«Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут»
«Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут»
«Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй» (1 ПЕТ. 5:2).
1. Петр йӕ фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уӕд чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты?
АПОСТОЛ Петр йӕ фыццаг фыстӕг ныффыста, император Нерон Ромы цӕрӕг чырыстӕтты ӕфхӕрын куы райдыдта, уый размӕ. Петры фӕндыд йе ’муырнджыты бафидар кӕнын. Хӕйрӕг чырыстӕтты фӕдыл «разил-базил кодта» ӕмӕ агуырдта, кӕй дзы аныхъуырдтаид, уый. Ӕмӕ цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ «къӕрцхъус уыдаиккой» ӕмӕ «хъомысджын Хуыцауы раз [сӕхи] ӕрныллӕг кодтаиккой» (1 Пет. 5:6, 8). Стӕй ма сӕ хъуыди хъахъхъӕнын сӕ иудзинад дӕр, уымӕн ӕмӕ, сӕ «кӕрӕдзимӕ куы лӕбурдтаиккой ӕмӕ кӕрӕдзи куы хордтаиккой», уӕд «кӕрӕдзийы цӕгъдгӕ дӕр ныккодтаиккой» (Гал. 5:15).
2, 3. Кӕимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ дарддӕр цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
2 Абон мах дӕр ӕмбӕлӕм ахӕм зындзинӕдтыл. Хӕйрӕг нӕ фӕдыл дӕр зилы, ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый (Рарг. 12:12). Стӕй ма тагъд райдайдзӕн, «дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх» (Матф. 24:21). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрыныл зӕрдиагӕй куыд архайдтой, мах дӕр хъуамӕ афтӕ архайӕм. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хъуыддаг нӕ къухы бафта, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс.
3 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕрхауд стыр кад – «Хуыцауы дзуг, сӕ бар сын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизын». Ӕмӕ уал ӕркӕсӕм, сӕ бон куыд у уыцы стыр кадӕн аргъ кӕнын (1 Пет. 5:2). Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй уыцы куыст, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕной. Иннӕ статьяйы та ӕркӕсдзыстӕм, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у нымайын, уыдоны тыххӕй «чи... фыдӕбон кӕны, Хицауы хъуыддаджы сын разамынд чи дӕтты,... уыдоны» (1 Фес. 5:12). Ацы хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ Фыдызнаджы ныхмӕ фидар фӕлӕууын, уымӕн ӕмӕ нӕ тох сӕйраджыдӕр уыимӕ у (Еф. 6:12).
Хуыцауы дзуг хизут
4, 5. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзугмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
4 Петр фыццаг ӕнусы цӕрӕг хистӕр нӕлгоймӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй сын сӕ бар цы дзуг бакодтой, уымӕ Хуыцауы цӕстӕй кастаиккой. (Бакӕс 1 Петры 5:1, 2.) Ӕмӕ кӕд Петры ӕмбырды цӕджындзыл нымадтой, уӕддӕр уый иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ каст. Ӕмӕ-иу сӕ куы фӕдзӕхста, уӕд-иу уый кодта фӕлмӕнӕй (Гал. 2:9). Абон Разамонӕг совет дӕр Петрау ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сыл Хуыцауы дзуджы раз цы уӕззау хӕс ис, уый хорз ӕххӕст кӕной.
5 Апостол Петр ныффыста, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй хъуамӕ хызтаиккой «Хуыцауы дзуг, сӕ бар сын кӕй бакодтой, уыцы дзуг». Хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой, уыцы дзуг Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы кӕй уыд. Хуыцауы фыстӕм сӕ хъус кӕй хъуамӕ дардтаиккой, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй хъуамӕ ма кастаиккой. Ӕркӕсӕм-ма ахӕм цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, де ’мбал кӕдӕмдӕр цӕуы, ӕмӕ дын ныууагъта йӕ сывӕллӕтты, фӕкӕс-ма сӕм, зӕгъгӕ. Дӕ хъус сӕм дзӕбӕх нӕ дардзынӕ? Ӕххормаг сын куы уа, уӕд сын нӕ бахӕрын Хъуыд. 20:28). Уыдон нӕ рох кӕнынц, фыстӕй алчидӕр Йесо Чырыстийы зынаргъ тугӕй ӕлхӕд кӕй ӕрцыд. Стыр хӕс сыл кӕй ис, уый тыххӕй Хуыцауы дзуг ӕфсадынц, хъахъхъӕнынц ӕй ӕмӕ йӕм сӕ хъус дарынц.
кӕндзынӕ? Исчи дзы куы фӕрынчын уа, уӕд ӕй нӕ дзӕбӕх кӕндзынӕ? Афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмбырды ӕвӕрд сты, «цӕмӕй хизой Хуыцауы дзуг, йӕ Фырты тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы дзуг» (6. Рагзаманты фыййӕуттӕ сӕ дзугтӕм куыд кастысты?
6 Ӕркӕсӕм-ма, рагзаманты-иу фыййӕуттӕ сӕ дзугтӕ хизгӕйӕ цытӕ ӕвзӕрстой, уымӕ. Фыййӕутты-иу бонӕй хур сыгъта, ӕхсӕв та-иу уазалӕй мардысты (Райд. 31:40). Суанг ма-иу сӕ фысты тыххӕй сӕ цард дӕр тӕссаг уавӕры ӕппӕрстой. Зӕгъӕм, ӕрыгон фыййау Давид-иу йӕ дзуг хъӕддаг сырдтӕй фервӕзын кодта, уыимӕ домбайӕ ӕмӕ арсӕй дӕр. Ӕмӕ уымӕн загъта, зӕгъгӕ-иу хъӕддаг сырды «хурхыл ныххӕцыдтӕн ӕмӕ-иу ӕй амардтон» (1 Сам. 17:34, 35). Цӕй хъӕбатыр уыди! Давид-иу хъӕддаг сырдтӕй нӕ фӕтарст, йӕхи-иу сыл ныццавта, ӕмӕ-иу сын сӕ дзӕмбытӕй йӕ фысты стыдта!
7. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фысты Хӕйрӕджы дзӕмбытӕй куыд ратонынц?
7 Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг хъахъхъӕнынц Хӕйрӕгӕй, сӕ фӕдыл домбайау чи разил-базил кӕны, уымӕй. Уый тыххӕй-иу сӕ хатт бахъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй-иу фысты Хӕйрӕджы дзӕмбытӕй ратоной. Уый тыххӕй йын йӕ «хурхыл ныххӕцынц», ӕмӕ йын йӕ дзӕмбытӕй фысы стонынц. Бахъӕуы ма сӕ уынаффӕ раттын дӕр, къӕрцхъус чи нӕ у ӕмӕ Сайтаны къӕппӕджы бахауыны ӕввонг чи у, ахӕм ӕфсымӕртӕн. (Бакӕс Иудӕйы 22, 23.) Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн Йегъовӕ куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд сӕ бон ницы уаид бакӕнын. Чи фӕсахъат, уыцы фысыл баузӕлынц, йӕ цӕфтӕ йын бабӕттынц ӕмӕ йӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы йӕ къахыл слӕууын кӕнынц.
8. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?
8 Раджы заманты-иу фыййӕуттӕ сӕ дзугтӕ атардтой сойджын хизӕнтӕм ӕмӕ, дон парахатӕй кӕм уыд, ахӕм рӕттӕм. Ахӕм фыййӕутты фӕзмынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Уыдон Хуыцауы дзуг, ӕмбырды хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты, фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Матф. 24:45). Хистӕр нӕлгоймӕгты ма бахъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоны сразӕнгард кӕной Хуыцауы Ныхас кӕсынмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй, чи адзӕгъӕл, ахӕм фысы, гӕнӕн ис, бафӕнда фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбаздӕхын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕ ӕфхӕргӕ нӕ бакӕнынц, фӕлӕ йын фӕлмӕнӕй бамбарын кӕнынц, Библийы уагӕвӕрдтӕй йӕ бон куыд у царды пайда кӕнын, уый.
фембӕлдтӕ ма цух кӕной, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй «хӕринаг афоныл» исдзысты ӕмӕ уыдзысты ӕфсӕст (9, 10. Чи ӕрлӕмӕгъ, уымӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд баххуыс кӕнынц?
9 Куы фӕрынчын уай, уӕд цавӕр дохтырмӕ бацӕудзынӕ? Ӕнӕбары фӕрстытӕ дӕ чи акӕна ӕмӕ дын тагъд-тагъд хостӕ чи рафысса, цӕмӕй иннӕ рынчынмӕ фӕдзура? Ӕви дӕм лӕмбынӕг чи байхъуса, дӕ низыхатт дын чи сбӕрӕг кӕна ӕмӕ дын чи зӕгъа, дӕ бон куыд у дӕхи сдзӕбӕх кӕнын, уый?
10 Афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, чи ӕрлӕмӕгъ, уымӕ лӕмбынӕг байхъусынц ӕмӕ йын йӕ цӕфтӕ сдзӕбӕх кӕнынц, ома йӕ «Йегъовӕйы номӕй... сойӕ байсӕрдынц» (Бакӕс Иаковы 5:14, 15.) Галаады бальзамау Хуыцауы Ныхас дӕр, рынчын чи у, уымӕн баххуыс кӕны (Йер. 8:22; Йез. 34:16). Чи фӕцудыдта, уыцы адӕймаг Библимӕ гӕсгӕ йӕ цард аразын куы райдайы, уӕд фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууы. О, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ рынчын фысы фарсмӕ балӕууынц, йӕ сагъӕстӕм ын байхъусынц ӕмӕ йемӕ скувынц.
«Тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй»
11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг ӕнӕзивӕгӕй цӕмӕн хизынц?
11 Петр ма хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта, Хуыцауы дзуг хизгӕйӕ цы хъуамӕ аразой ӕмӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизой, уый тыххӕй дӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг хъуамӕ «хизой тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй». Уыдон се ’фсымӕртӕн лӕггадгӕнгӕйӕ сӕ хъарутыл цӕуылнӕ ауӕрдынц? Цымӕ Петр Йесойы фысты цӕмӕн хызта ӕмӕ сӕ цӕмӕн ӕфсӕста? Сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Йесойы тынг уарзта ӕмӕ йыл тынг ӕнувыд уыд (Иоан. 21:15–17). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Чырыстийы кӕй уарзынц, уый тыххӕй «сӕхицӕн нал цӕрынц, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард..., уымӕн» (2 Кор. 5:14, 15). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дӕр ӕмӕ се ’фсымӕрты дӕр кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдӕн балӕггад кӕныны тыххӕй нӕ ауӕрдынц сӕхиуыл, сӕ рӕстӕгыл ӕмӕ сӕм цыдӕриддӕр ис, ууыл (Матф. 22:37–39). Уыдон се ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнынц ӕвӕндонӕй нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй.
12. Апостол Павел цавӕр хъуыддӕгтӕм уыд цӕттӕ?
12 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цавӕр хъуыддӕгтӕм хъуамӕ уой цӕттӕ? Хуыцауы дзуг хизгӕйӕ хъуамӕ Павелы фӕзмой, Павел Чырыстийы куыд фӕзмыдта, афтӕ (1 Кор. 11:1). Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ фессалоникаг ӕфсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзтой, уый тыххӕй «ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдысты цӕттӕ, цӕмӕй сын Хуыцауы хорз хабар фехъусын кодтаиккой, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдысты уыдонӕн сӕ удтӕ раттынмӕ дӕр». Уыдон сӕ рӕвдыдтой, «дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбулты куыд фӕрӕвдауы, афтӕ» (1 Фес. 2:7, 8). Павел зыдта, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбултыл куыд фӕузӕлы, уый. Ныййарӕг мад йӕ хъӕбулты тыххӕй йӕхи удыл дӕр нӕ фӕауӕрды, суанг ӕрдӕгӕхсӕв дӕр сысты, цӕмӕй сын бахӕрын кӕна.
13. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбаргӕ цавӕр хъуыддаджы хъуамӕ уой?
13 Хистӕр нӕлгоймӕгтыл ӕмбырды раз дӕр ӕмӕ сӕ бинонты раз дӕр бирӕ хӕстӕ ис, ӕмӕ хъуамӕ уой ӕмбаргӕ (1 Тим. 5:8). Ӕмбырды хъуыддӕгтӕн цы рӕстӕг рахицӕн кӕнынц, уый сӕ бон вӕййы сӕ бинонтимӕ дӕр арвитын. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы дыууӕ хӕсы ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕмбаргӕдзинад равдисой, уый тыххӕй сӕ бон у хаттӕй-хатт ӕмбырдӕй искӕй сӕ бинонты ахуырмӕ фӕхонын. Японийы иу хистӕр нӕлгоймаг Масанао бирӕ азты дӕргъы йӕ бинонты ахуырмӕ хуыдта ӕнӕус ӕфсымӕрты, ӕнӕцыд хоты ӕмӕ, рӕстдзинады иунӕгӕй чи уыди, ахӕмты. Масанао кӕмӕн баххуыс кодта, уыдонӕй цалдӕрӕй систы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕмӕ ныр сӕхӕдӕг дӕр Масанаойы фӕзмынц.
«Уӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй»
14, 15. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхи цавӕр хъуыддагӕй хъуамӕ хизой ӕмӕ сӕ бон куыд у Павелы фӕзмын?
14 Петр ма хистӕр нӕлгоймӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы дзуг хызтаиккой, «сӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй». Хистӕр нӕлгоймӕгты алыхуызон хъуыддӕгтӕн бахъӕуы дзӕвгар рӕстӕг, фӕлӕ уый тыххӕй мыздмӕ нӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц. Петр уыдта, иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгты кӕй хъӕуы бафӕдзӕхсын, цӕмӕй Хуыцауы дзуг ма хызтаиккой сӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй. Афтӕ кӕнынц «Стыр Вавилоны» разамонджытӕ,– уыдон сӕхӕдӕг бухъцард кӕнынц, сӕ адӕмӕй та бирӕтӕ мӕгуырӕй мӕлынц (Рарг. 18:2, 3). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕхи ахӕм хъуыддӕгтӕй хизой.
15 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ма хорз цӕвиттон ныууагъта Павел дӕр. Апостол кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд, цӕмӕй фессалоникаг чырыстӕттӕн йӕхи тыххӕй «стыр хӕрдзтӕ» скӕнын кодтаид, фӕлӕ «къӕбӕр дӕр лӕвар никӕмӕ хордта». Павел «ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хид калгӕйӕ фыдӕбон кодта» (2 Фес. 3:8). Абон дӕр бирӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уыимӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕ дӕр, уыцы хъуыддаджы сты фӕзминаг. Кӕд сӕ се ’муырнджытӕ суазӕг кӕнынц, уӕддӕр никӕмӕй домынц, цӕмӕй уыдоны тыххӕй «стыр хӕрдзтӕ кӕной» (1 Фес. 2:9).
16. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг зӕрдиагӕй куыд хизынц?
16 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг хизынц зӕрдиагӕй. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн удуӕлдайӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕй. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иннӕты Йегъовӕйӕн тыххӕй лӕггад кӕнын кӕнынц. Стӕй ма фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕты разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕной ерыс кӕнгӕйӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ (Гал. 5:26). Уыдон нӕ рох кӕнынц, фыстӕ иууылдӕр кӕрӕдзийӕ тынг кӕй хицӕн кӕнынц, уый. Ӕмӕ сын алы хатт дӕр зӕрдиагӕй феххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕн хъӕлдзӕгӕй лӕггад кӕной.
«Уӕхи хицау ма кӕнут, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг ут»
17, 18. а) Апостолтӕн-иу хатт зын цӕмӕн уыди Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусын, сӕрныллӕг ут, зӕгъгӕ? ӕ) Мах дӕр цӕуыл хъӕуы архайын?
17 Куыд ӕркастыстӕм, афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ма рох кӕной, сӕ бӕрны сын цы дзуг бакодтой, уый сӕхи нӕ, фӕлӕ Хуыцауы дзуг кӕй у. Уыдон ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй «Хуыцауы бынтӕн сӕхи хицау ма кӕной». (Бакӕс 1 Петры 5:3.) Йесойы апостолты-иу хатт фӕндыд, цӕмӕй сын адӕм кад кодтаиккой. Адӕмты сӕргъы чи лӕууыд, уыцы хицӕуттау-иу сӕ фӕндыд, цӕмӕй сын иннӕты цӕсты уыдаид кад. (Бакӕс Марчы 10:42–45.)
18 Абон ӕфсымӕртӕй, «цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны», уый хъуамӕ ахъуыды кӕна, уыцы хъуыддагмӕ цӕмӕ бӕллы, ууыл (1 Тим. 3:1). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та хъуамӕ сӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсой ӕмӕ сӕхи бафӕрсой, мыййаг, ӕз дӕр апостолтау уымӕ нӕ бӕллын, цӕмӕй мын иннӕтӕ кад кӕной. Кӕд апостолтӕн уыцы хъуыддаджы раст хъуыды кӕнын ӕнцон нӕ уыд, уӕд ӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ ӕмбарой, зӕрдӕбынӕй сӕ кӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй ацы дунейы адӕмау кадмондаг ма суой.
19. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг куыд хъуамӕ хъахъхъӕной?
19 Иуӕй-иу хатт хистӕр нӕлгоймӕгты бахъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй Хуыцауы дзуг «тугдзых бирӕгътӕй» бахъахъхъӕной (Хъуыд. 20:28–30). Павел Титӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй иннӕтӕн «амона зонд ӕмӕ барджынӕй уайдзӕф кӕна» (Тит. 2:15). Хистӕр нӕлгоймӕгты исты ахӕм хъуыддаг аразын куы бахъӕуы, уӕд адӕймагимӕ фӕныхас кӕнынц фӕлмӕнӕй. Уыдон ӕмбарынц, адӕймаджы карзӕй куы бафхӕрой, уӕд ын уыйбӕрц ницӕмӕй баххуыс кӕндзысты. Фӕлӕ йын сӕхӕдӕг алы хъуыддаджы дӕр фӕзминаг куы уой, уӕд ын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссардзысты ӕмӕ йӕ раст зондыл сараздзысты.
20. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йесойы куыд фӕзмынц?
20 Чырыстийы диссаджы цӕвиттон хистӕр нӕлгоймӕгты разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауы дзуг уарзой (Иоан. 13:12–15). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын куыд ахуыр кодта, уыцы хабӕрттӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ ныррухс вӕййынц. Йӕ сӕрныллӕгдзинад йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдӕтӕ тынг кӕй агайдта, уымӕ гӕсгӕ уыдон дӕр уыдысты «сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты сӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрдтой» (Фил. 2:3). Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр фӕзмынц Йесойы ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй «дзугӕн фӕзминаг уой».
21. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цавӕр хорздзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?
21 Петр фӕстагмӕ ракодта, Хуыцау хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хорздзинады кой. (Бакӕс 1 Петры 5:4.) Сӕрст цӕстдарджытӕ Чырыстиимӕ иумӕ уӕлӕрвты «райсдзысты, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм кадыхуд». Ӕмӕ фидӕны «хистӕр фыййауы» ӕххуысӕй «иннӕ фысты» фыййӕуттӕ Хуыцауы дзуг хиздзысты зӕххыл (Иоан. 10:16). Иннӕ статьяйы ныхас цӕудзӕн, ӕмбырды алкӕй бон дӕр куыд у ӕххуыс кӕнын, разамынд нын чи дӕтты, уыдонӕн.
Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
• Петр иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕмӕн радта уынаффӕ, цӕмӕй «Хуыцауы дзуг, сӕ бар сын кӕй бакодтой, уыцы дзуг», хызтаиккой?
• Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ис, уыдонӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕной?
• Хистӕр нӕлгоймӕгты цӕмӕн фӕнды Хуыцауы дзуг хизын?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 21 фарсыл]
Рагон фыййӕуттау хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ Хуыцауы фысты хъахъхъӕной