Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕргъвӕтин тох фӕци уӕлахизӕй!

Дӕргъвӕтин тох фӕци уӕлахизӕй!

Дӕргъвӕтин тох фӕци уӕлахизӕй!

УЫЦЫ тох райдыдта 1995 азы ӕмӕ ахаста 15 азы. Уӕрӕсейы дины сӕрибардзинады ныхмӕ чи уыд, уыдон уыцы 15 азы дӕргъы тох кодтой ӕцӕг чырыстӕттимӕ. Уыцы адӕмы фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхгӕд ӕрцыдаиккой Мӕскуыйы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты дӕр. Фӕлӕ Йегъовӕ уыдта нӕ зынаргъ уӕрӕсейаг ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты иузӕрдиондзинад, ӕмӕ сын раарфӕ кодта – тӕрхон рамбылдтой. Фӕлӕ сӕ ныхмӕ цӕуын цӕмӕн райдыдтой?

КӔДӔЙ-УӔДӔЙ — СӔРИБАРДЗИНАД!

Нӕ уӕрӕсейаг ӕфсымӕртӕн 1917 азӕй фӕстӕмӕ сӕ бон нӕ уыд Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын, фӕлӕ сын уыцы сӕрибардзинад фӕстӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыд 1990-ӕм азты райдианы. 1991 азы сӕ Советон Цӕдисы хицауад регистраци скодта. Советон Цӕдис куы фехӕлд, уӕд та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты регистраци скодтой Уӕрӕсейы Федерацийы дӕр. Уымӕй уӕлдай ма, Ӕвдисӕнтӕй сӕ дины тыххӕй цалдӕр дӕсазы размӕ ӕфхӕрд чи баййӕфта, уыдоны хицауад банымадта, репрессигонд чи ’рцыд, ахӕм адӕмыл. 1993 азы горӕт Мӕскуыйы Юстицийы министрады хайад регистраци скодта Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕхсӕнад. Уыцы аз ма йӕ тыхы бацыд Уӕрӕсейы ног Конституци, ӕмӕ уыцы Конституцимӕ гӕсгӕ алкӕмӕн дӕр ис, кӕцы диныл ӕй фӕнды, уыцы диныл хӕцыны бар. Уӕдӕ диссаг нӕу, не ’фсымӕртӕй иу афтӕ кӕй загъта: «Ахӕм сӕрибардзинад нын уыдзӕн, уый ӕнхъӕл нӕ фыны дӕр никуы уыдыстӕм!» Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ацы хабармӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм 50 азы!»

Уӕрӕсейы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уыцы хорз фадатӕй спайда кодтой – райдыдтой фылдӕр хъусын кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы бирӕ адӕм рӕстдзинад базыдтой (2 Тим. 4:2). Иу хо бафиппайдта: «Адӕм се ’ргом дины ’рдӕм тынг аздӕхтой». Цыбыр рӕстӕгмӕ хъусынгӕнджытӕ, пионертӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕ тынг сбирӕ сты. 1990 азы Мӕскуыйы Ӕвдисӕнтӕ уыдысты иу-300 адӕймаджы, 1995 азы та сӕ нымӕц 5 минӕй ахызт! Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй фылдӕр кодтой, уый тыххӕй, сӕ дины ныхмӕ чи уыд, уыдон скатай сты. Уыцы рӕстӕг уыдон Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ тӕрхондӕтты тох кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ цалынмӕ уыцы тохӕн кӕрон ӕрцыд, уӕдмӕ иу ӕмӕ дыууӕ азы нӕ рацыд.

АХХОСДЖЫН СӔ КӔНЫНЦ ФЫДРАКӔНДТЫ

Фыццаг хатт сӕ ныхмӕ рацыдысты 1995 азы июны. Мӕскуыйы иу къорд, Уырыссаг православон аргъуанимӕ баст чи у, уый, не ’фсымӕртыл хъаст бахаста, фыдракӕндты аххосджын сты, закъон халынц, зӕгъгӕ. Уыцы къорд дзырдта, зӕгъгӕ, дам, мах архайӕм, йӕ сывӕллон кӕнӕ йӕ цардӕмбал Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн сси ӕмӕ уыцы хъуыддаг йӕ зӕрдӕмӕ кӕмӕн нӕ цӕуы, уыдоны номӕй. 1996 азы июны слестгӕнджытӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ агурын райдыдтой, фӕлӕ ницы ссардтой. Фӕлӕ та уыцы къорд ӕндӕр хъаст бахаста – ногӕй та не ’фсымӕрты аххосджын кодтой ӕнӕзакъон хъуыддӕгты. Слестгӕнджытӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕм ногӕй ӕркастысты, фӕлӕ сӕ цӕмӕй аххосджын кодтой, уый ӕцӕг нӕ разынд. Фӕлӕ та уӕддӕр ӕртыккаг хъаст бахастой, ӕмӕ та ацы хатт дӕр уыцы хъуыддӕгты тыххӕй. Ногӕй та Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг сбӕрӕг кодтой, ӕмӕ та прокурор ногӕй рахаста ахӕм уынаффӕ – уголовон хъуыддаг райдайынӕн бындур нӕй. Ныхмӕлӕуджытӕ та сыл цыппӕрӕм хатт дӕр раст уыцы хъаст бахастой, ӕмӕ та прокурор бӕлвырдгӕнӕнтӕ не ссардта. Диссаг у, фӕлӕ уыцы къорд домдта, цӕмӕй та хъуыддаг ногӕй равзӕрстаиккой. Ӕмӕ ацы хатт хъуыддаг чи ’взӕрста, уыцы слестгӕнӕг 1998 азы 13 апрелы хъуыддаг сӕхгӕдта.

«Фӕлӕ стӕй ӕрцыд тынг ӕнахуыр хабар»,– загъта, тӕрхоны чи архайдта, уыцы адвокат. Кӕд прокуратурӕйы слестгӕнӕг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг фӕндзӕм хатт чи ’взӕрста, уый дӕр ницы ссардта, уӕддӕр бауынаффӕ кодта, цӕмӕй не ’фсымӕртыл бахӕссой хъаст адӕмы номӕй, милицӕйы номӕй нӕ, фӕлӕ. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕхсӕнад хӕлдта Уӕрӕсейы закъӕттӕ дӕр ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон закъӕттӕ дӕр. Мӕскуыйы Цӕгат административон округы прокурор сразы ӕмӕ не ’фсымӕртыл ахӕм хъаст бахаста *. Ӕмӕ 1998 азы 29 сентябры Мӕскуыйы Головинский районы тӕрхондоны райдыдтой уыцы хъуыддаг ӕвзарын.

БИБЛИ ТӔРХОНДОНЫ

Тӕрхон цыди иу къуындӕг залы. Прокурор Татьяна Кондратьева райдыдта не ’фсымӕрты ныхмӕ дзурын ӕмӕ ӕрхаста, 1997 азы Уӕрӕсейы хицауад цы закъон рауагъта, уый, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы сӕйраг динтӕ сты православон чырыстон дин, пысылмон дин, иудаизм ӕмӕ буддизм *. Уыцы закъоны тыххӕй ӕндӕр динтӕн тынг фӕзын ис сӕ бартӕ закъонмӕ гӕсгӕ сфидар кӕнын. Стӕй уыцы закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхондӕттӕн ис бар, адӕмы кӕрӕдзийыл чи ардауы, ахӕм динтӕ сӕхгӕнынӕн. Прокурор уыцы закъонӕй спайда кодта ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ ардауынц, бинонты цард халынц, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы сӕхгӕнын.

Уӕд не ’фсымӕрты адвокат прокуроры бафарста: «Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй закъон чи халы, уыдон бӕлвырдӕй чи сты?» Прокурор иу ном дӕр нӕ загъта. Фӕлӕ загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕ кӕй ардауы ӕндӕр динтыл хӕст адӕмы ныхмӕ. Йӕ ныхӕстӕ сбӕлвырд кӕнынӕн бакаст скъуыддзӕгтӕ журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй, «Райхъал ут!»-ӕй ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕй (кӕс уӕлейӕ нывыл). Уыцы публикацитӕ адӕмы кӕрӕдзийыл куыд ардауынц, уымӕй йӕ куы бафарстой, уӕд загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дзурынц, сӕ дин раст дин кӕй у».

Ӕндӕр адвокат, не ’фсымӕр, тӕрхонгӕнӕгӕн ӕмӕ прокурорӕн фӕйнӕ Библийы радта ӕмӕ бакасти Ефесӕгтӕм 4:5: «Ис иу Хицау, иу уырнындзинад ӕмӕ иу аргъуыд». Гыццыл фӕстӕдӕр тӕрхонгӕнӕг, прокурор ӕмӕ адвокат, се ’ртӕйӕн дӕр сӕ къухты Библитӕ, афтӕмӕй, ныхас кодтой ӕндӕр стихтыл, зӕгъӕм, Иоанны 17:18 ӕмӕ Иаковы 1:27. Стӕй тӕрхонгӕнӕг прокуроры бафарста: «Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы стихтӕ адӕймаджы ӕндӕр динтыл хӕст адӕмыл ардауынц?» Прокурор дзуапп радта: «Уый тыххӕй уын ницы зӕгъдзынӕн, Библийы хабӕрттӕн ницы зонын». Уый фӕстӕ адвокат равдыста Уырыссаг православон аргъуаны публикацитӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ карзӕй кӕм дзурынц, уыдон, ӕмӕ стӕй бафарста: «Ацы ныхӕстӕ закъоны ныхмӕ сты?» Прокурор ын дзуапп радта: «Уый тыххӕй мӕ бон ницы у зӕгъын, ӕз дины хабӕрттӕн ницы зонын».

ПРОКУРОРЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТЫ ТЫХ НӔЙ

Прокурор Ӕвдисӕнты аххосджын кодта, бинонты цард, дам, халынц, ӕмӕ, дам, ууыл дзурӕг у, бӕрӕгбӕттӕ кӕй нӕ кӕнынц, зӕгъӕм, Рождество. Фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг загъта, Уӕрӕсейы закъон адӕмӕй кӕй нӕ домы, цӕмӕй Рождество бӕрӕг кӕной. Алкӕмӕн дӕр, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр, ис бар, бӕрӕг ӕй кӕной ӕви нӕ. Прокурор ма загъта, нӕ организаци сывӕллӕттӕн сӕ фӕллад уадзыны бар кӕй нӕ дӕтты ӕмӕ сӕ циндзинадӕй ӕнӕхай кӕй кӕны. Фӕлӕ йӕ куы бафарстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй искӕимӕ ныхас кодта ӕви нӕ, уӕд загъта, никуы, зӕгъгӕ. Адвокат ӕй куы бафарста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты искуы уыдтӕ, зӕгъгӕ, уӕд дзуапп радта: «Уый сӕр мӕ никуы бахъуыд».

Уый фӕстӕ прокурор ӕвдисӕнӕй фӕхуыдта иу профессоры, психиатры. Уыцы профессор загъта, зӕгъгӕ, сӕ литературӕ адӕмы зондыл ӕвзӕрырдӕм ӕндавы. Уӕд нӕ адвокат загъта, профессор цы ныффыста, уый ӕппындӕр кӕй нӕ хицӕн кӕны, Мӕскуыйы патриархи цы документ рауагъта, уымӕй, ӕмӕ профессор дӕр басаст, кӕцыдӕр хӕйттӕ ӕцӕгдӕр уыцы документӕй кӕй рафыста. Дарддӕр ӕм фарстатӕ куы радтой, уӕд рабӕрӕг, йӕ рынчынтӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕй никуы ничи уыд. Ӕндӕр психиатр та тӕрхоны загъта, Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй сӕдӕйӕ фылдӕримӕ кӕй ныхас кодта ӕмӕ ахӕм хатдзӕгмӕ кӕй ӕрцыд, зӕгъгӕ, уыцы адӕмӕн сӕ зонд сӕхимӕ ис, рынчын адӕм не сты. Йӕ ныхӕстӕм ма бафтыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы систы, уӕд ӕндӕр динтыл хӕст адӕммӕ хуыздӕр зӕрдӕ дарын кӕй райдыдтой.

РАМБЫЛДТАМ, ФӔЛӔ ХЪУЫДДАГ УУЫЛ НӔ АХИЦӔН

1999 азы 12 мартъийы тӕрхонгӕнӕг фондз эксперты снысан кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕ раиртӕстаиккой, ӕмӕ уал хъуыддаг баурӕдта. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты литературӕ уӕдмӕ дӕр иртӕста ӕндӕр экспертты къорд – уыцы хъуыддаг сын бахӕс кодта Уӕрӕсейы Юстицийы министрад. Уыцы къорд 1999 азы 15 апрелы ныффыста, зӕгъгӕ, сӕ литературӕйы ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕмӕ 1999 азы 29 апрелы Юстицийы министрад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ногӕй регистраци скодта. Фӕлӕ Мӕскуыйы тӕрхондон йӕ фӕнд нӕ аивта, зӕгъгӕ, уӕддӕр хъӕуы экспертизӕ скӕнын. Тынг ӕнахуыр хабар рауад: иуӕй, Уӕрӕсейы Юстицийы министрад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй загъта, зӕгъгӕ, закъон нӕ халынц, ӕмӕ сын закъонмӕ гӕсгӕ бартӕ радта, иннӕмӕй та сӕ Мӕскуыйы Юстицийы министрады хайад аххосджын кодта, закъон халынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг тӕрхондоны ӕвзӕрста!

Дыууӕ азы бӕрц рацыд, цалынмӕ тӕрхон адарддӕр кодтой. 2001 азы 23 февралы тӕрхонгӕнӕг Елена Прохорычева, йӕхӕдӕг цы экспертизӕ снысан кодта, уый хатдзӕгтӕм гӕсгӕ рахаста уынаффӕ: «Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕхсӕнад сӕхгӕнынӕн ӕмӕ сын сӕ бартӕ байсынӕн бындур нӕй». Ӕппынфӕстаг сбӕлвырд, не ’фсымӕртӕ, цы хъуыддӕгты сӕ аххосджын кодтой, уыдонӕй иуы дӕр аххосджын кӕй нӕ уыдысты! Фӕлӕ прокурор тӕрхонгӕнӕджы уынаффӕимӕ не сразы ӕмӕ хъаст балӕвӕрдта Мӕскуыйы Горӕтаг тӕрхондонмӕ. Уыцы тӕрхондон ӕртӕ мӕйы фӕстӕ, 2001 азы 30 майы, тӕрхонгӕнӕг Прохорычева цы уынаффӕ рахаста, ууыл не сразы. Тӕрхондон уынаффӕ рахаста, уыцы хъуыддаг кӕй хъӕуы ногӕй равзарын. Процессы хъуамӕ архайдтаид, раздӕр чи уыд, уыцы прокурор, фӕлӕ тӕрхонгӕнӕг та уыд ӕндӕр.

СӔХГӔДТОЙ НӔ, ФӔЛӔ ХЪУЫДДАГ УУЫЛ НӔ АХИЦӔН

2001 азы 30 октябры процесс ногӕй райдыдта *. Тӕрхонгӕнӕг уыд Вера Дубинская. Прокурор Кондратьева та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ногӕй фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, адӕмы ардауынц, цӕмӕй иннӕтӕй се сӕфт уыной. Фӕлӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕхсӕнад сӕхгӕнын кӕй хъӕуы, цӕмӕй сӕ бартӕ хъахъхъӕд ӕрцӕуой! Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы ӕнахуыр ныхӕсты тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд тӕрхондонмӕ ныффыстой курдиат ӕмӕ йыл се ’ппӕт дӕр, 10 000 адӕймаджы, сӕ къухтӕ ӕрфыстой. Уым фыст уыд, кӕй сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ прокурор «хъахъхъӕна».

Прокурор загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фыдракӕндты аххосджын кӕй сты, уыцы хъуыддагӕн ӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын кӕй нӕ хъӕуы. Тӕрхон, дам, у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддӕгты тыххӕй нӕ, фӕлӕ сӕ литературӕйы тыххӕй ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй. Стӕй загъта, Уырыссаг православон аргъуаны номӕй чи дзурдзӕн, ахӕм адӕймаджы ӕвдисӕнӕй кӕй фӕхондзӕн. Уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕхгӕнын Уырыссаг православон аргъуаны разамонджыты кӕй фӕндыд. Ӕмӕ 2003 азы 22 майы тӕрхонгӕнӕг уынаффӕ рахаста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕн ногӕй экспертизӕ скӕнын кӕй хъӕуы.

2004 азы 17 февралы тӕрхон адарддӕр кодтой, цӕмӕй экспертизӕйы хатдзӕгтӕм ӕркастаиккой. Эксперттӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ нӕ публикацитӕ адӕмы ахуыр кӕнынц, цӕмӕй бинонты цардӕн аргъ кӕной, кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕной. Стӕй ма загътой, нӕ литературӕ адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй кӕны, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй не ссардтой. Ӕндӕр эксперттӕ дӕр ууыл сразы сты. Тӕрхонгӕнӕг динты историйы профессоры бафарста: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хъусын кӕнынц?» Профессор ахӕм дзуапп радта: «Хъусын кӕнын чырыстӕттӕн сӕ хӕс у. Уый фыст ис Евангелиты. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ хъусын кӕной ӕппӕт бӕстӕты дӕр». Фӕлӕ уӕддӕр 2004 азы 26 мартъийы тӕрхонгӕнӕг Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕхгӕдта. 2004 азы 16 июны Мӕскуыйы Горӕтаг тӕрхондон уыцы уынаффӕимӕ сразы *. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн рагӕй чи у, иу ахӕм ӕфсымӕр тӕрхондоны уынаффӕйы фӕдыл загъта: «Советон хицауады рӕстӕджы Уӕрӕсейы адӕм хъуамӕ уыдаиккой атеисттӕ. Абон та Уӕрӕсейы иууылдӕр хъуамӕ уой православонтӕ».

Ӕфсымӕртӕ уыцы уавӕры куыд архайдтой? Рагзаманты Нееми куыд архайдта, афтӕ. Нееми Иерусалимы къул ногӕй куы арӕзта, уӕд ӕй Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ хъыгдардтой. Фӕлӕ Неемийы ӕмӕ йӕ адӕмы ницы бакъуылымпы кодта. Уыдон «къул дарддӕр амадтой» ӕмӕ «тынг зӕрдиагӕй куыстой» (Неем. 4:1–6). Раст афтӕ Мӕскуыйы дӕр не ’фсымӕрты ницы бакъуылымпы кодта, ӕмӕ дарддӕр арӕзтой, абон цы хъуыддаг хъуамӕ аразӕм, уый, ома хорз хабар хъусын кодтой (1 Пет. 4:12, 16). Уыдон ӕй фидарӕй зыдтой, Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ цӕттӕ уыдысты дарддӕр сӕ бартыл тох кӕнынмӕ.

НӔ НЫХМӔ ТЫНГДӔР ЦӔУЫНЦ

2004 азы 25 августы не ’фсымӕртӕ балӕвӕрдтой курдиат уӕды рӕстӕджы Уӕрӕсейы президентмӕ, Владимир Путинмӕ. Уыцы курдиаты ныффыстой, сӕ хъуыддаг сын кӕй сӕхгӕдтой, уый сӕ мӕты кӕй ӕфтауы. Курдиаты уыд 76 томы, сӕ къухтӕ йыл ӕрфыстой 315 000 адӕймагӕй фылдӕр. Уӕдмӕ Уырыссаг православон аргъуан йе ’цӕг цӕсгом равдыста. Мӕскуыйы патриархийы номӕй иу сауджын загъта: «Мах Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ ныхмӕ стӕм». Пысылмӕтты разамонджытӕй та сӕ иу загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй сӕхгӕдтой, уый у «хорз ӕмӕ ахсджиаг хабар».

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй цы мӕнг ныхӕстӕ фӕдзырдтой, уыдон Уӕрӕсейы бирӕты бауырныдтой, ӕмӕ сӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Мӕскуыйы-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы хъусын кодтой, уӕд-иу сӕ кӕйдӕрты цӕвгӕ дӕр ӕмӕ нӕмгӕ дӕр фӕкодтой. Иу лӕг тынг смӕсты ӕмӕ нӕ хойы, цы хӕдзары хъусын кодта, уырдыгӕй ратардта ӕмӕ йын къахӕй йӕ фӕсонтӕ тынг ныццавта. Нӕ хо ахауди ӕмӕ йӕ сӕр зӕххыл ӕрхаста. Бахъуыди йӕ дохтырты ӕххуыс, фӕлӕ милицӕ уыцы лӕджы уӕддӕр не ’рцахста. Ӕфсымӕртӕй ӕмӕ-иу хотӕй кӕйдӕрты милицӕ акодта, систой-иу сын се ’нгуылдзты фӕдтӕ, сӕ къамтӕ, уыди-иу афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу сӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕдардтой. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн залтӕ арендӕйы чи лӕвӕрдта, уыдонмӕ ӕртхъирӕн кодтой, Ӕвдисӕнтӕн залтӕ куы дӕттат, уӕд уӕ куыстӕй сисдзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын уыдон дӕр залтӕ арендӕйы нал лӕвӕрдтой ӕмӕ бирӕ ӕмбырдтӕн, фембӕлдтӕ кӕм уагътаиккой, уый нал уыд. 40 ӕмбырды сӕ фембӕлдтӕ уадзын бахъуыд, цыппар Паддзахады залы кӕм уыд, уыцы комплексы. Уыцы ӕмбырдтӕй сӕ иу, ӕргом раныхас кӕм вӕййы, уыцы фембӕлд уагъта райсомӕй аст сахаты ӕрдӕгыл. Иу цӕуӕг цӕстдарӕг загъта: «Кӕд-иу хъусынгӕнджыты райсомӕй 5 сахатыл сыстын хъуыди, уӕддӕр афтӕ кодтой ӕнӕзивӕгӕй афӕдзӕй фылдӕр».

«ЦӔМӔЙ... ФЕХЪУСОЙ ХОРЗ ХАБАР»

Не ’фсымӕрты фӕндыд равдисын, Мӕскуыйы нӕ кӕй сӕхгӕдтой, уый закъоны ныхмӕ кӕй уыд. Ӕмӕ 2004 азы декабры нӕ адвокаттӕ хъаст балӕвӕрдтой Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонмӕ. (Кӕс рамкӕ «Уӕрӕсейы тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уый Францийы цӕмӕн ӕвзӕрстой», 6 фарсыл.) Ӕхсӕз азы фӕстӕ, 2010 азы 10 июны, Европӕйы тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ ӕмхъӕлӕсӕй уынаффӕ рахастой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕппындӕр кӕй не сты аххосджын! * Тӕрхондоны ӕркастысты, цы хъуыддӕгты нӕ аххосджын кодтой, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ дзы иуӕн дӕр бындур не ссардтой. Стӕй ма тӕрхондон уынаффӕ рахаста, Уӕрӕсейы хицауад ӕппӕт дӕр кӕй хъуамӕ сараза, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕфхӕрд мауал цӕуой, ӕмӕ сын сӕ бартӕ фӕстӕмӕ кӕй хъуамӕ радта (Кӕс рамкӕ «Европӕйы тӕрхондоны уынаффӕ», 8 фарсыл.)

Тӕрхондон куыд загъта, афтӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартӕ хъахъхъӕны Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы конвенци. Ӕмӕ уый ӕрмӕст Уӕрӕсемӕ нӕ хауы, фӕлӕ ма Европӕйы Советы ноджыдӕр цы 46 бӕстӕйы ис, уыдонмӕ дӕр. Европӕйы тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уымӕ ӕркӕсын бафӕнддзӕн бирӕ тӕрхонгӕнджыты, юристты, закъӕттӕ чи уадзы, стӕй ӕппӕт дунейы дӕр адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕныныл чи архайы, уыдоны. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ тӕрхондон уынаффӕ куы хаста, уӕд бацамыдта, уымӕй раздӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Европӕйы тӕрхондоны цы 8 хъуыддаджы рамбылдтой, уыдонмӕ. Стӕй ма бацамыдта, Аргентинӕ, Великобритани, Испани, Иугонд Штаттӕ, Канадӕ, Уӕрӕсе, Хуссар Африкӕ ӕмӕ Японийы сӕйраг тӕрхондӕтты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы 9 хъуыддаджы рамбылдтой, уыдонмӕ дӕр. Ныр ӕппӕт дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ бон у, Европӕйы тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уый фӕрцы сӕ бартӕ хъахъхъӕнын.

Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй уыдон дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр фехъусой хорз хабар» (Матф. 10:18). Фӕстаг 15 азы дӕргъы тӕрхондӕтты цы тох цыд, уый фӕрцы Мӕскуыйы дӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕтты дӕр Йегъовӕйы ном куыд айхъуыст, афтӕ никуыма. Уыцы тӕрхондӕтты цыдӕриддӕр хабӕрттӕ уыд, стӕй, Европӕйы тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уый дӕр ӕцӕгдӕр «хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс... фесты» (Фил. 1:12). Зӕгъӕм, Ӕвдисӕнтӕ Мӕскуыйы куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд сӕ бирӕтӕ афӕрсынц: «Ӕхгӕнгӕ уӕ не скодтой?» Арӕх уыцы фарстайы фӕрцы не ’фсымӕртӕн фӕзыны фадат, цӕмӕй адӕмӕн фылдӕр радзурой, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй. Бӕрӕг у, нӕ ныхмӕ куыдфӕнды ма цӕуой, уӕддӕр нын нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ничи ӕмӕ ницы бауромдзӕн. Мах Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй Уӕрӕсейы нӕ зынаргъ хъӕбатыр ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн дарддӕр дӕр арфӕ кӕна ӕмӕ сын ӕххуыс кӕна.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 8 абз. Уыцы хъаст бахастой 1998 азы 20 апрелы, дыууӕ къуырийы фӕстӕ та, 5 майы, Уӕрӕсе йӕхимӕ хӕс райста, Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы конвенци кӕй ӕххӕст кӕндзӕн.

^ 10 абз. «Уырыссаг православон аргъуан тынг архайдта, цӕмӕй хицауад уыцы закъон сфидар кодтаид. Уый Уӕрӕсейы йӕ бартыл фидар хӕцы ӕмӕ бӕллы, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхгӕд ӕрцӕуой» («Associated Press», 1999 аз, 25 июнь).

^ 20 абз. Диссаг уый у, ӕмӕ дӕс азы размӕ раст уыцы бон, 1991 азы 30 октябры, Уӕрӕсейы рацыд закъон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты банымадтой, Советон хицауады рӕстӕджы сӕ дины тыххӕй ӕфхӕрд чи баййӕфта, ахӕм адӕмыл.

^ 22 абз. Ӕхгӕд ӕрцыд, Мӕскуыйы ӕмбырдты номӕй чи архайдта, уыцы юридикон оргӕн. Не знӕгты ныфс уыд, уыцы хъуыддаг не ’фсымӕрты кӕй бакъуылымпы кӕндзӕн ӕмӕ кӕй нал хъусын кӕндзысты.

^ 28 абз. Уый фӕстӕ Уӕрӕсе балӕвӕрдта курдиат, цӕмӕй хъуыддаг равзӕрстаид Европӕйы тӕрхондоны Стыр палатӕ. Фӕлӕ 2010 азы 22 ноябры Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондоны Стыр палатӕйы фондз тӕрхонгӕнӕджы уыцы курдиаты тыххӕй уынаффӕ рахастой, ногӕй йӕ ӕвзарын кӕй нӕ хъӕуы. Афтӕмӕй, 2010 азы 10 июны тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уый уыд фӕстаг ӕмӕ уыд ӕнӕмӕнг ӕххӕстгӕнинаг.

[Рамкӕ/Ныв 6 фарсыл]

Уӕрӕсейы тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уый Францийы цӕмӕн ӕвзӕрстой

1996 азы 28 февралы Уӕрӕсе йӕ къух ӕрфыста Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы конвенцийыл. (1998 азы 5 майы та Уӕрӕсе йӕхимӕ хӕс райста, уыцы Конвенци кӕй ӕххӕст кӕндзӕн.) Уӕрӕсейы хицауад уыцы бадзырдыл йӕ къух кӕй ӕрфыста, уымӕй сразы, Уӕрӕсейы цӕрджытӕй алкӕмӕн дӕр кӕй ис:

кӕцы диныл ӕй фӕнды, уыцы диныл хӕцыны бар. Уымӕ хауы, кӕй йын ис бар йӕ дин кӕнӕ, цӕуыл ӕууӕнды, уый аивынӕн, стӕй, уыцы дин ын цы амоны, уый кӕнынӕн, куыд иунӕгӕй, афтӕ адӕмы ’хсӕн дӕр (9-ӕм статья),

дзырды бар. Уымӕ хауы, кӕй йын ис бар йӕхи хъуыдыйыл хӕцынӕн, стӕй информаци исынӕн ӕмӕ йӕ парахат кӕнынӕн (10-ӕм статья),

бар иннӕтимӕ сабырӕй ӕмбырд кӕнынӕн (11-ӕм статья).

Ацы бадзырдмӕ гӕсгӕ адӕймагӕн кӕнӕ организацитӕн цы бартӕ ис, уыдон сын куы байсой ӕмӕ сын сӕхи бӕстӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ куы нӕ бантыса хъуыддаг сраст кӕнын, уӕд сӕ бон у хъаст бадӕттын Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонмӕ, ис Страсбургы, Францийы (кӕс уӕлейӕ). Уыцы Тӕрхондоны ис 47 тӕрхонгӕнӕджы, Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы конвенцийыл сӕ къухтӕ цал бӕстӕйы ӕрфыстой, уыйбӕрц. Ӕмӕ, Тӕрхондон цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон уыцы бӕстӕтӕн вӕййынц ӕнӕмӕнг ӕххӕстгӕнинаг.

[Рамкӕ 8 фарсыл]

Европӕйы тӕрхондоны уынаффӕ

Ацы ран ис ӕртӕ цыбыр скъуыддзаджы, Европӕйы тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уымӕй.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цы хъуыддӕгты аххосджын кодтой, уыдонӕй иу уыд, бинонты цард халынц, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Тӕрхондоны хъуыдымӕ гӕсгӕ уый афтӕ нӕу. Йӕ уынаффӕйы фыст ис:

«Быцӕуты аххосаг вӕййы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи у, уымӕн йӕ бинонтӕ йӕ диныл разы кӕй нӕ вӕййынц ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц, йӕ дин ын цы амоны, уый кӕнын ӕй кӕй нӕ фӕуадзынц, уый». (111-ӕм параграф.)

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕймаджы сӕрызонд схӕццӕ кӕнынц ӕмӕ йын йӕхи хъуыды нал вӕййы, зӕгъгӕ, уыцы хъуыддагӕн дӕр Европӕйы тӕрхондон бӕлвырдгӕнӕнтӕ не ссардта, ӕмӕ ныффыста:

«Европӕйы тӕрхондоны уӕлдай тынгдӕр хъус ӕрдарын фӕнды уыцы хабармӕ, ӕмӕ [Уӕрӕсейы] тӕрхондӕттӕ иу адӕймаджы ном дӕр цӕвиттонӕн не ’рхастой, зӕгъгӕ, мӕнӕ ацы адӕймагӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ сӕрызонд схӕццӕ кодтой ӕмӕ йын уый тыххӕй нал ис йӕхи хъуыды ӕмӕ, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕныны бар». (129-ӕм параграф.)

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ма аххосджын кодтой, зӕгъгӕ, туг бауадзыныл кӕй нӕ разы кӕнынц, уымӕй се ’нӕниздзинадӕн зиан хӕссынц. Фӕлӕ Европӕйы тӕрхондон загъта бынтон ӕндӕр хъуыды:

«Алы адӕймагӕн дӕр йӕхиуыл йӕ бар цӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕн дӕр ис бар, цӕмӕй йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна, йӕхицӕн куыд хос кӕндзӕн, уый. Уынаффӕ хӕссынхъом чи у, ахӕм рынчын йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, зӕгъӕм, операцийыл кӕнӕ хос кӕныныл сразы уыдзӕн ӕви нӕ, ӕмӕ уымӕ хауы, туг бауадзыныл сразы уыдзӕн ӕви нӕ, уый дӕр». (136-ӕм параграф.)