Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Демӕ рахӕсс тыхтӕттӕ»

«Демӕ рахӕсс тыхтӕттӕ»

«Демӕ рахӕсс тыхтӕттӕ»

АЦЫ ныхӕстӕ Павел ныффыста Тимофеймӕ, йемӕ алы бӕстӕтӕм хъусын кӕнынмӕ чи цыд, уымӕ. Цымӕ Павел цавӕр тыхтӕтты кой кодта? Цӕмӕн ныффыста Тимофеймӕ, демӕ-иу сӕ рахӕсс, зӕгъгӕ? Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста н. э. фыццаг ӕнусы ӕмбисы. Уыцы рӕстӕджы Дзуттаг Фыстыты 39 чиныджы дих уыдысты 22 кӕнӕ 24 чиныгыл. Сӕ фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты хицӕн тыхтӕттӕ. Профессор Алан Миллард зӕгъы, зӕгъгӕ, уыцы тыхтӕттӕ кӕд зынаргъ уыдысты, уӕддӕр сӕ «хъӕздгуытӕн сӕ бон уыд балхӕнын». Кӕмӕдӕрты дзы ӕппынкъаддӕр иу уӕддӕр уыд. Зӕгъӕм, ефиопаг хицау йӕ бӕхуӕрдоны «хъӕрӕй каст пехуымпар Исайы чиныг», ома тыхтон. Уыцы лӕджы бар уыдысты Ефиопийы ус-паддзахы хӕзнатӕ иууылдӕр. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыди хъӕздыг, ӕмӕ йӕм Фыстадӕй йӕхи тыхтӕттӕ дӕр уый тыххӕй уыд (Хъуыд. 8:27, 28).

Павел Тимофеймӕ ныффыста: «Куы цӕуай, уӕд-иу демӕ рахӕсс, Троадӕйы Карпмӕ кӕй ныууагътон, уыцы пӕлӕз, стӕй тыхтӕттӕ дӕр, уӕлдайдӕр та, цӕрмттӕй конд чи сты, уыдон» (2 Тим. 4:13). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, Павелмӕ алыхуызон чингуытӕ кӕй уыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ чингуытӕй йын Хуыцауы Ныхасӕй зынаргъдӕр иу дӕр нӕ уыд. Дзырдбаст «цӕрмттӕй конд»-ы тыххӕй библииртасӕг Арчибальд Робертсон ныффыста: «Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Зӕронд Фӕдзӕхсты тыхтӕттӕ. Цӕрмттӕй конд тыхтӕттӕ уыдысты папирусӕй бирӕ зынаргъдӕр [ӕмӕ фидардӕр]». Павел ӕрыгонӕй ахуыр кодта Гамалиилмӕ, Моисейы закъон чи амыдта ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕн нымад лӕг чи уыд, уымӕ. Уӕдӕ диссаг нӕу, Павелмӕ йӕхи тыхтӕттӕ кӕй уыд (Хъуыд. 5:34; 22:3).

Чырыстӕттӕ тыхтӕттӕй куыд пайда кодтой?

Кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ Сыгъдӕг Фыстады тыхтӕттӕ нӕ уыд, уӕд цымӕ уыцы заман чырыстӕттӕ Хуыцауы Ныхас куыд ахуыр кодтой? Дзуапп нӕ бон у ссарын Павелы фыццаг фыстӕджы Тимофеймӕ. Павел ӕм ныффыста: «Цалынмӕ цӕуон, уӕдмӕ дӕр ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай» (1 Тим. 4:13). Чырыстон ӕмбырдты-иу Фыстад хъӕрӕй кастысты. Уыцы ӕгъдау Хуыцауы адӕммӕ баззад Моисейы замантӕй (Хъуыд. 13:15; 15:21; 2 Кор. 3:15).

Тимофей, куыд хистӕр нӕлгоймаг, афтӕ хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайдтаид хъӕрӕй кӕсыныл, ӕмӕ уыцы хъуыддаг стыр пайда уыд, Фыстад кӕмӕ нӕ уыд, уыдонӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырдты рӕстӕг Хуыцауы Ныхас куы кастысты, уӕд иууылдӕр лӕмбынӕг хъуыстой, цӕмӕй дзы иу ныхас дӕр ма ауагътаиккой. Стӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ, ӕвӕццӕгӕн, хӕдзары ныхас кодтой, ӕмбырды-иу сын цы бакастысты, ууыл.

Тыхтӕттӕ-иу уыдысты даргъ. Зӕгъӕм, Мард денджызы цур цы тыхтӕттӕ ссардтой, уыдоны ’хсӕн уыд Исайы чиныг дӕр, ӕмӕ уыцы тыхтонӕн йӕ дӕргъ у 7,3 метры. Тыхтӕттӕн-иу дыууӕрдыгӕй сӕ кӕрӕттыл уыд хъӕдын хӕцӕнтӕ ӕмӕ-иу сын арӕх скодтой хъуымацӕй цъар кӕнӕ-иу сӕ дардтой дурынты. Уый тыххӕй тыхтӕттӕ уыдысты уӕззау. Ӕвӕццӕгӕн, чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр хъусын кӕнынмӕ семӕ бирӕ тыхтӕттӕ нӕ хастой. Кӕд Павелмӕ Фыстадӕй йӕхи тыхтӕттӕ дӕр уыд, уӕддӕр сӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ балцыты иууылдӕр йемӕ нӕ хаста. Бӕрӕг у, цалдӕр дзы Троадӕйы йе ’мбал Карпмӕ кӕй ныууагъта.

Павел нын фӕзминаг цӕмӕй у?

Павел Тимофеймӕ йӕ фыстӕг фыста, Ромы дыккаг хатт ахст куы уыд, уӕд. Тыхтӕтты тыххӕй йӕм кӕм фыссы, уым гыццыл раздӕр фыссы ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕз хъӕбатырӕй тох кодтон, мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон... Нырӕй фӕстӕмӕ мын ӕвӕрдӕй лӕууы рӕстдзинады кадыхуд» (2 Тим. 4:7, 8). Ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхӕстӕ Павел ныффыста н. э. 65 азмӕ ӕввахс, Нерон чырыстӕтты карзӕй куы ӕфхӕрдта, уыцы рӕстӕг. Ацы хатт Павелӕн йӕ уавӕр уыд тынг уӕззау. Ӕмбӕрста йӕ, тагъд ын мӕлӕты тӕрхон кӕй рахӕсдзысты (2 Тим. 1:16; 4:6). Уӕдӕ Павелы уый тыххӕй фӕндыди афтӕ тынг, цӕмӕй йӕ тыхтӕттӕ йӕхимӕ уыдаиккой. Кӕд ӕй фидарӕй зыдта, хъӕбатырӕй кӕронмӕ кӕй фӕтох кодта, уӕддӕр ӕй зӕрдиагӕй фӕндыд Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕнын.

Тимофей Павелы фыстӕг куы райста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нырма Ефесы уыд (1 Тим. 1:3). Ефесӕй Роммӕ Троадӕйы уылты уыд 1600 километры бӕрц. Уыцы фыстӕджы ма Павел Тимофейӕн лӕгъстӕ кодта: «Бацархай, цӕмӕй мӕм, цалынмӕ зымӕг нӕ райдыдта, уӕдмӕ ӕрцӕуай» (2 Тим. 4:21). Тимофей нау ссардта ӕмӕ Павелмӕ, цы рӕстӕгмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы рӕстӕгмӕ бахӕццӕ ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы фыст ницы ис.

Павелы ныхӕстӕ, «демӕ рахӕсс... тыхтӕттӕ... уӕлдайдӕр та, цӕрмттӕй конд чи сты, уыдон», зӕгъгӕ, махӕн цӕуыл дзурӕг сты? Йӕ царды ӕппӕты зындӕр рӕстӕджы дӕр Павелы тынг фӕндыд Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын. Уӕдӕ Павел Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ уый фӕрцы лӕггад кодта, уый фӕрцы йӕм уыд ӕввахс ӕмӕ бирӕтӕн уый фӕрцы уыд ныфсы хос.

Абон нӕ алкӕмӕ дӕр Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕй ис, уый нын стыр арфӕдзинад куыннӕ у! Кӕмӕдӕрты нӕ ис цалдӕр Библийы дӕр, стӕй алыхуызон тӕлмацтӕ. Павелау мах дӕр хъуамӕ тынг фӕнда Фыстад ноджы хуыздӕр ӕмбарын. Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста 14 фыстӕджы, ӕмӕ уыдонӕй Тимофеймӕ йӕ дыккаг фыстӕг уыд фӕстаг. Тыхтӕттӕ йӕ кӕй хъӕуы, уый тыххӕй фыссы уыцы фыстӕгӕн йӕ кӕрон. Куыд зыны, афтӕмӕй уый уыд йӕ фӕстаг курдиӕттӕй сӕ иу.

Дӕу дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнды, цӕмӕй Павелау дӕ уырнындзинады тыххӕй кӕронмӕ хъӕбатырӕй тох кӕнай? Фӕнды дӕ, цӕмӕй Йегъовӕйӕн алкӕддӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕнай ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнай, Йегъовӕ кӕдмӕ зӕгъа, уӕдмӕ? Уӕд хорз нӕ уаид, Павел цӕмӕ разӕнгард кодта, уый аразын? «Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ». Уый дын бантысдзӕн, ӕдзухдӕр Библи зӕрдиагӕй куы ахуыр кӕнай, уӕд. Ӕмӕ нын уымӕн та абон алы фадат дӕр ис, уымӕн ӕмӕ Библи ныртӕккӕ куыд парахат у, афтӕ никуыма уыд ӕмӕ йемӕ архайын тыхтӕттӕй бирӕ ӕнцондӕр у (1 Тим. 4:16).

[Картӕ/Нывтӕ 18, 19 фӕрстыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Ефес

Троадӕ

Ром