Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕуӕм нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдыл

Цӕуӕм нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдыл

Цӕуӕм нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдыл

ЗӔХХОН хицӕутты фӕдыл чи цӕуы, уыдон арӕх фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц. Фӕлӕ, Чырыстийы фӕдыл чи цӕуы, уыдон та фӕсмойнаг никуы фӕвӕййынц. Чырысти афтӕ загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут» (Матф. 11:28, 29). Чырыстийы разамынд адӕймагӕн удӕнцой хӕссы ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы. Йесойы зӕрдӕ ӕдзух дзуры ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст адӕмимӕ, ӕмӕ сӕ хоны, цӕмӕй йын йӕ рог ӕфсондз сӕхиуыл сӕвӕрой. Уӕдӕ цымӕ, нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдыл цӕуынмӕ цы хауы?

Апостол Петр ныффыста: «Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 Пет. 2:21). Чырыстийы къахвӕдтыл цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм? Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, цалдӕрӕй фӕцӕут, минӕтӕ ныгӕд кӕм ис, ахӕм быдырыл. Фӕлӕ уырдыгӕй ӕнӕфыдбылызӕй куыд рацӕуат, уый уӕ ӕрмӕстдӕр иу зоны. Уӕд уыцы адӕймаджы фӕд-фӕд нӕ цӕудзынӕ? Афтӕ мах дӕр, Чырыстийы фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн ӕдас фидӕн. Уымӕ ма хауы, Чырыстимӕ хъусын, йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ нын разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдонимӕ ӕмгуыст кӕнын.

Хъусӕм ӕмӕ коммӕ кӕсӕм

Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд фӕстагмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ [мын] чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл чи сарӕзта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн. Иу бон къӕвда ныккалдта, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстад, ӕмӕ сӕхи ныццавтой уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ хӕдзар нӕ ныккалд, уымӕн ӕмӕ къӕдзӕхыл лӕууыд» (Матф. 7:24, 25).

Чырысти, йӕ ныхӕстӕм ын чи хъусы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы схуыдта «зондджын адӕймаг». Зӕрдиагӕй йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй бӕрӕг у, кӕй йын аргъ кӕнӕм? Ӕви нӕм йӕ фӕдзӕхстытӕй ӕнцондӕр чи кӕсы, ӕрмӕстдӕр уыдон феххӕст кӕнӕм? Йесо афтӕ загъта: «Ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн [Хуыцауӕн] ӕхсызгон цы у, уый» (Иоан. 8:29). Мах дӕр хъуамӕ Чырыстийы фӕзмӕм.

Фыццаг ӕнусы апостолтӕ Чырыстийы разамындмӕ кӕй хъуыстой, уымӕй нын ныууагътой хорз цӕвиттон. Иухатт Петр Йесойӕн афтӕ загъта: «Ӕмӕ мах ӕппӕт дӕр нӕ ныууагътам ӕмӕ дӕ фӕдыл нӕ цӕуӕм?» (Мар. 10:28). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, апостолтӕ Йесо Чырыстийы разамындӕн ахӕм стыр аргъ кодтой, ӕмӕ алцыдӕр ныууагътой, цӕмӕй йӕ фӕдыл цыдаиккой (Матф. 4:18–22).

Разамынд нын кӕй уылты дӕтты, уыдонимӕ ӕмгуыст кӕнӕм

Чырыстийы фӕдыл цӕуын ма нӕ бон куыд у, уый тыххӕй йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ афтӕ загъта: «Мӕ гыццыл ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн цы сарӕзтат, уый мӕнӕн сарӕзтат» (Иоан. 13:20). Йесо дзырдта йе «’фсымӕрты» тыххӕй, разамынд кӕй уылты дӕтты, уыцы сӕрст чырыстӕтты тыххӕй (Матф. 25:40). Чырысти йӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд йе «’фсымӕртӕ» йӕ номӕй архайын райдыдтой, ӕмӕ систы «минӕвӕрттӕ Чырыстийы бӕсты». Уыдон адӕмӕн дзурынц, цӕмӕй Йегъовӕимӕ бафидауой (2 Кор. 5:18–20). Чырыстийы разамындӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый хъуамӕ бӕрӕг уа, йе «’фсымӕрты» коммӕ йын кӕй кӕсӕм, уымӕй.

Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам, нӕ публикациты цы ахсджиаг уынаффӕтӕ вӕййы, уыдонмӕ цы цӕстӕй фӕкӕсӕм, ууыл. Библи куы фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы фӕцӕуӕм, уӕд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц Чырыстийы ныхӕстӕ (2 Пет. 3:1, 2). Нӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы бафидар вӕййы, уыцы хӕринагӕй ӕдзух нӕхи куы ӕфсадӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, зӕрдиагӕй йын кӕй аргъ кӕнӕм. Фӕлӕ цымӕ нӕ публикациты уыцыиу уанаффӕ арӕх куы вӕййы, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Зӕгъӕм, Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ цард, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр уыимӕ баиу кӕнӕм (1 Кор. 7:39). Ууыл «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ныхас цӕуы сӕдӕ азӕй фылдӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чырыстийы «ӕфсымӕрты» нӕ хорз фӕнды, ӕмӕ нын уыцы ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ публикациты уылты уынаффӕтӕ дӕттынц. Ӕмӕ мах уыцы уынаффӕтӕм куы хъусӕм, уӕд равдисдзыстӕм, нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдыл кӕй цӕуӕм.

«Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ»,– фыст ис Ӕмбисӕндты 4:18. Чырыстийы разамынд иу ран нӕ лӕууы, размӕ цӕуы. Йе «’фсымӕртимӕ» ма ӕмгуыст фӕкӕнӕм, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» исты ахуырад ногӕй куы бамбарын кӕны, уымӕ раст цӕстӕй куы ракӕсӕм, уӕд дӕр (Матф. 24:45).

Чырыстийы «ӕфсымӕрты» коммӕ ма кӕсдзыстӕм, ӕмбырды нын разамынд чи дӕтты, уыдонимӕ ӕмгуыст куы кӕнӕм, уӕд. Апостол Павел ныффыста: «Разамынд уын чи дӕтты, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц... Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут» (Дзут. 13:17). Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг нын уынаффӕ радта, бинонтимӕ Библи ӕдзух ахуыр кӕнын ахсджиаг кӕй у кӕнӕ нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын кӕй хъӕуы. Йе та нын цӕуӕг цӕстдарӕг радта, царды нӕ чи бахъӕуа, ахӕм уынаффӕ. Ахӕм уынаффӕтӕм зӕрдиагӕй куы хъусӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдыл кӕй цӕуӕм.

Хъыгагӕн абон адӕмӕн нӕй, райгонд кӕмӕй уой, ахӕм разамынд. Фӕлӕ махӕн удӕнцой хӕссы, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдыл кӕй цӕуӕм, уый! Цӕй уӕдӕ, ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ Разамонӕджы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ нын разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдонимӕ ӕмгуыст кӕнӕм.

[Нывтӕ 27 фарсыл]

Библийы фӕдзӕхстмӕ хъусыс, дӕхи ӕнӕуырнӕгимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындз, зӕгъгӕ?