Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сывӕллонӕн йӕ бон у донаргъуыд райсын?

Сывӕллонӕн йӕ бон у донаргъуыд райсын?

Сывӕллонӕн йӕ бон у донаргъуыд райсын?

«МӔ ЧЫЗГ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй сси, ууыл афтӕ цин кӕнын, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Ӕмӕ йӕ зонын, йӕхӕдӕг дӕр тынг кӕй цин кӕны»,– загъта иу чырыстон ныййарӕг, Карлос *, зӕгъгӕ, цӕры Филиппинты. Грецийы чи цӕры, иу ахӕм ныййарӕг та афтӕ загъта: «Не ’ртӕ сывӕллоны дӕр донаргъуыд ӕрыгонӕй кӕй райстой, уый мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинойнагӕн дӕр тынг ӕхсызгон у. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕны ӕмӕ Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынц».

Сывӕллӕттӕ донаргъуыд куы райсынц, уӕд ма сӕ ныййарджыты цинӕн кӕрон кӕм вӕййы. Фӕлӕ хатт тыхсгӕ дӕр фӕкӕнынц. Йӕ лӕппу донаргъуыд кӕмӕн райста, иу ахӕм хо загъта: «Тынг цин кодтон, фӕлӕ мӕт дӕр афтӕ тынг кодтон». Цымӕ цӕмӕн? «Ӕмбӕрстон ӕй, мӕ лӕппу амӕй фӕстӕмӕ йӕ алы хъуыддаджы тыххӕй дӕр Йегъовӕйы раз дзуапп кӕй дӕтдзӕн»,– загъта уыцы хо.

Ӕрыгӕттӕй алчидӕр хъуамӕ тырна, цӕмӕй донаргъуыд райса ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа. Фӕлӕ ныййарджытӕ, чи зоны, хъуыды кӕной: «Мӕ сывӕллонӕн бирӕ цыдӕртӕ бантыст, фӕлӕ цымӕ йӕ уырнындзинад афтӕ фидар у, цӕмӕй, йӕ алыварс цы ӕнӕгъдаудзинад ис, уымӕй йӕхи бахиза ӕмӕ Йегъовӕйы раз йӕ цӕсгом ма фӕчъизи кӕна?» Йе та, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕной: «Ацы дуне мӕ сывӕллоны ӕхца ӕмӕ мулчы фӕдыл куы сайа, уӕд дӕр ма Хуыцауӕн афтӕ цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕндзӕн?» Уӕдӕ цымӕ ныййарджытӕн Библийӕ цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты, сӕ сывӕллон донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнынӕн?

Сӕйраджыдӕр хъуамӕ уа Чырыстийы ахуыргӕнинаг

Хуыцауы Ныхасы нӕй фыст, адӕймагыл бӕлвырдӕй цал азы хъуамӕ цӕуа, цӕмӕй донаргъуыд райса. Фӕлӕ дзы фыст ис, донаргъуыд йӕ бон райсын кӕмӕн у, уый тыххӕй. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр [мын] цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд» (Матф. 28:19). Уӕдӕ донаргъуыд райсын йӕ бон у, Чырыстийы ахуыргӕнинаг чи сси, уымӕн.

Дзырд «ахуыргӕнинаг» цы нысан кӕны? «Фыстады ӕмбарынад»-ы уый тыххӕй фыст ис: «Ацы дзырд сӕйраджыдӕр амоны, Чырыстийы ахуырӕдтыл чи ӕууӕнды ӕмӕ цӕргӕ дӕр уыцы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ чи кӕны, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр» («Insight on the Scriptures»). Цымӕ сывӕллӕттӕн сӕ бон у, ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ уой? 40 азӕй фылдӕр Латинаг Америкӕйы миссионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо йӕхи тыххӕй ӕмӕ йӕ дыууӕ хойы тыххӕй ныффыста: «Кӕд гыццылтӕ уыдыстӕм, уӕддӕр зыдтам, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ нӕ дзӕнӕты цӕрын кӕй фӕнды. Нӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтам, уый нын ӕххуыс кодта, ӕрыгӕттӕ цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлынц, уыдоны фидар фӕлӕууынӕн. Донаргъуыд гыццылтӕй кӕй райстам, ууыл ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕнӕм».

Дӕ сывӕллон Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй сси, уый дӕ бон куыд у базонын? Библи афтӕ зӕгъы: «Сывӕллонӕн йӕ митӕм гӕсгӕ дӕр бӕрӕг вӕййы, цы аразы, уый сыгъдӕг ӕмӕ раст у ӕви нӕ» (Ӕмб. 20:11). Ӕркӕсӕм, сывӕллонӕн «йе ’нтыстдзинад», ома, Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй сси, уый цавӕр «митӕй», кӕнӕ хъуыддӕгтӕй, вӕййы бӕрӕг (1 Тим. 4:15).

Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

Ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: дӕ сывӕллон дӕм хъусы? (Кол. 3:20). Хӕдзары йыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕны? Библийы 12-аздзыд Йесойы тыххӕй афтӕ фыст ис: «[Йӕ ныййарджытӕн] уыд коммӕгӕс» (Лук. 2:51). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныртӕккӕ иу ахӕм сывӕллон дӕр нӕй, йӕ ныййарджыты коммӕ алы хъуыддаджы дӕр чи кӕсы. Фӕлӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ «[Йесойы] къахвӕдтыл цӕуой». Уӕдӕ, донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыцы сывӕллӕттӕ хъуамӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой (1 Пет. 2:21).

Ахъуыды ма кӕн ахӕм фарстатыл дӕр: дӕ сывӕллон хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт зӕрдӕйӕ архайы ӕмӕ афтӕмӕй фыццаджыдӕр Хуыцауы паддзахад агуры? (Матф. 6:33). Хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕны ӕви йын ӕдзух дзурын фӕхъӕуы, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ацӕуа кӕнӕ искӕимӕ ныхас кӕнын райдайа? Ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг уӕвгӕйӕ йыл цы хӕс ис, уый ӕмбары? Йӕ участокы фылдӕр базонын кӕй бафӕнды, уыдонмӕ йӕ ногӕй бацӕуын зӕрдиагӕй фӕфӕнды? Йе ’мкъласонтӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнджытӕн загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый?

Ӕмбырдтӕм цӕуын ахсджиаг хъуыддагыл нымайы? (Пс. 122:1). «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр ӕмӕ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ куы вӕййы, уӕд дзуапп фӕдӕтты ӕмӕ уый йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы? Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы зӕрдиагӕй архайы? (Дзут. 10:24, 25).

Дӕ сывӕллон скъолайы кӕнӕ ӕндӕр искуы куы вӕййы, уӕд йӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй фӕхизы ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи ӕнӕгъдау митӕй фӕхъахъхъӕны? (Ӕмб. 13:20). Цавӕр музыкӕмӕ хъусы? Цавӕр кинотӕм ӕмӕ телепередачӕтӕм кӕсы? Цавӕр видеохъӕзтытӕй хъазы ӕмӕ Интернетӕй куыд пайда кӕны? Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕй кӕй фӕнды, уый йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у?

Дӕ сывӕллон Библи хорз зоны? Уӕ бинонты ахуыры рӕстӕджы цы базоны, уыдӕттӕ йӕхи ныхӕстӕй йӕ бон радзурын вӕййы? Йӕ бон у Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ бамбарын кӕнын? (Ӕмб. 2:6–9). Библи ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕ кӕсын ӕмӕ иртасын уарзы? (Матф. 24:45). Библийы ахуырӕдтӕй кӕнӕ дӕ искӕцы стихтӕй фӕфӕрсы?

Ацы фарстатӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй йӕ бамбарай, дӕ сывӕллоны уырнындзинад фидардӕр кӕны ӕви нӕ. Куы сыл ахъуыды кӕнай, уӕд, чи зоны, ахӕм хатдзӕгмӕ ӕрцӕуай, ӕмӕ, цалынмӕ донаргъуыд райса, уӕдмӕ уал ӕй цӕуылдӕр бакусын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ кӕд йӕ цардӕй бӕрӕг у, Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй сси, ӕмӕ кӕд йӕхи Хуыцауӕн ӕцӕгдӕр снывонд кодта, уӕд, чи зоны, зӕгъай, йӕ бон донаргъуыд райсын у, зӕгъгӕ.

Сывӕллӕттӕн сӕ бон у Йегъовӕйы кадджын кӕнын

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕ рӕзгӕ кары кӕнӕ бынтон гыццылӕй дӕр равдыстой, иузӕрдион ӕмӕ ӕнувыд кӕй сты, зӕгъӕм, Иосиф, Самуил, Иоси ӕмӕ Йесо (Райд. 37:2; 39:1–3; 1 Сам. 1:24–28; 2:18–20; 2 Аз. 34:1–3; Лук. 2:42–49). Филиппы цыппар чызджы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, пехуымпариуӕг кодтой. Уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцауы фӕндагыл ӕвӕрд ӕрцыдысты сӕ гыццылӕй (Хъуыд. 21:8, 9).

Иу ӕфсымӕр (Грецийӕ) афтӕ загъта: «Ӕз донаргъуыд райстон, 12 азы мыл куы цыд, уӕд. Ӕмӕ ууыл никуы фӕфӕсмон кодтон. Уыцы бонӕй рацыд 24 азы, ӕмӕ уыдонӕй 23 азы лӕггад кӕнын пионерӕй. Йегъовӕйы кӕй уарзтон, уый мын алкӕддӕр ӕххуыс кодта, ӕрыгонӕй цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдтӕн, уыдоны фидар фӕлӕууынӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийӕ ныртӕккӕ цас зонын, 12-аздзыдӕй дзы уыйбӕрц нӕ зыдтон. Фӕлӕ зыдтон, Йегъовӕйы кӕй уарзын ӕмӕ мӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын ӕнустӕм дӕр лӕггад кӕнон. Йегъовӕ мын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йын дарддӕр лӕггад кодтаин, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг дӕн».

Адӕймаг ӕрыгон у ӕви ацӕргӕ – кӕд бӕрӕг у, ӕмӕ Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинаг сси, уӕд хъуамӕ донаргъуыд райса. Апостол Павел ныффыста: «Адӕймаг зӕрдӕйӕ куы ’ууӕнда, уӕд нымад ӕрцӕудзӕн рӕстгӕнӕгыл, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом куы дзура, уӕд та фервӕздзӕн» (Ром. 10:10). Чырыстийы ӕрыгон ахуыргӕнинаг донаргъуыд куы райсы, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ ныййарджытӕн дӕр сӕ къухы бафты стыр хъуыддаг. Уӕдӕ дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ сывӕллоны дӕр уыцы стыр цинӕй ӕнӕхай мацы фӕкӕнӕд!

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

[Рамкӕ 5 фарсыл]

Раст цӕстӕнгас

Иуӕй-иу ныййарджытӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ, дам, мӕ сывӕллон донаргъуыд куы райса, уӕд ын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн, фӕлӕ, дам, цӕмӕйдӕр тӕссаг дӕр у. Уый абарӕн ис, адӕймаг машинӕйыл цӕуыны бартӕ куыд райса, уыимӕ. Фӕлӕ адӕймаг донаргъуыд куы райса ӕмӕ Хуыцауӕн куы лӕггад кӕна, уӕд, цымӕ, афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ фидӕнӕн тӕссаг у? Библи зӕгъы, нӕ, зӕгъгӕ. Ӕмбисӕндты 10:22 фыст ис: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы». Павел дӕр ӕрыгон Тимофеймӕ ныффыста: «Ӕцӕгдӕр, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый стыр пайда у, кӕд, цы нӕм ис, уый фагыл нымайӕм, уӕд» (1 Тим. 6:6).

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, Хуыцауы пехуымпар Йереми йӕ лӕггады бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд. Фӕлӕ, ӕцӕг Хуыцауӕн куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Дӕ ныхас мын свӕййы цины хос, мӕ зӕрдӕ мын цинӕй байдзаг кӕны, уымӕн ӕмӕ ӕз хӕссын дӕ ном, о ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ» (Йер. 15:16). Йереми ӕмбӕрста, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кодта, уый йын цины хос кӕй уыд. Хӕйрӕджы дуне та у масты хос. Ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй сӕ сывӕллонӕн уый бамбарынӕн баххуыс кӕной (Йер. 1:19).

[Рамкӕ/Ныв 6 фарсыл]

Мӕ сывӕллонӕн донаргъуыд райсын ӕгӕр раджы нӕу?

Сывӕллон донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ куы вӕййы, уӕд дӕр хатт йӕ ныййарджытӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, нырма хъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын. Цӕмӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц афтӕ?

Тӕрсын, мӕ сывӕллон донаргъуыд куы райса, ӕмӕ уый фӕстӕ уӕззау тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй куы ацух кӕной. Цымӕ раст у афтӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, кӕд сывӕллон донаргъуыд нӕ райста, уӕд йӕ хъуыддӕгты тыххӕй Хуыцауы раз дзуапп нӕ дӕтты? Соломон ӕрыгӕттӕн загъта: «Зон, ӕцӕг Хуыцау дӕ ӕппӕт уыдӕтты [ома дӕ хъуыддӕгты] тыххӕй дзуапп кӕй ӕрдомдзӕн» (Еккл. 11:9). Павел та алкӕмӕн дӕр – стыртӕн дӕр ӕмӕ гыццылтӕн дӕр – афтӕ загъта: «Алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй» (Ром. 14:12).

Хуыцауы раз дзуапп дӕттынц куыд донаргъуыд чырыстӕттӕ, афтӕ, аргъуыд чи нӕма райста, уыдон дӕр. Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ хъахъхъӕны йӕ лӕггадгӕнджыты – «нӕ бауадзы, цӕмӕй бахауой, сӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны» (1 Кор. 10:13). Кӕд къӕрцхъус сты ӕмӕ фӕлварӕнты ныхмӕ фидар лӕууынц, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕной, Хуыцау сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл (1 Пет. 5:6–9). Иу хо ныффыста: «Донаргъуыд чи райста, уыцы сывӕллӕтты сӕ зӕрдӕ тынгдӕр фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй ацы дунейы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй дард лӕууой. Мӕ лӕппу донаргъуыд райста 15-аздзыдӕй. Ӕмӕ йӕ ӕмбары, уый йӕ хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕны. Афтӕ загъта: „Йегъовӕйы закъон фехалыныл хъуыды дӕр никуы акӕнын“. Сывӕллӕттӕ донаргъуыд кӕй райсынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ тынг фӕфӕнды, раст цы у, уый аразын».

Кӕд дӕ сывӕллоны Йегъовӕйы коммӕ кӕсын ахуыр кӕныс ӕмӕ уыцы хъуыддаджы дӕхӕдӕг дӕр фӕзминаг дӕ, уӕд ма дызӕрдыг кӕн, донаргъуыды фӕстӕ дӕр афтӕ кӕй кӕндзӕн, ууыл. Ӕмбисӕндты 20:7 фыст ис: «Рӕстгӕнӕг цӕры рӕстӕй. Амондджын уыдзысты йӕ фырттӕ йӕ фӕстӕ».

Уадз ӕмӕ уал мӕ сывӕллонӕн царды исты бантыса. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрыгӕттӕ хъуамӕ исты куыстыл сахуыр уой, цӕмӕй уый фӕстӕ сӕ бон уа сӕхи дарын. Фӕлӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ фыццаджыдӕр уӕлдӕр ахуырад райсынмӕ ӕмӕ хорз ӕхцатӕ кусынмӕ куы разӕнгард кӕной, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ, уӕд уый тӕссаг у. «Нӕмыг», ома Хуыцауы паддзахады тыххӕй дзырд, кӕй зӕрдӕйы нӕ сырӕзт, ахӕм адӕймаджы тыххӕй Йесо загъта: «Сындзыты ’хсӕн цы нӕмыг ӕрхауд, уый та ахӕм адӕймаг у, ӕмӕ дзырд фехъусы, фӕлӕ ацы царды сагъӕстыл свӕййы, хъӕздыгдзинад ӕй йӕ фӕдыл асайы, ӕмӕ дзырд нал сырӕзы. Гъемӕ тыллӕг нӕ ратты» (Матф. 13:22). Ныййарӕг йӕ сывӕллоны тынгдӕр Хуыцауы хъуыддӕгтӕм нӕ, фӕлӕ ацы дунеимӕ баст нысӕнттӕм куы разӕнгард кӕна, уӕд сывӕллоны, гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын афтӕ зӕрдиагӕй мауал фӕнда.

Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ чи у, фӕлӕ сӕ ныййарджытӕ уыцы къахдзӕф саразын кӕй нӕма уадзынц, уыцы сывӕллӕтты тыххӕй иу фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг афтӕ загъта: «Сывӕллоны донаргъуыд райсын куы нӕ уадзой, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы зынг ӕрмынӕг уа ӕмӕ йӕ ныфс дӕр асӕтта». Иу цӕуӕг цӕстдарӕг та загъта: «Ахӕм уавӕры сывӕллонмӕ, гӕнӕн ис, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахс нӕу, кӕнӕ хъуыды кӕна, иннӕтӕ цас аразынц, ӕз уыйбӕрц нӕ аразын, зӕгъгӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йе ’ргом дунемӕ аздаха, цӕмӕй йын уым исты бантыса».

[Ныв]

Фыццаг хъуамӕ уӕлдӕр ахуырад райса?

[Ныв 3 фарсыл]

Сывӕллонӕн йӕ бон у, Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй у, уый равдисын

[Нывтӕ 3 фарсыл]

Хъуамӕ ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕна ӕмӕ дзы архайа

[Ныв 4 фарсыл]

Хъуамӕ уа коммӕгӕс

[Ныв 4 фарсыл]

Хъуамӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуа

[Ныв 4 фарсыл]

Хъуамӕ Хуыцаумӕ кува