӕ кӕнынц, афтӕ сӕ хӕлардзинад дӕр кӕны фидардӕр. Афтӕ у нӕ уырнындзинады хабар дӕр: цас хуыздӕр зонгӕ кӕнӕм Хуыцауимӕ, уыйас ыл тынгдӕр ӕууӕндӕм. Хуыцау кӕй ис, уый ноджы тынгдӕр бамбарӕм, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп куы ратты ӕмӕ куы фенӕм, йӕ уагӕвӕрдтӕ пайда куы ӕрхӕссынц, уӕд. Йегъовӕ нын разамынд кӕй дӕтты, кӕй нӕ хъахъхъӕны, кӕй нын арфӕ кӕны ӕмӕ нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ нын кӕй ратты, уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Уыцы хабӕрттӕй се ’ппӕтӕй бӕрӕг у, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы уылты кӕй архайы.

20. а) Хуыцау Дун-дуне ӕмӕ адӕймаджы цӕмӕн сфӕлдыста? ӕ) Дарддӕр дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд цы уыдзӕн?

20 Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы уылты кӕй архайы, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн у Библи, уымӕн ӕмӕ йӕ чи фыста, уыцы «адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 Пет. 1:21). Сыгъдӕг Фыстад лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд Дунерафӕлдисӕг Хуыцауыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм (Рарг. 4:11). Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у, дуне дӕр уый тыххӕй сфӕлдыста (1 Иоан. 4:8). Ӕмӕ нӕ ӕппӕт тыхтӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд ӕмӕ Хӕлары базонынӕн. Мах дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын уыдзӕн фадат, цӕмӕй Хуыцауы миниуджытӕ ӕнусты дӕргъы иртасӕм (Гал. 5:16, 25). Цӕй уӕдӕ иууылдӕр архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ диссаджы хуыддӕгтӕ ноджы хуыздӕр базонӕм. Ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, йӕ сыгъдӕг тыхы уылты арв, Зӕхх ӕмӕ адӕмы кӕй сфӕлдыста, уымӕй нӕм цы ӕнӕкӕрон уарзт равдыста, ууыл.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Кӕс чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?», 24, 25 фӕрстӕ.

^ 12 абз. Ахуыргӕндтӕ йӕ хонынц ДНК.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Арв ӕмӕ нын Зӕхх Хуыцауы сыгъдӕг тыхы тыххӕй цы дзурынц?

• Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй скодта, уый нын цавӕр фадӕттӕ дӕтты?

• Дуне Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ууыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм?

• Йегъовӕмӕ цӕй фӕрцы баввахс уыдзыстӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 7 фарсыл]

Дун-дунейы бӕлвырд фӕтк кӕй ис, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

[Барлӕвӕрдӕй]

Stars: Anglo-Australian Observatory/​David Malin Images

[Ныв 8 фарсыл]

ДНК ацы диссӕгтӕм цы бар дары?

[Ныв 10 фарсыл]

Цӕттӕ дӕ дӕ уырнындзинады сӕрыл дзурынмӕ?