Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл чи дары, уый у ныфсджын

Йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл чи дары, уый у ныфсджын

Йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл чи дары, уый у ныфсджын

«Йегъовӕ мӕ фехъусдзӕн, куы йӕм сдзыназон, уӕд» (ПС. 4:3).

1, 2. а) Давид цавӕр тӕссаг уавӕры бахауд? ӕ) Кӕцы псаломтыл аныхас кӕндзыстӕм?

ДАВИД ныр иуцасдӕр у Израилы паддзах. Фӕлӕ тӕссаг уавӕры бахауд. Йӕ фырт Авессалом йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕхи паддзах схуыдта, ӕмӕ Давиды Иерусалимӕй алидзын бахъуыди. Стӕй, кӕуыл ӕууӕндыд, уыцы ӕмбал дӕр ыл гадзрахатӕй рацыд. Ӕмӕ ныр Давид, иузӕрдион ма йыл чи у, уыдонимӕ фӕцӕуы Оливӕбӕлӕсты хохыл, бӕгъӕввадӕй ӕмӕ кӕугӕйӕ. Уый фӕстӕ та паддзах Саулы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕг, Шимей, зӕгъгӕ, йӕ размӕ ӕлгъитгӕ рацыд ӕмӕ йыл дуртӕ ӕхсын ӕмӕ сыджыт калын райдыдта (2 Сам. 15:30, 31; 16:5–14).

2 Цымӕ Давид ацы фыдӕвзарӕн сфӕраздзӕн ӕви афтӕ маст кӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕгадӕй ингӕнмӕ ныххиздзӕн? Нӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дары Йегъовӕйыл. Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у 3-ӕм псаломӕй. Давид ӕй ныффыста, Авессаломӕй куы алыгъд, уӕд. Давид ма ныффыста 4-ӕм псалом дӕр. Ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр бӕрӕг у: Давиды фидарӕй уырны, Хуыцау куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ сын дзуапп кӕй дӕтты (Пс. 3:4; 4:3). Ацы псаломтӕй базонӕн ис, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хъус кӕй дары ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы кӕй сты ӕдас ӕмӕ кӕй ницӕмӕй тӕрсынц (Пс. 3:5; 4:8). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм ацы дыууӕ псаломмӕ ӕмӕ фенӕм, ныфс нӕ куыд уадзынц ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл ноджы тынгдӕр дарӕм.

Бирӕтӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой

3. Давид цы уавӕры уыди, 3 псаломы 1, 2 стихтӕм гӕсгӕ?

3 Иу бон Давидӕн фӕхабар кодтой: «Израилӕгты зӕрдӕтӕ Авессаломы ’рдӕм фесты» (2 Сам. 15:13). Авессалом уыйбӕрц адӕмы йӕхирдӕм куыд фӕкодта, ууыл дисгӕнгӕйӕ Давид Хуыцаумӕ кувы: «О Йегъовӕ, ме знӕгтӕ афтӕ бирӕ цӕмӕн систы? Уыйбӕрц адӕм цӕмӕн цӕуы мӕ ныхмӕ? Мӕнӕй бирӕтӕ дзурынц: „Нӕ йӕ фервӕзын кӕндзӕни Хуыцау“» (Пс. 3:1, 2). Израилӕгтӕй бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕ Давиды Авессаломӕй ӕмӕ йӕ адӕмӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн.

4, 5. а) Давид фидарӕй цы зыдта? ӕ) Ацы ныхӕстӕн, «ды мын схӕцыс мӕ сӕрыл», зӕгъгӕ, сӕ хъуыды цы у?

4 Фӕлӕ Давид нӕ тӕрсы, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дары Хуыцауыл. Йӕ псаломы зары: «Ды, о Йегъовӕ, ды дӕ мӕ уарт, ды дӕ мӕ кад. Ды мын схӕцыс мӕ сӕрыл» (Пс. 3:3). Давид фидарӕй зоны, Йегъовӕ йӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, уарт ӕфсӕддоны куыд бахъахъхъӕны, афтӕ. Кӕд ацӕргӕ паддзах лидзинаг фӕци,– фырӕгадӕй йӕ сӕр бынмӕ ӕруагъта ӕмӕ йӕ бамбӕрзта, афтӕмӕй,– уӕддӕр ӕй Иунӕг Стыр Хуыцау фӕстӕмӕ скадджын кӕндзӕн. Йегъовӕйы фӕрцы йӕхи сӕмраст кӕндзӕн ӕмӕ та йӕ сӕрыл бӕрзонд схӕцдзӕн. Давид фидарӕй зоны, Хуыцау ын йӕ куывдӕн дзуапп кӕй ратдзӕн. Ды дӕр Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ афтӕ дарыс?

5 Давиды ныхӕстӕй, «ды мын схӕцыс мӕ сӕрыл», зӕгъгӕ, бӕрӕг у, ӕххуысмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Иу дзырдуаты ацы ныхӕсты тыххӕй фыст ис: «Хуыцау искӕй „сӕрыл“ куы схӕцы, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ дзы ныфс бауадзы». Давиды Израилы паддзахы бынат ныууадзын кӕй бахъуыд, уый тыххӕй йӕ ныфс куыннӕ асастаид. Фӕлӕ йын Хуыцау йӕ сӕрыл куы схӕца, уӕд та дзы ныфс бацӕудзӕн, ницӕмӕй тӕрсдзӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл ноджы тынгдӕр дардзӕн.

Йегъовӕ «дзуапп ратдзӕн»!

6. Давид цӕмӕн загъта, Йегъовӕ йын йӕ куывдӕн дзуапп йӕ сыгъдӕг хохӕй кӕй ратдзӕн?

6 Давид йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дары ӕмӕ, куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтты, уый фидарӕй кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр зӕгъы: «Ӕз хъӕр кӕндзынӕн Йегъовӕмӕ, ӕмӕ мын уый дзуапп ратдзӕн йӕ сыгъдӕг хохӕй» (Пс. 3:4). Давиды ныхасмӕ гӕсгӕ бадзырды чырын ахастой Сионы хохмӕ. Бадзырды чырын та ӕвдыста, Хуыцау се ’хсӕн кӕй ис. (Бакӕс 2 Самуилы 15:23–25.) Уӕдӕ Давид уый тыххӕй загъта, Йегъовӕ йын йӕ куывдӕн дзуапп йӕ сыгъдӕг хохӕй кӕй ратдзӕн.

7. Давид цӕуылнӕ тарст?

7 Давид нӕ дызӕрдыг кӕны, Хуыцау ын йӕ куывд кӕй фехъусдзӕн, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ тӕрсы. Давид зары: «Ӕз схуысдзынӕн, бафынӕй кӕндзынӕн ӕмӕ райхъал уыдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг» (Пс. 3:5). Давид ӕхсӕвы дӕр нӕ тӕрсы фынӕй кӕнын, кӕд, ӕнӕнхъӕлӕджы сӕм кӕй ӕрбабырсдзысты, уымӕй уӕлдай тынгдӕр ӕхсӕвы у тӕссаг, уӕддӕр. Фидарӕй йӕ зоны, кӕй райхъал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕхицӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ базыдта, йӕ бон кӕй у йӕ зӕрдӕ дарын, алкӕддӕр ын чи ӕххуыс кодта, уыцы Хуыцауыл. Мах дӕр уыдзыстӕм афтӕ ныфсджын, «Йегъовӕйы фӕндӕгтыл» фидар куы лӕууӕм ӕмӕ йӕ куы никуы ныууадзӕм, уӕд. (Бакӕс 2 Самуилы 22:21, 22.)

8. Давид йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый 27 псаломы 1–4 стихтӕ куыд ӕвдисынц?

8 Давид Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр кӕй дары ӕмӕ кӕй ницӕмӕй тӕрсы, уый ма зыны ӕндӕр псаломӕй дӕр. Уыцы псаломы Давид дзуры: «Йегъовӕ у мӕ рухс ӕмӕ мӕ ирвӕзындзинад. Кӕмӕй хъуамӕ тӕрсон? Йегъовӕ у мӕ царды фидар мӕсыг. Кӕй раз хъуамӕ ризон тӕссӕй? [...] Мӕ разы ӕнӕхъӕн ӕфсад куы ӕрӕвӕра йӕ цатыртӕ, уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзӕн мӕ зӕрдӕ. [...] Иу хъуыддаг куырдтон Йегъовӕйӕ, бӕлгӕ дӕр уымӕ кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзары уон цӕрӕнбонты, цӕмӕй уынон Йегъовӕйы рӕсугъддзинад ӕмӕ йӕ кувӕндонмӕ кӕсынӕй бафсӕдон» (Пс. 27:1–4). Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕйы ахӕм ӕнкъарӕнтӕ ис ӕмӕ дын дӕ уавӕртӕ амонынц, уӕд, де ’мчырыстӕттимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн кӕм кувут, уыцы ӕмбырдтӕй иу дӕр нӕ цух кӕндзынӕ (Дзут. 10:23–25).

9, 10. Кӕд Давид 3 псаломы 6 ӕмӕ 7 стихты фыст ныхӕстӕ загъта, уӕддӕр цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Давид йе знӕгтӕй йӕ маст нӕ иста?

9 Кӕд Авессалом Давидыл гадзрахатӕй рацыд ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕтӕ бакодтой афтӕ, уӕддӕр Давид зары: «Нӕ фӕтӕрсдзынӕн дӕс минӕй дӕр, алырдыгӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд. Сыст, о Йегъовӕ! Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау! Ме знӕгтӕн се ’фсӕртӕ ныссӕтт. Фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ ныппырх кӕн» (Пс. 3:6, 7).

10 Давид йе знӕгтӕм йӕ зӕрдӕйы маст нӕ хӕссы, йӕ маст сӕ нӕ исы. Йе знӕгтӕн «се ’фсӕртӕ ныссӕтдзӕн» Хуыцау. Паддзах Давид йӕхицӕн Закъон рафыста, ӕмӕ йӕ зоны, Йегъовӕ дзы афтӕ кӕй ныффыссын кодта: «Мастисӕг ӕз дӕн, цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн» (Дык. з. 17:14, 15, 18; 32:35). «Фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ» дӕр Хуыцау ныппырх кӕндзӕн. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын сӕ тых байсдзӕн, ӕмӕ сӕ бон фыддзинад ракӕнын нал уыдзӕн. Йегъовӕ зоны, фыдгӕнӕг чи у, уый, уымӕн ӕмӕ «кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Сам. 16:7). Сӕйраг фыдгӕнӕг та у Сайтан Хӕйрӕг. Ӕмӕ мах Хуыцауӕй тынг бузныг стӕм, нӕ уырнындзинад нын кӕй фидар кӕны ӕмӕ нын хъару кӕй дӕтты, цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм. Тагъд уый «дӕлдзӕхмӕ» ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕд уыцы богътӕгӕнаг домбай уыдзӕн ӕнӕдӕндаг ӕмӕ йӕм сӕфт йеддӕмӕ ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн! (1 Пет. 5:8, 9; Рарг. 20:1, 2, 7–10).

«Ирвӕзындзинад у Йегъовӕйӕ»

11. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

11 Давид ӕй ӕмбары, цы зындзинӕдты бахауд, уыдонӕй йӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ хъуыды кӕны. Уый хъуыды кӕны Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕмыл се ’ппӕтыл дӕр. Уый бӕрӕг у, Давид йӕ псалом цы ныхӕстӕй фӕуд кӕны, уыдонӕй: «Ирвӕзындзинад у Йегъовӕйӕ. Дӕ арфӕдзинад ис дӕ адӕмыл» (Пс. 3:8). Давид ахӕм зындзинӕдты бахауд, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй, фӕлӕ дзы уӕддӕр Йегъовӕйы адӕм дӕр рох не сты ӕмӕ йӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ сын кӕй арфӕ кӕндзӕн. Уӕдӕ махӕй дӕр хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ рох ма уой. Йегъовӕмӕ-иу куы кувӕм, уӕд-иу дзы ракурӕм, цӕмӕй сын йӕ сыгъдӕг тых дӕтта, ӕмӕ хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕной (Еф. 6:17–20).

12, 13. Авессаломыл цы ’рцыд ӕмӕ Давид уымӕ цы цӕстӕй ракаст?

12 Авессаломы ӕгады мӕлӕт баййӕфта. Уый у зондзонӕн, иннӕты чи ӕфхӕры, уыдонӕн, уӕлдайдӕр та, Давидау Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕг чи у, уыдоны ныхмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕмӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:31–35.) Авессаломӕн йӕ хабар куыд рауад? Давиды адӕм йӕ адӕмимӕ схӕцыдысты ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой. Авессалом та хӕргӕфсыл алыгъд. Йӕ хӕргӕфс ӕй иу стыр пӕлӕхсар бӕласы бынмӕ бахаста, ӕмӕ Авессаломӕн йӕ бӕзджын сӕрыхъуынтӕ стыхстысты, бӕласӕн бынмӕ чи ’рзӕбул, уыцы къалиуты, ӕмӕ сыл ӕрцауындзӕг. Удӕгас ма бӕргӕ уыд, фӕлӕ йӕ бон ницыуал уыд. Ӕппынфӕстаг ын Иоав йӕ зӕрдӕйы ӕртӕ фаты ныссагъта ӕмӕ йӕ амардта (2 Сам. 18:6–17).

13 Давид йӕ фырты хабар куы базыдта, уӕд цымӕ цин кодта? Нӕ. Йӕхицӕн бынат нал ардта, дыууӕрдӕм рацу-бацу кодта, куыдта ӕмӕ хъарӕг кодта: «Уӕ мӕ хъӕбул Авессалом! Мӕ хъӕбул, мӕ хъӕбул Авессалом! Фӕлтау ӕз куы амардаин дӕ бӕсты, мӕ хъӕбул Авессалом, мӕ хъӕбул!» (2 Сам. 18:24–33). Давидыл йӕ хъӕбулы мастӕй дуне баталынг, фӕлӕ йӕ Иоавы ныхӕстӕ йӕхимӕ ӕрцӕуын кодтой. Куыд ӕвирхъау мард акодта Авессалом! Йӕ хиуарзондзинад ӕй афтӕ бакуырм кодта, ӕмӕ рацыд йӕ фыды ныхмӕ – Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ, ӕмӕ йӕхи бабын кодта (2 Сам. 19:1–8; Ӕмб. 12:21; 24:21, 22).

Давид та ногӕй ӕвдисы, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дары

14. Цы ис зӕгъӕн 4-ӕм псаломы тыххӕй?

14 Давид йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дары, уый ма зыны 4-ӕм псаломӕй дӕр. 3-ӕм псаломау ацы псалом дӕр у Давиды зӕрдӕбын куывд (Пс. 3:4; 4:3). Ӕвӕццӕгӕн, Давид ацы псалом ныффыста, Авессаломы фӕндӕй куы ницы рауад, уӕд, цӕмӕй равдыстаид, цы удӕнцой ссардта ӕмӕ Хуыцауӕй куыд бузныг уыд, уый. Йе та йӕ, гӕнӕн ис, ныффыста, цӕмӕй йӕ левиттӕ зарыдаиккой. Куыдфӕнды ма уа, лӕмбынӕг ыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дардзыстӕм.

15. Йегъовӕмӕ йӕ Фырты номӕй нӕ бон ныфсджынӕй кувын цӕмӕн у?

15 Давид та ногӕй ӕвдисы, йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй дары ӕмӕ кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны, Хуыцау ын йӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, ууыл. Давид зары: «О мӕ рӕстаг Хуыцау, куы дӕм сдзыназон, уӕд-иу мын дзуапп ратт. Уынгӕджы куы уон, уӕд-иу мӕ фервӕзын кӕн. Дӕ хорзӕх мӕ уӕд ӕмӕ мын мӕ куывд фехъус» (Пс. 4:1). Рӕстӕй куы цӕрӕм, уӕд мах дӕр Давидау нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Хуыцау нӕ кӕй хъусы, ууыл. «Рӕстаг Хуыцау» Йегъовӕ йӕ рӕстзӕрдӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны, уый зонгӕйӕ нӕ бон у, ӕмӕ йӕм ныфсджынӕй кувӕм йӕ Фырт Йесойы номӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ фидарӕй уырны, йӕ нывондӕй нӕ кӕй балхӕдта (Иоан. 3:16, 36). Куыд стыр удӕнцой нын хӕссы уый!

16. Давидӕн йӕ ныфс цӕмӕн асастаид?

16 Хатт цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй нӕ ныфс асӕтты. Чи зоны, Давид дӕр иуцасдӕр уыд ахӕм уавӕры, уымӕн ӕмӕ афтӕ зары: «Адӕймаджы фырттӕ, мӕ кад мын дӕлӕмӕ кӕдмӕ кӕндзыстут? Кӕдмӕ уарздзыстут ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ? Кӕдмӕ кӕндзыстут гӕдыныхӕстӕ?» (Пс. 4:2). Ацы ран дзырдбаст «адӕймаджы фырттӕ», ӕвӕццӕгӕн, ӕппӕлӕн ныхас нӕу. Давиды знӕгтӕ «уарзтой ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ». Библийы иу тӕлмацы ацы стих у афтӕ: «Кӕдмӕ уарздзыстут мӕнгдзинад ӕмӕ кӕдмӕ агурдзыстут мӕнг хуыцӕутты?» («New International Version»). Хатт, иннӕтӕ цы фӕаразынц, уый тыххӕй нӕ ныфс асӕтты. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кувӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм.

17. Бамбарын кӕн, 4 псаломы 3 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куыд ис архайӕн.

17 Давид йӕ зӕрдӕ Хуыцауыл кӕй дары, уый ма хорз зыны ацы ныхӕстӕй дӕр: «Зонут ӕй, Йегъовӕ скадджын кӕндзӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы, Йегъовӕ мӕ фехъусдзӕн, куы йӕм сдзыназон, уӕд» (Пс. 4:3). Цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайа, уый тыххӕй хъуамӕ уа хъӕбатыр ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дара Йегъовӕйыл. Ацы миниуджытӕ чырыстоны бахъӕудзысты, зӕгъӕм, йӕ бинонтӕй йын искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд. Хуыцау скадджын кӕны, йӕ фӕдзӕхстытыл фидар чи хӕцы ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны. Ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм иузӕрдион куы уой, сӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр куы дарой, уӕд уыдзысты циндзинадӕй хайджын (Пс. 84:11, 12).

18. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд, 4 псаломы 4 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

18 Исчи нын истӕмӕй нӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна, уӕд та куыд бакӕнӕм? Давиды ныхӕстӕм куы байхъусӕм, уӕд нӕ циндзинад нӕ фесафдзыстӕм. Давид загъта: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр-иу тӕригъӕд ма саразут. Уӕ зӕгъинӕгтӕ-иу уӕхицӕн уӕ зӕрдӕты радзурут, уӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ, ӕмӕ-иу мацыуал зӕгъут» (Пс. 4:4). Исчи нӕ йӕ ныхӕстӕй кӕнӕ йӕ митӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕд тӕригъӕд ма саразӕм, нӕ маст райсыныл ма архайӕм (Ром. 12:17–19). Нӕ зӕгъинӕгтӕ-иу радзурӕм Хуыцауӕн, нӕ хуыссӕны куы уӕм, уӕд. Цы нӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй куы скувӕм, уӕд, чи зоны, хабармӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсӕм ӕмӕ нӕ чи фӕхъыг кодта, уымӕн ныххатыр кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй (1 Пет. 4:8). Ацы хъуыддаджы фӕдыл хорз уынаффӕ радта апостол Павел дӕр, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъуыды райста 4 псаломы 4 стихӕй: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут; хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд, Хӕйрӕгӕн бынат ма дӕттут» (Еф. 4:26, 27).

19. Нӕ нывонд, ома нӕ лӕггад, цавӕр хъуамӕ уа, уый бамбарынӕн нын 4 псаломы 5 стих куыд ӕххуыс кӕны?

19 Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дарай, уый куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй Давид зары: «Хӕссут рӕстдзинады нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ зӕрдӕ дарут Йегъовӕйыл» (Пс. 4:5). Израилӕгтӕ цы нывӕндтӕ хастой, уыдонӕн Хуыцау аргъ кодта, сыгъдӕг зӕрдӕйӕ сӕ куы хастой, ӕрмӕстдӕр уӕд (Ис. 1:11–17). Цӕмӕй нӕ нывонд, ома нӕ лӕггад, Хуыцауӕн ӕхсызгон уа, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ архайӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; Дзуттӕгтӕм 13:15, 16.)

20. Цы нысан кӕны дзырдбаст «Йегъовӕйы цӕсгомы рухс»?

20 Давид дарддӕр зары: «Бирӕтӕ дзурынц: „Чи нын фенын кӕндзӕн хорздзинад?“ О Йегъовӕ, раздах нӕм дӕ цӕсгомы рухс» (Пс. 4:6). Псаломты ацы дзырдбаст, «Йегъовӕйы цӕсгомы рухс», зӕгъгӕ, нысан кӕны Йегъовӕйы хорзӕх (Пс. 89:15). Уӕдӕ Давиды ныхӕстӕ, «раздах нӕм дӕ цӕсгомы рухс», зӕгъгӕ, нысан кӕнынц «бахай нын кӕн дӕ хорзӕхӕй». Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уымӕ гӕсгӕ хайджын стӕм йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕнӕм.

21. Абон хуымгӕрдӕны, ома хъусын кӕныны хъуыддаджы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы архайӕм, уӕд цы ӕнкъардзыстӕм?

21 Тыллӕг ӕфснайыны афон вӕййы цины рӕстӕг. Фӕлӕ Давид зоны, Хуыцау цы циндзинад дӕтты, уый ноджы стырдӕр кӕй у, ӕмӕ зары: «Ды мын мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг кӕндзынӕ, уыдон хор ӕмӕ ног сӕны бӕркадыл куыд цин кодтой, уымӕй стырдӕр уыдзӕн мӕ циндзинад» (Пс. 4:7). Абон мах дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ кусӕм хуымгӕрдӕны, ома хъусын кӕныны хъуыддаджы, ӕмӕ дзы ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы архайӕм, уӕд нӕ цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн (Лук. 10:2). Хъусын кӕныны хъуыддаджы разӕй цӕуынц сӕрст чырыстӕттӕ, ӕмӕ мах цин кӕнӕм, «кусджытӕ» фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, ууыл. Ды та уыцы цины хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй архайыс?

Нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл дарӕм ӕмӕ ныфсджынӕй размӕ цӕуӕм

22. Израилӕгтӕ Хуыцауы закъӕттӕ куы ӕххӕст кодтой, уӕд куыд цардысты, уый 4 псаломы 8 стих куыд ӕвдисы?

22 Давид 4-ӕм псалом фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Ӕнӕмӕтӕй схуысдзынӕн ӕмӕ фынӕй кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст дӕ фӕрцы, о Йегъовӕ, цӕрын ӕдасӕй» (Пс. 4:8). Израилӕгтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ куы ӕххӕст кодтой, уӕд сӕ уыди йӕ хорзӕх ӕмӕ ницӕмӕй тарстысты. Зӕгъӕм, паддзах Соломоны рӕстӕджы «Иудӕ ӕмӕ Израилы адӕм... цардысты ӕдасӕй» (1 Пад. 4:25). Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, уыдон уыдысты ӕдас, суанг сӕм сӕ сыхаг адӕмтӕ знаджы цӕстӕй куы кастысты, уӕд дӕр. Давидау мах дӕр ӕнӕмӕтӕй фынӕй кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕрцы ницӕмӕй тӕрсӕм.

23. Нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд хайджын цӕмӕй уыдзыстӕм?

23 Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн ныфсджынӕй лӕггад кӕнӕм. Хуыцаумӕ кувӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ хъусы, ууыл, ӕмӕ уӕд хайджын уыдзыстӕм «Хуыцауы фарнӕй, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарнӕй» (Фил. 4:6, 7). Уый нын цы стыр циндзинад хӕссы! Ӕмӕ кӕд нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм, уӕд фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Авессаломы тыххӕй Давид цавӕр зындзинӕдты бахауд?

3-ӕм псалом нӕ ныфс куыд уадзы?

4-ӕм псалом нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарӕм?

• Нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд цавӕр хорздзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Давид Авессаломӕй куы алыгъд, уӕд дӕр ныфсджын уыд Йегъовӕйӕ

[Нывтӕ 32 фарсыл]

Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарыс?