Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Диссаджы цӕстдарӕг ӕмӕ зынаргъ ӕмбал»

«Диссаджы цӕстдарӕг ӕмӕ зынаргъ ӕмбал»

«Диссаджы цӕстдарӕг ӕмӕ зынаргъ ӕмбал»

ДЖОН (ДЖЕК) БАРРӔН, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы уӕнгтӕй иуӕн, 2010 азы 4 декабры, сабаты райсомӕй, фӕци йӕ зӕххон цард. Цыдис ыл 97 азы. Барры схуыдтой «диссаджы цӕстдарӕг ӕмӕ зынаргъ ӕмбал».

Ӕфсымӕр Джек * Барр райгуырд Абердины (Шотландийы), ӕртӕ сывӕллонӕй уыд кӕстӕр. Йӕ ныййарджытӕ уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ. Ӕфсымӕр Барр-иу арӕх дзырдта йӕ сывӕллоны бонты тыххӕй, ӕхсызгонӕй-иу сӕ ӕрымысыд. Уый бузныг уыд йӕ зынаргъ фыд ӕмӕ мадӕй, алцӕмӕй дӕр ын фӕзминаг кӕй уыдысты, уый тыххӕй.

Джек куы фестырдӕр, уӕд ӕм тынг зын кӕсын райдыдта ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ тых, йӕ бонӕй архайдта, цӕмӕй уый йӕ къухы бафтыдаид. Ӕмӕ 1927 азы иу хуыцаубоны фӕссихор, 14 азы йыл куы цыди, уӕд, йӕ фыдӕн загъта, кӕй йӕ фӕнды йемӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын. Афтӕ райдыдта Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕфсымӕр Барр уыцы бонӕй фӕстӕмӕ йӕ мӕлӕты бонмӕ уыд зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг.

Ӕрыгон Джекӕн йӕ мадыл ӕнамонд хабар куы ’рцыд,– мӕлӕтмӕ йӕ иу къахдзӕф йеддӕмӕ нӕ хъуыд,– уӕд Джек йӕ цардыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын райдыдта. Ӕмӕ 1929 азы йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта ӕмӕ йын куыддӕр фадат фӕзынд, афтӕ донаргъуыд райста, уый уыд 1934 азы. Стӕй 1939 азы лӕггад кӕнын райдыдта Лондоны Вефилы (Англисы). Афтӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг фӕлӕггад кодта 71 азы.

1960 азы 29 октябры ӕфсымӕр Барр ракуырдта Милдред Уиллетты – бирӕ азты дӕргъы зынгзӕрдӕ пионер ӕмӕ миссионер чи уыд, уыцы хойы – ӕмӕ йӕ царды фӕзынд, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йын «уӕлдай зынаргъ» чи уыд, уыцы адӕймаг. Джек ӕмӕ Милдред уыдысты фӕзминаг бинонтӕ, кӕрӕдзийыл уыдысты тынг ӕнувыд, ӕмӕ афтӕ уыд, цалынмӕ 2004 азы октябры Милдредӕн йӕ зӕххон цард нӕ фӕци, уӕдмӕ. Иу бон дӕр нӕ уыд, цӕмӕй Джек ӕмӕ Милдред иумӕ Библи ма бакастаиккой.

Джек Барры чи зыдта, уыдонӕн-иу сӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, зондджын уынаффӕтӕ чи лӕвӕрдта, ахӕм адӕймаг – алы хатт дӕр-иу сыл лӕмбынӕг ахъуыды кодта, алкӕддӕр дзырдта зӕрдӕхӕларӕй ӕмӕ йӕ ныхӕстӕн сӕ бындур уыд Библи. Ӕфсымӕр Барр бирӕ фыдӕбон кодта, уыд уарзӕгой цӕстдарӕг ӕмӕ иннӕтыл зӕрдӕйӕ тыхсти, стӕй уыд ӕнувыд ӕмбал. Йӕ комментаритӕй, йӕ раныхӕстӕй ӕмӕ-иу куыд куывта, уымӕй бӕрӕг уыд, рӕстдзинад куыд тынг уарзы ӕмӕ Йегъовӕмӕ куыд ӕввахс у, уый.

Мах тынг мысдзыстӕм ӕфсымӕр Барры, фӕлӕ йемӕ цин кӕнӕм, йӕ лӕвар – ӕнӕмӕлгӕ цард – кӕй райста, ууыл. Уыцы кадмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ ууыл арӕх дзырдта. Йӕ царды уымӕй тынгдӕр ницӕмӕ бӕллыд (1 Кор. 15:53, 54) *.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Ном «Джон» кӕмӕн ис, уыдоны фӕхонынц «Джек» дӕр.

^ 8 абз. Джон Барры царды хабӕрттӕ кӕс 1987 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 26–31 фӕрстӕ (англ.).