Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарз рӕстдзинад

Ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарз рӕстдзинад

Ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарз рӕстдзинад

«Ды уарзыс рӕстдзинад» (ПСАЛОМ 45:7).

1. Цы нын баххуыс кӕндзӕн «рӕстдзинады фӕндӕгтыл» цӕуынӕн?

ЙЕГЪОВӔ йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы уылты йӕ адӕмы кӕны «рӕстдзинады фӕндӕгтыл» (Пс. 23:3). Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ уыцы фӕндагӕй адзӕгъӕл вӕййӕм. Ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг фӕстӕмӕ рӕстдзинады фӕндагмӕ раздӕха ӕмӕ, раст цы у, уый араза, уый тыххӕй та йӕ фӕхъӕуы цыдӕртӕ аразын. Цы нын баххуыс кӕндзӕн уыцы хъуыддаджы? Мах дӕр хъуамӕ Йесойау уарзӕм, раст цы у, уый. (Бакӕс Псалом 45:7.)

2. Цы сты «рӕстдзинады фӕндӕгтӕ»?

2 Цы сты «рӕстдзинады фӕндӕгтӕ»? Уыцы фӕндӕгтӕ сты, Йегъовӕ рӕстдзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон. Дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгты дзырд «рӕстдзинад» нысан кӕны, «раст цы у, уый», ома хӕрзӕгъдаудзинадыл фидар хӕцын. Йегъовӕ «рӕстдзинады цӕрӕнбынат» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджыты зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй сын хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы дзуры, уый ӕххӕст кӕной (Йер. 50:7).

3. Хуыцауы рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр куыд базондзыстӕм?

3 Хуыцауы раст уагӕвӕрдтыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы хӕцӕм, йӕ зӕрдӕ йын ӕрмӕстдӕр уӕд ссардзыстӕм (Дык. з. 32:4). Ӕмӕ уый тыххӕй сӕйраджыдӕр хъӕуы, Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй йӕ Ныхасы цыдӕриддӕр ис фыст, уый базонын. Йегъовӕйы тыххӕй цас фылдӕр ахуыр кӕнӕм, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ йын йӕ рӕстдзинад дӕр фылдӕр уарздзыстӕм (Иак. 4:8). Исты ахсджиаг уынаффӕтӕ нӕ хӕссын куы фӕхъӕуы, уӕддӕр хъуамӕ разамынд агурӕм Хуыцауы Ныхасы.

Агур Хуыцауы рӕстдзинад

4. Хуыцауы рӕстдзинад агурынмӕ цы хауы?

4 Бакӕс Матфейы 6:33. Хуыцауы рӕстдзинад агурын ӕрмӕст Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын нӕу. Цӕмӕй нӕ лӕггад Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ цард алы бон дӕр аразӕм йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Йегъовӕйы рӕстдзинад чи агуры, уыдонӕй алчидӕр цы хъуамӕ араза? Уыдон «хъуамӕ сӕ удыхъӕд ногмӕ раивой – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:24).

5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм?

5 Хуыцауы раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл куы фӕархайӕм, уӕд хатт нӕ ныфс нӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй асӕтты. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм ӕмӕ сахуыр уӕм рӕстдзинад уарзын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын? (Ӕмб. 24:10). Хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух «сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, фидар ныфсимӕ ӕмӕ уырнындзинадимӕ» кувӕм (Дзут. 10:19–22). Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл, мах ӕууӕндӕм Йесо Чырыстийы ахӕсты аргъыл ӕмӕ нӕ Хистӕр сауджыны лӕггадыл (Ром. 5:8; Дзут. 4:14–16). Йесо йӕ туг кӕй ныккалдта, уый цы хорздзинӕдтӕ хӕссы, уый тыххӕй дзырд цыди «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕппӕты фыццаг номыры (1 Иоан. 1:6, 7). Уым фыст уыди: «Сырх-сырхид йе та сӕнтсырх дзаумамӕ сырх авджы уылты рухсмӕ куы кӕсӕм, уӕд уыцы дзаума зындзӕн урсӕй. Уӕдӕ нӕ тӕригъӕдтӕ дӕр сырх-сырхид йе та сӕнтсырх куы вӕййынц, ӕмӕ сӕм Хуыцау Чырыстийы туджы уылты куы ӕркӕсы, уӕд сурс вӕййынц» (1879 аз, июль, 6 ф.). Йегъовӕ нын цӕй диссаджы ныфс радта, йӕ уарзон Фырт йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый руаджы! (Ис. 1:18).

Дӕ хӕстон дзауматӕм-иу ӕркӕс

6. Нӕ хӕстон дзауматӕм-иу алы бон дӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕркӕсӕм?

6 Нӕ уӕлӕ ӕдзух ӕнӕмӕнг хъуамӕ уа «рӕстдзинады згъӕрхӕдон» – Хуыцау цы хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй сӕ иу (Еф. 6:11, 14). Нӕ цард Йегъовӕйӕн ӕрӕджы снывонд кодтам ӕви йын рагӕй лӕггад кӕнӕм, хорз уаид нӕ хӕстон дзауматӕм-иу алы бон дӕр куы ӕркӕсиккам. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты (Рарг. 12:7–12). Сайтан мӕстӕй судзы, уымӕн ӕмӕ зоны, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал ис. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ ноджы карздӕрӕй цӕуы. Ӕмбарыс, «рӕстдзинады згъӕрхӕдон» дыл уа, уый куыд ахсджиаг у?

7. «Рӕстдзинады згъӕрхӕдон» ӕдзух нӕ уӕлӕ кӕй хъуамӕ уа, уый куы ӕмбарӕм, уӕд цы араздзыстӕм?

7 Згъӕрхӕдон адӕймагӕн хъахъхъӕны йӕ зӕрдӕ. Библийы ма дзырд зӕрдӕйӕн ис ахӕсгӕ нысаниуӕг дӕр. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ «зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис» (Йер. 17:9). Нӕ зӕрдӕ фыддзинадмӕ здӕхт кӕй у, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ ахуыр кӕнӕм (Райд. 8:21). «Рӕстдзинады згъӕрхӕдон» ӕдзух нӕ уӕлӕ кӕй хъуамӕ уа, уый куы ӕмбарӕм, уӕд ӕй рӕстӕгмӕ дӕр никуы раласдзыстӕм, цӕмӕй, Хуыцау йе сӕфт цы хъуыддӕгтӕй уыны, уыдон кӕнӕм кӕнӕ нӕ сӕрмӕ чъизи хъуыдытӕ уадзӕм. Архайдзыстӕм, цӕмӕй нын телевизорыл бирӕ рӕстӕг ма цӕуа. Уый бӕсты ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразыныл. Кӕд ӕвзӕр хъуыдытыл бафтыдыстӕм, ӕмӕ фӕцудыдтам, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕрцы фӕстӕмӕ нӕ къахыл слӕудзыстӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 24:16.)

8. Цӕмӕн нӕ хъӕуы «уырнындзинады стыр уарт»?

8 Хуыцау цы хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй иннӕ у «уырнындзинады стыр уарт». Уымӕй нӕ бон у «Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын» (Еф. 6:16). Уӕдӕ Йегъовӕйыл куы ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзӕм, уӕд раст цы у, уый араздзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл дарддӕр цӕудзыстӕм. Йегъовӕйы цас тынгдӕр уарзӕм, уыйас ын йӕ рӕстдзинадӕн тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Фӕлӕ нӕ цӕсгомӕй йе та не ’фсармӕй цы зӕгъӕн ис? Куыд нын ӕххуыс кӕны рӕстдзинад бауарзынӕн?

Дӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд

9. Цы пайда нын у, нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый?

9 Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд Йегъовӕйӕ фӕкуры, «цӕмӕй йын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом уа» (1 Пет. 3:21). Ахӕсты аргъыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕ гӕсгӕ Йесойы туджы фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуынц. Ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы раз сыгъдӕгӕй ӕрлӕууӕм. Фӕлӕ нын цӕмӕй Хуыцауы раз хорз ном уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы не ’фсарм хъахъхъӕнын. Не ’фсарм нын ӕнцой куы нӕ дӕтта, уӕд хъуамӕ цин кӕнӕм, цъар кӕй нӕ сӕвӕрдта ӕмӕ нӕ бон кӕй у Йегъовӕйы раст фӕндӕгтӕн аргъ кӕнын (1 Тим. 4:2). Фӕлӕ рӕстдзинад чи уарзы, уыдонӕн ма се ’фсарм ноджы ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр ӕххуыс кӕны.

10, 11. а) Не ’фсарммӕ кӕй хъуамӕ хъусӕм, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс. ӕ) Рӕстдзинад кӕй уарзӕм, уый нын стыр циндзинад цӕмӕн хӕссы?

10 Исты ӕвзӕр хъуыддаг куы саразӕм, уӕд ныл нӕ зӕрдӕ фӕхуды ӕмӕ маст дӕр фӕкӕнӕм. Иу ӕрыгон лӕппу ныууагъта «рӕстдзинады фӕндаг». Уый порнографийыл бафтыд ӕмӕ хъылма дымын байдыдта. Ӕмбырды фембӕлдтӕм-иу куы ӕрбацыд, уӕд-иу фырӕфсӕрмӕй йӕ цӕсгом ссыгъдис, стӕй-иу уацамынды куы ацыд, уӕд-иу ӕмбӕрста, цӕстмӕмитӕ кӕй кӕны, уый. Уымӕ гӕсгӕ нал дӕр ӕмбырдтӕм цыд, нал дӕр уацамынды. Лӕппу дзуры: «Уый ӕнхъӕл никуы уыдтӕн, ӕмӕ мӕ мӕ миты тыххӕй мӕ цӕсгом афтӕ хӕрдзӕн». Стӕй афтӕ дӕр бакодта: «Ахӕм ӕрра митӕ фӕкодтон цыппар азы». Уый фӕстӕ райдыдта хъуыды кӕнын, цӕмӕй фӕстӕмӕ рӕстдзинады фӕндагмӕ раздӕха. Афтӕ ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ йӕм Йегъовӕ нӕ байхъусдзӕн, фӕлӕ иу бон куы уыд, уӕд ӕм уӕддӕр скуывта ӕмӕ дзы хатыр ракуырдта. Йӕ куывдӕй дӕс минуты дӕр нӕ рацыд, афтӕ йӕм йӕ мад бацыд ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдайа. Лӕппу ацыд Паддзахады залмӕ ӕмӕ иу хистӕр нӕлгоймагӕн загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид. Фӕстӕдӕр донаргъуыд райста, ӕмӕ Йегъовӕйӕ бузныг у, йӕ цард ын кӕй бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй.

11 Адӕймаг раст цы у, уый куы фӕкӕны, уӕд тынг нӕ фӕцин кӕны? Рӕстдзинад уарзыныл ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрыныл цас тынгдӕр фӕархайӕм, уыйас тынгдӕр фӕцин кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразгӕйӕ. Ахъуыды-ма кӕн, тагъд ӕрцӕудзӕн уыцы рӕстӕг, ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр Хуыцауы раз уыдзӕн сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ йӕ сӕ бон уыдзӕн алцӕмӕйдӕр фӕзмын. Ныр та хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй рӕстдзинад тынгдӕр бауарзӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Ӕмб. 23:15, 16).

12, 13. Нӕ бон куыд у не ’фсарм ахуыр кӕнын?

12 Нӕ бон куыд у не ’фсарм ахуыр кӕнын? Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, «рӕстгӕнӕджы зӕрдӕ дзуапп раттыны размӕ дзӕбӕх [кӕй] ахъуыды кӕны» (Ӕмб. 15:28). Ӕркӕсӕм, ацы уынаффӕ нын куыд баххуыс кӕндзӕн, исты куысты тыххӕй нӕм цыдӕр фарстатӕ куы фӕзына, уӕд. Зӕгъӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕ цавӕрдӕр куысты ныхмӕ куы уой, уӕд нӕ бирӕтӕ байхъусдзысты ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уынаффӕтӕм. Фӕлӕ цавӕрдӕр куысты фӕдыл бӕлвырд дзуапп куы нӕ уа, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ кувӕм *. Афтӕ та уымӕн хъуамӕ кӕнӕм, цӕмӕй иннӕтӕн къуылымпыйы хос ма суӕм (1 Кор. 10:31–33). Уӕлдай тынгдӕр та хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ нӕм цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, ууыл. Кӕд Йегъовӕйы не ’мбалыл нымайӕм, уӕд нӕхимӕ ахӕм фарста ратдзыстӕм: «Афтӕ куы бакӕнон, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ фӕриссын кӕндзынӕн, маст дзы нӕ бауадздзынӕн?» (Пс. 78:40, 41).

13 Нӕхи «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуырмӕ кӕнӕ Библийы ахуырмӕ ӕмбырдимӕ куы фӕцӕттӕ кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, цы фӕкӕсӕм, ууыл. Цымӕ нӕхи куыд фӕцӕттӕ кӕнӕм: абзацтӕ тагъд-тагъд акӕсӕм, дзуаппытӕ бахахх кӕнӕм ӕмӕ иннӕ абзацмӕ агӕпп кӕнӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ баххуыс кӕндзӕн рӕстдзинад тынгдӕр бауарзынӕн йе та не ’фсарм ахуыр кӕнынӕн. Цӕмӕй рӕстдзинад бауарзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнӕм. Уӕдӕ цӕмӕй рӕстдзинад ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзӕм, уый тыххӕй нын къуылымпыйы хос мацы хъуамӕ уа!

Рӕстдзинадӕй ӕххормаг ӕмӕ дойны

14. Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы цы фӕнды?

14 Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы фӕнды, цӕмӕй нын нӕ лӕггад циндзинад хӕсса ӕмӕ амондджын уӕм. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Рӕстдзинад уарзын! Йесо хохыл адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд загъта: «Амондджын сты, ӕххормаг ӕмӕ дойны адӕймагау рӕстдзинад чи агуры, уыдон, уымӕн ӕмӕ бафсӕддзысты» (Матф. 5:6). Рӕстдзинад уарзын кӕй фӕнды, уыдонӕн ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

15, 16. Рӕстдзинадӕй ӕххормаг ӕмӕ дойны кӕмӕн у, уыдон куыд бафсӕддзысты?

15 Ацы дуне ис Фыдбылызы къухы (1 Иоан. 5:19). Кӕцыфӕнды бӕстӕйы дӕр газет куы рафӕлдахай, уӕд дзы арӕхдӕр фыст вӕййы фыддзинад ӕмӕ ӕгъатырдзинады тыххӕй. Адӕм кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый рӕстгӕнджытӕн масты хос сси (Еккл. 8:9). Мах Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ йӕ зонӕм, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй у йӕ бон, рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, уыдоны бафсадын ӕмӕ сын сӕ дойны басӕттын. Ӕнӕхуыцау адӕм тагъд рӕстӕджы сӕфт ӕрцӕудзысты, ӕмӕ, рӕстдзинад чи уарзы, уыдон та сулӕфдзысты ӕнӕуаг адӕмы ӕлгъаг ӕмӕ хӕлд митӕй (2 Пет. 2:7, 8). Цӕй стыр удӕнцой уыдзӕн уӕд!

16 Мах лӕггад кӕнӕм Йегъовӕйӕн ӕмӕ цӕуӕм Йесо Чырыстийы фӕдыл. Ӕмӕ хорз зонӕм, рӕстдзинадӕй ӕххормаг ӕмӕ дойны кӕмӕн у, уыдон кӕй «бафсӕддзысты». Уыдон рӕстдзинадӕй сӕ мондӕгтӕ суадздзысты, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», Хуыцау уыцы ног ӕрвтӕ ӕмӕ ног зӕхх куы скӕна, уӕд (2 Пет. 3:13). Уӕдӕ рӕстдзинад кӕм нӕй, уыцы фыддунейӕн нӕ ныфс сӕттын ма бауадзӕм, стӕй-иу дис дӕр мацӕуыл кӕнӕм (Еккл. 5:8). Иунӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ ӕппӕт дӕр уыны ӕмӕ тагъд, рӕстдзинад чи уарзы, уыдоны фервӕзын кӕндзӕн.

Рӕстдзинад уарзын цы пайда хӕссы

17. Рӕстдзинад уарзын цавӕр хорздзинӕдтӕ хӕссы?

17 Псалом 146:8 фыст ис, рӕстдзинады фӕндаг стыр пайда кӕй хӕссы, уый. Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Йегъовӕ уарзы рӕстгӕнджыты». Ахъуыды-ма кӕн ууыл! Дунедарӕг Хуыцау нӕ уарзы, рӕстдзинад кӕй уарзӕм, уый тыххӕй! Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд ныл кӕй тыхсдзӕн. (Бакӕс Псалом 37:25; Ӕмбисӕндтӕ 10:3.) Ӕппынфӕстаг ӕгас зӕххы къори дӕр сулӕфдзӕн, уымӕн ӕмӕ йыл цӕрдзысты рӕстдзинад чи уарзы, уыдон (Ӕмб. 13:22). Хуыцауы адӕмӕн сӕ фылдӕр схайджын уыдзысты стыр циндзинадӕй ӕмӕ ӕнӕкӕрон цардӕй зӕххыл дзӕнӕты, рӕстдзинады фӕндагыл кӕй цӕуынц, уый тыххӕй. Суанг ма абон дӕр, Хуыцауы рӕстдзинад чи уарзы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ сты рухс ӕмӕ фӕрнӕй цӕрынц сӕ бинонтимӕ ӕмӕ се ’мчырыстӕттимӕ (Фил. 4:6, 7).

18. Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ дарддӕр цы аразын хъӕуы?

18 Йегъовӕйы стыр боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр рӕстдзинад агурӕм (Соф. 2:2, 3). Цӕй ӕмӕ, ӕцӕг уарзтӕй уарзӕм Йегъовӕ Хуыцауы раст фӕндӕгтӕ. Уыцы хъуыддаджы та хъуамӕ нӕ уӕлӕ скӕнӕм «рӕстдзинады згъӕрхӕдон», цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм. Хъуамӕ ма нын Хуыцауы раз сыгъдӕг цӕсгом уа – афтӕмӕй рухс кӕндзӕн нӕхи зӕрдӕ дӕр ӕмӕ нӕ Хуыцауы зӕрдӕ дӕр (Ӕмб. 27:11).

19. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа ӕмӕ иннӕ статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?

19 «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Аз. 16:9). Ацы ныхӕстӕ нӕ ныфс уадзынц, уымӕн ӕмӕ бонвыддӕр чи кӕны, ӕгъатырдзинад ӕмӕ фыддзинад уӕлахиз кӕм кӕнынц, уыцы фыддунейы мах аразӕм, раст цы у, уый. Рӕстдзинады фӕндагыл кӕй цӕуӕм, уый Хуыцауӕй иппӕрд дуне, гӕнӕн ис, ӕмбаргӕ дӕр ма кӕна. Фӕлӕ нын стыр пайда ӕрхӕсдзӕн, Йегъовӕйы рӕстдзинадыл фидар кӕй хӕцӕм, уый (Ис. 48:17; 1 Пет. 4:4). Уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ фидар фӕнд уӕд – ӕппӕт зӕрдӕйӕ рӕстдзинад уарзын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уымӕ саразӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фыддзинадӕй не сӕфт уынӕм. Уый цы нысан кӕны, уый та базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. Исты куыстыл сразы уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийӕ уынаффӕтӕ ссарӕн ис чиныджы «Хуыцауы уарзт» 15 сӕры.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕмӕй рӕстдзинад уарзӕм, уый тыххӕй ахӕсты аргъӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

• «Рӕстдзинады згъӕрхӕдон» ӕдзух нӕ уӕлӕ цӕмӕн хъуамӕ уа?

• Нӕ бон куыд у не ’фсарм ахуыр кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 26 фарсыл]

Не ’фсарм нын баххуыс кӕндзӕн куыстимӕ баст фарстаты