Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фыддзинадӕй де сӕфт уыныс?

Фыддзинадӕй де сӕфт уыныс?

Фыддзинадӕй де сӕфт уыныс?

«Фыддзинадӕй [Йесо] йе сӕфт уыны» (ДЗУТ. 1:9).

1. Йесо уарзондзинады тыххӕй цы загъта?

УАРЗОНДЗИНАД куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:34, 35). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй кӕрӕдзи удуӕлдай уарзтӕй уарзтаиккой. Раст уыцы миниуӕгӕй хъуамӕ бӕрӕг дардтаиккой. Йесо ма сӕ разӕнгард кодта: «Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй» (Матф. 5:44).

2. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ се сӕфт цӕмӕй хъуамӕ уыной?

2 Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн канд уарзондзинады кой нӕ кодта, фӕлӕ ма се сӕфт цӕмӕй хъуамӕ уыной, уый кой дӕр. Йесойы тыххӕй Библийы фыст ис: «Ды уарзыс рӕстдзинад, фыддзинадӕй та де сӕфт уыныс» (Дзут. 1:9; Пс. 45:7). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ уарзӕм рӕстдзинад, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй, ома фыддзинадӕй та не сӕфт уынӕм. Апостол Иоанн дӕр афтӕ уымӕн загъта: «Тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уый закъон халы. Уымӕ гӕсгӕ, тӕригъӕдджын хъуыддаг ракӕнын ӕмӕ закъон фехалын иу у» (1 Иоан. 3:4).

3. Фыддзинадӕй не сӕфт кӕй хъуамӕ уынӕм, уый тыххӕй ацы статьяйы цавӕр хъуыддӕгтыл цӕудзӕн дзырд?

3 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй хорз уаид нӕхи куы бафӕрсиккам: «Ӕз фыддзинадӕй ме сӕфт уынын?» Ӕркӕсӕм, ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт кӕй уынӕм, уый цыппар хъуыддаджы нӕ бон куыд у ӕвдисын. Зӕгъӕм, цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм 1) фыднозт кӕнынмӕ, 2) оккультизммӕ, 3) ӕнӕгъдаудзинадмӕ ӕмӕ, 4) фыддзинад чи уарзы, уыдонмӕ.

Нозты цагъар ма су

4. Йесойӕн йӕ бон цӕмӕн уыди нозты тыххӕй сӕрибарӕй уынаффӕтӕ дӕттын?

4 Йесо-иу хатт сӕн дӕр анызта, уымӕн ӕмӕ нозт нымадта Хуыцауы лӕварыл (Пс. 104:14, 15). Ӕмӕ уыцы лӕварӕн стыр аргъ кӕй кодта, уый тыххӕй-иу фыднозт никуы бакодта (Ӕмб. 23:29–33). Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн йӕ бон уыди иннӕтӕн нозты тыххӕй сӕрибарӕй уынаффӕтӕ дӕттын. (Бакӕс Лукайы 21:34.) Адӕймаг фыднозт куы кӕна, уӕд ма йӕхи ӕндӕр фыдбылызты дӕр баппардзӕн. Уымӕ гӕсгӕ апостол Павел загъта: «Уӕхи-иу сӕнӕй ма ныррасыг кӕнут, уымӕн ӕмӕ уый ӕркӕны ӕнӕуаг митӕм, фӕлӕ ӕдзухдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын ут» (Еф. 5:18). Павел ма фӕдзӕхста ацӕргӕ чырыстон сылгоймӕгты дӕр, цӕмӕй «нозтмӕ ӕмхиц» ма уыдаиккой (Тит. 2:3).

5. Карз нозт куы нуазай, уӕд дӕхимӕ цавӕр фарстатӕ хъуамӕ раттай?

5 Карз нозт куы нуазай, уӕд ӕвзӕр нӕ уаид, ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнис: «Йесо фыднозтмӕ цы цӕстӕй каст, ӕз дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кӕсын? Ацы хъуыддаджы мӕ искӕмӕн уынаффӕ раттын куы хъӕуа, уӕд мын мӕ цӕсгом уый бар ратдзӕн? Нуазгӕ уый тыххӕй бакӕнын, цӕмӕй мӕ мӕ мӕстытӕ ферох уой йе та мӕ нервытӕ ӕрсабыр уой? Къуырийы мидӕг цас бануазын? Исчи мын куы фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, бирӕ нуазыс, уӕд мӕхи фӕрӕстытӕ кӕнын йе та йӕм суанг хӕрам дӕр фӕвӕййын?» Нозтмӕ ӕмхиц куы уӕм, уӕд нӕ зонд ныкъкъуымых уыдзӕн ӕмӕ нӕ бон раст уынаффӕтӕ хӕссын нал уыдзӕн. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ сӕ зонд хъахъхъӕной (Ӕмб. 3:21, 22).

Дӕхи хиз оккультизмӕй

6, 7. а) Йесо Сайтан ӕмӕ дӕлимонтӕн цы бакодта? ӕ) Оккультизм афтӕ тынг цӕмӕн апарахат ис?

6 Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд Сайтан ӕмӕ дӕлимонты ныхмӕ фидарӕй фӕлӕууыд. Сайтанӕн уый бар нӕ радта, цӕмӕй йӕ фӕцудын кодтаид (Лук. 4:1–13). Хӕйрӕг ын йӕ зонд ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл хинӕй бандавыныл кӕй архайдта, уый дӕр-иу базыдта ӕмӕ-иу хъӕддых фӕлӕууыд (Матф. 16:21–23). Йесо ӕххуыс кодта аккаг адӕмӕн, цӕмӕй сӕ дӕлимонтӕ фыдудӕй мауал мардтаиккой (Мар. 5:2, 8, 12–15; 9:20, 25–27).

7 Йесо 1914 азы Паддзах куы сси, уӕд уӕлӕрвтӕ Сайтан ӕмӕ дӕлимонтӕй расыгъдӕг кодта. Ӕмӕ уый тыххӕй Сайтан ӕнауӕрдонӕй архайы ӕмӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (Рарг. 12:9, 10). Уымӕ гӕсгӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, оккультизм ӕгас дунейы дӕр кӕй апарахат ӕмӕ фылдӕр адӕмы йӕхимӕ кӕй здахы. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм?

8. Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

8 Библи нӕ ӕргом фӕдзӕхсы, спиритизм тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй. (Бакӕс Дыккаг закъон 18:10–12.) Абон Сайтан ӕмӕ дӕлимонтӕ адӕмы зондыл ӕндавынц, оккультизм кӕм ис, ахӕм кинотӕ, чингуытӕ ӕмӕ компьютерон хъӕзтыты уылты. Ӕмӕ нӕхицӕн ирхӕфсӕнтӕ куы ӕвзарӕм, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Цымӕ, ивгъуыд мӕйты цы кинотӕм, программӕтӕм бакастӕн, стӕй цы компьютерон хъӕзтытӕй хъазыдтӕн ӕмӕ цы чингуытӕ йе та комикстӕ кастӕн, уыдоны оккультизмӕй ницы уыди? Оккультизм куыд тӕссаг у, уый ӕмбарын ӕви йӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын? Цы ирхӕфсӕн равзӕрстон, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл ахъуыды кодтон? Кӕд Сайтаны ӕндӕвдадӕн дуӕрттӕ уӕрӕх байгом кодтон, уӕд цымӕ Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ кӕй уарзын, уый тыххӕй уыцы дуар ӕвӕстиатӕй бахгӕндзынӕн?» (Хъуыд. 19:19, 20).

Йесо фӕдзӕхста ӕнӕгъдаудзинадӕй

9. Адӕймаг фыддзинад куыд бауарзы?

9 Йесо хӕрзӕгъдаудзинадмӕ каст Йегъовӕйы цӕстӕй. Уый загъта: «Ау, нӕ кастыстут, райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ кӕй загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“? Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:4–6). Йесо зыдта, цӕстӕй цы фенӕм, уый нын нӕ зӕрдӕйыл кӕй бандавы. Уымӕ гӕсгӕ, адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд сын загъта: «Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Ма хӕт“. Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матф. 5:27, 28). Йесойы фӕдзӕхст чи ницӕмӕ дары, уыдонӕй зӕгъӕн ис, фыддзинад кӕй уарзынц.

10. Адӕймагӕн порнографи ныууадзын йӕ бон кӕй у, уый тыххӕй цӕвиттон ӕрхӕсс.

10 Сайтан адӕмы хӕлд митыл бафтауын кӕны порнографийы уылты. Ӕмӕ ацы дунейы порнографи тынг сарӕх ис. Порнографимӕ чи кӕсы, уыдонӕн ӕнцон нӕ вӕййы сӕ сӕрымагъзӕй уыцы чъизи нывтӕ ссӕрфын. Уый нӕ, фӕлӕ ма ӕнӕ уымӕй сӕ бон нал вӕййы. Ӕркӕсӕм-ма иу ӕфсымӕры хабармӕ. Уый дзуры: «Ӕз сусӕгӕй кастӕн порнографимӕ. Мӕ хъуыдыты мӕхицӕн цыдӕр дуне ӕрымысыдтӕн, ӕмӕ уым цардтӕн. Уыцы дунейӕн, Йегъовӕйӕн цы дунейы лӕггад кодтон, уыимӕ иумӕйагӕй ницы уыди. Ӕз ӕй зыдтон, раст кӕй нӕ кӕнын, фӕлӕ мӕхи сабыр кодтон, зӕгъгӕ мӕ лӕггад уӕддӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы». Ацы ӕфсымӕр йӕ зондахаст куыд аивта? Уый дарддӕр дзуры: «Кӕд мын уымӕй зындӕр никуы ницы уыди, уӕддӕр сфӕнд кодтон хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуын ӕмӕ сын алцыдӕр радзурын». Ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, не ’фсымӕр уыцы чъизи хъуыддаг ныууагъта. «Уыцы ӕнӕгъдау хъуыддаг куы ныууагътон,– зӕгъы ӕфсымӕр,– уӕд мӕ мӕ цӕсгом нал хордта». Фыддзинадӕй йе сӕфт чи уыны, уыдон хъуамӕ сахуыр уой порнографийӕ се сӕфт уынын.

11, 12. Музыкӕ ӕвзаргӕйӕ нӕ бон куыд у равдисын фыддзинадӕй не сӕфт кӕй уынӕм?

11 Музыкӕ ӕмӕ зарджыты ныхӕстӕ тынг бандавынц не ’нкъарӕнтыл, суанг ма нӕ зӕрдӕйыл дӕр. Музыкӕ у Хуыцауы лӕвар ӕмӕ йын раст дины рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ис стыр бынат (Рац. 15:20, 21; Еф. 5:19). Фӕлӕ Сайтаны фыддуне музыкӕйӕ пайда кӕны ӕнӕгъдаудзинад скадджын кӕнынӕн (1 Иоан. 5:19). Куыд у дӕ бон базонын, цӕмӕ хъусыс, уый чъизи у ӕви нӕ?

12 Ам дӕр та нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Цы зарджытӕм хъусын, уыдон марынмӕ, хӕтынмӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕм разӕнгард кӕнынц? Ӕнӕпълан ныхӕстӕ дзы нӕ вӕййы? Исты зарӕг искӕмӕн куы азарин, уӕд уыцы адӕймаг цы ахъуыды кӕнид: фыддзинадӕй ме сӕфт уынын ӕви мӕ зӕрдӕ хӕлд у?» Афтӕ куы дзурӕм, ӕмӕ фыддзинадӕй не сӕфт уынӕм, фӕлӕ нӕхӕдӕг та уый тыххӕй заргӕ куы кӕнӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ фыддзинадӕй не сӕфт уынӕм. Йесо загъта: «Дзыхӕй цы рацӕуы, уый та зӕрдӕйӕ ссӕуы, ӕмӕ адӕймаджы чъизи дӕр уый кӕны» (Матф. 15:18, 19; абар Иаковимӕ 3:10, 11).

Фыддзинад чи уарзы, уыдонмӕ Йесойы цӕстӕй кӕс

13. Тӕригъӕды фӕндагыл чи цыд, уыдонмӕ Йесо цы цӕстӕй касти?

13 Йесо загъта, кӕй ӕрцыди тӕригъӕдджынтӕм, ома фыдгӕнджытӕм фӕсмонмӕ ӕрсидынмӕ (Лук. 5:30–32). Тӕригъӕды фӕндагыл чи цыд, уыдонмӕ Йесо цы цӕстӕй каст? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста, цӕмӕй ахӕм адӕмӕй дард лӕууыдаиккой (Матф. 23:15, 23–26). Йесо ма загъта: «Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый. Уыцы бон [Хуыцау йӕ тӕрхон куы ӕххӕст кӕна, уӕд] мын бирӕтӕ зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах дӕ номӕй нӕ дзырдтам, дӕ номӕй адӕмӕй хӕйрӕджыты нӕ сырдтам ӕмӕ дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ нӕ арӕзтам?“ Фӕлӕ сын уӕд ӕз ӕргом зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ нӕ зонын! Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ“» (Матф. 7:21–23). Ахӕм тӕрхон сын цӕмӕн ӕрцыд хаст? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгад кӕнынц ӕмӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕй иннӕты тухӕнӕй марынц.

14. Йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны ӕмбырдӕй цӕмӕн хъуамӕ ацух кӕной?

14 Хуыцауы Ныхас дзуры, цӕмӕй, йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны ӕмбырдӕй ацух кӕной. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 5:9–13.) Уый хъӕуы аразын ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй: 1) цӕмӕй Йегъовӕйы ном мачи фауа, 2) ӕмбырд сыгъдӕгӕй баззайа ӕмӕ, 3) тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн фадат уа.

15. Цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй нӕ цавӕр фарстатӕн хъӕуы дзуапп раттын?

15 Фыддзинады фӕндагыл чи цӕуы, уыдонмӕ Йесойы цӕстӕй кӕсӕм? Мах хъуамӕ дзуапп раттӕм ацы фарстатӕн: «Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой кӕнӕ, йӕхӕдӕг чырыстон ӕмбырд чи ныууагъта, уыдонимӕ арӕх аныхӕстӕ кӕнын? Цы зӕгъӕн ис, ахӕм адӕймаг дӕ бинонтӕй куы уа, фӕлӕ демӕ куы нӕ цӕра?» Ахӕм уавӕр, гӕнӕн ис, стыр фӕлварӕн суа, рӕстдзинад кӕй уарзӕм, уымӕн, ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинадӕн *.

16, 17. Иу хо цавӕр уавӕры бахауд ӕмӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй, йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны тыххӕй цы амындтӕ ис, уыдон сӕххӕст кодтаид?

16 Ӕркӕсӕм иу хойы хабармӕ. Уымӕн йӕ фырт кӕддӕр уарзта Йегъовӕйы. Фӕлӕ фӕстӕдӕр фыддзинадыл бафтыд, ӕмӕ фӕсмон дӕр нӕ кодта. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой. Нӕ хо уарзта Йегъовӕйы, фӕлӕ йӕ хъӕбулы дӕр куыннӕ уарзтаид. Ӕмӕ йын тынг зын уыди Фыстады уынаффӕмӕ хъусын ӕмӕ йӕ фыртимӕ ма ныхас кӕнын.

17 Ацы хойӕн цавӕр уынаффӕ раттис? Иу хистӕр нӕлгоймаг ын загъта, зӕгъгӕ, цы рыст бавзӕрстай, уый Йегъовӕ хорз ӕмбары. Ӕфсымӕр ма йын загъта, цӕмӕй ахъуыды кодтаид, Йегъовӕ цы стыр маст бавзӕрстаид, йӕ уӕларвон фырттӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд. Хистӕр нӕлгоймаг ма йын бамбарын кодта: кӕд Йегъовӕ зоны, ахӕм уавӕры тынг зын кӕй вӕййы, уӕддӕр домы, цӕмӕй, йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны ӕмбырдӕй ацух кӕной. Нӕ хо уыцы уынаффӕтӕ йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ сӕ иузӕрдионӕй сӕххӕст кодта *. Ахӕм иузӕрдиондзинадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс вӕййы (Ӕмб. 27:11).

18, 19. а) Фыддзинад чи аразы, уыдонӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн? ӕ) Йегъовӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

18 Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд дызӕрдыг ма кӕн, Йегъовӕ дӕу дӕр кӕй ӕмбары. Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой кӕнӕ ӕмбырд чи ныууагъта, уымӕ куы нӕ дзурай, уӕд уымӕй равдисдзынӕ, йе ’взӕр хъуыддӕгтӕй йын де сӕфт кӕй уыныс. Фӕлӕ ма уымӕй равдисдзынӕ, йӕхи йын кӕй уарзыс ӕмӕ дӕ йӕ хорз кӕй фӕнды. Йегъовӕйыл афтӕ иузӕрдион куы уай, уӕд уыцы адӕймаг, гӕнӕн ис, ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕха.

19 Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ чи ӕрбаздӕхт, иу ахӕм хо ныффыста: «Тынг амондджын дӕн, Йегъовӕ йӕ адӕмы афтӕ тынг кӕй уарзы, ӕмӕ кӕй архайы, цӕмӕй йӕ организаци сыгъдӕгӕй баззайа. Уыцы хабар иннӕтӕм, гӕнӕн ис, ӕгъатыр хъуыддаг фӕкӕса, фӕлӕ уый ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы бакӕнын, стӕй ма уарзондзинадыл дзурӕг дӕр вӕййы». Куыд дӕм кӕсы, ацы хо ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдаид, йе ’мчырыстӕттӕ ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕдзух йемӕ куы ныхас кодтаиккой, уӕд? Ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый фӕдыл Фыстады цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг вӕййы, рӕстдзинад кӕй уарзӕм ӕмӕ кӕй ӕмбарӕм, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй уагӕвӕрдтӕ ӕвӕра.

«Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут»

20, 21. Фыддзинадӕй не сӕфт уынын кӕй хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, уый ахсджиаг цӕмӕн у?

20 «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут»,– фӕдзӕхсы апостол Петр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый» (1 Пет. 5:8). Куыд хъуыды кӕныс, ахӕм хабарӕй ды хызт дӕ? Бирӕ кӕнгӕ у, фыддзинадӕй де сӕфт уынын куыд сахуыр уай, уымӕй.

21 Ӕвзӕрдзинадӕй де сӕфт уынын сахуыр уай, уый ӕнцон нӕу. Уымӕн ӕмӕ нӕ туджы рахастам тӕригъӕд ӕмӕ цӕрӕм, адӕм сӕ буары монцты фӕдыл кӕм цӕуынц, ахӕм дунейы (1 Иоан. 2:15–17). Фӕлӕ Йесо Чырыстийы куы фӕзмӕм ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕйӕ куы уарзӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн фыддзинадӕй не сӕфт уынын. Цӕй уӕдӕ «ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм» ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй «хъахъхъӕны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны..., фыдгӕнджыты къухӕй сӕ [кӕй] ирвӕзын кӕны» (Пс. 97:10).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 15 абз. Фылдӕр ӕрмӕг ссарӕн ис чиныджы «Хуыцауы уарзт», 237–239 фӕрстӕ.

^ 17 абз. Кӕс ма 2007 азы 15 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 17–20 фӕрстӕ (уыр.).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Нозтмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый базонынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

• Нӕ бон куыд у нӕхи оккультизмӕй бахизын?

• Порнографи тӕссаг цӕмӕн у?

• Кӕй уарзӕм, уыдонӕй искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд нӕ бон куыд у равдисын, фыддзинадӕй не сӕфт кӕй уынӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Карз нозт куы нуазай, уӕд дӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

[Ныв 30 фарсыл]

Дӕхи хиз, Сайтаны ӕндӕвдад цы ирхӕфсӕнты ис, уыдонӕй

[Ныв 31 фарсыл]

Порнографимӕ чи кӕсы, уый цы бауарзы?