Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аврааммӕ ӕцӕгдӕр уыди теуатӕ?

Аврааммӕ ӕцӕгдӕр уыди теуатӕ?

Аврааммӕ ӕцӕгдӕр уыди теуатӕ?

БИБЛИЙЫ фыст ис, фараон Авраамӕн цы хӕдзарон фос радта, уыдоны ’хсӕн теуатӕ дӕр кӕй уыд (Райд. 12:16). Авраамы лӕггадгӕнӕг дард балцы Месопотамимӕ куы ацыд, уӕд «йӕ хицауы теуатӕй дӕс ракодта». Уӕдӕ Библи бӕлвырдӕй дзуры, Аврааммӕ теуатӕ кӕй уыди, ӕмӕ уый уыд иу-4000 азы размӕ (Райд. 24:10).

Иуӕй-иутӕ уыцы хъуыдыимӕ разы не сты. Библийыл ныхас кӕм цӕуы, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Ахуыргӕндтӕ дзурынц, ацы хабӕртты теуаты тыххӕй цы фыст ис, уый историмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ сӕ фылдӕр афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ н. э. размӕ иу-1200-ӕм азы онг теуатӕ хӕдзарон фос нӕ уыдысты. Ӕмӕ уый та уыд, Авраам цы рӕстӕджы цард, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр» («New International Version Archaeological Study Bible»). Уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ, Библийы теуаты тыххӕй уыцы рӕстӕгӕй раздӕр фыст кӕм ис, уый рӕдыд у.

Фӕлӕ ӕндӕр ахуыргӕндтӕ та зӕгъынц, ӕмӕ кӕд бирӕтӕ теуатӕ дарын иу-3000 азы размӕ райдыдтой, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уымӕй размӕ теуатӕ никӕмӕ уыд. Иу чиныджы фыст ис: «Фӕстаг рӕстӕг ахуыргӕндтӕ цы раиртӕстой, уымӕ гӕсгӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ хуссар-скӕсӕн Аравийы теуатӕй хӕдзарон фос скодтой иу-4000 азы размӕ. Фыццаг сӕ, чи зоны, дардтой ӕхсыры, хъуыны, цармы ӕмӕ дзидзайы тыххӕй. Фӕлӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, адӕм тагъд бамбӕрстой, теуатыл кӕй ис уӕргътӕ ласӕн дӕр» («Civilizations of the Ancient Near East»). Археологтӕ цы ссардтой, зӕгъӕм, стджытӕ ӕмӕ ма ӕндӕр цыдӕртӕ, уыдонмӕ гӕсгӕ дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы хабар, Авраам цы рӕстӕджы цард, уымӕй раздӕр кӕй уыд.

Цы рагон фыстытӕ ссардтой, уыдон дӕр бӕлвырд кӕнынц уыцы хъуыды. Уӕлдӕр цы чиныджы кой ис, уым фыст ис: «Месопотамийы цуркӕнгӕс фыстыты [клинопись] ис уыцы цӕрӕгойы [ома теуайы] кой, стӕй цалдӕр мыхуырыл йӕ ныв дӕр ис. Уымӕй бӕрӕг у, ацы цӕрӕгой Месопотамийы кӕй фӕзынд иу-4000 азы размӕ», ома, Авраам цы рӕстӕджы царди, уӕдмӕ дӕр.

Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуссар Аравийӕ чи уыд ӕмӕ буд чи уӕй кодта, уыцы сӕудӕджертӕ сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдырыл цӕгатырдӕм Египетмӕ ӕмӕ Сиримӕ ластой теуатыл, ӕмӕ афтӕмӕй теуатӕ уыцы бӕстӕты дӕр фӕзындысты. Буд уӕй кӕныны куыст та, ӕвӕццӕгӕн, н. э. размӕ 2000 азы дӕр кодтой. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Райдианы 37:25–28 фыст ис, измаилаг сӕудӕджертӕ, буд-иу цӕмӕй арӕзтой, уыдӕттӕ Египетмӕ теуатыл кӕй ластой. Уый уыд, Авраам цы рӕстӕджы царди, уымӕй иу-100 азы фӕстӕ.

Уӕдӕ иу-4000 азы размӕ Ӕввахс Скӕсӕны, ӕвӕццӕгӕн, теуатӕ бирӕтӕ нӕ дардтой, фӕлӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй адӕмӕн бынтон ӕнӕзонгӕ нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ иу библион энциклопедийы кӕнынц ахӕм хатдзӕг, зӕгъгӕ, Библи теуаты кой кӕй кӕны, уый рӕдыдыл нымайӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ археологтӕ фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссардтой, Авраамы рӕстӕгӕй дӕр раздӕр теуатӕ хӕдзарон фос кӕй уыдысты, уымӕн («The International Standard Bible Encyclopedia»).