Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕй фӕрцы уыдзынӕ ӕнтыстджын?

Цӕй фӕрцы уыдзынӕ ӕнтыстджын?

Цӕй фӕрцы уыдзынӕ ӕнтыстджын?

АЛКӔЙДӔР фӕнды, цӕмӕй царды ӕнтыстджын уа. Иуӕй-иутӕн царды мидӕг бирӕ цыдӕртӕ кӕй бантыст, уый тыххӕй тынг схъӕздыг сты ӕмӕ сӕ ном дӕрдтыл айхъуыст. Иннӕтӕ дӕр бӕллынц, цӕмӕй ӕнтыстджын уой, фӕлӕ сӕ фӕндтӕй ницы уайы.

Цӕмӕй ӕнтыстджын уай, уый тыххӕй хъуамӕ ахъуыды кӕнай, дӕ цард куыд аразынмӕ хъавыс, ууыл. Хъӕуы ма ноджыдӕр дыууӕ хъуыддагыл ахъуыды кӕнын,– дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ тыхтӕ цӕуыл цӕуынц, стӕй дын сӕйрагдӕр цы у, ууыл.

Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр хъусын кӕныны хъуыддагмӕ кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй сты тынг амондджын. Ӕрыгӕттӕй ӕмӕ ацӕргӕтӕй ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ рухс кӕны ӕмӕ сты ӕнтыстджын. Иуӕй-иутӕ та хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, пионерӕй лӕггад кӕнын зын у. Стӕй йӕ уадиссагыл кӕй нӕ нымайынц, уый тыххӕй сӕ разы ӕндӕр нысӕнттӕ сӕвӕрынц. Афтӕ цӕмӕн ӕрцӕуы? Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй дӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ ма айрох уой ӕмӕ ӕнтыстджын уай? (Йес. Н. 1:8).

Спорт, кружоктӕ ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ

Ӕрыгон чырыстӕттӕ хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсой ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕм дӕр. Уый кӕмӕн уайы, уыдон царды сты ӕнтыстджын, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй хъӕуы раппӕлын.

Ӕрыгон чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ аныгъуылдысты спорты, кружокты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ ӕвзӕр не сты. Фӕлӕ уӕддӕр кӕстӕрты хъӕуы ахъуыды кӕнын ахӕм фарстатыл: «Уыцы хъуыддӕгтыл мын цас рӕстӕг ацӕуы? Цавӕр адӕмы ’хсӕн вӕййын? Уыцы хъуыддӕгтӕ мын мӕ зондахастыл куыд ӕндавынц? Царды мын сӕйрагдӕр цы сси?» Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбарыс, ахӕм хъуыддӕгтӕ сӕйраг кӕмӕн свӕййынц, уыдонӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ кӕй нал баззайы. Уӕдӕ йӕ ӕмбарыс, царды сӕйрагдӕр цы у, уый аскъуыддзаг кӕнын ӕнӕмӕнг кӕй у (Еф. 5:15–17).

Ӕркӕсӕм-ма Викторы хабармӕ *. Виктор зӕгъы: «12 азы мыл куы цыд, уӕд волейболмӕ бацыдтӕн. Цасдӕры фӕстӕ, райстон бирӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ грамотӕтӕ. Фадӕттӕ мын уыд, цӕмӕй мӕ ном дӕрдтыл айхъуыстаид». Фӕлӕ, Виктор волейболы тынг кӕй аныгъуылди, уый йӕ сагъӕсы бафтыдта, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй дард кӕнын райдыдта. Иу бон куы уыд, уӕд Библи кӕсгӕйӕ бафынӕй ис. Стӕй ма бамбӕрста, хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр ын циндзинад кӕй нал хаста. «Волейбол мын мӕ хъарутӕ иууылдӕр кӕй иста, уымӕ гӕсгӕ тагъд рӕстӕджы зивӕг кӕнын райдыдтон Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ. Хатыдтӕн ӕй, мӕ бон цы уыд, уый кӕй нал арӕзтон».

Уӕлдӕр ахуырад

Чырыстӕттыл Хуыцауы раз ис хӕс, цӕмӕй сӕ бинонты дарой ӕмӕ сӕ мацы цух уадзой (1 Тим. 5:8). Ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъуамӕ колледж, техникум кӕнӕ университет каст фӕуой?

Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам, уӕлдӕр ахуыр адӕймагӕн йӕ уырнындзинадыл куыд бандавы, ууыл. Ӕмӕ уый тыххӕй Библийӕ иу хабармӕ ӕркӕсӕм.

Варух уыд пехуымпар Йеремийы писыр. Иу хатт дзы айрох сты, Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы кадджын хӕстӕй хайджын уыди, уыдон, ӕмӕ иннӕтӕм хӕлӕг кӕнын райдыдта. Йегъовӕ уый бафиппайдта, ӕмӕ йӕ Йеремийы уылты бафӕдзӕхста: «Ды... ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домыс дӕхицӕн. Ма дом» (Йер. 45:5).

Варух цы «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домдта», уыдон цымӕ цы уыдысты? Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд дзуттӕгты ’хсӕн йӕхицӕн стыр ном скӕнын. Кӕнӕ та йӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй хъӕздыг цард кодтаид. Куыдфӕнды ма уыдаид, Варухӕй айрох сты, Хуыцаумӕ йӕ чи ӕввахс кодта, уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ (Фил. 1:10). Ӕппынфӕстаг Варух байхъуыста, Йегъовӕ йын Йеремийы уылты цы загъта, уымӕ, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ уд бахъахъхъӕдта (Йер. 43:6).

Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Варухӕн Хуыцау цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, йӕ зӕрдӕйы бынтон хорз фӕндтӕ кӕй нӕ уыди. Йӕхицӕн ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домдта. Уӕдӕ, цӕмӕй цӕрай, уый дӕм куы уа, уӕд ма дӕ дӕ рӕстӕг, де ’хца ӕмӕ дӕ тыхтӕ цӕмӕн хъӕуы хардз кӕнын, цӕмӕй уӕлдӕр ахуыры дӕ хъарутӕ бафӕлварай йе та дӕ ныййарджыты кӕнӕ дӕ хӕстӕджыты зӕрдӕ ссарай?

Ӕркӕсӕм-ма Гжегошы хабармӕ. Гжегош уыд программист. Йе ’мкусджытӕ йӕ разӕнгард кодтой, цӕмӕй курсытӕм бацыдаид ӕмӕ йӕ куыст ноджы хуыздӕр базыдтаид. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕм нал ӕвдӕлд. Гжегош афтӕ зӕгъы: «Ӕдзухдӕр карды комыл цыдтӕн. Мӕ цӕсгом мӕ хордта, Хуыцауы хъуыддаджы раздӕр мӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрдтон, уыдон мӕ къухы кӕй нал ӕфтыдысты, уый тыххӕй».

Куыст

Хуыцауы Ныхас ӕцӕг чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй куыстуарзаг уой, стӕй сӕ цӕмӕй зоной ӕнӕзӕрдӕхудт хицӕуттӕй ӕмӕ кусджытӕй. Апостол Павел загъта: «Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй, цыма йӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн аразут, афтӕ» (Кол. 3:22, 23). Фӕлӕ ма, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, куыстӕй уӕлдай хъӕуы ӕндӕр хъуыддагыл дӕр ахъуыды кӕнын – не Сфӕлдисӕгимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл (Еккл. 12:13). Чырыстон йӕ куыстыл куы бафты, уӕд ын Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ахсджиаг нал вӕййынц.

Чырыстон адӕймаг куыстыл куы бафта, уӕд ӕм тыхтӕ нал уыдзӕни йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Паддзах Соломон загъта, зӕгъгӕ, «йӕхи фыдӕбонӕй [чи] мары», уый «дымгӕ суры». Чырыстон ӕхсӕвӕй-бонӕй куы куса, уӕд ӕй йӕхимӕ дӕр нал ӕвдӕлдзӕн ӕмӕ иннӕтӕм дӕр. Йӕ куыстӕй дарддӕр куы ницыуал уына, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕм тыхы мур дӕр мауал баззайа. Афтӕ куы уа, уӕд ма «цин кӕндзӕн... ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй хорзӕй исты уындзӕн»? (Еккл. 3:12, 13; 4:6). Уымӕй сӕйрагдӕр та, цымӕ ма йӕм фаг тыхтӕ ӕмӕ хъарутӕ баззайдзӕн, цӕмӕй йыл йӕ бинонты раз ӕмӕ ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕна?

Януш цӕры Скӕсӕн Европӕйы. Царды йын ӕппӕты ахсджиагдӕр сси йӕ бизнес. Януш афтӕ зӕгъы: «Адӕм мын стыр аргъ кодтой, алы хатт дӕр-иу мӕм ног хъуыдытӕ кӕй уыди ӕмӕ мӕ куыст бӕстон кӕй кодтон, уый тыххӕй. Фӕлӕ мӕ уырнындзинад тынг ӕрлӕмӕгъ, ӕмӕ нал хъусын кодтон. Бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр нал цыдтӕн. Мӕхимӕ афтӕ тынг ныккастӕн, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардтон, ӕмӕ ӕмбырдӕй адард дӕн».

Дӕ бон у, ӕмӕ ӕнтыстджын уай

Мах ӕркастыстӕм, чырыстонӕн йӕ уырнындзинадӕн зиан чи ӕрхӕсдзӕн, ӕртӕ ахӕм хъуыддагмӕ. Мыййаг дзы искӕцыйыл бафтыдтӕ? Кӕд о, уӕд дын дӕлдӕр амынд фарстатӕ, стихтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ баххуыс кӕндзысты, царды ӕцӕгдӕр ӕнтыстджын дӕ ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнынӕн.

Спорт, кружоктӕ ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ. Ацы хъуыддӕгтӕ дын цавӕр бынаты сты? Раздӕр дын Хуыцауы хъуыддӕгтыл цы рӕстӕг цыди, уый дын нӕ исынц? Де ’мчырыстӕтты уынын ма дӕм цӕуы? Кӕд дӕ хабар афтӕ у, уӕд хорз уаид, паддзах Давиды куы бафӕзмис. Уый Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Бацамон мын, цы фӕндагыл мӕ хъӕуы цӕуын, уый» (Пс. 143:8).

Уӕлдӕр цы Викторы кой кодтам, уымӕн баххуыс кодта иу цӕугӕ цӕстдарӕг. Уыцы цӕстдарӕг ын загъта: «Волейболы кой куы фӕкӕныс, уӕд дӕ цӕстытӕ цӕхӕр фӕкалынц». Виктор дзуры: «Йӕ ныхӕстӕй арвы цӕфау фӕдӕн. Ӕз ӕй бамбӕрстон, волейболы сӕрӕй кӕй аныгъуылдтӕн. Цасдӕры фӕстӕ ӕз ныууагътон, волейболмӕ цӕугӕйӕ кӕимӕ слымӕн дӕн, уыдоны ӕмӕ мӕхицӕн ӕмбырды ссардтон ӕмбӕлттӕ». Абон Виктор Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕны йе ’мбырды. Уый дзуры: «Уе ’мбӕлтты, уӕ ныййарджыты ӕмӕ уе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгты бафӕрсут, цӕмӕй уын зӕгъой, дӕ хъуыддӕгтӕ дӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынц ӕви дарддӕр».

Хорз нӕ уаид, де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм куы бацӕуис ӕмӕ сын куы зӕгъис, цӕмӕй дын дӕ бӕрны фылдӕр хӕстӕ бакӕной? Дӕ бон у ацӕргӕтӕй искӕмӕн ӕххуыс кӕнын, зӕгъӕм, йемӕ истытӕ ӕлхӕнынмӕ ацӕуын йе та йӕм хӕдзары истӕмӕ фӕкӕсын? Цасфӕнды дыл ма цӕуа, уӕддӕр дӕ бон у ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын ӕмӕ иннӕты циныл цин ӕфтауын.

Уӕлдӕр ахуырад. Йесо фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, уӕхи кадмӕ ма бӕллут (Иоан. 7:18). Искуыдӕм ахуырмӕ куы цӕуай, уӕд хорз нӕ уаид, цӕмӕй, «ахсджиагдӕр цы у, уый» куы сбӕлвырд кӕнис? (Фил. 1:9, 10).

Гжегош, программист, йӕ царды цыдӕртӕ фӕивта. Уый загъта: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мын цы уынаффӕ радтой, ууыл ахъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтон. Аскъуыддзаг кодтон, дарддӕр мӕ ахуыр кӕнын кӕй нал хъӕуы. Мӕ рӕстӕг ӕмӕ йыл мӕ хъарутӕ ацӕудзысты, ӕндӕр ницы». Гжегош фылдӕр райдыдта ӕмбырды хъуыддӕгты архайын. Рӕстӕг рацыд ӕмӕ каст фӕци Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола (ныр хуыйны Библион скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн). О, уый йӕ рӕстӕгӕй спайда кодта, цӕмӕй Хуыцаумӕ дарддӕр ахуыр кодтаид (Еф. 5:16).

Куыст. Мыййаг, куысты афтӕ аныгъуылдтӕ, ӕмӕ дӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ рохуаты аззадысты? Дӕ бинонтӕн фаг рӕстӕг ссарыс? Архайыс, цӕмӕй ӕмбырды дӕ раныхӕсты хъӕд фӕхуыздӕр уа? Иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауыс? «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн», ӕмӕ дӕ Йегъовӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн ӕмӕ «дӕ уӕззау фыдӕбонӕй дӕ уд хорзӕй исты фендзӕн» (Еккл. 2:24; 12:13).

Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы Янушӕн йӕ бизнесӕй ницы рауад – йӕ пайдайӕ йӕ зиан фӕфылдӕр ис. Ӕнӕ ӕхца куы аззадис ӕмӕ стыр хӕсты куы ныххауд, уӕд фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхт. Януш йӕ царды цыдӕр хъуыддӕгтӕ сраст кодта ӕмӕ ныр лӕггад кӕны пионерӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймагӕй. Уый дзуры: «Цы мын ис, уый фагыл нымайын куы райдыдтон ӕмӕ ма мӕ тыхтӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕм куы скодтон, уӕд мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ зонд фарнӕй байдзаг сты» (Фил. 4:6, 7).

Хорз уаид, куы ӕрбадис ӕмӕ лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнис дӕ фӕндтыл ӕмӕ дын царды сӕйрагдӕр цы у, ууыл. Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд цӕрӕнбонтӕм ӕнтыстджын уыдзынӕ. Царды дын уымӕй ахсджиагдӕр мацы уӕд.

Дӕ бон у дӕ царды цыдӕртӕ фӕивын, суанг ма, ахсджиаг чи нӕ у, ахӕм хъуыддӕгтӕ ныууадзын, цӕмӕй бамбарай, «цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ром. 12:2). Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнай, уӕд ӕнтыстджын уыдзынӕ.

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

[Рамкӕ/Ныв 31 фарсыл]

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕнтыстджын уай?

Адӕймаджы бирӕ цыдӕртӕ бакъуылымпы кӕны. Ӕмӕ дӕ цӕмӕй уыдоны тыххӕй ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ ма айрох уой, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын? Хорз уаид, куы ӕрбадис ӕмӕ куы ахъуыды кӕнис дӕ фӕндтыл ӕмӕ дын царды сӕйрагдӕр цы у, ууыл. Уымӕн дын баххуыс кӕндзысты дӕлдӕр амынд фарстатӕ.

СПОРТ, КРУЖОКТӔ ӔМӔ ӔНДӔР ХЪУЫДДӔГТӔ

▪ Дӕ зондахастыл дын куыд ӕндавынц?

▪ Цас рӕстӕг дын сыл цӕуы?

▪ Царды дын сӕйрагдӕр цы сси?

▪ Раздӕр дын Хуыцауы хъуыддӕгтыл цы рӕстӕг цыди, уый дын нӕ исынц?

▪ Цавӕр адӕмы ’хсӕн вӕййыс?

▪ Де ’мчырыстӕтты уынын ма дӕм фӕцӕуы?

УӔЛДӔР АХУЫРАД

▪ Цӕмӕй цӕрай, уый дӕм куы уа, уӕд ма дӕ рӕстӕг, де ’хца ӕмӕ дӕ тыхтӕ цӕмӕн хардз кӕныс уӕлдӕр ахуыр райсыныл?

▪ Кӕд дӕхи дарын дӕ бон у, уӕд ӕнӕмӕнг хъуамӕ колледж, техникум кӕнӕ университет каст фӕуай?

▪ Ӕмбырдтӕм цӕуын дӕ нӕ хъыгдардзӕн?

▪ «Ахсджиагдӕр цы у, уый» сбӕлвырд кодтай?

▪ Йегъовӕйыл дӕ ныфс дарыс, цух дӕ кӕй ницӕмӕй ныууадздзӕн?

КУЫСТ

▪ Цы куыст равзарай, уый ма дын фадат дӕтдзӕн, цӕмӕй цин кӕнай ӕмӕ дӕ уӕззау фыдӕбонӕй хорзӕй исты уынай?

▪ Фаг тыхтӕ ӕмӕ дӕм хъарутӕ баззайы, цӕмӕй дыл дӕ бинонты раз ӕмӕ ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнай?

▪ Дӕ бинонтӕн фаг рӕстӕг ссарыс?

▪ Куысты афтӕ аныгъуылдтӕ, ӕмӕ дӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ рохуаты аззадысты?

▪ Дӕ раныхӕсты хъӕдыл дын ӕндавы?

[Ныв 30 фарсыл]

Йегъовӕ Варухы бафӕдзӕхста, цӕмӕй иннӕтӕм ма хӕлӕг кодтаид