Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ царды ӕппӕты сӕйраг чи у?

Дӕ царды ӕппӕты сӕйраг чи у?

Дӕ царды ӕппӕты сӕйраг чи у?

«Ӕрмӕстдӕр ды... дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (ПС. 83:18).

1, 2. Йегъовӕйы ном зонын фаг цӕуылнӕ у, цӕмӕй фервӕзӕм?

ЧИ ЗОНЫ дын фыццаг хатт Йегъовӕйы ном равдыстой Псаломы 83:18. Ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхӕстыл бадис кодтаис: «Цӕмӕй йӕ адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». Уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр ацы стихӕй куыннӕ пайда кодтаис, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕйы базыдтаиккой (Ром. 10:12, 13).

2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмы ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы ном базонын, фӕлӕ фервӕзынӕн уый фаг нӕу. Йегъовӕйы тыххӕй ма псаломзарӕггӕнӕг афтӕ загъта: «Ӕрмӕстдӕр ды... дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». О, Йегъовӕ дун-дунейы ахсы ӕппӕты сӕйраг бынат. Ӕппӕт дӕр уый кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ йын ис бар, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй дома, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кӕсой (Рарг. 4:11). Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Мӕнӕн та мӕ царды ӕппӕты сӕйраг чи у?» Хъуамӕ нӕ алчидӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, ацы фарстайӕн цы дзуапп ратдзӕн, ууыл.

Дзырддаг фарста Едемы цӕхӕрадоны

3, 4. Хӕйрӕгӕн куыд рауади Евӕйы асайын ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

3 Ацы фарста тынг ахсджиаг кӕй у, уый бӕрӕг у, раджы Едемы цӕхӕрадоны цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй. Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд ӕмӕ фӕстӕдӕр Сайтан Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕд фыццаг сылгоймаг Евӕйы сардыдта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы фӕдыл ацыдаид ӕмӕ сын Йегъовӕ цы бафӕдзӕхста, уый сӕрты ахызтаид, ома, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй бахордтаид (Райд. 2:17; 2 Кор. 11:3). Евӕ йӕм байхъуыста ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Йегъовӕйы хицаудзинад кӕй ницӕмӕ дардта. Евӕйы нӕ бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ царды ӕппӕты сӕйраг уыдаид. Фӕлӕ Хӕйрӕгӕн куыд рауади Евӕйы асайын?

4 Евӕимӕ куы ныхас кодта, уӕд архайдта хинӕй ӕмӕ спайда кодта цалдӕр мадзалӕй. (Бакӕс Райдиан 3:1–5.) Фыццаг уыд ахӕм, ӕмӕ Хуыцауы Йегъовӕ нӕ хуыдта. Ӕнӕуи дзырдта, «Хуыцау», зӕгъгӕ. Фӕлӕ Райдианы чиныг чи ныффыста, уый Хуыцауы ном ныффыста ӕртыккаг сӕры фыццаг стихы, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, ахсджиагыл ӕй кӕй нымадта. Дыккаг мадзал уыд ахӕм: Евӕйы афтӕ нӕ бафарста, Хуыцау уын ӕцӕгдӕр «бафӕдзӕхста», фӕлӕ йӕ бафарста, Хуыцау уын ӕцӕгдӕр «загъта», зӕгъгӕ (Райд. 2:16). Афтӕмӕй архайдта, уыцы фӕдзӕхст афтӕ ахсджиаг кӕй нӕу, уый равдисыныл. Ӕртыккаг мадзал цавӕр уыд? Кӕд ӕрмӕст Евӕимӕ ныхас кодта, уӕддӕр спайда кодта номивӕгӕй «уын», «дын» нӕ, фӕлӕ. Афтӕ барӕй кодта, фӕндыди йӕ, цӕмӕй Евӕ йӕхицӕй ныббуц уыдаид ӕмӕ ахъуыды кодтаид, зӕгъгӕ, мӕ бон у мӕхи бӕсты ӕмӕ мӕ лӕджы бӕсты дӕр дзурын. Ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта? Евӕ йӕхимӕ уыцы бар райста, цӕмӕй сӕ дыууӕйы номӕй дӕр калмӕн дзуапп радтаид: «Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн».

5. а) Хӕйрӕг Евӕйы хъуыдытӕ цӕмӕ сарӕзта? ӕ) Евӕ, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы дыргътӕй кӕй бахордта, уымӕй цы равдыста?

5 Хӕйрӕг ма хабӕрттӕ дӕр сзыгъуыммӕ кодта. Йӕ ныхӕстӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, цыма Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн афтӕ загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй раст нӕ уыд. Стӕй ма Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй Евӕ райдыдтаид йӕхиуыл хъуыды кӕнын ӕмӕ, «Хуыцауы хуызӕн» куы суа, уӕд йӕ цард кӕй фӕхуыздӕр кӕндзӕн, ууыл дӕр. Суанг ма йын афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, «Хуыцауы хуызӕн» суыдзынӕ. Ӕппынфӕстаг ын бантыст, цӕмӕй Евӕйӕн йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр суыдаиккой уыцы бӕласыл ӕмӕ йӕ дыргътыл, алцыдӕр ын чи радта, уыцы Хуыцауы та ферох кодтаид. (Бакӕс Райдиан 3:6.) Хъыгагӕн, Евӕ уыцы дыргътӕй бахордта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Йегъовӕ йӕ царды ӕппӕты сӕйраг кӕй нӕ уыд.

Дзырддаг фарста Иовы бонты

6. Сайтан Иовы иузӕрдиондзинад куыд сдызӕрдыггаг кодта ӕмӕ Иовӕн цавӕр фадат лӕвӕрд ӕрцыд?

6 Бирӕ ӕнусты фӕстӕ иузӕрдион адӕймаг Иовӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй равдыстаид, йӕ царды ӕппӕты сӕйраг чи у, уый. Йегъовӕ Сайтанӕн Иовы иузӕрдиондзинады тыххӕй куы загъта, уӕд ын Сайтан цӕхгӕр дзуапп радта: «Исты дзӕгъӕлы тӕрсы Иов Хуыцауӕй?» (Бакӕс Иов 1:7–10.) Сайтан афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Иов Хуыцауы коммӕ нӕ каст. Уый сдызӕрдыггаг кодта, йӕ коммӕ цӕмӕн касти, уый. Иовы фӕаххосджын кодта, ома, дам, Хуыцауӕн уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕны, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕны, фӕлӕ йӕхицӕн цыдӕр пайда кӕй у, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы фарстайӕн дзуапп раттын йӕ бон уыд ӕрмӕстдӕр Иовӕн, ӕмӕ йын ахӕм фадат лӕвӕрд дӕр ӕрцыд.

7, 8. Иов цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд ӕмӕ, фидар ӕмӕ иузӕрдион кӕй уыд, уымӕй цы равдыста?

7 Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Сайтан Иовыл фӕд-фӕдыл цалдӕр бӕллӕхы ӕруагътаид (Иов 1:12–19). Иовӕн йӕ цард афтӕ цӕхгӕр куы фӕивта, уӕд йӕхи куыд дардта? Библийы кӕсӕм: «Иов тӕригъӕд нӕ ракодта ӕмӕ Хуыцауӕй ӕвзӕр ницы загъта» (Иов 1:22). Фӕлӕ Сайтан уӕддӕр нӕ басаст ӕмӕ йыл дарддӕр фаутӕ ӕвӕрдта: «Царм цармы тыххӕй. Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» * (Иов 2:4). Сайтаны зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, дам, Иовӕн йӕхиуыл исты куы ’рцӕуа, уӕд Йегъовӕ йӕ царды ӕппӕты сӕйраг нал уыдзӕн.

8 Сайтан Иовыл цы ӕлгъаг низ бафтыдта, уымӕй йӕ буар афтӕ ныффыдынд, ӕмӕ йӕ базонӕн дӕр нал уыди. Ӕмӕ ма йӕм йӕ ус дӕр бауырдыг, Хуыцауы ралгъит ӕмӕ амӕл, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр ӕй йе ’ртӕ ӕмбалы фӕаххосджын кодтой, цыдӕр тӕригъӕд, дам, сарӕзтай, ӕмӕ йын ныфсытӕ бавӕрыны бӕсты йӕ ныфс асастой (Иов 2:11–13; 8:2–6; 22:2, 3). Фӕлӕ кӕд Иов ӕппӕт уыцы дудгӕбӕттӕ баййӕфта, уӕддӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. (Бакӕс Иов 2:9, 10.) Уый уыд фидар ӕмӕ иузӕрдион ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕ царды Йегъовӕ ӕппӕты сӕйраг кӕй уыд. Иов ма ноджыдӕр равдыста, ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн аккаг дзуапп раттын, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы араза, уӕд. (Абар Ӕмбисӕндтӕ 27:11.)

Йесо радта ӕппӕты хуыздӕр дзуапп

9. а) Йесо ӕххормаг куы уыд, уӕд ӕй Хӕйрӕг куыд фӕлвӕрдта? ӕ) Йесо уыцы уавӕры куыд бакодта?

9 Йесо аргъуыд куы райста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ Хӕйрӕг фӕлварын райдыдта. Ардыдта йӕ, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы фӕдыл ацыдаид ӕмӕ Йегъовӕ йӕ царды ӕппӕты сӕйраг ма уыдаид. Фӕлвӕрдта йӕ ӕртӕ хатты. Фыццаг хатт ӕй фӕлвӕрдта, Йесо ӕххормаг куы уыд, уӕд, ӕмӕ йӕ ардыдта, дуртӕн зӕгъ, ӕмӕ дзултӕ фестой, зӕгъгӕ (Матф. 4:2, 3). Йесо та цыппор боны ницы бахордта, ӕмӕ ӕххормаг куыннӕ уыдаид. Афтӕмӕй Хӕйрӕг Йесойы рӕдийын кодта, цӕмӕй, Хуыцауӕй йын цы тых лӕвӕрд уыд, уый фӕрцы йе стонг басастаид. Куыд бакодта Йесо уыцы уавӕры? Евӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ куыд нӕ байхъуыста, Йесо афтӕ нӕ бакодта. Уый йӕ хъуыдыйы дардта Хуыцауы Ныхас ӕмӕ Хӕйрӕгӕн уайтагъд ныхкъуырд радта. (Бакӕс Матфейы 4:4.)

10. Хӕйрӕг Йесойӕн цӕмӕн загъта, дӕхи кувӕндоны къулы сӕрӕй раппар, зӕгъгӕ?

10 Уый фӕстӕ та Хӕйрӕг архайдта, цӕмӕй Йесо йӕхи хиуарзонӕй равдыстаид. Кувӕндоны алыварс цы къул уыд, уый сӕр ӕй ӕрлӕууын кодта ӕмӕ йын загъта, дӕхи ардыгӕй аппар, зӕгъгӕ (Матф. 4:5, 6). Хӕйрӕгӕн йӕ фӕнд цы уыд? Уый зӕгъын ӕй фӕндыд, ӕмӕ, дам, Йесо куы рагӕпп кӕна ӕмӕ йын куы ницы уа, уӕд, дам, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, «Хуыцауы фырт» кӕй у. Ӕвӕццӕгӕн, Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй Йесо йӕхиуыл ӕмӕ йӕ кадыл афтӕ тынг мӕт кодтаид, ӕмӕ йӕхи равдисыны тыххӕй ахӕм хъуыддагыл дӕр сразы уыдаид. Хӕйрӕг зыдта, адӕймаджы кӕй нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ кад дӕлӕмӕ ӕруадза ӕмӕ фӕхудинаг уа, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ныфс бахӕссы тӕссаг хъуыддӕгтӕм дӕр. Хӕйрӕг Фыстадӕй цы ныхӕстӕ ӕрхаста, уыдон сзыгъуыммӕ кодта, фӕлӕ Йесо равдыста, Йегъовӕйы Ныхас тынг хорз кӕй ӕмбӕрста. (Бакӕс Матфейы 4:7.) Уыцы фӕлварӕны дӕр фидар кӕй фӕлӕууыд, уымӕй дӕр та равдыста, йӕ царды Йегъовӕ кӕй уыд ӕппӕты сӕйраг.

11. Хӕйрӕг Йесойӕн дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ куы лӕвӕрдта, уӕд ын цӕуылнӕ сразы?

11 Хӕйрӕг ницӕуыл ауӕрста ӕмӕ фӕстагмӕ Йесойӕн загъта, дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр дын ратдзынӕн, зӕгъгӕ (Матф. 4:8, 9). Йесо уайтагъд, ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ фидар дзуапп радта ӕмӕ равдыста, уыдӕттӕ йӕ кӕй нӕ хъуыдысты. Уый ӕмбӕрста, ӕмӕ куы сразы уыдаид, уӕд равдыстаид, Йегъовӕйы хицаудзинад кӕй ницӕмӕ дары – ома Иунӕг Стыр Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, ӕмӕ дун-дунейы Хицау уа. (Бакӕс Матфейы 4:10.) Ӕртӕ хатты дӕр Йесо Хӕйрӕгӕн дзуапп лӕвӕрдта Фыстадӕй, ӕмӕ Фыстады уыцы бынӕтты уыд Хуыцауы ном – Йегъовӕ.

12. Йесойӕн зӕххыл йӕ царды кӕрон куы ӕрхӕстӕг, уӕд ӕй цавӕр зын хъуыддаг хъуыди аскъуыддзаг кӕнын ӕмӕ, куыд бакодта, уымӕй цы ис базонӕн?

12 Йесойӕн зӕххыл йӕ царды кӕрон куы ӕрхӕстӕг, уӕд ӕй хъуыди тынг зын хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын. Уый алкӕддӕр ӕвдыста, цӕттӕ кӕй у йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссынмӕ (Матф. 20:17–19, 28; Лук. 12:50; Иоан. 16:28). Фӕлӕ Йесо уый дӕр зыдта, дзуттӕгты закъонмӕ гӕсгӕ йын раст тӕрхон кӕй не скӕндзысты, фыдгӕнӕгыл ӕй кӕй банымайдзысты ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты, Хуыцауы фауӕг у, зӕгъгӕ. Йӕ мӕлӕт ахӕм кӕй уыдзӕн, уый йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд мӕ ацы къус нуазын ма бахъӕуӕд». Фӕлӕ уый фӕстӕ загъта: «Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Матф. 26:39). Йесо суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр уыд иузӕрдион ӕмӕ уымӕй бӕлвырд равдыста, йӕ царды ӕппӕты сӕйраг Хуыцау кӕй уыд!

Мах цавӕр дзуапп ратдзыстӕм?

13. Евӕйы, Иовы ӕмӕ Йесо Чырыстийы цӕвиттонтӕ нын зондзонӕн куыд сты?

13 Цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй цы ис базонӕн? Евӕйы хабарӕй базонӕн ис, йӕ хиуарзон зӕрдӕйы фӕдыл чи ацӕуы кӕнӕ йӕхицӕй чи ныббуц вӕййы, уыдон равдисынц, сӕ царды Йегъовӕ ӕппӕты сӕйраг кӕй нӕу. Фӕлӕ уый Иовӕй зӕгъӕн нӕй. Иовы хабарӕй бӕрӕг у, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн дӕр сӕ бон у равдисын, Йегъовӕ сӕ царды фыццаг бынаты кӕй ис. Уый равдисдзысты, зындзинӕдты фидар куы уой ӕмӕ-иу иузӕрдионӕй куы баззайой – цӕмӕн сӕ ӕвзарынц, уый кӕронмӕ куы не ’мбарой, уӕддӕр (Иак. 5:11). Ӕмӕ нын Йесойы цӕвиттон та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ худинаг баййафынмӕ дӕр цӕттӕ уӕм ӕмӕ нӕ кадыл кӕнӕ нӕ адӕм цы ахъуыды кӕндзысты, ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм (Дзут. 12:2). Фӕлӕ нын ацы цӕвиттонтӕ нӕ царды та куыд баххуыс кӕндзысты?

14, 15. Йесо фӕлварӕнты куыд бакодта, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, Евӕ куыд бакодта, уымӕй ӕмӕ нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын? (18 фарсыл цы ныв ис, уый тыххӕй дӕ хъуыдытӕ зӕгъ.)

14 Макуы бауадз, ӕмӕ дын исты фӕлварӕн куы уа ӕмӕ дӕ исты куы цыбӕл кӕна, уӕд Йегъовӕйы ферох кӕнай. Евӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр суыдаиккой, йӕ разы цы бӕлас уыди, ууыл. Уый федта, «бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн хорз кӕй сты ӕмӕ адӕймаджы цӕст сӕхимӕ кӕй ӕлвасынц, адӕймаг сӕм кӕсынӕй кӕй не ’фсӕды» (Райд. 3:6). Уый куыд тынг хицӕн кӕны, Йесо ӕртӕ фӕлварӕны дӕр куыд бакодта, уымӕй! Ӕрмӕст фӕлварӕнтӕ нӕ уыдта, фӕлӕ, цӕуыл дзурӕг уыдысты, уый дӕр ӕмбӕрста ӕмӕ йӕ йӕ хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл хъуыды кодта. Йесо разамынд агуырдта Хуыцауы Ныхасы ӕмӕ Хуыцауы хуыдта йӕ номӕй – Йегъовӕ.

15 Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддагмӕ нӕ исчи кӕнӕ исты куы фӕцыбӕл кӕны, уӕд нӕ хъуыдытӕ цӕмӕ саразӕм? Нӕ зӕрдӕйы фӕндыл цас фылдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн йӕ фӕдыл ацӕуын (Иак. 1:14, 15). Хъуамӕ уыцы фӕнд ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ нӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй стонӕм, раст нӕ цыма нӕ буары уӕнг ралыг кӕнын хъӕуы, афтӕ (Матф. 5:29, 30). Йесойау-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ хъуыддӕгтӕ нӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл, ома нӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, йӕ зӕрдӕ йын нӕ фӕриссын кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕрхъуыды-иу кӕнӕм, йӕ Ныхасы, Библийы, цы фыст ис, уый. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй равдисдзыстӕм, нӕ царды ӕппӕты сӕйраг Йегъовӕ кӕй у.

16–18. а) Нӕхимӕ цӕй тыххӕй ныхъхъусӕм? ӕ) Зын рӕстӕджы нын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

16 Исты дыл куы ’рцӕуа, уӕд Йегъовӕмӕ макуы смӕсты у (Ӕмб. 19:3). Ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас фылдӕр кӕнынц, Йегъовӕйы адӕмӕй цавӕрдӕр бӕллӕхты ӕмӕ зындзинӕдты чи бахауы, уыдон. Мах ӕй зонӕм, ныртӕккӕ нӕ Йегъовӕ диссаджы хуызы кӕй нӕ ирвӕзын кӕны. Фӕлӕ нын зынаргъ чи у, уыдонӕй исчи куы амӕлы кӕнӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ куы февзарӕм, уӕд мах дӕр Иовау, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕхимӕ ныхъхъусӕм, нӕ зӕрдӕмӕ рухс мауал кӕла.

17 Иов ӕй не ’мбӕрста, Йегъовӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ ӕрцӕуын цӕмӕн бауагъта, уый, ӕмӕ йӕ мах дӕр хатт, чи зоны, нӕ фембарӕм, цыдӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы. Иуӕй-иу хатт фехъусӕм, нӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй чидӕр зӕххӕнкъуысты кӕй фӕмард, зӕгъӕм, Гаитийы куыд уыд, афтӕ, кӕнӕ ӕндӕр ӕрдзон бӕллӕхы. Науӕд не ’фсымӕртӕй кӕмӕндӕр фыдми бакодтой кӕнӕ фӕмард аварийы йе та цавӕрдӕр бӕллӕхы бахауд. Уӕдӕ нӕхӕдӕг дӕр бахауӕм зын уавӕрты кӕнӕ фӕхъизӕмар кӕнӕм, рӕстдзинад кӕй нӕй, уый тыххӕй. Ӕмӕ нӕ бон куы нал вӕййы, уӕд фӕдзыназӕм: «О Йегъовӕ, цӕмӕн? Мӕ сӕр цӕмӕн ӕвзары ацы дудгӕбӕттӕ? Ӕз цы кодтон?» (Ав. 1:2, 3). Цы нын баххуыс кӕндзӕн ахӕм рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн?

18 Хъуамӕ афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕм Йегъовӕ хӕрамзӕрдӕ дары. Уый раст хъуыды кӕй нӕу, уый Йесо дӕр бамбарын кодта, йӕ рӕстӕджы цы дыууӕ бӕллӕхы ӕрцыд, уыдоны кой куы ракодта, уӕд. (Бакӕс Лукайы 13:1–5.) Бирӕ бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕрцӕуынц, уый Библи афтӕ ӕмбарын кӕны: «Кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Уӕдӕ нӕ зындзинӕдты аххосаг цыфӕнды ма уа, нӕ бон у фидар фӕлӕууын, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕй» ӕххуыс куы курӕм, уӕд. Уый нын ратдзӕн, иузӕрдионӕй баззайынӕн нӕ чи хъӕуы, уыцы хъару (2 Кор. 1:3–6).

19, 20. Йесо-иу ӕгады бынаты куы уыд, уӕд-иу цӕй фӕрцы бафӕрӕзта ӕмӕ махӕн дӕр цы баххуыс кӕндзӕн?

19 Макуы бауадз, цӕмӕй дын дӕ кад сӕйраг суа ӕмӕ худинагӕй тӕрсын райдайай. Йесо афтӕ сӕрныллӕг уыди, ӕмӕ «йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта ӕмӕ сси цагъары хуызӕн» (Фил. 2:5–8). Бирӕ хӕттыты уыди ӕгады бынаты, фӕлӕ-иу уӕддӕр бафӕрӕзта, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл (1 Пет. 2:23, 24). Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын ын сӕйраг кӕй уыд, ӕмӕ уый тыххӕй ноджы уӕлдӕр ӕвӕрд ӕрцыд (Фил. 2:9). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр ахӕм цардмӕ разӕнгард кодта (Матф. 23:11, 12; Лук. 9:26).

20 Иуӕй-иу хатт ахӕм фӕлварӕнтыл сӕмбӕлӕм, ӕмӕ нӕм, гӕнӕн ис, худинаг кӕса, ахӕм уавӕры кӕй стӕм, уый. Фӕлӕ нӕ апостол Павелау хъуамӕ уа фидар ныфс. Уый афтӕ загъта: «Ӕз ацы зындзинӕдтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ мӕм уый худинаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ, кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын, ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, йӕ бар ын цы бакодтон, уый тӕрхоны бонмӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн» (2 Тим. 1:12).

21. Кӕд ацы дунейы адӕм хиуарзон сты, уӕддӕр дӕуӕн дӕ фидар фӕнд цы у?

21 Библийы раджы фыст ӕрцыд, нӕ рӕстӕджы адӕм кӕй уыдзысты «хиуарзон» (2 Тим. 3:2). Уӕдӕ диссаг нӕу, нӕ алыварс адӕм ӕрмӕст сӕхиуыл кӕй хъуыды кӕнынц. Мах ахӕм зондыл макуы ацӕуӕм! Уӕдӕ нӕ исчи кӕнӕ исты куы цыбӕл кӕна, исты бӕллӕх ныл куы ӕрцӕуа кӕнӕ нӕ исчи ӕгады бынаты куы ӕвӕра,– алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ фидар фӕнд уӕд, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ царды ӕппӕты сӕйраг уа!

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Иуӕй-иу библииртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ дзырдбаст «царм цармы тыххӕй» амоны, ӕмӕ, дам, Иов йӕхи «царм», ома цард, бахъахъхъӕныны тыххӕй цӕттӕ уыд йӕ сывӕллӕтты ӕмӕ йӕ фосы «царм», ома цард, раттынмӕ дӕр. Иннӕтӕ та ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын кӕнынц, ӕмӕ адӕймаг йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй цӕттӕ у, цӕмӕй йӕ царм фӕцъӕррӕмыхст уа кӕнӕ алыг уа. Зӕгъӕм, цӕмӕй йӕ сӕрыл цӕф ма суайа, уый тыххӕй йӕ сӕр йӕ къухӕй ахгӕндзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй, чи зоны, йӕ къухы царм фӕцъӕррӕмыхст уа кӕнӕ алыг уа, фӕлӕ йӕхи та бахъахъхъӕндзӕн. Ацы дзырдбастӕн йӕ хъуыды куыдфӕнды ма уа, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ, дам, Иов йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй алцыдӕр радтаид.

Зондзонӕн нын куыд у...

• Хӕйрӕг Евӕйы куыд асайдта, уый?

• Иовыл бӕллӕхтӕ куы ӕрцыд, уӕд йӕхи куыд дардта, уый?

• Йесойӕн ӕппӕты сӕйраг цы уыд, уый?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Евӕйӕн Йегъовӕ йӕ царды ӕппӕты сӕйраг нӕ уыд

[Ныв 18 фарсыл]

Йесо Хӕйрӕгӕн ныхкъуырд радта – уымӕн сӕйраг уыд Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын

[Нывтӕ 20 фарсыл]

Гаитийы зӕххӕнкъуысты фӕстӕ хъусын кӕнынц пъалаткӕты

Зын рӕстӕджы хъуамӕ ӕххуыс курӕм «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕй»