Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕппӕт адӕмы дӕр чи хъӕуы, уыцы хорз хабар

Ӕппӕт адӕмы дӕр чи хъӕуы, уыцы хорз хабар

Ӕппӕт адӕмы дӕр чи хъӕуы, уыцы хорз хабар

«Хорз хабары... фӕрцы Хуыцау ӕвдисы йӕ тых ӕмӕ ирвӕзын кӕны, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй алкӕй дӕр» (РОМ. 1:16).

1, 2. «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» цӕмӕн хъусын кӕныс ӕмӕ арӕхдӕр цӕуыл фӕдзурыс?

ӔВӔЦЦӔГӔН, арӕх ахъуыды кӕныс кӕнӕ фӕзӕгъыс: «Алы бон дӕр хорз хабар хъусын кӕнай, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис!» Йегъовӕйы иузӕрдион Ӕвдисӕн уӕвгӕйӕ, ды зоныс, куыд ахсджиаг у «паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар» хъусын кӕнын. Ацы хъуыддаджы тыххӕй Йесо кӕддӕр цы загъта, уый, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хорз зоныс, ӕмӕ йӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ дӕр зӕгъис (Матф. 24:14).

2 «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнын фыццаг Йесо райдыдта, ӕмӕ абон ды дӕр уыцы хъуыддаджы архайыс. (Бакӕс Лукайы 4:43.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъусын кӕнгӕйӕ фӕзӕгъыс, тагъд рӕстӕджы Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн, уый тыххӕй. «Стыр бӕллӕхы» Хуыцау фесафдзӕн мӕнг динтӕ ӕмӕ зӕхх фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн (Матф. 24:21). Стӕй ма фӕзӕгъыс, Хуыцауы Паддзахад зӕххыл фӕстӕмӕ Дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн ӕмӕ уӕд адӕм иууылдӕр фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй кӕй цӕрдзысты. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» хауы, Хуыцау Авраамӕн бирӕ раздӕр кӕй фехъусын кодта, уыцы хорз хабармӕ, зӕгъгӕ, «дӕ фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Гал. 3:8).

3. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Павел, ромӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым сын се ’ргом уӕлдай тынгдӕр хорз хабармӕ кӕй здахы?

3 Фӕлӕ нӕ, мыййаг, нӕ айрох вӕййы, адӕм хорз хабары тыххӕй ӕнӕмӕнгӕй цы хъуамӕ зоной, уый зӕгъын? Апостол Павел ромӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым дзырд «паддзахад» ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иу хатт, дзырдбаст «хорз хабар» та – 12 хатты (афтӕ у грекъаг тексты). (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:17.) Цымӕ ацы фыстӕджы Павел, хорз хабармӕ чи хауы, уыцы хъуыддӕгтӕй афтӕ арӕх кӕцыйыл дзуры? Уыцы хорз хабар ахсджиаг цӕмӕн у? Ӕмӕ адӕмӕн «Хуыцауы хорз хабар» куы хъусын кӕнӕм, уӕд ӕй нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? (Мар. 1:14; Ром. 15:16; 1 Фес. 2:2).

Ромаг чырыстӕтты цы хъуыди зонын?

4. Павел Ромы фыццаг хатт ахст куы уыд, уӕд цӕй тыххӕй хъусын кодта?

4 Ӕркӕсӕм, Павел Ромы фыццаг хатт ахст куы уыд, уӕд адӕмимӕ цӕуыл ныхас кодта, уымӕ. Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй йӕм дзуттӕгтӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сын бӕстон хъусын кодта 1) «Хуыцауы паддзахады тыххӕй» ӕмӕ сын 2) «Йесойы тыххӕй фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста». «Ӕмӕ йын йӕ ныхӕстыл иутӕ баууӕндыдысты, иннӕтӕ та – нӕ». Уый фӕстӕ Павел, чи-иу ӕм ӕрбацыд, «уыдонмӕ-иу се ’ппӕтмӕ дӕр хорз цӕстӕй ракаст». Ӕмӕ сын 1) «хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй», стӕй сын 2) «дзырдта Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Хъуыд. 28:17, 23–31). Бӕрӕг у, Павел адӕмы ӕргом кӕй здӕхта Хуыцауы Паддзахадмӕ. Фӕлӕ ма сын-иу сӕ хъус ноджыдӕр цӕмӕ ӕрдардта? Хуыцауы Паддзахады сӕйрагдӕр цы у, уымӕ – Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы Йесо Чырыстийӕн цы бынат ис, уымӕ.

5. Павел Ромӕгтӕм цы фыссы, уымӕ гӕсгӕ адӕмы ӕнӕмӕнг цы хъӕуы?

5 Адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы Йесо Чырыстийы тыххӕй базонын ӕмӕ йыл баууӕндын. Ромӕгтӕм фыстӕджы Павел кӕны растдӕр уый кой. Райдианы дзы фыссы, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕны, «йӕ Фырты тыххӕй хорз хабар ӕппӕт удӕй хъусын кӕнгӕйӕ». Уый фӕстӕ ма ныффыста: «Ӕз хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕфсӕрмы нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцау ӕвдисы йӕ тых ӕмӕ ирвӕзын кӕны, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй алкӕй дӕр». Фӕстӕдӕр ма дзы ныффыста, «Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ сусӕг хъуыддӕгтӕн Йесо Чырыстийы къухӕй цы бон тӕрхон кӕндзӕн, уыцы боны» тыххӕй ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «уыцы хабар ӕрцӕудзӕн, ӕз цы хорз хабар хъусын кӕнын, уымӕ гӕсгӕ». Павел ма загъта: «Иерусалимӕй суанг Илирикмӕ Чырыстийы тыххӕй хорз хабар * бӕстон кӕм нӕ фехъусын кодтон, ахӕм бынат нал баззад» (Ром. 1:9, 16; 2:16; 15:19). Цымӕ Павел ромаг чырыстӕттӕн се ’ргом Йесо Чырыстимӕ цӕмӕн здӕхта?

6, 7. Цы ис зӕгъӕн, Ромы ӕмбырд куыд фӕзынд ӕмӕ дзы чи уыд, уый тыххӕй?

6 Ромы ӕмбырд куыд фӕзынд, уый бӕлвырд нӕ зонӕм. Чи зоны, Ромы чи цард, уыцы дзуттӕгтӕй ӕмӕ ма дзы ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй дзуттаг диныл хӕст чи уыд, уыдонӕй чидӕртӕ чырыстӕттӕ систы, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны куы уыдысты, уӕд, ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ Роммӕ аздӕхтысты (Хъуыд. 2:10). Йе та гӕнӕн ис, ӕмӕ ромӕгтӕ хорз хабар базыдтой, базаргӕнджытӕ чи уыд, стӕй-иу Роммӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй чи ’рцыд, уыцы чырыстӕттӕй. Куыдфӕнды ма уыдаид, Павел йӕ фыстӕг куы ныффыста, уӕдмӕ, ома н. э. 56 азмӕ ӕввахс, Ромы рагӕй уыд ӕмбырд (Ром. 1:8). Чи уыд уыцы ӕмбырды?

7 Иутӕ дзы уыдысты дзуттӕгтӕ. Павел салӕмттӕ ӕрвыста Андроник ӕмӕ Юнийӕн ӕмӕ сӕ схуыдта «мӕ хиуӕттӕ», ома, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хӕстӕджытӕ уыдысты ӕмӕ уыдысты дзуттӕгтӕ. Акилӕ ӕмӕ йӕ ус Прискиллӕ дӕр уыдысты дзуттӕгтӕ (Ром. 4:1; 9:3, 4; 16:3, 7; Хъуыд. 18:2). Фӕлӕ, Павел салӕмттӕ кӕмӕн ӕрвыста, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты иннӕ адӕмтӕй. Уыди дзы «паддзахы хӕдзарӕй» дӕр чидӕртӕ – чи зоны, Ромы паддзахы цагъартӕ ӕмӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕй цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бӕрны уыдысты, уыдон (Фил. 4:22; Ром. 1:6; 11:13).

8. Ромаг чырыстӕттӕ цавӕр уӕззау уавӕры уыдысты?

8 Ромаг чырыстӕттӕй алчидӕр уыд уӕззау уавӕры, ӕмӕ мах дӕр уыцы уавӕры стӕм. Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ сӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ ӕвдисын» (Ром. 3:23). Бӕрӕг у: Павел кӕмӕ фыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр хъуыди бамбарын, тӕригъӕдджын кӕй сты, ӕмӕ сӕ хъуыди баууӕндын, Хуыцау сӕ уыцы уавӕрӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, ууыл.

Адӕм хъуамӕ бамбарой, тӕригъӕдджын кӕй сты

9. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хорз хабар адӕмӕн цавӕр хорздзинад хӕссы?

9 Павел йӕ фыстӕджы райдианы ныффыста, цы хорз хабары кой кодта, уый адӕмӕн цавӕр хорздзинад хӕссы, уый тыххӕй: «Ӕз хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕфсӕрмы нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцау ӕвдисы йӕ тых ӕмӕ ирвӕзын кӕны, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй алкӕй дӕр – фыццаг дзуттаджы, ӕмӕ стӕй грекъаджы дӕр». О, адӕмӕн сӕ бон уыд фервӕзын. Фӕлӕ, Павел цы ахсджиаг хъуыды загъта, уымӕ гӕсгӕ сӕм хъуамӕ ӕнӕмӕнг уыдаид уырнындзинад. Павел загъта: «Рӕстгӕнӕг... цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы» (Ром. 1:16, 17; Гал. 3:11; Дзут. 10:38). Фӕлӕ цымӕ, ирвӕзындзинад чи хӕссы, уыцы хорз хабар куыд баст у, се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд кӕй ракодтой, уыимӕ?

10, 11. Ромӕгтӕм 3:23 цы хъуыды ис, уый иутӕ ӕмбарынц, иннӕтӕ та – нӕ. Афтӕ цӕмӕн у?

10 Цӕмӕй адӕймагмӕ, ирвӕзын чи кӕны, ахӕм уырнындзинад фӕзына, уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ бамбара, тӕригъӕдджын кӕй у, уый. Хуыцауыл йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ чи ӕууӕнды ӕмӕ Библийӕ цыдӕртӕ чи зоны, уыдонмӕ уыцы хъуыды ӕнахуыр нӕ фӕкӕсдзӕн. (Бакӕс Екклесиаст 7:20.) Тӕригъӕдджын кӕй сты, уыимӕ разы сты ӕви нӕ, уӕддӕр ӕй ӕмбарынц, Павелы цы зӕгъын фӕндыд мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой» (Ром. 3:23). Фӕлӕ уацамынды, гӕнӕн ис, ӕмӕ фембӕлӕм, ацы ныхӕстӕ чи нӕ бамбара, бирӕ ахӕм адӕмыл.

11 Иуӕй-иу бӕстӕты адӕм ахӕм хъуыдыйыл хӕст не сты, зӕгъгӕ, адӕймаг тӕригъӕдджынӕй райгуыры. Ахӕм бӕстӕйы чи схъомыл, уый, чи зоны, ӕмбары, рӕдийгӕ кӕй кӕны, ӕвзӕр миниуджытӕ йӕм кӕй ис ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цыдӕр кӕй саразы. Стӕй уыны, иннӕтӕн дӕр сӕ хабар афтӕ кӕй у. Фӕлӕ афтӕ цӕмӕн у, уый не ’мбары. Иуӕй-иу ӕвзӕгтыл искӕмӕй афтӕ куы зӕгъай, тӕригъӕдджын у, зӕгъгӕ, уӕд иннӕтӕ ахъуыды кӕндзысты, ӕмӕ фыдгӕнӕг у кӕнӕ цавӕрдӕр закъон фехӕлдта. Уӕдӕ, йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст чи у, уыцы адӕймаг Павелы ныхӕстӕ нӕ бамбардзӕн ӕмӕ йӕхи тӕригъӕдджын не схондзӕн.

12. Адӕм иууылдӕр тӕригъӕдджын кӕй сты, уыцы хъуыдыимӕ бирӕтӕ разы цӕуылнӕ сты?

12 Чырыстон диныл хӕст кӕм сты, уыцы бӕстӕты дӕр бирӕтӕ разы не сты, адӕм иууылдӕр тӕригъӕдджын кӕй сты, уыцы хъуыдыимӕ. Цымӕ цӕуылнӕ? Кӕд иуӕй-иу хатт аргъуанмӕ дӕр ацӕуынц, уӕддӕр, Библийы Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй цы фыст ис, уый сӕм аргъау кӕсы. Иннӕтӕ та схъомыл сты, Хуыцауыл ӕппындӕр кӕм не ’ууӕндынц, ахӕм бӕстӕты. Хуыцау сӕ кӕй нӕ уырны, уымӕ гӕсгӕ не ’мбарынц, Хуыцау адӕмӕн ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй уагӕвӕрдтӕ кӕй радта ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдты сӕрты ахизын тӕригъӕдыл нымад кӕй у. Ахӕм адӕм, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сты, фыццаг ӕнусы Павел афтӕ кӕмӕй загъта, «ныфс уӕ ницӕмӕй уыд ӕмӕ ацы дунейы цардыстут ӕнӕ Хуыцауӕй», зӕгъгӕ, уыдоны хуызӕн (Еф. 2:12).

13, 14. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Хуыцау кӕй нӕ уырны ӕмӕ йӕхи тӕригъӕдджыныл чи нӕ нымайы, уыдон сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты? ӕ) Цӕмӕ ӕркодта бирӕты, Хуыцау сӕ кӕй нӕ уырны, уый?

13 Фӕлӕ уӕддӕр ахӕм адӕм сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты. Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм кӕны дыууӕ хъуыддаджы кой, ӕмӕ уыдонӕй бӕрӕг у, ахӕм адӕм дӕр цӕмӕн хъуамӕ сразы уой, тӕригъӕдджын кӕй сты, ууыл. Фыццаг хъуыддаг: Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый бӕрӕг у, цы сфӕлдыста, уымӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:19, 20.) Ахӕм хъуыды ма ис, Павел Ромӕй дзуттӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы дӕр. Уым Павел загъта: «Алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзут. 3:4). Ацы ныхӕстӕ дӕр бӕлвырдӕй ӕвдисынц, Сфӕлдисӕг кӕй ис ӕмӕ ӕгас дуне дӕр уый кӕй скодта.

14 Уӕдӕ Павел ромӕгтӕм дзӕгъӕлы нӕ ныффыста, зӕгъгӕ, ӕнӕуд мӕнгхуыцӕуттӕн чи табу кӕны, уыдон «сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты», ӕмӕ уый хауди раджы заманты цӕрӕг израилӕгтӕм дӕр. Уый зӕгъӕн ис, йе ’лгъаг монцты фӕдыл чи ацыд ӕмӕ, нӕлгоймаг уӕвгӕйӕ, нӕлгоймагимӕ чи цӕры, сылгоймаг уӕвгӕйӕ та – сылгоймагимӕ, уыдонӕй дӕр (Ром. 1:22–27). Уӕдӕ Павел раст загъта, «куыд грекъӕгтӕ, афтӕ дзуттӕгтӕ дӕр тӕригъӕды дӕлбар кӕй сты» (Ром. 3:9).

Цӕуыл дзурӕг у ӕфсарм

15. Адӕм иууылдӕр хайджын цӕмӕй сты ӕмӕ уый цӕмӕй бӕрӕг у?

15 Ныр та ӕркӕсӕм, Павел Ромӕгтӕм цы дыууӕ хъуыддаджы кой кӕны, уыдонӕй дыккагмӕ. Уыцы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг у уый, ӕмӕ адӕм хъуамӕ бамбарой, тӕригъӕдджын кӕй сты ӕмӕ сӕ уыцы уӕззау уавӕрӕй фервӕзынӕн ӕххуыс кӕй хъӕуы. Хуыцау рагон Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уый тыххӕй Павел ныффыста: «Закъоны дӕлбар уӕвгӕйӕ чи арӕзта тӕригъӕдтӕ, уыдон... тӕрхонгонд уыдзысты уыцы закъонмӕ гӕсгӕ» (Ром. 2:12). Павел дарддӕр зӕгъы, зӕгъгӕ, кӕд иннӕ адӕмтӕ уыцы закъон нӕ зонынц, уӕддӕр арӕх «сӕхи ӕгъдауӕй, закъон куыд дзуры, афтӕ... фӕкӕнынц». Цымӕ уыцы адӕм фыдракӕндыл цӕмӕн фӕнымайынц, исчи йӕ тугхӕстӕгимӕ ӕмуат куы ’рцӕуы, науӕд адӕймаг искӕй куы амары кӕнӕ исты куы адавы? Павел бамбарын кодта: уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ хайджын сты ӕфсармӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 2:14, 15.)

16. Кӕд адӕймаг ӕфсармӕй хайджын у, уӕддӕр цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ тӕригъӕд никуы сараздзӕн?

16 Фӕлӕ кӕд адӕм ӕфсармӕй хайджын сты, уӕддӕр ӕй, ӕвӕццӕгӕн, дӕхӕдӕг дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтай, се ’фсарм сын цы фӕдзуры, уымӕ алы хатт кӕй нӕ фӕхъусынц. Уый бӕрӕг у рагон Израилы адӕмы хабарӕй дӕр. Кӕд израилӕгтӕ дӕр Хуыцауы лӕвӕрд ӕфсармӕй хайджын уыдысты ӕмӕ сын Хуыцау давын ӕмӕ хӕтыны тыххӕй закъӕттӕ дӕр радта, уӕддӕр арӕх цыдысты се ’фсармы ныхмӕ дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы закъӕтты ныхмӕ дӕр (Ром. 2:21–23). Уыдон уыдысты уыцы дыууӕ хъуыддаджы аххосджын ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдысты тӕригъӕдджынтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цардысты ӕмӕ йын йӕ фӕндон не ’ххӕст кодтой. Афтӕмӕй се Сфӕлдисӕгӕй тынг адард сты (Лев. 19:11; 20:10; Ром. 3:20).

17. Ромӕгтӕм ӕрвыст фыстӕг нӕ ныфс куыд уадзы?

17 Ромӕгтӕм ӕрвыст фыстӕгӕй цӕмӕ ӕркастыстӕм, уымӕ гӕсгӕ искӕмӕ афтӕ фӕкӕсдзӕн, ӕмӕ адӕмӕн, уыимӕ махӕн дӕр, ӕппындӕр ницы ныфс ис ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы хорзӕх никуы ссардзыстӕм. Фӕлӕ Павел йӕ ныхас ууыл нӕ фӕци. Дарддӕр ӕрхаста Давиды ныхӕстӕ 32 псаломӕй 1 ӕмӕ 2 стихтӕй ӕмӕ ныффыста: «Амондджын сты, Хуыцау йӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныххатыр кодта. Амондджын у уыцы адӕймаг, Йегъовӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп кӕмӕй не ’рдома» (Ром. 4:7, 8). Цӕмӕй Хуыцау адӕмы тӕригъӕдтӕ дӕр ныххатыр кодтаид ӕмӕ йӕ рӕстаг закъӕттӕ дӕр ма фехӕлдтаид, уый тыххӕй сарӕзта иу хъуыддаг.

Хъусынгӕнгӕйӕ адӕмы ӕргом здахӕм Йесомӕ

18, 19. а) Павел ромӕгтӕм йӕ фыстӕджы хорз хабары тыххӕй куы фыста, уӕд сын се ’ргом сӕйраджыдӕр цӕмӕ здӕхта? ӕ) Цы нӕ хъӕуы бамбарын, цӕмӕй, Хуыцауы Паддзахад цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй хайджын уӕм?

18 Йегъовӕ цы сарӕзта, ууыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, зӕгъдзынӕ, уый хорз хабар куыннӕ у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ бӕгуыдӕр афтӕ у. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Павел ромӕгтӕм йӕ фыстӕджы хорз хабары тыххӕй куы фыста, уӕд сын се ’ргом сӕйраджыдӕр цӕмӕ здӕхта. Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Павел ныффыста: «Ӕз хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕфсӕрмы нӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцау ӕвдисы йӕ тых ӕмӕ ирвӕзын кӕны, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй алкӕй дӕр» (Ром. 1:15, 16).

19 Уыцы хорз хабар сӕйраджыдӕр баст уыд, Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы Йесо Чырыстийӕн цы бынат ис, уыимӕ. Павел ӕнхъӕлмӕ каст, «Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ сусӕг хъуыддӕгтӕн Йесо Чырыстийы къухӕй цы бон тӕрхон кӕндзӕн, уыцы бонмӕ» ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «уыцы хабар ӕрцӕудзӕн, ӕз цы хорз хабар хъусын кӕнын, уымӕ гӕсгӕ» (Ром. 2:16). Павелы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ «Чырысти ӕмӕ Хуыцауы паддзахад» кӕнӕ, Хуыцау уыцы Паддзахады фӕрцы цы сараздзӕн, уыдӕттӕ афтӕ ахсджиаг не сты (Еф. 5:5). Фӕлӕ Павел равдыста: кӕд нӕ фӕнды уыцы Паддзахады дӕлбар цӕрын ӕмӕ, цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдон нӕхи цӕстӕй фенын, уӕд хъуамӕ ӕмбарӕм, 1) Хуыцауы цӕсты тӕригъӕдджын кӕй стӕм ӕмӕ, 2) цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йесо Чырыстийыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм, уый. Адӕймаг уыдӕттӕ куы бамбара ӕмӕ йӕм цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл куы ахъуыды кӕна, уӕд, бӕгуыдӕр, фырцинӕй зӕгъдзӕн, ай ӕцӕгдӕр хорз хабар у, зӕгъгӕ.

20, 21. Ромӕгтӕм цы хорз хабары кой ис, уый уацамынды нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм ӕмӕ нын уӕд цы бантысдзӕн?

20 Адӕмӕн хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Павел сӕйраджыдӕр ӕргом цӕмӕ здӕхта, уый. Йесойы тыххӕй дзургӕйӕ, Павел ӕрхаста пехуымпар Исайы ныхӕстӕ ӕмӕ загъта: «Чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕй фыдӕнхъӕл ничи фӕуыдзӕн» (Ром. 10:11; Ис. 28:16). Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй бирӕтӕ зонынц, Библийы тӕригъӕды тыххӕй цы фыст ис, уый. Ӕмӕ ахӕм адӕмӕн Йесойы тыххӕй куы радзурӕм, ома, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй йыл хъуамӕ ӕууӕндӕм, зӕгъгӕ, уӕд сӕм, ӕвӕццӕгӕн, уый ӕнахуыр нӕ фӕкӕсдзӕн. Фӕлӕ иннӕтӕ та, чи зоны, уыцы хабӕрттӕ никуы фехъуыстой кӕнӕ, кӕм цӕрынц, уым уыдӕттыл не ’ууӕндынц, ӕмӕ сын уый уыдзӕн ног цыдӕр. Ахӕм адӕм Хуыцауыл ӕмӕ Библийыл куы баууӕндой, уӕд сын уый фӕстӕ хъӕудзӕн бамбарын кӕнын, Йесо цы бынат ахсы, уый. Ӕмӕ иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Ромӕгтӕм 5 сӕры Павел уыцы хъуыды куыд райхӕлдта, уымӕ. Ныфс нӕ ис, уыцы статья дын уацамынды стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзӕн.

21 Уӕдӕ, Ромӕгтӕм фыстӕджы цы хорз хабары кой ис, уый фӕрцы «Хуыцау ӕвдисы йӕ тых ӕмӕ ирвӕзын кӕны, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕй алкӕй дӕр» (Ром. 1:16). Ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн уыцы хорз хабар бамбарынӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕд нын куыд ӕхсызгон вӕййы! Уымӕй уӕлдай ма нын стыр цины хос вӕййы, иннӕтӕ дӕр куы сразы вӕййынц, Павел Ромӕгтӕм 10:15 кӕй загъта, уыцы ныхӕстимӕ: «Куыд рӕсугъд сты, хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдоны къӕхтӕ!» (Ис. 52:7).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Ахӕм ныхӕстӕ ма ис Библийы ӕндӕр чингуыты дӕр (Мар. 1:1; Хъуыд. 5:42; 1 Кор. 9:12; Фил. 1:27).

Бахъуыды кодтай?

• Ромӕгтӕм цы хорз хабары кой ис, уый сӕйраджыдӕр цӕимӕ баст у?

• Адӕмӕн нӕ цы хъӕуы бамбарын кӕнын?

• «Чырыстийы тыххӕй хорз хабар» нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр арфӕдзинӕдтӕ куыд ӕрхӕсдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]

Ромӕгтӕм цы «хорз хабары» кой ис, уый баст уыд, Йесойӕн Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы цы бынат ис, уыимӕ

[Ныв 9 фарсыл]

Не ’ппӕт дӕр райгуырдыстӕм ӕвирхъау хъӕндзинадимӕ – тӕригъӕдимӕ