Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы хорзӕх кӕны ӕнусон цардмӕ

Хуыцауы хорзӕх кӕны ӕнусон цардмӕ

Хуыцауы хорзӕх кӕны ӕнусон цардмӕ

«Ды, о Йегъовӕ, рӕстгӕнӕгӕн раарфӕ кӕндзынӕ, ӕмӕ йӕ дӕ хорзӕх стыр уартау алырдыгӕй хъахъхъӕндзӕн» (ПС. 5:12).

1, 2. Илийа сарептӕйаг сидзӕргӕс сылгоймагӕй цы ракуырдта ӕмӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

ИУ СЫЛГОЙМАГ ӕмӕ йӕ гыццыл лӕппу уыдысты ӕххормаг. Ӕххормаг ма уыди Хуыцауы пехуымпар дӕр. Уыцы сылгоймаг уыди сидзӕргӕс ӕмӕ цард Сарептӕйы. Сылгоймаг арт кӕнынмӕ хъавыд, цӕмӕй исты хӕринаг ӕрцӕттӕ кодтаид. Уӕд ӕм пехуымпар Илийа бацыд ӕмӕ дзы дон ӕмӕ дзулы къӕбӕр ракуырдта. Сылгоймаг ын дон бадардтаид, фӕлӕ йӕм хӕринаг ницы уыд; стыр дурыны ма йӕм уыди «иу армыдзаг ссад..., гыццыл дурыны та – иу гыццыл сой». Пехуымпарӕн цы бахӕрын кодтаид, уый йӕм нӕ уыди, ӕмӕ йын йӕ хабар бамбарын кодта (1 Пад. 17:8–12).

2 Уӕд ын Илийа загъта, зӕгъгӕ «дӕм цы ис, уымӕй уал иу гыццыл гуыл мӕнӕн скӕн ӕмӕ мын ӕй ӕрбахӕсс, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕхицӕн ӕмӕ дӕ лӕппуйӕн дӕр исты скӕндзынӕ. Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Стыр дурыны ссад нӕ фӕуыдзӕн ӕмӕ гыццыл дурыны сой нӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн“» (1 Пад. 17:13, 14).

3. Алкӕй раз дӕр нӕ цавӕр ахсджиаг фарста лӕууы?

3 Ам дзырд канд хӕринагыл нӕ цыд. Хъуыддаг бирӕ вазыгджындӕр уыди. Уыцы сылгоймаг Йегъовӕйыл йӕ ныфс сӕвӕрдзӕн: йӕ лӕппуимӕ сӕ ӕххормагӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕви йын уыцы дзулы къӕбӕр Хуыцауы хорзӕх ссарынӕй сӕйрагдӕр суыдзӕн? Ахӕм фарста лӕууы махӕй алкӕй раз дӕр. Царды нын ахсджиагдӕр цы уыдзӕн: Хуыцауы хорзӕх ссарын ӕви мулк ӕмӕ хъӕздыгдзинад? Махӕй алчидӕр хъуамӕ йӕ ныфс Хуыцауыл дара ӕмӕ йын лӕггад кӕна. Дӕлдӕр амынд сты, Хуыцауы хорзӕх ссарынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм хъуыддаджы.

Йегъовӕ уый аккаг у, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм

4. Йегъовӕ уый аккаг цӕмӕн у, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм?

4 Йегъовӕйӕн уый бар ис, цӕмӕй адӕмӕй дома, ӕмӕ йын куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕной. Йӕ уӕларвон лӕггадгӕнджытӕ ӕмхъӕлӕсӕй уый тыххӕй афтӕ зарыдысты: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (Рарг. 4:11). Йегъовӕ дуне кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ уый аккаг у, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм.

5. Хуыцауы уарзондзинад нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

5 Йегъовӕйӕн ма хъуамӕ лӕггад кӕнӕм ноджы иу хъуыддажы тыххӕй – ӕгӕрон уарзтӕй нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. Библийы фыст ис: «Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, сфӕлдыста йӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ. Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй» (Райд. 1:27). Хуыцау адӕмӕн радта сӕрибардзинад, ӕмӕ сӕ бон у хъуыды кӕнын ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕссын. Йегъовӕ нын цард кӕй балӕвар кодта, уымӕ гӕсгӕ у нӕ Фыд (Лук. 3:38). Хорз фыдау Йегъовӕ алцыдӕр аразы, цӕмӕй мах, йӕ сывӕллӕттӕ, мацы цух уӕм ӕмӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ рухс кӕна. Зӕххыл «хур [кӕй] скӕсын кӕны» ӕмӕ «къӕвда дӕр [кӕй] ратты», уымӕ гӕсгӕ йыл цынӕ зайы, ахӕм нӕй. Йегъовӕ ма нын цы диссаджы рӕсугъд ӕрдз балӕвар кодта, уымӕ кӕсынӕй адӕймаджы цӕст нӕ фефсӕды (Матф. 5:45).

6, 7. а) Адам йӕ байзӕддӕгтӕн цавӕр зиан ӕрхаста? ӕ) Хуыцауы хорзӕх чи агуры, уыдонӕн Чырыстийы нывонд цы ӕрхӕсдзӕн?

6 Йегъовӕ ма нӕ фервӕзын кодта, тӕригъӕд цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уыдонӕй дӕр. Адам тӕригъӕды куы бафтыд, уӕд сси ӕхцайыл чи фӕхъазы, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Ахӕм адӕймаг, цӕмӕй дарддӕр хъаза, уый тыххӕй йӕ хӕдзарӕй цыдӕртӕ радавы, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ бинонтӕн зиан ӕрхӕссы. Адам Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыд, уӕд йӕ сывӕллӕттӕй адавта сӕ ныфс – сӕ ӕнусон цардамонд. Йӕ хиуарзон фӕндты фӕдыл кӕй ацыд, уымӕ гӕсгӕ адӕмы скодта ӕгъатыр хицауы, ӕнӕххӕстдзинады, цагъартӕ. Уый тыххӕй адӕм рынчын кӕнынц, сӕхимӕ ныхъхъусынц, ӕмӕ ӕппынфӕстаг амӕлынц. Цӕмӕй адӕм уыцы цагъарадӕй ссӕрибар уыдаиккой, уый тыххӕй хъуыди стыр аргъ бафидын. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ бафыста, цӕмӕй нӕ уыцы ӕвирхъау бӕллӕхтӕй фервӕзын кӕна. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:21.) Ӕмӕ йӕ Фыды фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй Йесо Чырысти «йӕ уд радта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Уыцы ахӕсты аргъ тагъд рӕстӕджы стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, Хуыцауы хорзӕх чи ссара, уыдонӕн.

7 Цӕмӕй амондджынӕй цӕрӕм, уый тыххӕй нын не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕ цас сарӕзта, уыйбӕрц ничи. Йӕ хорзӕх нӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, адӕмы сӕ бӕллӕхтӕй куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Махӕй алчи дӕр йӕхиуыл банкъардзӕн, Йегъовӕйы зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны, уый (Дзут. 11:6).

«Дӕ адӕм лӕудзысты цӕттӕйӕ»

8. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Исайы хабарӕй?

8 Хуыцауы хорзӕх ссарыны тыххӕй ма хъуамӕ нӕ сӕрибардзинадӕй раст пайда кӕнӕм. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ Йегъовӕ йӕхицӕн тыхӕй никӕй лӕггад кӕнын кӕны. Исайы бонты Йегъовӕ йӕхицӕн лӕггадгӕнӕг куы агуырдта, уӕд бафарста: «Кӕй арвитон? Чи ацӕудзӕн мах тыххӕй?» Йегъовӕ Исайӕн аргъ скодта, йӕхицӕн ын уынаффӕ рахӕссыны бар кӕй радта, уымӕй. Куыд цин кодтаид Исай, афтӕ куы загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:8).

9, 10. а) Хуыцауӕн цавӕр зӕрдӕйӕ хъуамӕ лӕггад кӕнӕм? ӕ) Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнын раст цӕмӕн у?

9 Алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг ӕвзары, Хуыцауӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви нӕ. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын барвӕндонӕй лӕггад кӕнӕм. (Бакӕс Йесо Навин 24:15.) Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй йӕ хъарутӕ чи хӕлӕг кӕны, уыцы адӕймаг ын йӕ зӕрдӕ никуы ссардзӕн. Стӕй Йегъовӕйы нӕ, фӕлӕ иннӕты зӕрдӕ балхӕныныл фылдӕр чи архайы, уыдоны йӕ лӕггадгӕнджытыл нӕ нымайы (Кол. 3:22). Дунейы хъуыддӕгтӕ нӕ Хуыцауӕн «ӕппӕт зӕрдӕйӕ» лӕггад кӕнын куы хъыгдарой, уӕд нӕ йӕ хорзӕх нӕ уыдзӕн (Пс. 119:2). Йегъовӕ зоны, ӕппӕт удӕй йын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд уый нӕхи пайдайӕн кӕй у. Моисей израилӕгты разӕнгард кодта, зӕгъгӕ, «уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы, хъусут ӕм ӕмӕ йыл ӕнувыд ут» (Дык. з. 30:19, 20).

10 Рагон Израилы паддзах Давид Йегъовӕйӕн зарыд: «Дӕ тохы бон дӕ адӕм лӕудзысты цӕттӕйӕ. Сыгъдӕгдзинадӕй ӕрттывдтытӕ калгӕ дӕм ӕрбацӕуынц дӕ фӕсивӕд, уыдон сты, райсомӕй раджы чи райгуыры, уыцы ӕртӕхы хуызӕн» (Пс. 110:3). Абон бирӕтӕн царды сӕйрагдӕр у, ӕхца кусын ӕмӕ, сӕ рӕстӕг сӕ уды дзӕбӕхӕн куыд арвитой, уый. Фӕлӕ Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн сӕйрагдӕр у сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Хорз хабар куыд хъусын кӕнынц, уымӕй зыны фыццаг бынаты сын цы ис, уый. Уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йегъовӕ сӕ цух кӕй ницӕмӕй ныууадздзӕн, ууыл (Матф. 6:33, 34).

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм нывӕндтӕ

11. Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ кӕй хастой, уый фӕрцы сӕ цӕй ныфс уыди?

11 Закъоны бадзырдмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ хастой нывӕндтӕ, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссардтаиккой. Левиты 19:5 фыст ис: «Йегъовӕйӕн фарны нывонд куы хӕссат, уӕд-иу ӕй афтӕ ӕрхӕссут, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарат». Уыцы чиныджы ӕндӕр сӕры та фыст ис: «Йегъовӕйӕн арфӕйы нывонд куы хӕссат, уӕд-иу ӕй афтӕ ӕрхӕссут, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарат» (Лев. 22:29). Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕныл ӕнӕсахъат фосы нывӕндтӕ куы хастой, уӕд-иу «йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыди ӕхсызгон» (Лев. 1:9, 13). Йӕ адӕм ӕм сӕ уарзондзинад афтӕ кӕй ӕвдыстой, уый йын ӕхсызгон уыди (Райд. 8:21). Закъон израилӕгтӕй цы домдта, уымӕй абон махӕн дӕр нӕ бон у царды пайда кӕнын. Йегъовӕ цавӕр нывӕндтӕ домдта, ахӕм нывӕндтӕ йын кӕй хастой, уый фӕрцы йын йӕ хорзӕх ссардтой. Цавӕр нывӕндтӕ цӕуынц йӕ зӕрдӕмӕ? Ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ: нӕ уагахаст ӕмӕ нӕ дзыхыныхасмӕ.

12. Нӕ нывонд Хуыцауы цӕсты цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй фегад уыдзӕн?

12 Апостол Павел ромӕгтӕм ныффыста: «Уӕ буӕрттӕ раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн – лӕггад ын кӕнут, арф хъуыды кӕнут, афтӕмӕй» (Ром. 12:1). Цӕмӕй адӕймаджы Хуыцауы хорзӕх уа, уый тыххӕй хъуамӕ уа сыгъдӕг. Фӕлӕ, зӕгъӕм, тамако куы дыма, бетель куы ӕууила, наркотиктӕ куы кӕна йе та нозтыл куы бафта, уӕд йӕ нывонд Йегъовӕйы цӕсты нӕ ахаддзӕн (2 Кор. 7:1). Уымӕй уӕлдай кӕд, «хӕтгӕ чи кӕны, уый... йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы», уӕд цыфӕнды ӕнӕгъдау ми та адӕймагӕн йӕ нывонд Йегъовӕйы цӕсты ӕгад кӕны (1 Кор. 6:18). Уӕдӕ Хуыцауы зӕрдӕ ссарыны тыххӕй адӕймаг хъуамӕ «алы хъуыддаджы дӕр уа сыгъдӕг» (1 Пет. 1:14–16).

13. Йегъовӕйы цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм?

13 Йегъовӕйӕн ма ӕхсызгон у нӕ дзыхыныхасы нывонд дӕр. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон ӕй кадджын кӕнынц адӕмы ’хсӕн дӕр ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты дӕр. (Бакӕс Псалом 34:1–4.) Бакӕс Псаломтӕ 148–150, ӕмӕ ӕркӕс, ацы ӕртӕ псаломы, Йегъовӕйы кадджын кӕнут, зӕгъгӕ, цал хатты фыст ис, уымӕ. Ӕцӕгдӕр, «рӕстзӕрдӕ адӕм... хъуамӕ кадджын кӕной» Йегъовӕйы (Пс. 33:1). Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Йесо Чырысти. Уый арӕх дзырдта, цӕмӕй Хуыцауы кадджын кӕнӕм хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ (Лук. 4:18, 43, 44).

14, 15. а) Оси израилӕгтӕн цавӕр нывӕндтӕ хӕссын кодта? ӕ) Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракаст?

14 Хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ йӕ хорзӕх ссарын кӕй фӕнды. Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм, пехуымпар Оси, израилӕгтӕй мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх чи фесӕфта, уыдонӕн куыд лӕгъстӕ кодта, уымӕ (Оси 13:1–3). Загъта сын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтаиккой: «Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕм хорзӕй цы ис, уый айс. Мах та дын, нывондӕн уӕнгуытӕ куыд ӕрхӕссынц, афтӕ нывондӕн ӕрхӕсдзыстӕм нӕ дзыхыныхас – кадджын дӕ кӕндзыстӕм» (Оси 14:1, 2).

15 Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн цы фос хастой, уыдонӕй ӕппӕты зынаргъдӕр уыди уӕныг. Уӕдӕ ныхӕстӕ, «нывондӕн уӕнгуытӕ куыд ӕрхӕссынц, афтӕ нывондӕн ӕрхӕсдзыстӕм нӕ дзыхыныхас», зӕгъгӕ, амонынц ӕцӕг Хуыцауы зӕрдӕбын ӕмӕ хорз ныхӕстӕй кадджын кӕнын. Ахӕм нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы? Хуыцау загъта: «Зӕрдӕйӕ сӕ уарздзынӕн» (Оси 14:4). Йегъовӕйӕн ахӕм кады нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны, йӕ хорзӕхӕй сӕ схайджын кӕны ӕмӕ сӕ хӕлар свӕййы.

16, 17. Адӕймаджы йӕ уырнындзинад хорз хабар хъусын кӕнынмӕ куы сразӕнгард кӕны, уӕд Йегъовӕ уыцы нывондмӕ цы цӕстӕй ракӕсы?

16 Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ахсджиаг хъуыддаг у Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн кадджын кӕнын. Псаломзарӕггӕнӕг ӕцӕг Хуыцауы кадджын кӕнын ахӕм стыр хъуыддагыл нымадта, ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта: «О Йегъовӕ, ӕхсызгон дын уӕнт, зӕрдиагӕй дын цы нывӕндтӕ хӕссын, уыдон – мӕ кады ныхӕстӕ» (Пс. 119:108). Абон та хабар куыд у? Нӕ рӕстӕджы цы бирӕ адӕм уыдзӕн, уыдоны тыххӕй Исай пехуымпариуӕг кодта: «Адӕмы ’хсӕн Йегъовӕйы кадджын кӕндзысты... Уыдон ссӕудзысты [Хуыцауы] нывондхӕссӕнмӕ ӕмӕ [сӕ лӕвӕрттӕ] ӕхсызгонӕй ист ӕрцӕудзысты» (Ис. 60:6, 7). Ацы пехуымпарад сӕххӕст, ӕмӕ абон милуантӕ Хуыцауӕн «хӕссынц кады нывонд, ома йын сӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнынц» (Дзут. 13:15).

17 Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцауӕн хорз нывӕндтӕ хӕссыс? Кӕд нӕ, уӕд хорз уаид, дӕ царды ивындзинӕдтӕ куы скӕнис ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн кадджын кӕнын куы райдаис. Дӕ уырнындзинад куы сфидар уа ӕмӕ дӕ хорз хабар хъусын кӕнын куы бафӕнда, уӕд дӕ нывӕндтӕ «Йегъовӕйӕн уыдзысты галӕй ӕхсызгондӕр». (Бакӕс Псалом 69:30, 31.) Дызӕрдыг дӕр ма кӕн, дӕ кады нывонды «тӕф» Йегъовӕйӕн «уыдзӕн ӕхсызгон» ӕмӕ дӕ йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн (Йез. 20:41). Ӕмӕ уӕд дӕ циндзинадӕн кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн.

Йегъовӕ рӕстгӕнӕгӕн раарфӕ кӕндзӕн

18, 19. а) Абон бирӕтӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕныны тыххӕй цы хъуыды кӕнынц? ӕ) Адӕймаг Хуыцауы хорзӕх куы фесафы, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны?

18 Малахийы рӕстӕджы иуӕй-иутӕ куыд хъуыды кодтой, абон дӕр бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц: «Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ницы пайда у. Йӕ разы ныл цы хӕс ис, уый кӕй ӕххӕст кодтам..., уый нын цы пайда ӕрхаста?» (Мал. 3:14). Адӕм хъӕздыгдзинадмӕ кӕй тырнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕм афтӕ кӕсы, цыма Хуыцауӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын. Стӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ йӕ закъӕттӕн тых нал ис. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын дзӕгъӕлы у ӕмӕ ма адӕмы дӕр мӕсты кӕнӕм.

19 Ахӕм зондахаст фӕзынд Едемы цӕхӕрадоны. Сайтан Евӕйы сӕрызонд сгъуыммӕ кодта ӕмӕ, Йегъовӕ зӕрдӕ цы диссаджы цардӕй бавӕрдта, уый ницӕмӕ ӕрдардта. Ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕх фесӕфта. Абон дӕр Сайтан адӕмы ахӕм зондыл ардауы, зӕгъгӕ, ницы пайда у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ Евӕ ӕмӕ йӕ лӕг бамбӕрстой, Хуыцауы хорзӕх фесафын цард фесафынӕй уӕлдай кӕй нӕ уыд. Сӕ фӕдыл чи цӕуы, уыдоныл дӕр тагъд ахӕм бон акӕндзӕн (Райд. 3:1–7, 17–19).

20, 21. а) Сарептӕйаг сидзӕргӕс сылгоймаг цы бакодта ӕмӕ йӕ хабар куыд рауад? ӕ) Сарептӕйаг сидзӕргӕс сылгоймаджы нӕ бон куыд у фӕзмын ӕмӕ цӕмӕн?

20 Куыд тынг хицӕн кӕны Адам ӕмӕ Евӕйы хабар Илийа ӕмӕ сарептӕйаг сидзӕргӕсы хабарӕй. Илийайы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, сылгоймаг дзул кӕныныл балӕууыд, ӕмӕ фыццаг пехуымпарӕн балӕггад кодта, кӕд йӕ къухы ницы уыди, уӕддӕр. Фӕстӕдӕр Йегъовӕ сӕххӕст кодта, Илийайӕн цы ныхӕстӕ зӕгъын кодта, уыдон. Библийы фыст ис: «Бирӕ рӕстӕг Илийайӕн дӕр, сылгоймагӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр уыди, цы хордтаиккой, уый. Стыр дурыны ссад нӕ фӕуд кодта ӕмӕ гыццыл дурыны сой нӕ къаддӕр кодта, Йегъовӕ Илийайы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ» (1 Пад. 17:15, 16).

21 Сарептӕйаг сидзӕргӕс сылгоймаг куыд бакодта, афтӕ абон бирӕтӕ нӕ бакӕндзысты. Уый йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дардта ирвӕзындзинады Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый дӕр йӕ тыхст уавӕры нӕ ныууагъта. Ацы хабарӕй ӕмӕ ма Библийӕ бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕй хорз зыны, Йегъовӕ уый аккаг кӕй у, цӕмӕй йыл ӕууӕндӕм. (Бакӕс Йесо Навин 21:43–45; 23:14.) Нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕты цардӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ, йӕ хорзӕх ын чи ссары, уыдоны кӕй никуы ныууадзы (Пс. 34:6, 7, 17–19) *.

22. Хуыцауы хорзӕх нӕ ӕвӕстиатӕй агурын цӕмӕн хъӕуы?

22 Тынг тагъд Хуыцауы тӕрхоны бон, «зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕрӕййафдзӕн» (Лук. 21:34, 35). Йӕхи дзы ничи бамбӕхсдзӕн. Уыцы рӕстӕг абоны хъӕздыгдзинӕдтӕн ӕппындӕр ницы аргъ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕмӕ сты, уыдонӕн нӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцауы ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕджы ныхӕстӕ фехъусой. Тӕрхонгӕнӕг та зӕгъдзӕн: «Рацӕут, мӕ Фыды арфӕйӕ хайджын чи у, уыдон! Бынӕн райсут, ...цӕттӕ [уын] чи у, уыцы паддзахад» (Матф. 25:34). О, «Йегъовӕ, рӕстгӕнӕгӕн раарфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ йӕ хорзӕх стыр уартау алырдыгӕй хъахъхъӕндзӕн» (Пс. 5:12). Уӕдӕ Хуыцауы хорзӕх хъуамӕ ма агурӕм?

[Фиппаинаг]

^ 21 абз. Кӕс 2005 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 10 фарс, 15 абзац ӕмӕ 1997 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 20–25 фӕрстӕ, (уыр.).

Бахъуыды кодтай?

• Йегъовӕ уый аккаг цӕмӕн у, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ кувӕм?

• Йегъовӕйӕн абон йӕ зӕрдӕмӕ цавӕр нывӕндтӕ цӕуынц?

• Цӕмӕ амонынц ныхӕстӕ «нывондӕн уӕнгуытӕ куыд ӕрхӕссынц, афтӕ нывондӕн ӕрхӕсдзыстӕм нӕ дзыхыныхас», ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн цӕмӕн хъуамӕ хӕссӕм?

• Хуыцауы хорзӕх ссарыныл цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Хуыцауы пехуымпар мӕгуыр сидзӕргӕсӕн цы загъта?

[Ныв 15 фарсыл]

Йегъовӕйӕн кады нывонд хӕсгӕйӕ цавӕр арфӕдзинадӕй схайджын уыдзыстӕм?

[Ныв 17 фарсыл]

Йегъовӕйыл дӕ ныфс куы дарай, уӕд никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзынӕ