Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр у»

«Коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр у»

«Коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр у»

РАГОН Израилы фыццаг паддзах уыди Саул. Кӕд ӕй иунӕг кадджын Хуыцау равзӕрста, уӕддӕр фӕстагмӕ ӕгоммӕгӕс разынд.

Саул цавӕр рӕдыдтытӕ ӕруагъта? Уый гӕнӕн уыди, цӕмӕй уыцы рӕдыдтытӕ ма ӕруагътаид? Йӕ хабӕрттӕ нын зонды хос куыд фӕуыдзысты?

Йегъовӕ бацамыдта паддзахмӕ

Саул паддзах куы нӕ ма сси, уӕд Хуыцау израилӕгтӕн разамынд лӕвӕрдта пехуымпар Самуилы уылты. Фӕлӕ уӕдмӕ Самуил базӕронд, йӕ фырттӕ та Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыдысты. Уыцы рӕстӕг израилӕгтӕм се знӕгтӕ алы рӕттӕй лӕбурдтой. Ӕмӕ уӕд Израилы хистӕр лӕгтӕ Самуилмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕм бахатыдысты, зӕгъгӕ нын паддзах сӕвӕр, цӕмӕй нын тӕрхон кӕна ӕмӕ нын хӕсты разамынд дӕтта. Ӕмӕ Йегъовӕ пехуымпар Самуилӕн загъта, цӕмӕй Саулы сойӕ байсӕрстаид, ӕмӕ сӕ разамонӕг суыдаид. Йегъовӕ йын загъта: «Уый мын мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕндзӕн» (1 Сам. 8:4–7, 20; 9:16).

Саул уыди «хӕрзконд лӕппу». Фӕлӕ бӕрӕг ӕрмӕст уымӕй нӕ дардта. Саул ма уыди сӕрныллӕг адӕймаг дӕр. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис, Самиулӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Ӕз Вениамины мыггагӕй, Израилы ӕппӕты гыццылдӕр мыггагӕй нӕ дӕн? Стӕй мӕ хӕдзарвӕндаг дӕр Вениамины мыггаджы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн зынгӕ дӕр куы нӕ кӕны, уӕд мын ахӕм ныхӕстӕ цӕмӕн кӕныс?» Саулӕн йӕ фыд Кис кӕд «тынг хъӕздыг адӕймаг» уыди, уӕддӕр уый йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты иннӕтӕй хуыздӕр нӕ хуыдта (1 Сам. 9:1, 2, 21).

Ӕркӕсӕм-ма, Саул цы сарӕзта, Самуил адӕмӕн куы фехъусын кодта, Йегъовӕ йӕ Израилы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уымӕ дӕр. Уый размӕ Самуил Саулы хибарӕй сойӕ байсӕрста, ӕмӕ йын загъта: «Дӕ бон цы у, уый араз, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау демӕ ис». Уый фӕстӕ Самуил адӕмы ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй сын фехъусын кодтаид Йегъовӕйы фӕндон. Ӕмӕ куы базыдтой, Саул кӕй ӕрцыд паддзахӕй ӕвӕрд, уӕд ӕй агурын райдыдтой, фӕлӕ йӕ не ссардтой. Саул фырӕфсӕрмӕй цы фӕуыдаид, уый нӕ зыдта, ӕмӕ бамбӕхст. Фӕлӕ сын Йегъовӕ бацамыдта, кӕм ӕмбӕхсти, уый. Ӕмӕ йӕ куы ӕрбакодтой, уӕд ӕй паддзахӕй расидтысты (1 Сам. 10:7, 20–24).

Тохы быдыры

Райдианты Саулӕй афтӕ чи хъуыды кодта, зӕгъгӕ дзы ницы рауайдзӕн, уыдон бамбӕрстой, раст кӕй нӕ уыдысты, уый. Аммонӕгтӕ иу израилаг горӕт бацахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд Саулыл «Хуыцауы тых ӕрцыд», ӕмӕ ӕфсӕддонты амбырд кодта, хӕстмӕ сӕ ракодта ӕмӕ се знӕгты ныддӕрӕн кодтой. Фӕлӕ, уӕлахиздзинад сӕ къухы кӕй бафтыд, уый тыххӕй Саул Хуыцауы скадджын кодта, ӕмӕ загъта: «Абон Йегъовӕ Израилы фервӕзын кодта» (1 Сам. 11:1–13).

Саул уыди диссаджы удыхъӕды хицау ӕмӕ йын Хуыцау дӕр ӕххуыс кодта. Ӕмбӕрста ма, Йегъовӕ йын тыхтӕ куы нӕ лӕвӕрдтаид, уӕд йӕ бон кӕй ницы уыдаид. Фӕлӕ цӕмӕй израилӕгтӕ ӕмӕ сӕ паддзах дарддӕр дӕр ӕнтыстджын уыдаиккой, уый баст уыди иу ахсджиаг хъуыддагыл. Самуил Израилы адӕмӕн загъта: «Кӕд Йегъовӕйӕ тӕрсат, лӕггад ын кӕнат ӕмӕ йӕм хъусат, кӕд Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ нӕ рацӕуат, сымах дӕр ӕмӕ уын паддзах чи уа, уый дӕр, уӕд уӕ Хуыцау Йегъовӕ ӕнӕмӕнг уыдзӕн уемӕ». Израилӕгтӕ Хуыцауыл иузӕрдион куы уыдаиккой, уӕд сын цы сарӕзтаид? Самуил загъта: «Йегъовӕ йӕ адӕмы нӕ ныууадздзӕн йе стыр номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхимӕ райста уыцы хӕс, цӕмӕй сымах йӕ адӕм скодтаид» (1 Сам. 12:14, 22).

Рагзаманты Хуыцауы хорзӕх ссарынӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр уыди коммӕ кӕсын. Ӕмӕ абон дӕр афтӕ у. Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ коммӕ куы фӕкӕсынц, уӕд сын фӕарфӕ кӕны. Фӕлӕ йӕ коммӕ куы нӕ фӕкӕсынц, уӕд та?

«Ӕнӕзонд ми бакодтай»

Саул уый фӕстӕ филистимӕгты ныхмӕ цы сарӕзта, уый тыххӕй йӕм тынг смӕсты сты ӕмӕ се ’фсад йӕ ныхмӕ сыстад, «уыдысты денджызы был змисау бирӕ». «Израилӕгтӕ бамбӕрстой, бӕллӕхы кӕй бахаудысты, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ се знаг сулӕфын нӕ уагъта. Ӕмӕ адӕм лӕгӕтты, хӕхты скъуыдты, къӕдзӕхты ’хсӕн, ныккӕндты ӕмӕ донӕмбырдгӕнӕн дзыхъхъыты ӕмбӕхсын райдыдтой» (1 Сам. 13:5, 6). Уӕд цымӕ Саул цы бакодта?

Самуил Саулӕн загъта, цӕмӕй йӕм Галгалы банхъӕлмӕ кастаид. Уым Самуил хъуамӕ нывӕндтӕ ӕрхастаид. Саул фенхъӕлмӕ каст, фӕлӕ куы никӕцӕй зынд, уӕд дзы йӕ адӕм алырдӕмты лидзын райдыдтой. Ӕмӕ Саул йӕхӕдӕг нывӕндтӕ ӕрхаста. Нывӕндтӕ хаст куыддӕр фӕци, афтӕ ӕрбахӕццӕ Самуил дӕр. Самуил куы фехъуыста, Саул цы бакуыста, уый, уӕд ын загъта: «Ӕнӕзонд ми бакодтай. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын цы бафӕдзӕхста, уый нӕ сӕххӕст кодтай. Куы йӕ сӕххӕст кодтаис, уӕд дын Йегъовӕ Израилы дӕ паддзахы бартӕ ӕнустӕм ӕрфидар кодтаид. Фӕлӕ ныр дӕ паддзахдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Йегъовӕ ссардзӕн, йӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамонӕгӕй уый сӕвӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ ды нӕ сӕххӕст кодтай, Йегъовӕ дын цы бафӕдзӕхста, уый» (1 Сам. 10:8; 13:8, 13, 14).

Саулмӕ фаг уырнындзинад кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй хивӕнд ми бакодта. Саул Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт – Самуилмӕ нӕ банхъӕлмӕ каст, цӕмӕй нывӕндтӕ ӕрхастаид. Фӕлӕ Саулы хъуыддӕгтӕ куыд тынг хицӕн кодтой Израилы ӕфсады раздӕры разамонӕг Гедеоны хъуыддӕгтӕй! Гедеонмӕ уыди 32 000 ӕфсӕддоны. Ӕмӕ йын Йегъовӕ куы загъта, цӕмӕй ма дзы 300 ныууагътаид, уӕд ӕм байхъуыста. Афтӕ цӕмӕн бакодта? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл тынг ӕууӕндыд. Хуыцауы ӕххуысӕй йе знӕгтӕй ныддӕрӕн кодта 135 000 ӕфсӕддоны (Тӕрх. 7:1–7, 17–22; 8:10). Йегъовӕ Саулы дӕр нӕ ныууагътаид, ӕмӕ йын баххуыс кодтаид. Фӕлӕ ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый тыххӕй филистимӕгтӕ израилӕгты бастыгътой (1 Сам. 13:17, 18).

Зын уавӕрты уынаффӕтӕ куыд фӕхӕссӕм? Йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, уыдоны цӕстӕй кӕсгӕйӕ, адӕймаг Хуыцауы закъӕтты сӕрты куы ахиза, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Самуил куы нӕ зынд, уӕд Саул дӕр, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, ӕвзӕрӕй ницы аразын, зӕгъгӕ. Уӕдӕ, Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ уынаффӕтӕ хӕссой ӕрмӕстдӕр Библимӕ гӕсгӕ.

Йегъовӕ йӕ къух систа Саулыл

Саул амаликӕгтимӕ куы хӕцыд, уӕд ма ӕруагъта ноджыдӕр иу уӕззау рӕдыд. Хуыцау амаликӕгтӕн тӕрхон рахаста, израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сыл сӕхи ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй ныццавтой, уый тыххӕй (Рац. 17:8; Дык. з. 25:17, 18). Тӕрхонгӕджыты рӕстӕг дӕр-иу амаликӕгтӕ кӕимӕдӕрты баиу сты, ӕмӕ-иу Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ныхмӕ рацыдысты (Тӕрх. 3:12, 13; 6:1–3, 33). Гъемӕ Йегъовӕ амаликӕгтӕй дзуапп ӕрдомдта ӕмӕ Саулӕн загъта, цӕмӕй сыл йӕ тӕрхон сӕххӕст кодтаид (1 Сам. 15:1–3).

Йегъовӕ Саулӕн загъта, цӕмӕй амаликӕгты ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон сӕфты хай фӕкодтаид, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыста. Саул сын сӕ паддзахы уацары ракодта ӕмӕ сын сӕ фосы хуыздӕртӕ ратардта. Фӕлӕ йын Самуил уый тыххӕй куы бауайдзӕф кодта, уӕд йӕхи куыд дардта? Йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕци: «Адӕмӕн сӕ цӕст нӕ бауарзта фысты ӕмӕ стурты хуыздӕртӕ фесафын ӕмӕ сӕ ныууагътой, цӕмӕй сӕ... Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссой». Саулы ӕцӕгдӕр фӕндыди уыцы фос нывондӕн ӕрхӕссын ӕви нӕ, уӕддӕр иу хъуыддаг раст нӕ бакодта – Хуыцауы коммӕ нӕ бакаст. Саул раздӕры хуызӕн нал уыд. Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй йын Самуил загъта: «Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ ӕхсызгондӕр сты ӕви, Йегъовӕйы ныхасмӕ хъусай, уый? Коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр у... Йегъовӕйы ныхасыл дӕ къух кӕй систай, уый тыххӕй дыл уый дӕр йӕ къух систа, цӕмӕй паддзах мауал уай» (1 Сам. 15:15, 17, 22, 23).

Израилы фыццаг паддзах Саулӕй Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых куы айста ӕмӕ йын куы нал арфӕ кодта, уӕд ын «йе ’взӕр хъуыдытӕ ӕнцой нал лӕвӕрдтой». Саул цавӕр адӕймаг сси, уый ма бӕрӕг у, Давидмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын кӕй райдыдта ӕмӕ йӕ цӕсты сындз кӕй сси, уымӕй дӕр. Давидӕн та Йегъовӕ хъуамӕ фӕстӕдӕр радтаид паддзахбадӕн. Саул цалдӕр хатты Давиды марынмӕ дӕр хъавыди. Саул куы федта ӕмӕ куы бамбӕрста, «Йегъовӕ Давидимӕ кӕй уыд, уый», уӕд «цӕрӕнбонты уыд йе знаг». Саул йӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ ма суанг бардзырд дӕр радта, цӕмӕй амардтаиккой 85 сауджыны ӕмӕ бирӕ ӕндӕрты. Йегъовӕ Саулыл йӕ къух уый тыххӕй систа! (1 Сам. 16:14; 18:11, 25, 28, 29; 19:10, 11; 20:32, 33; 22:16–19).

Филистимӕгтӕ та ногӕй Израилы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Саул фырадӕргӕй дӕсныфӕрсӕгмӕ ӕххуысагур ацыд. Фӕлӕ дыккаг бон хӕсты цӕхӕры куы бахауд, уӕд фӕцӕф ис ӕмӕ йӕхи амардта (1 Сам. 28:4–8; 31:3, 4). Израилы фыццаг паддзахы ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй Библи афтӕ зӕгъы: «Саул амард, Йегъовӕйыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, Йегъовӕйы ныхасмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй, стӕй, мӕрдтимӕ чи ныхас кодта, уыцы сылгоймагмӕ кӕй ацыд ӕмӕ Йегъовӕйы кӕй нӕ бафарста, уый тыххӕй» (1 Аз. 10:13, 14).

Саулы хабар нын ирдӕй ӕвдисы, Йегъовӕйы коммӕ кӕсын цыфӕнды нывӕндтӕй дӕр хуыздӕр кӕй у. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоан. 5:3). Цӕй уӕдӕ макуы рох кӕнӕм мӕнӕ ацы ахсджиаг хъуыддаг: цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕцӕг хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм.

[Ныв 21 фарсыл]

Саул райдианы уыди сӕрныллӕг разамонӕг

[Ныв 23 фарсыл]

Самуил Саулӕн цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «коммӕ кӕсын нывондӕй хуыздӕр у»?