Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстон бинонтӕ, «цырддзаст ут»!

Чырыстон бинонтӕ, «цырддзаст ут»!

Чырыстон бинонтӕ, «цырддзаст ут»!

«Уӕм цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус» (1 ФЕС. 5:6).

1, 2. Цӕмӕй бинонтӕн сӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразой?

АПОСТОЛ Павел Фессалоникӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕм, «Йегъовӕйы стыр бон, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы боны» тыххӕй куы фыста, уӕд сын загъта: «Сымах, ме ’фсымӕртӕ, талынджы не стут, цӕмӕй уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафа, боны рухс давджыты куыд ӕрӕййафы, афтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах иууылдӕр стут рухсы хъӕбултӕ ӕмӕ боны хъӕбултӕ. Махӕн ӕхсӕвимӕ ӕмӕ талынгимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Гъемӕ уӕдӕ мах иннӕты хуызӕн фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус» (Иоил 2:31; 1 Фес. 5:4–6).

2 Павел фессалоникӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ сӕ хъус ӕрдарой, «кӕроны рӕстӕг» чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕ (Дан. 12:4). Ацы фыддунейы кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ Хӕйрӕг ноджы тынгдӕр архайы, цӕмӕй Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕты раст фӕндагӕй аздаха. Ӕмӕ хорз уаид, Павелы уынаффӕ нӕ зӕрдӕмӕ куы айсиккам, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа. Цӕмӕй чырыстон бинонтӕ «цырддзаст уой», уый тыххӕй сӕ хъуамӕ алчидӕр ӕнӕмӕнг ӕххӕст кӕна, Библи сыл цы хӕстӕ ӕвӕры, уыдон. Бинонты хистӕрӕн, усӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иууылдӕр «цырддзаст уой»?

Бинонты хистӕртӕ, «хорз фыййауы» фӕзмут

3. Бинонты хистӕрыл цавӕр хӕс ис 1 Тимофейы 5:8 гӕсгӕ?

3 «Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг»,– фыст ис Библийы (1 Кор. 11:3). Нӕлгоймаг бинонты хистӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йыл цавӕр хӕс ис? Библи уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Йӕхиуӕттыл, ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл, чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уымӕй фыддӕр» (1 Тим. 5:8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕлгоймаг хъуамӕ йӕ бинонты дара. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ йӕ бинонты уырнындзинадыл дӕр тыхса ӕмӕ сын ӕххуыс кӕна, цӕмӕй Хуыцауимӕ ӕнгомдӕр уой (Ӕмб. 24:3, 4). Ӕмӕ уый тыххӕй цы хъуамӕ араза?

4. Нӕлгоймагӕн йӕ бон куыд у йӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕнын?

4 «Лӕг у усӕн йӕ сӕрыхицау, Чырысти ӕмбырды... сӕр куыд у, афтӕ»,– зӕгъы Библи. Уымӕ гӕсгӕ, цардӕмбал кӕмӕн ис, уыцы нӕлгоймаг хъуамӕ базона, Йесо ӕмбырдӕн разамынд куыд дӕтты, уый ӕмӕ йӕ фӕзма (Еф. 5:23). Ӕркӕсӕм-ма, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕ. (Бакӕс Иоанны 10:14, 15.) Цымӕ нӕлгоймагӕн йӕ бон куыд у йӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕнын? Уый тыххӕй хъуамӕ, «хорз фыййау» Йесо Чырысти цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый йӕ зӕрдыл дара ӕмӕ «йӕ къахвӕдтыл цӕуа» (1 Пет. 2:21).

5. Нӕ Хорз Фыййау алы ӕмбырды тыххӕй дӕр цы зоны?

5 Фыййау йӕ фысты тыххӕй алцыдӕр фӕзоны, фыстӕ дӕр фӕзонынц сӕ фыййауы ӕмӕ йыл феууӕндынц. Базонынц ын йӕ хъӕлӕс дӕр ӕмӕ йӕ фӕдыл фӕцӕуынц. «Ӕз зонын мӕ фысты, стӕй мӕ мӕ фыстӕ дӕр зонынц»,– загъта Йесо. Алы ӕмбырд дӕр цы уавӕры ис, уый Чырысти хорз зоны. «Зонын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «тынг хорз зонын». О, нӕ Хорз Фыййау йӕ фыстӕй алкӕйдӕр хорз зоны: сӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ, сӕ хорз миниуджытӕ ӕмӕ цӕмӕй тыхсынц, уый. Нӕ Хорз Фыййау Йесо йӕ фыстӕй алкӕйдӕр уыны, раст цыма йӕ армытъӕпӕныл сты, афтӕ. Фыстӕ дӕр ӕй хорз зонынц, ӕууӕндынц ыл ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуынц.

6. Бинонты хистӕрӕн йӕ бон куыд у Хорз Фыййауы фӕзмын?

6 Бинонты хистӕр Чырыстийы куы фӕзма, уӕд йӕхи нымайдзӕн фыййауыл, йӕ бинонты та – йӕ фыстыл. Ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ йӕ бинонтӕй алкӕйдӕр хорз зона. Фӕлӕ цымӕ уымӕн гӕнӕн ис? О, кӕд йӕ бинонтӕн се ’ппӕтӕн дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕны, лӕмбынӕг сӕм байхъусы, алыхуызон хъуыддӕгты сын разамынд ратты ӕмӕ раст уынаффӕтӕ рахӕссы бинонты ахуыры тыххӕй, ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуыны тыххӕй, стӕй ма хиирхӕфсӕнты тыххӕй дӕр. Чырыстон нӕлгоймаг йӕ бинонтӕн Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ разамынд куы дӕтта ӕмӕ сӕ хорз куы зона, уӕд сын фӕзминаг уыдзӕн, ӕмӕ ӕгас бинонтӕй дӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕндзысты.

7, 8. Цӕмӕй бинонты хистӕр йӕ бинонты уарза, уый тыххӕй Хорз Фыййауы куыд хъуамӕ фӕзма?

7 Хорз фыййау ма йӕ фысты уарзгӕ дӕр фӕкӕны. Евангелиты Йесойы царды хабӕртты ӕмӕ йӕ лӕггады тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ дисы бафтауы, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ зӕрдӕйӕн куыд адджын уыдысты, уый. Чырысти суанг йӕ уд дӕр радта йӕ «фысты сӕрвӕлтау». Бинонты хистӕртӕ дӕр хъуамӕ Йесойы фӕзмой, ӕмӕ сӕ бинонты уарзой. Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыцы нӕлгоймӕгтӕ сӕ устыты никуы фефхӕрынц, фӕлӕ сӕ фӕуарзынц, «Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта», афтӕ (Еф. 5:25). Бинонты хистӕр йӕ усимӕ хъуамӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй ныхас кӕна, уымӕн ӕмӕ сылгоймаг кады аккаг у (1 Пет. 3:7).

8 Бинонты хистӕр йӕ сывӕллӕтты хъуамӕ хъомыл кӕна Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ. Стӕй йӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, йӕ сывӕллӕтты йӕ зӕрдӕйы хъармӕй кӕй хъуамӕ рӕвдауа. Зонд сын хъуамӕ амона фӕлмӕнӕй. Сывӕллӕттӕй иуӕй-иуты фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй бамбарой, цы сӕ домынц, уый. Ӕмӕ уый тыххӕй фыды фӕхъӕуы бирӕ фӕразондзинад. Хӕдзары хицау ӕдзух Чырыстийы куы фӕзма, уӕд йӕ бинонты ’хсӕн уыдзӕн фарн ӕмӕ ӕппындӕр ницӕуыл тыхсдзысты. Ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕимӕ куыд ӕнгом уыди, бинонтӕ дӕр ӕм афтӕ ӕнгом уыдзысты. (Бакӕс Псалом 23:1–6.)

9. Нойау чырыстон бинонты хистӕртыл цавӕр хӕс ис, ӕмӕ сын уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

9 Чырыстон бинонты хистӕртӕн ма фӕзминаг у Ной дӕр. Нойы рӕстӕг Хуыцау хъавыд уыцы рагон дунейӕн кӕрон скӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕ «Нойы ӕмӕ ма йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта», ӕнӕхуыцау адӕмы дунейыл Доны хъаймӕт куы рауагъта, уӕд (2 Пет. 2:5). Нойыл уыди хӕс, цӕмӕй йӕ бинонтӕн баххуыс кодтаид Доны хъаймӕты сӕрты ахизынӕн. Ацы фӕстаг бонты чырыстон бинонты хистӕртыл дӕр ис ахӕм хӕс (Матф. 24:37). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй бинонты хистӕртӕ хуыздӕр базоной, «хорз фыййау» куыд кодта, уый, ӕмӕ уыдон дӕр афтӕ кӕной!

Устытӕ, «хӕдзараразджытӕ ут»

10. Ус йӕ лӕджы коммӕ кӕй хъуамӕ кӕса, уый йын цӕуыл дзурӕг у?

10 «Устытӕ сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт, Хицауы коммӕ куыд кӕсынц, афтӕ»,– ныффыста апостол Павел (Еф. 5:22). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ хӕдзары дзырды бар нӕй. Хуыцау фыццаг сылгоймаджы, Евӕйы, куы нӕма сфӕлдыста, уӕд загъта: «Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг» (Райд. 2:18). Сылгоймаг «ӕххуысгӕнӕг» кӕй у, уый хъуамӕ йӕхицӕн кадджын хӕсыл нымайа, уымӕн ӕмӕ лӕг, йӕ бинонты раз ыл цы хӕс ис, уый куы феххӕст кӕны, уӕд йӕ фарсмӕ балӕууы.

11. Хорз ус «хӕдзараразӕг» куыд вӕййы?

11 Хорз ус архайы йӕ бинонты хорздзинадыл. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 14:1.) Йӕ сӕрыхицауӕн кад чи нӕ кӕны, уыцы ӕнӕзонд усӕй уӕлдай зондджын ус йӕ лӕгӕн стыр кад фӕкӕны. Ацы дунейы бирӕ сылгоймӕгтӕ сты хивӕнд ӕмӕ ӕгоммӕгӕс, фӕлӕ зондджын ус йӕ цардӕмбалы коммӕ фӕкӕсы (Еф. 2:2). Ӕнӕзонд ус йӕ лӕджы иннӕты цӕсты ӕфтауы, зондджын ус та йӕ лӕджы йӕ цоты ӕмӕ адӕмы цӕсты никуы бафтауы. Ахӕм ус йӕ цардӕмбалыл фаутӕ нӕ февӕры ӕмӕ йемӕ нӕ фӕбыцӕу кӕны. Сылгоймаг ма хъуамӕ зона фӕстауӕрц кӕнын дӕр. Йӕ лӕг йӕ уӕззау фыдӕбонӕй кӕй бакусы, уыцы ӕхцатӕн ӕнӕзонд сылгоймаг сӕ бынӕй рухс суадзы. Зондджын ус та афтӕ нӕ кӕны, ӕхца цӕуыл бахардз кӕндзӕн, ууыл йӕ лӕгимӕ аныхас кӕны. Ахӕм сылгоймаг у ӕмбаргӕ ӕмӕ зоны ӕхцайыл фӕстӕмӕ хӕцын. Стӕй йӕ лӕджы дӕр фылдӕр рӕстӕг нӕ фӕкусын кӕны.

12. Усӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй йӕ бинонтӕ «цырддзаст уой»?

12 Хорз ус фӕархайы, цӕмӕй йӕ бинонтӕ «цырддзаст уой». Уый йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы хуыздӕр базоной (Ӕмб. 1:8). Зӕрдиагӕй фӕархайы, цӕмӕй сӕ бинонты ахуыр цымыдисаг уа. Уымӕй уӕлдай ма, йӕ лӕг сывӕллӕттӕн уынаффӕ куы фӕдӕтты кӕнӕ сын зонд куы фӕамоны, уӕд йемӕ разы вӕййы. Ӕнӕмбаргӕ сылгоймаг та уыдӕттыл нӕ фӕархайы, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ сывӕллӕттӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух вӕййынц ӕмӕ сӕ уырнындзинад дӕр вӕййы лӕмӕгъ.

13. Ус йӕ лӕгӕн цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕна Хуыцауы хъуыддӕгты архайынӕн?

13 Цымӕ хорз ус цы цӕстӕй кӕсы, йӕ лӕгӕн Хуыцауы организацийы ахсджиаг хӕстӕ куы вӕййы, уымӕ? Тынг фӕцин кӕны! Хорз ус стыр кадыл нымайы, йӕ лӕг кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр йе та хистӕр нӕлгоймаг куы вӕййы, науӕд рынчындӕттимӕ бастдзинады комитеты кӕнӕ Паддзахады залты арӕзтадон комитеты уӕнг куы вӕййы. Цӕмӕй ус йӕ лӕгӕн ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй йӕ хъӕуы йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты цух кӕнын. Стӕй ӕмбары, йӕ лӕг Хуыцауы хъуыддӕгты куы архайа, уӕд йӕ бинонтӕ иууылдӕр цырддзаст кӕй уыдзысты.

14. а) Сылгоймагӕн иуӕй-иу хатт зын цы вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр цӕуыл фӕархайы? ӕ) Хорз ус цы фӕаразы, цӕмӕй йӕ бинонты ’хсӕн фарн уа?

14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сылгоймаг алы хатт, йӕ лӕг цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдонимӕ разы нӕ вӕййы, ӕмӕ йын уый тыххӕй зын вӕййы йӕ коммӕ кӕсын. Фӕлӕ уӕддӕр вӕййы сабыр, фӕлмӕн ӕмӕ йӕ лӕджы уынаффӕйыл дыууӕ нал фӕзӕгъы (1 Пет. 3:4). Хорз ус ма фӕархайы, цӕмӕй бафӕзма рагзаманты цӕрӕг иузӕрдион сылгоймӕгты, зӕгъӕм, Саррӕйы, Руфы, Авигейӕйы ӕмӕ Йесойы мад Марийӕйы (1 Пет. 3:5, 6). Фӕзмы ма, абон ӕмбырдты чи ис, уыцы ӕгъдауджын кардзыд сылгоймӕгты дӕр (Тит. 2:3, 4). Йӕ лӕджы куы уарза ӕмӕ йын куы кад кӕна, уӕд уыдзысты ӕмуддӕр, ӕмӕ уый ӕнӕхъӕн бинонтыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн. Ахӕм сылгоймагӕн йӕ хӕдзары вӕййы фарн. Ӕцӕгдӕр, йӕ лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм усӕн аргъ нӕй! (Ӕмб. 18:22).

Кӕстӕртӕ, «цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ» кӕсут

15. Кӕстӕртӕн сӕ бон куыд у сӕ ныййарджытӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ бинонтӕ «цырддзаст уой»?

15 Кӕстӕртӕ, мыййаг, уӕ ныййарджытӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй уе ’ппӕт дӕр «цырддзаст уат»? Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ дын цы хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта, ууыл. Чи зоны дын дӕ ныййарджытӕ гыццылӕй ӕвдыстой Дзӕнӕты нывтӕ. Ӕмӕ куы фестырдӕр дӕ, уӕд та дын, ӕвӕццӕгӕн, Библи ӕмӕ нӕ публикациты фӕрцы ӕмбарын кодтой, ног дунейы ӕнусон цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Дӕ тыхтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ куы скӕнай ӕмӕ дӕ цард уымӕ гӕсгӕ куы аразай, уӕд «цырддзаст уыдзынӕ».

16, 17. Кӕстӕртӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй царды фӕндагыл згъоргӕйӕ ӕнтыстджын уой?

16 Дӕ зӕрдӕмӕ айс, апостол Павел 1 Коринфӕгтӕм 9:24 цы ныффысста, уый. (Бакӕс ӕй.) Царды фӕндагыл афтӕ згъор, цӕмӕй рамбулай. Ӕнусон царды хӕрзиуӕг кӕм райсдзынӕ, уыцы фӕндагыл згъор. Бирӕтӕ хъӕздыгдзинады фӕдыл афтӕ адзӕгъӕл сты, ӕмӕ разӕй Хуыцауы хӕрзиуӕг нал уынынц. Ӕвӕдза, куыд ӕнӕзонд ми у уый! Адӕймагӕн царды хъӕздыгдзинӕдтӕ сӕйрагдӕр куы свӕййынц, уӕд амондджын никуы вӕййы. Ӕхцайӕ балхӕнӕн цы ис, уый рӕстӕгмӕ у. Ды та кӕс, «цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, «цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый» ӕнустӕм у (2 Кор. 4:18).

17 «Цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ» хауынц Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтӕ. Ӕмӕ дӕ цард афтӕ араз, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕ дӕ къухы бафтой. Ӕцӕг амондджын уыдзынӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ. Ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дын уыдзӕн фадӕттӕ, цӕмӕй тырнай гыццыл нысӕнттӕм дӕр ӕмӕ стыр нысӕнттӕм дӕр *. Дӕ къухы чи бафта, дӕ разы ахӕм нысӕнттӕ куы ӕвӕрай, уӕд дӕ бон уыдзӕн дӕ тыхтӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ саразын ӕмӕ ӕнусон царды хӕрзиуӕгмӕ тырнын (1 Иоан. 2:17).

18, 19. Кӕстӕртӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй рӕстдзинад бауарзой?

18 Кӕстӕртӕ, цӕмӕй царды фӕндагыл фыццаг къахдзӕф скӕнат, уый тыххӕй хъуамӕ рӕстдзинад бауарзат. Мыййаг, уыцы къахдзӕф скодтат? Алкӕмӕндӕр йӕ бон у ахъуыды кӕнын ахӕм фарстатыл: «Хуыцауӕн, мӕхи кӕй фӕнды, уый тыххӕй лӕггад кӕнын ӕви мӕ ныййарджыты кӕй фӕнды, уый тыххӕй? Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы миниуджытӕ цӕуынц, уыдоныл кусын? Цӕмӕй ӕдзухдӕр Хуыцауы хъуыддӕгты архайон, уый тыххӕй алкӕддӕр фӕкувын, Библи фӕиртасын, ӕмбырдтӕм фӕцӕуын ӕмӕ хорз хабар фӕхъусын кӕнын? Ӕдзухдӕр ӕмбырды хъуыддӕгты фӕархайын? Хуыцаумӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнын?» (Иак. 4:8).

19 Ахъуыды-ма кӕнӕм Моисейы хабарыл. Моисей кӕд ӕндӕр адӕмы ’хсӕн схъомыл ис, уӕддӕр ӕй бафӕндыд, цӕмӕй йӕ адӕм зыдтаиккой фараоны чызджы фыртӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕгӕй. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:24–27.) Нӕ кӕстӕртӕ, сымахӕн дӕр уӕ фидар фӕнд хъуамӕ уа Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Афтӕ куы кӕнат, уӕд ныридӕгӕн дӕр уыдзыстут амондджын, ӕппӕты хуыздӕр цардӕй цӕрдзыстут ӕмӕ фидӕны та «ӕцӕг цардыл» фидар ныххӕцдзыстут (1 Тим. 6:19).

20. Царды фӕндагыл чи згъоры, уыдонӕй хӕрзиуӕг чи райсдзӕн?

20 Рагзаманты-иу ерыс хъӕзтыты ӕрмӕстдӕр иу адӕймаг рамбылдта. Царды фӕндагыл чи згъоры, уыдонӕн та сӕ хабар ӕндӕрхуызон у. Хуыцауы «фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4). Уыцы фӕндагыл ӕнтыстджынӕй бирӕтӕ згъордтой дӕ размӕ, бирӕтӕ та йыл ныр згъорынц демӕ (Дзут. 12:1, 2). Ӕмӕ хӕрзиуӕг райсдзысты, фӕндагӕй чи нӕ ахиза, уыдон. Уӕдӕ размӕ згъор, цӕмӕй рамбулай!

21. Иннӕ статьяйы ныхас цӕуыл цӕудзӕн?

21 «Йегъовӕйы стыр бон, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы бон» ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн (Мал. 4:5). Уыцы бон чырыстон бинонты ӕнӕнхъӕлӕджы хъуамӕ ма ӕрӕййафа. Уымӕ гӕсгӕ бинонтӕй алчидӕр хъуамӕ ӕххӕст кӕна, Библи сыл цы хӕстӕ ӕвӕры, уыдон. Фӕлӕ ма цы у дӕ бон аразын, цӕмӕй «цырддзаст уай» ӕмӕ Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уай? Иннӕ статьяйы ныхас цӕудзӕн ӕртӕ хъуыддагыл, ӕмӕ уыдон бинонтӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа.

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Кӕс брошюрӕ bw504, 12–16 фӕрстӕ; 2004 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 21–23 фӕрстӕ (уырыс.).

Цы базыдтай?

• Чырыстон бинонтӕ цырддзаст цӕмӕн хъуамӕ уой?

• Бинонты хистӕрӕн йӕ бон куыд у Хорз Фыййауы фӕзмын?

• Хорз ус йӕ лӕгӕн куыд феххуыс кӕны?

• Кӕстӕртӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ бинонтӕ «цырддзаст уой»?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Йӕ лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм усӕн аргъ нӕй