Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ арфӕдзинӕдтӕй бузныг дӕ?

Дӕ арфӕдзинӕдтӕй бузныг дӕ?

Дӕ арфӕдзинӕдтӕй бузныг дӕ?

ЙЕГЪОВӔ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уӕд ын сӕрибарӕй ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕнын райдыдтой (Рац. 14:29–15:1, 20, 21). Фӕлӕ уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ зондахаст фӕивта. Сӕ цард сӕ зӕрдӕмӕ нал цыди, ӕмӕ хъаст кӕнын райдыдтой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ фылдӕр хъуыды кодтой, Йегъовӕ уыдоны тыххӕй цы диссӕгтӕ сарӕзта, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы уавӕрты цардысты, ууыл. Израилӕгтӕ Моисейӕн загътой: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Египетӕй? Цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры амӕлӕм? Ам нӕдӕр дзул ис, нӕдӕр дон. Ацы ӕнад дзулӕй [маннӕйӕ] нӕ зӕрдӕ хӕццӕ кӕны» (Ным. 21:5).

Ӕнустӕ фӕстӕдӕр, рагон Израилы паддзах Давид зарыд: «Ӕз та мӕ зӕрдӕ дарын де ’нувыд уарзтыл. Уадз цин кӕнӕд мӕ зӕрдӕ, цы ирвӕзындзинад дӕттыс, ууыл. Ӕз зардзынӕн Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ рӕвдыд дӕн йӕ хорздзинӕдтӕй» (Пс. 13:5, 6). Давиды никуы рох кодта, Йегъовӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта ӕмӕ йӕ хорздзинӕдтӕй кӕй хайджын кодта, уый, ӕмӕ-иу сыл ӕдзух хъуыды кодта (Пс. 103:2). Йегъовӕ махӕн дӕр бирӕ хӕрзты бацыд, ӕмӕ раст уаид, уӕлӕнгай цӕстӕй сӕм куы нӕ кӕсиккам. Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, абон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын, уымӕ.

«Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ»

Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ сты, чи дзы тӕрсы, уыдон» (Пс. 25:14). Ӕвӕдза, цӕй стыр кад у, ӕнӕххӕст адӕймаг Йегъовӕйӕн йе ’ввахс хӕлар уа, уый! Фӕлӕ царды сагъӕстыл куы суӕм, ӕмӕ нын кувынӕн фаг рӕстӕг куы нал уа, уӕд та? Уӕд Йегъовӕйӕ нӕ адард уыдзыстӕм? Йегъовӕ нӕ хорз Хӕлар кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йыл нӕ ныфс дарӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын ӕргом кӕнӕм – цӕмӕй тӕрсӕм, цӕмӕ бӕллӕм ӕмӕ цӕуыл тыхсӕм, уый йын дзурӕм (Ӕмб. 3:5, 6; Фил. 4:6, 7). Хорз уаид, нӕ куывдтытыл куы ахъуыды кӕниккам.

Иу ӕрыгон ӕфсымӕр, Павел, зӕгъгӕ, куы ахъуыды кодта, куыд фӕкувы, ууыл, уӕд бамбӕрста, цыдӕр ӕй фӕхуыздӕр кӕнын кӕй хъӕуы *. Уый афтӕ загъта: «Йегъовӕмӕ-иу куы куывтон, уӕд-иу ӕдзух уыцы иу ныхӕстӕ кодтон». Павел уый фӕдыл бацагуырдта ӕрмӕг «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы индекс»-ы ӕмӕ базыдта, Библийы 180 куывдӕй фылдӕр кӕй ис. Уыцы куывдтытӕ сты, Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджыты зӕрдӕбын ныхӕстӕ. Павел загъта: «Уыцы куывдтытыл кӕй ахъуыды кодтон, уый фӕрцы бамбӕрстон, бӕлвырд хъуыддӕгты тыххӕй кӕй хъуамӕ кувон. Ӕмӕ уӕд мӕ бон сси Йегъовӕйӕн мӕ зӕрдӕ ӕргом кӕнын. Ныр бирӕ уарзын Йегъовӕимӕ ныхӕстӕ кӕнын».

«Хӕринаг афоныл»

Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй ма сӕ иу у, рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый. Хӕрзад хӕринаг нын парахатӕй кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «цины хъӕр кӕнӕм, нӕ зӕрдӕ кӕй райы, уый тыххӕй» (Ис. 65:13, 14). Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нӕ мачи ӕмӕ мацы бахъыгдара дарддӕр дӕр рӕстдзинады фӕндагыл цӕуын. Зӕгъӕм, раст дин чи ныууагъта, уыдонмӕ куы хъусӕм, уӕд нын нӕ сӕрызонд сдзӕгъӕл кӕндзысты, ӕмӕ нын Йегъовӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты афоныл цы хӕринаг дӕтты, уымӕн нал аргъ кӕндзыстӕм (Матф. 24:45–47).

Андрей Йегъовӕйӕн лӕггад кодта бирӕ азты дӕргъы. Иуафон ын йӕ зонд, раст дин чи ныууагъта, уыдон сзгъуыммӕ кодтой. Андрей афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ сын Интернеты сӕ сайтмӕ иу каст куы бакӕна, уӕд ын ницы уыдзӕн. Уый загъта: «Фыццаг мӕм сӕ ныхӕстӕ раст фӕкастысты. Сӕ ныхӕстыл сын цас фылдӕр хъуыды кодтон, уыйас мӕ тынгдӕр фӕндыд Йегъовӕйы организаци ныууадзын. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, уыцы мӕнг ахуыргӕнджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ цытӕ дзырдтой, уыдӕттыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кодтон, уӕд бамбӕрстон, куыд хинӕйдзаг уыдысты, уый. Нӕ ныхмӕ цы „фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ“ хастой, уыдон уыдысты, контекстӕй-иу кӕй раскъуыдтой, ахӕм ныхӕстӕ. Уӕд та ӕз ногӕй райдыдтон нӕ публикацитӕ кӕсын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрстон, мӕхи цас цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтон, уый». Йӕ амондӕн Андрей фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхт.

«Ӕфсымӕртӕ се ’ппӕт дӕр»

Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕхсӕн уарзондзинад ӕмӕ иудзинад кӕй ис, уый у Йегъовӕйы арфӕдзинад (Пс. 133:1). Апостол Павел уый тыххӕй загъта: «Уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут» (1 Пет. 2:17). Мах дӕр се ’хсӕн стӕм, ӕмӕ нын цины хос у, ӕмбырды ныл кӕй узӕлынц – чи фыдау, чи мадау, чи ӕфсымӕрау, чи та хойау (Мар. 10:29, 30).

Фӕлӕ уӕддӕр хатт цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй адард вӕййӕм. Зӕгъӕм, искӕй хъӕндзинӕдтӕ куы фенӕм, уӕд ӕм ӕнцонтӕй рамӕсты вӕййӕм ӕмӕ йӕм зул цӕстӕй кӕсын райдайӕм. Кӕд хабар афтӕ рауайы, уӕд нӕ хъуамӕ макуы рох кӕна, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй уарзы, кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр. Уымӕй уӕлдай ма, кӕд афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕз «тӕригъӕдджын нӕ дӕн, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты рӕстдзинад нӕй» (1 Иоан. 1:8). Уӕдӕ нӕ «исчи истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна», уӕд ын хъуамӕ зӕрдӕйӕ ма ныххатыр кӕнӕм? (Кол. 3:13).

Иу ӕрыгон хо Аннӕ зоны, хорз ӕмбӕлттӕн аргъ кӕй нӕй, уый. Йесо цы бынхор фырты кой ракодта, уыйау Аннӕ чырыстон ӕмбырдӕй адзӕгъӕл ис. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд фӕстӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыд (Лук. 15:11–24). Цымӕ Аннӕ истӕуыл сахуыр ис? Аннӕ афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕйы организацимӕ фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтӕн, уӕд хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр тынг аргъ кӕнын райдыдтон, кӕд сӕм хъӕндзинӕдтӕ ис, уӕддӕр. Мӕ зӕрдӕ-иу искӕуыл гыццыл истӕй тыххӕй дӕр куы фӕхудт, уӕд-иу ӕм райдыдтон зул цӕстӕй кӕсын. Фӕлӕ ныр ме ’мчырыстӕттимӕ цӕрын фӕрнӕй, ӕмӕ уый бар ницӕмӕн ратдзынӕн, цӕмӕй уыцы арфӕдзинадӕй ӕнӕхай фӕуон. Зӕххы цъарыл мын мӕ хотӕй ӕмӕ ме ’фсымӕртӕй зынаргъдӕр ницы ис».

Дӕ арфӕдзинӕдтӕй алкӕддӕр бузныг у

Адӕмы зындзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон, ахӕм ныфс нын кӕй ис, уый у, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм хӕзна. Уыцы диссаджы ныфсы тыххӕй фыццаг хатт куы фехъуыстам, уӕд нӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Мах дӕр цин кодтам, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы сӕудӕджеры кой ракодта, уыйау. Уый «иу зынаргъ налхъуыты» тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта (Матф. 13:45, 46). Йесо афтӕ нӕ загъта, уыцы сӕудӕджер фӕстӕдӕр йӕ налхъуытӕн кӕй нал аргъ кодта. Уӕдӕ мах дӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй нӕ диссаджы ныфсмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй макуы райдайӕм кӕсын (1 Фес. 5:8; Дзут. 6:19).

Ӕркӕсӕм Джейны хабармӕ. Джейн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны 60 азӕй фылдӕр, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахадыл мӕ ныфс дарон, уымӕн мын ӕххуыс кӕны, иннӕтӕн уый тыххӕй кӕй фӕдзурын, уый. Хуыцауы Паддзахад цы у, уый куы бамбарынц ӕмӕ сӕ цӕстытӕ ӕрттивын куы райдайынц, уӕд мӕхицӕн дӕр мӕ зӕрдӕ ныррухс вӕййы. Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн Паддзахады хабар сӕ цард куыд фӕивы, уый куы фенын, уӕд мӕхицӕн фӕзӕгъын: „Ацы диссаджы хабӕрттӕ хъусын кӕнын мӕ цы хъуамӕ бакъуылымпы кӕна!“».

Мах Хуыцауы организацийы тынг бирӕ арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын, ӕмӕ хъуамӕ уый тыххӕй бузныг уӕм. Кӕд нын зындзинӕдтӕ дӕр вӕййы, зӕгъӕм, нӕ ныхмӕ цӕуынц, исты низӕй хъӕрзӕм, азтӕ ныл сӕ уӕз ӕруагътой, депрессийӕ тухӕн кӕнӕм, нӕ бинонтӕй чидӕр фӕхъуыд, цардыл не ’ххӕссӕм, уӕддӕр ӕй зонӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты. Ӕмӕ ныр цы арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдоныл ма ног дунейы, Хуыцауы Паддзахады, ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ бафтдзӕни. Ног дунейы не ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр ссӕрибар уыдзыстӕм (Рарг. 21:4).

Фӕлӕ уал ныр дӕр бузныг уӕм, Хуыцау нӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, уыдонӕй ӕмӕ сын псаломзарӕггӕнӕг куыд аргъ кодта, афтӕ аргъ кӕнӕм. Уый загъта: «Бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, бирӕ сты дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕм бирӕ хъуыдытӕ ис мах тыххӕй. Дӕу хуызӕн ничи у. Ӕз дзурдзынӕн ӕмӕ хъусын кӕндзынӕн уыцы хъуыддӕгты тыххӕй. Уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ мӕ бон банымайын нӕ бауыдзӕн» (Пс. 40:5).

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

[Ныв 18 фарсыл]

Зын рӕстӕг нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынц