Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

О, куыд ӕнӕкӕрон у Хуыцауы зонд!

О, куыд ӕнӕкӕрон у Хуыцауы зонд!

О, куыд ӕнӕкӕрон у Хуыцауы зонд!

«О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ тӕрхӕттыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ!» (РОМ. 11:33).

1. Донаргъуыд чырыстӕттӕн ӕппӕты стырдӕр кад цы у?

ДӔ ЦАРДЫ дӕхицӕн ӕппӕты стырдӕр кадыл цавӕр хъуыддаг банымадтай? Чи зоны, фыццаг дӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, ӕмбырды дын цыдӕр куыд бахӕс кодтой кӕнӕ дын скъолайы йе та куысты куыд скад кодтой, уый. Фӕлӕ махӕн, донаргъуыд чырыстӕттӕн, ӕппӕты стырдӕр кад у, иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ нын ахӕм бар кӕй радта, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Уый фӕрцы нӕ Хуыцау дӕр базыдта (1 Кор. 8:3; Гал. 4:9).

2. Йегъовӕйы кӕй зонӕм ӕмӕ нӕ уый дӕр кӕй зоны, уый нын стыр кад цӕмӕн у?

2 Йегъовӕйы кӕй зонӕм ӕмӕ нӕ уый дӕр кӕй зоны, уый нын стыр кад цӕмӕн у? Ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ дун-дунейы уымӕй уӕлдӕр ничи ис, фӕлӕ, кӕй уарзы, уыдоны хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй дӕр. Хуыцау пехуымпар Наумӕн ныффыссын кодта: «Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ, фидар мӕсыг – зын сахат. Уый зоны, йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдоны» (Наум 1:7; Пс. 1:6). Уӕвгӕ, ӕнустӕм цӕрдзыстӕм ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у, ӕцӕг Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, базондзыстӕм ӕви нӕ, уымӕй (Иоан. 17:3).

3. Цы хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы базонӕм?

3 Хуыцауы ном кӕй зонӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауы базыдтам. Хъуамӕ йӕ афтӕ хорз базонӕм, нӕ Хӕлар куыд суа, базонӕм, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы. Стӕй уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд уымӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы хорз кӕй базыдтам, уый (1 Иоан. 2:4). Фӕлӕ нӕ кӕд ӕцӕгдӕр фӕнды Йегъовӕйы базонын, уӕд ма нӕ ноджы цыдӕр хъӕуы. Цы сарӕзта, ӕрмӕст уый хъуамӕ ма зонӕм, фӕлӕ йӕ куыд сарӕзта ӕмӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый дӕр. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндтӕ цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас нӕ тынгдӕр дисы ӕфтаудзӕн йӕ ӕнӕкӕрон зонд (Ром. 11:33).

Йегъовӕмӕ ис бӕлвырд фӕнд

4, 5. а) Библийы дзырд «фӕнд» цӕмӕ амоны? ӕ) Ӕрхӕсс цӕвиттон, адӕймаг йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй алыхуызон мадзӕлттӕй куыд спайда кӕны.

4 Йегъовӕмӕ ис бӕлвырд фӕнд, ӕмӕ Библийы дӕр фыст ис йӕ «ӕнусон фӕнды» тыххӕй (Еф. 3:10, 11). Ацы дзырдбаст куыд ӕмбарын хъӕуы? Дзырд «фӕнд» Библийы амоны бӕлвырд нысанмӕ, ӕмӕ цӕмӕй къухы бафта, уый тыххӕй вӕййы алыхуызон мадзӕлттӕ.

5 Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон: адӕймаджы фӕнды бӕлвырд ранмӕ ацӕуын. Ӕмӕ, уыцы ранмӕ бахӕццӕ уа, уый свӕййы йӕ нысан, кӕнӕ йӕ фӕнд. Йӕ бон у равзарын, цӕуыл ацӕудзӕн ӕмӕ йӕ фӕндаг кӕуылты акӕндзӕн, уый. Фӕндагыл, чи зоны, боныхъӕд фӕива, бирӕ машинӕтӕй дзы ацӕуӕн ма уа кӕнӕ фӕндаг искуы ӕхгӕд разына, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй бахъӕуа ӕндӕр фӕндаг равзарын. Цыфӕнды йӕ ма бахъӕуа фӕивын – кӕдӕм цыд, уырдӕм куы фӕхӕццӕ уа, уӕд йӕ нысан йӕ къухы бафтдзӕн.

6. Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй цыдӕртӕ куыд фӕивта?

6 Афтӕ Йегъовӕ дӕр йе ’нусон фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ фӕивта. Йӕ зӕрдыл дары, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн сӕрибардзинад кӕй ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ мадзӕлттӕ фӕивы. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ зӕрдӕвӕрд Байзӕддаджы тыххӕй цы загъта, уымӕ. Уымӕй бӕрӕг у, йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, уый. Фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн Йегъовӕ бафӕдзӕхста: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут» (Райд. 1:28). Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд цымӕ уыцы фӕнд фехӕлд? Афтӕ зӕгъӕн нӕй! Йегъовӕ уайтагъд уыцы ног уавӕртӕм гӕсгӕ равзӕрста ӕндӕр «фӕндаг», цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кӕна. Уӕд загъта, кӕй фӕзындзӕн «байзӕддаг» ӕмӕ, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыдон цы зиан ӕрхастой, уымӕй фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн (Райд. 3:15; Дзут. 2:14–17; 1 Иоан. 3:8).

7. Йегъовӕ Рацыды 3:14 йӕхи тыххӕй цы загъта, уымӕй нӕ бон цы у базонын?

7 Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд ӕххӕст кӕнгӕйӕ ног уавӕртӕм гӕсгӕ йӕ бон цыдӕр фӕивын кӕй у, уый бӕрӕг у, йӕхӕдӕг йӕхи тыххӕй цы загъта, уымӕй. Йегъовӕ Моисейӕн хӕслӕвӕрд куы радта ӕмӕ Моисей, куыд ӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл куы тыхсти, уӕд ын Йегъовӕ ныфс бавӕрдта: «„ӔЗ СУЫДЗЫНӔН, ЧИ МӔ БАФӔНДА, УЫЙ“. Ӕмӕ йын стӕй ноджыдӕр загъта: „Афтӕ-иу зӕгъ Израилы фырттӕн: „ӔЗ СУЫДЗЫНӔН мӕ рарвыста сымахмӕ“» (Рац. 3:14). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ суа, йӕ фӕнд кӕронмӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый! Уый дзӕбӕх равдыста апостол Павел Ромӕгтӕм 11 сӕры. Уым ныхас кӕны оливӕбӕласыл, фӕлӕ йӕ комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Уыцы цӕстуынгӕ цӕвиттонмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд Йегъовӕйы ӕнӕкӕрон зондӕн фылдӕр аргъ кӕнын райдайдзыстӕм,– уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл.

Йегъовӕйы фӕнд зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы тыххӕй

8, 9. а) Оливӕбӕласы цӕвиттон цавӕр цыппар сӕйраг хъуыддаджы фӕрцы бамбардзыстӕм? ӕ) Цавӕр фарстайӕн хъуамӕ базонӕм дзуапп, цӕмӕй йӕ бамбарӕм, Йегъовӕ йӕ фӕнд ӕххӕст кӕнгӕйӕ уавӕртӕм гӕсгӕ мадзӕлттӕ кӕй фӕивы?

8 Цӕмӕй оливӕбӕласы цӕвиттон бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм цыппар хъуыддаджы – уыдонӕй зыны, Йегъовӕ куыд ӕххӕст кӕны, зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый. Фыццаг: Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаджы, кӕнӕ йӕ байзӕддӕгты, фӕрцы «арфӕгонд [кӕй] ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Райд. 22:17, 18). Дыккаг: Израилы адӕмӕн, Авраамы байзӕддӕгтӕн, уыд диссаджы фадат, цӕмӕй уыдонӕй «сауджынты паддзахад» равзӕрдаид (Рац. 19:5, 6). Ӕртыккаг: дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Мессийӕйыл куы нӕ баууӕндыдысты, уӕд Йегъовӕ «сауджынты паддзахад» скӕныны тыххӕй райдыдта ӕндӕрхуызон архайын (Матф. 21:43; Ром. 9:27–29). Ӕмӕ цыппӕрӕм: кӕд Авраамы байзӕддаг сӕйрагдӕр Йесо у, уӕддӕр ма ӕндӕр адӕм дӕр схайджын сты ахӕм кадӕй, ӕмӕ хауынц уыцы байзӕддагмӕ (Гал. 3:16, 29).

9 Уымӕй уӕлдай ма Раргомады чиныгӕй базонӕн ис, 144 000 Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ кӕй уыдзысты (Рарг. 14:1–4). Уыдон ма хуыйнынц «Израилы адӕм» дӕр (Рарг. 7:4–8). Фӕлӕ цымӕ 144 000 иууылдӕр дзуттӕгтӕ сты? Ацы фарстайӕн йӕ дзуапп ӕвдисы, Йегъовӕ йӕ фӕнд ӕххӕст кӕнгӕйӕ уавӕртӕм гӕсгӕ мадзӕлттӕ кӕй фӕивы. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, апостол Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм цы ныффыста, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн дзуапп ссарынӕн.

«Сауджынты паддзахад»

10. Цавӕр фадат уыд ӕрмӕстдӕр Израилы адӕмӕн?

10 Уӕлдӕр куыд загъд уыд, афтӕмӕй ӕрмӕстдӕр Израилы адӕмӕн уыд фадат, цӕмӕй уыдонӕй равзӕрдаид «сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм». (Бакӕс Ромӕгтӕм 9:4, 5.) Фӕлӕ зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг куы фӕзынд, уӕд цы ’рцыд? Цымӕ дзуттӕгтӕн уый бантыст, ӕмӕ 144 000, ома «Хуыцауы Израил», иууылдӕр уыдонӕй ӕвзӕрст ӕрцыдаиккой ӕмӕ ма Авраамы байзӕддагмӕ чи хауы, уыдон суыдаиккой? (Гал. 6:16).

11, 12. а) Уӕларвон Паддзахады чи уыдзӕн, уыдоны Хуыцау ӕвзарын кӕд райдыдта? Уыцы рӕстӕджы дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр сӕхи куыд равдыстой? ӕ) Йегъовӕ Авраамы байзӕддаджы нымӕц куыд баххӕст кодта?

11 Бакӕс Ромӕгтӕм 11:7–10. Фыццаг ӕнусы дзуттаг адӕм Йесойыл нӕ баууӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ сын уыцы фадат нал уыд, цӕмӕй Авраамы байзӕддаг ӕрмӕст уыдонӕй равзӕрдаид. Фӕлӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Хуыцау, уӕларвон «сауджынты паддзахады» чи уыдзӕн, уыдоны ӕвзарын куы райдыдта, уӕд дзы разынд, сыгъдӕгзӕрдӕ чи уыд, ахӕм дзуттӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауы ныхас сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Уыдон цалдӕр мины йеддӕмӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ, ӕппӕт дзуттаг адӕмимӕ абаргӕйӕ, уыдысты «гыццыл къорд» (Ром. 11:5).

12 Уӕдӕ Йегъовӕ Авраамы байзӕддаджы нымӕц куыд хъуамӕ баххӕст кодтаид? (Ром. 11:12, 25). Дӕ хъус-ма ӕрдар апостол Павелы дзуапмӕ: «Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауы ныхас нӕ сӕххӕст. Уымӕн ӕмӕ, Израилӕй чи рацыд, уыдон [ома дзуттӕгтӕ] се ’ппӕт ӕцӕг израилӕгтӕ не сты. Ӕмӕ Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй сты, уый дӕр ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иууылдӕр йе ’цӕг хъӕбултӕ [ома, Авраамы байзӕддагмӕ чи хауы, уыдон] сты... Ома, туг ӕмӕ стӕгӕй сывӕллӕттӕ Хуыцауы ӕцӕг хъӕбултӕ не сты, фӕлӕ, Авраамӕн зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уымӕ гӕсгӕ чи фӕзынд, уыцы хъӕбултӕ сты нымад йӕ байзӕддагыл» (Ром. 9:6–8). Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕна, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ, байзӕддагмӕ чи хаудзӕн, уыдон туг ӕмӕ стӕгӕй уой Авраамы байзӕддӕгтӕ.

Оливӕбӕлас цӕмӕ амоны

13. Цӕмӕ амоны: а) оливӕбӕлас? ӕ) йӕ уидаг? б) йӕ зӕнг? в) йӕ къалиутӕ?

13 Авраамы байзӕддаг чи хъуамӕ суыдаид, уыдоны апостол Павел абарста оливӕбӕласы къалиутимӕ * (Ром. 11:21). Ацы бӕлас у, цӕхӕрадоны чи зайы, ахӕм ӕмӕ амоны, Хуыцау Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Йӕ уидаг у табуйаг ӕмӕ амоны Йегъовӕмӕ, «Хуыцауы Израилӕн» цард чи радта, уымӕ (Ис. 10:20; Ром. 11:16). Бӕласы зӕнг амоны Йесомӕ – сӕйраджыдӕр уый у Авраамы байзӕддаг. Къалиутӕ иууылдӕр иумӕ амонынц, Авраамы байзӕддагмӕ ма ноджыдӕр чи хауы, уыдоны ӕххӕст нымӕцмӕ.

14, 15. Цӕхӕрадоны чи зайы, уыцы оливӕбӕласӕй Хуыцау цавӕр къалиутӕ «ӕрсаста» ӕмӕ сӕ бӕсты кӕй бафтыдта?

14 Йесойыл чи нӕ баууӕндыд, уыцы дзуттӕгты Павел оливӕбӕласы цӕвиттоны абарста, Хуыцау кӕй «ӕрсаста», уыцы къалиутимӕ (Ром. 11:17). Афтӕмӕй сын уый фадат нал уыд, цӕмӕй Авраамы байзӕддаг суыдаиккой. Фӕлӕ уӕд сӕ бӕсты чи хъуамӕ уыдаид? Сӕхицӕй хъал чи уыдысты, мах Авраамы байзӕддӕгтӕ стӕм, зӕгъгӕ, уыцы дзуттӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ уымӕн гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй сӕ бӕсты ӕндӕр адӕмтӕ ӕвзӕрст ӕрцыдаиккой. Фӕлӕ сӕ Аргъауӕг Иоанн дӕр фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы куы бафӕнда, уӕд йӕ бон у дуртӕй дӕр Авраамӕн сывӕллӕттӕ скӕнын (Лук. 3:8).

15 Уӕдӕ Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй цы сарӕзта? Павел ӕмбарын кӕны, цӕхӕрадоны чи зайы, уыцы оливӕбӕласыл Хуыцау саст къалиуты бӕсты хъӕддаг оливӕбӕласы къалиутӕ кӕй бафтыдта. (Бакӕс Ромӕгтӕм 11:17, 18.) Афтӕ уыд сӕ хабар сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕн ӕндӕр адӕмтӕй,– зӕгъӕм, Ромы ӕмбырдӕй кӕмӕндӕрты,– цыма сӕ Хуыцау оливӕбӕласыл бафтыдта, афтӕ уыдысты. Ӕмӕ уыдон дӕр систы Авраамы байзӕддаг. Уыдон фыццаг уыдысты хъӕддаг оливӕбӕласы къалиуты хуызӕн, ӕмӕ уыцы бадзырд уыдонмӕ нӕ хауди, ӕмӕ сын уыцы фадат дӕр нӕ уыд, цӕмӕй Авраамы байзӕддаг суыдаиккой. Фӕлӕ сын Йегъовӕ фӕндаг байгом кодта, цӕмӕй суыдаиккой «Хуыцауы Израил» (Ром. 2:28, 29).

16. Апостол Петр куыд бамбарын кодта, ног адӕм, ома Хуыцауы Израил, куыд фӕзынд, уый?

16 Апостол Петр ацы хъуыддаг афтӕ бамбарын кодта: «Уӕдӕ уый [ома Йесо Чырысти] сымахӕн [ома Хуыцауы Израилӕн, ӕмӕ уыдоны ’хсӕн сты, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон дӕр], уырнджытӕн, у зынаргъ. Ӕнӕуырнджыты тыххӕй та Фыстад афтӕ зӕгъы: „Аразджытӕ цы дур аппӕрстой, раст уыцы дур сси фисыны сӕйраг дур“, стӕй, „цӕлхдур ӕмӕ къуылымпыйы хос чи уыдзӕн, ахӕм къӕдзӕх“... Сымах та стут „ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм, цӕмӕй алкӕмдӕр хъусын кӕнат“, талынгӕй уӕ чи ракодта ӕмӕ уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта, уымӕн йӕ „диссаджы миниуджыты тыххӕй“. Сымах кӕддӕр Хуыцауы адӕм нӕ уыдыстут, ныр та стут йӕ адӕм. Кӕддӕр уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ нӕ уыд, ныр та уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста» (1 Пет. 2:7–10).

17. Йегъовӕ цы сарӕзта, «кӕд афтӕ ничи кӕны, уӕддӕр»?

17 Йегъовӕ ахӕм цыдӕр сарӕзта, ӕмӕ бирӕтӕн уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Ӕмӕ уый тыххӕй Павел загъта, «кӕд афтӕ ничи кӕны, уӕддӕр», зӕгъгӕ (Ром. 11:24). Афтӕ цӕмӕн загъта? Цӕхӕрадоны чи зайы, ахӕм бӕласыл хъӕддаг бӕласы къалиутӕ бафтауӕн кӕй ис, уый, чи зоны, искӕмӕ ӕнахуыр фӕкӕса, фӕлӕ фыццаг ӕнусы иуӕй-иу зӕхкусджытӕ афтӕ кодтой *. Раст афтӕ Йегъовӕ дӕр сарӕзта ӕнахуыр хъуыддаг. Дзуттӕгтӕм афтӕ каст, ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕн сӕ бон нӕу хорз дыргъ хӕссын. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ растдӕр уыдон ӕрбаиу сты, Паддзахады дыргъ чи хаста, «уыцы адӕммӕ» (Матф. 21:43, фип.). Н. э. 36 азы Корнилий, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕ уыд, уый, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыд, ӕмӕ уый уыд фыццаг ахӕм хабар. Афтӕмӕй, дзуттаг чи нӕ уыд ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыдонӕн уыцы диссаджы фадат фӕзынд, цӕмӕй сӕ оливӕбӕласыл бафтыдтаиккой (Хъуыд. 10:44–48) *.

18. Н. э. 36 азы фӕстӕ дӕр дзуттӕгтӕн цавӕр фадат уыд?

18 Цымӕ н. э. 36 азы фӕстӕ дзуттӕгтӕн ӕппындӕр нал уыд фадат, цӕмӕй Авраамы байзӕддаг суыдаиккой? Афтӕ нӕу. Павел зӕгъы: «Ӕмӕ уыдоны та [ома дзуттӕгты], кӕд сӕм уырнындзинад фӕзына, уӕд фӕстӕмӕ бӕласыл бафтаудзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ бон у уый бакӕнын. Кӕд дӕу хъӕддаг оливӕбӕласӕй ралыг кодтой ӕмӕ дӕ, цӕхӕрадоны чи зайы, уыцы оливӕбӕласыл бафтыдтой,– кӕд афтӕ ничи кӕны, уӕддӕр,– уӕд уыцы къалиутӕ та цас ӕнцондӕрӕй уыдзӕн бафтауӕн, цы оливӕбӕласӕй сӕ ралыг кодтой, ууыл!» * (Ром. 11:23, 24).

«Фервӕздзӕн ӕгас Израил дӕр»

19, 20. Оливӕбӕласы цӕвиттон куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Йегъовӕ цы сӕххӕст кӕндзӕн?

19 Йегъовӕмӕ «Хуыцауы Израилы» тыххӕй цы фӕнд ис, уый диссаджы хуызы ӕххӕст кӕны (Гал. 6:16). Павел куыд загъта, афтӕмӕй «фервӕздзӕн ӕгас Израил дӕр» (Ром. 11:26). Йегъовӕ цы рӕстӕг снысан кодта, уыцы рӕстӕг «ӕгас Израил дӕр», ома, Хуыцауы Израилмӕ чидӕриддӕр хауы, уыдон, уӕлӕрвты лӕггад кӕндзысты паддзӕхтӕй ӕмӕ сауджынтӕй. Йегъовӕйы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн ницы бахъыгдардзӕн!

20 Йегъовӕ куыд загъта, афтӕмӕй, Авраамы байзӕддаг чи сты, уыдон,– Йесо Чырысти ӕмӕ йемӕ 144 000,– «иннӕ адӕмтӕн» ӕрхӕсдзысты арфӕдзинӕдтӕ (Ром. 11:12; Райд. 22:18). Уый фӕрцы арфӕгонд цӕуынц Хуыцауы адӕм се ’ппӕт дӕр. Йегъовӕ йӕ ӕнусон фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ дисӕн кӕрон дӕр нал вӕййы. Ӕвӕдза, «куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ»! (Ром. 11:33).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 13 абз. Павел цы оливӕбӕласы кой кодта, уый Израилы адӕммӕ нӕ амыдта. Кӕд Израилы адӕммӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уыди, уӕддӕр сауджынты паддзахад нӕ систы. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ Израилы паддзӕхтӕн сӕ бон нӕ уыд, ӕмӕ-иу сауджынтӕ суыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй оливӕбӕлас Израилы адӕммӕ амыдтаид. Павел ацы цӕвиттонӕй спайда кодта, цӕмӕй равдыстаид, Хуыцаумӕ «сауджынты паддзахады» тыххӕй цы фӕнд уыд, уый «Хуыцауы Израилыл» куыд ӕххӕст кӕны. Павелы цӕвиттон раздӕр куыд ӕмбарын кодтой, уый фенӕн ис 1983 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 14–19 фӕрстӕ (англ.).

^ 17 абз. Уый уыди, ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг куы рацыд, уӕд (уыцы рӕстӕджы дӕргъы ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕн лӕвӕрд уыд уый фадат, цӕмӕй суыдаиккой ног адӕм, Хуыцауы Израил). Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый фыст уыд Данелы пехуымпарады 70 азон къуырийы тыххӕй (Дан. 9:27).

^ 18 абз. Ромӕгтӕм 11:24 «цӕхӕрадон»-ӕй тӕлмац грекъаг разӕфтуан цы ныхасӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «хорз, тынг хорз» кӕнӕ «цы хъуыддагӕн арӕзт у, уымӕн чи бӕззы». Фылдӕр хатт ӕй фӕдзурынц, цы хъуыддагӕн ӕрцыд арӕзт, уымӕн чи бӕззы, ахӕм дзаумайы кой кӕнгӕйӕ.

Бахъуыды кодтай?

• Цы ис базонӕн Йегъовӕйы тыххӕй, йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, уымӕй?

Ромӕгтӕм 11 сӕры цӕмӕ амоны...

оливӕбӕлас?

йӕ уидаг?

йӕ зӕнг?

йӕ къалиутӕ?

• Хъӕддаг бӕласы къалиутӕ бафтауыны тыххӕй Павел цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «кӕд афтӕ ничи кӕны, уӕддӕр»?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 24 фарсыл]

 Оливӕбӕласыл хъӕддаг бӕласы къалиутӕ цӕмӕн бафтауынц?

▪ Луций Юний Модерат Колумелла, ромаг ӕфсӕддон ӕмӕ зӕхкусӕг, царди н. э. 1 ӕнусы. Зонынц ӕй, хъӕууон царды ӕмӕ зӕххы куысты тыххӕй цы 12 чиныджы ныффыста, уыдонӕй.

Йӕ фӕндзӕм чиныджы ӕрхаста иу рагон ӕмбисонд: «Оливӕбӕлӕсты дыргъдон чи бахуым кӕны, уый дзы дыргътӕ кургӕ кӕны; фаджыс сыл чи кӕны, уый сын дыргъты тыххӕй лӕгъстӕ кӕны; ӕхсӕдгӕ сӕ чи кӕны, уый та сӕ дыргътӕ домгӕ кӕны».

Хус чи нӕу, фӕлӕ дыргъ чи нӕ хӕссы, ахӕм бӕласы тыххӕй дӕтты ахӕм уынаффӕ: «Бӕлас хъӕуы ныххуынкъ кӕнын ӕмӕ дзы хъӕддаг оливӕбӕласы ног къалиу нытътъыссын; уый фӕрцы бӕлас... дыргъ хӕссын райдайы».

[Ныв 23 фарсыл]

Оливӕбӕласы цӕвиттон цӕмӕ амоны, уый ӕмбарыс?