Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы разамындмӕ хъусдзынӕ?

Йегъовӕйы разамындмӕ хъусдзынӕ?

Йегъовӕйы разамындмӕ хъусдзынӕ?

«Ӕз ме сӕфт уынын алы рӕдыд фӕндагӕй» (ПС. 119:128).

1, 2. а) Де ’мбал дын фӕндаг куы амона, уӕд дзы цавӕр уынаффӕты тыххӕй уыдзынӕ бузныг ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Йегъовӕ нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы ӕмӕ цӕмӕн?

ЗӔГЪӔМ, кӕдӕмдӕр цӕуынвӕнд скодтай, фӕлӕ дӕ хъӕуы ӕххуыс, уымӕн ӕмӕ фӕндаг хорз нӕ зоныс. Уырдӕм куыд цӕугӕ у, уый зоны де ’мбал, ӕмӕ дзы ды дӕр ӕххуыс ракуырдтай, уымӕн ӕмӕ йыл ӕууӕндыс. Де ’мбал дын фӕндаг бацамыдта ӕмӕ ма дӕ бафӕдзӕхста, фӕндагыл дын тӕссаг цӕмӕй уыдзӕн, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, загъта дын афтӕ: «Дарддӕр фӕзилӕныл цы амонӕн уыдзӕн, уый дӕ ма фӕсайӕд – раст нӕу. Уыцы амонӕны тыххӕй бирӕтӕ фӕдзӕгъӕл сты». Де ’мбалӕй уыцы уынаффӕйы тыххӕй бузныг куыннӕ уыдзынӕ ӕмӕ йӕм куыннӕ байхъусдзынӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ абон мах не ’ппӕт дӕр фӕндагыл стӕм. Уыцы фӕндаг нӕ кӕны ӕнусон цардмӕ. Йегъовӕ у нӕ Хӕлар, ӕмӕ нын амоны, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм. Стӕй ма нӕ фӕдзӕхсы, цавӕр хъуыддӕгтӕй нӕ хъӕуы нӕхи хъахъхъӕнын, цӕмӕй раст фӕндагӕй ма адзӕгъӕл уӕм (Дык. з. 5:32; Ис. 30:21).

2 Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕйы дӕр ныхас кӕндзыстӕм уыцы хъуыддӕгтӕй цалдӕрыл. Йегъовӕ Хуыцау нӕ Хӕлар кӕй у ӕмӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы, уыцы хъуыддӕгтӕй нӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр уый тыххӕй кӕны. Фӕнды йӕ, цӕмӕй нӕ нысанмӕ фӕхӕццӕ уӕм, ома ӕнустӕм цӕрӕм. Адӕм раст уынаффӕтӕ куы нӕ рахӕссынц ӕмӕ Йегъовӕйӕн куы нал фӕлӕггад кӕнынц, уӕд ын уый зын вӕййы (Йез. 33:11). Ацы статьяйы уал аныхас кӕндзыстӕм, тӕссаг нын кӕмӕй у, ӕртӕ ахӕм хъуыддагыл. Фыццаг хъуыддаг баст у адӕмимӕ. Дыккаг баст у нӕхиимӕ. Ӕртыккаг та, ӕцӕг цы нӕу, кӕнӕ мӕнг цы у, уыдӕттимӕ. Хъуамӕ йӕ ӕнӕмӕнг зонӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ цы сты ӕмӕ нын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ нӕхи хизӕм. Библи чи фыста, уыдонӕй иу загъта: «Ӕз ме сӕфт уынын алы рӕдыд фӕндагӕй» (Пс. 119:128). Йегъовӕйы раз ӕй цыдӕриддӕр рӕдийын кодта, уыдӕттӕй йе сӕфт уыдта. Дӕуӕй дӕр уый зӕгъӕн ис? Цӕй уӕдӕ аныхас кӕнӕм, алы «рӕдыд фӕндагӕй» нӕхи куыд хъахъхъӕнӕм, ууыл.

«Адӕмӕн сӕ фылдӕры» фӕдыл ма ацу

3. а) Фӕндагыл куы уай ӕмӕ дӕ кӕцырдӕм цӕуын хъӕуы, уый куы нӕ зонай, уӕд иннӕ адӕмы фӕдыл цӕуын тӕссаг цӕмӕн у? ӕ) Рацыды 23:2 цавӕр ахсджиаг хъуыды ис?

3 Зӕгъӕм, дард фӕндагыл фӕцӕуыс. Иу бынатмӕ куы бахӕццӕ дӕ, уӕд ӕй нал зоныс, дарддӕр дӕ кӕцырдӕм хъӕуы цӕуын. Куыд бакӕндзынӕ? Уыныс ӕй, бирӕтӕ иу кӕцыдӕр фӕндагыл кӕй фӕцӕуынц. Сӕ фӕстӕ ацӕуынӕй ӕнцондӕр ницы уаид. Фӕлӕ, уыцы фӕндагыл бирӕтӕ кӕй цӕуынц, ӕрмӕст уый тыххӕй йыл ды дӕр ацӕуай, уый тынг тӕссаг у. Чи зоны, дӕу кӕдӕм хъӕуы, уыдон уырдӕм нӕ цӕуынц кӕнӕ уыдон дӕр дӕуау фӕдзӕгъӕл сты. Ацы цӕвиттоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй сӕ иу цӕуыл дзурӕг уыд, уый. Йегъовӕ тӕрхонгӕнджыты, стӕй ӕвдисӕнты бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу искӕй хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл ма ацыдаиккой ӕмӕ-иу сын сӕ зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй рӕстдзинад ма сзыгъуыммӕ кодтаиккой. (Бакӕс Рацыд 23:2.) Ӕнӕххӕст адӕймаг афтӕ бакӕна, уымӕн ӕй бирӕ нӕ хъӕуы. Фӕлӕ, «адӕмӕн сӕ фылдӕры... фӕдыл ма ацу», зӕгъгӕ, уый ӕрмӕст тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ ӕвдисӕнтӕм нӕ хауд.

4, 5. Йесо Навинӕн ӕмӕ Халевӕн тӕссаг кӕд уыд адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл ацӕуынӕй, фӕлӕ хъӕбатыр цӕй фӕрцы разындысты?

4 Царды арӕх бахауӕм ахӕм уавӕрты, ӕмӕ нын тӕссаг вӕййы адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл ацӕуынӕй. Гӕнӕн ис, ахӕм уавӕрты бахауӕм ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ нын, чи зоны, тынг зын уа, иннӕ адӕм куыд кӕнынц, афтӕ ма бакӕнын. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо Навин ӕмӕ Халевыл цы хабар ӕрцыд, ууыл. Ацы дыууӕ израиладжы ӕмӕ ма ноджыдӕр дӕс адӕймаджы ацыдысты Зӕрдӕвӕрд зӕхх басгарынмӕ. Фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд уыцы дӕс адӕймаджы Зӕрдӕвӕрд зӕххы тыххӕй ахӕм цыдӕртӕ радзырдтой, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныфс асаст. Зӕгъӕм, загътой, уым, дам, цӕрынц уӕйгуыты байзӕддӕгтӕ (Райд. 6:4). Фӕлӕ уый гӕнӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уӕйгуытӕ се ’ппӕт дӕр фесӕфтысты Доны хъаймӕты, хъаймӕт та уыд бирӕ сӕдӕазты размӕ, Нойы рӕстӕджы. Стӕй уыцы уӕйгуытӕн сывӕллӕттӕ дӕр нӕ баззад. Фӕлӕ уӕддӕр израилӕгтӕ уыцы дӕс адӕймагыл баууӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ сӕ уырнындзинад лӕмӕгъ уыд. Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд та Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нал фӕдары ӕмӕ адӕмы мӕнг ныхӕстыл ӕууӕндын райдайы. Гыццыл фӕстӕдӕр израилӕгтӕн сӕ фылдӕры нал бафӕндыд Йегъовӕмӕ байхъусын ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуын. Цымӕ Йесо Навин ӕмӕ Халев уыцы зын уавӕры куыд бакодтой? (Ным. 13:25–33).

5 Йесо Навин ӕмӕ Халев адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл нӕ ацыдысты. Уыдон ӕппындӕр нӕ тарстысты, ӕцӕг цы уыд, уый зӕгъын, кӕд израилӕгты сӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕндыд, уӕддӕр. Израилӕгтӕ сӕ марынмӕ куы хъавыдысты, уӕддӕр бакодтой, раст куыд уыд, афтӕ. Ахӕм хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыдысты? Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыдысты, уый фӕрцы. Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фидар куы вӕййы, уӕд феууӕнды Йегъовӕ Хуыцауы ныхасыл, адӕмы мӕнг ныхӕстыл нӕ, фӕлӕ. Фӕстӕдӕр Йесо Навин ӕмӕ Халев дзырдтой, Йегъовӕ йӕ ныхас алы хатт дӕр кӕй сӕххӕст кӕны, ӕмӕ уымӕй равдыстой, кӕй йыл ӕууӕндыдысты. (Бакӕс Йесо Навин 14:6, 8; 23:2, 14.) Йесо Навин ӕмӕ Халев уарзтой сӕ Хуыцауы ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ дардтой. Уыдоны нӕ фӕндыди, Йегъовӕйы зӕрдӕ цы фӕриссын кодтаид, ахӕмӕй исты саразын, кӕд уымӕй адӕмы зӕрдӕ балхӕдтаиккой, уӕддӕр. Адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл дӕр уый тыххӕй нӕ ацыдысты. Ӕмӕ нын уымӕй абон сты фӕзминаг (Ным. 14:1–10).

6. Адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл ацӕуынӕй нын тӕссаг кӕд вӕййы?

6 Искуы дӕ бафӕнды, иннӕ адӕм куыд кӕнынц, афтӕ бакӕнын? Адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы ницӕмӕ дарынц, ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы хоны, уыдӕттӕ сӕм нымады дӕр не сты. Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый тыххӕй сын ис сӕхи хъуыды, ӕмӕ архайынц, цӕмӕй мах дӕр сӕ мӕнг хъуыдытыл сразы уӕм. Зӕгъӕм, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ, тыхми ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕм вӕййы, ахӕм телепередачӕтӕй, кинотӕй ӕмӕ компьютерон хъӕзтытӕй зӕгъынц, ӕвзӕрӕй, дам, дзы ницы ис (2 Тим. 3:1–5). Сымах та уӕ бинонтимӕ ирхӕфсӕнтӕ куыд равзарут? Иннӕтӕ хорзыл кӕнӕ ӕвзӕрыл цы нымайынц, ӕрмӕстдӕр уымӕ гӕсгӕ? Кӕд уынаффӕтӕ афтӕ фӕхӕссут, уӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ цӕут адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл.

7, 8. а) Нӕ «зонд» куыд ахуыр кӕнӕм ӕмӕ уый искӕй уынаффӕтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй хуыздӕр цӕмӕн у? ӕ) Нӕ фӕсивӕдӕй бирӕтӕ куыд архайынц, уый нын ӕхсызгон цӕмӕн вӕййы?

7 Йегъовӕ нӕ диссаджы лӕварӕй схайджын кодта, цӕмӕй нӕ бон уа уынаффӕтӕ хӕссын. Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый бамбарын. Библи уыцы лӕвар хоны «зонд» ӕмӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, хъуамӕ зондӕй архайӕм ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ахуыр кӕнӕм, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын (Дзут. 5:14). Иннӕтӕ куыд кӕнынц, афтӕ куы кӕнӕм кӕнӕ ӕдзух искӕй уынаффӕтӕм куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд нӕ зонд никуы сахуыр кӕндзыстӕм. Бирӕ хъуыддӕгты-иу уынаффӕ хъуамӕ нӕхӕдӕг рахӕссӕм, не ’фсарм нын цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты нӕ хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, исчи сын кӕй ранымайдзӕн, кӕцы чингуытӕ, кӕцы кинотӕм кӕнӕ сын Интернеты кӕцы сайттӕм нӕй кӕсӕн. Уымӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд нын-иу сӕ хъӕудзӕн ногӕй-ногмӕ ранымайын (1 Кор. 7:31). Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ, иннӕтӕ нӕ бӕсты уынаффӕтӕ куы хӕссой, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн нӕхи зондӕй архайын. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу Библийыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, скувӕм-иу ӕмӕ-иу афтӕмӕй, йӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцӕуа, ахӕм уынаффӕ рахӕссӕм (Еф. 5:10).

8 Библимӕ гӕсгӕ уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд уый бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн. Зӕгъӕм, нӕ фӕсивӕдӕн скъолайы тынг зын вӕййы, уымӕн ӕмӕ сӕ се ’мгӕрттӕ фӕардауынц, цӕмӕй уыдон дӕр, иууылдӕр куыд кӕнынц, афтӕ кӕной (1 Пет. 4:4). Фӕлӕ нӕ фӕсивӕдӕй бирӕтӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл нӕ цӕуынц. Ӕрыгон ӕмӕ ацӕргӕ чырыстӕттӕ дӕр Йесо Навинау ӕмӕ Халевау фидар уырнындзинад куы равдисынц, уӕд уый ӕхсызгон куыннӕ вӕййы.

«Уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ цӕстыты фӕдыл ма цӕут»

9. а) Искуыдӕм куы фӕцӕйцӕуай, уӕд фӕндаг, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, ӕрмӕст уымӕ гӕсгӕ ӕвзарын тӕссаг цӕмӕн у? ӕ) Нымӕцты 15:37–39 цы закъон фыст ис, уый израилӕгтӕн ахсджиаг цӕмӕн уыд?

9 Тӕссаг нын кӕмӕй у, уыцы хъуыддӕгтӕй дыккаг баст у нӕхиимӕ. Зӕгъӕм, кӕдӕмдӕр фӕцӕуыс. Ис дӕм картӕ, ӕмӕ уый фӕрцы дӕ бон у фӕндаг ссарын. Цы ’рцӕудзӕн, картӕмӕ куы нӕ кӕсай, фӕлӕ дӕм рӕсугъд чи фӕкӕса, уыцы фӕндӕгтӕм-иу куы базилай? Уӕд, цы бынатмӕ цӕуыс, уырдӕм никуы бахӕццӕ уыдзынӕ. Ацы цӕвиттоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ ма израилӕгты ноджыдӕр цӕуыл ахуыр кодта, уый. Уый тыххӕй фыст ис Нымӕцты 15:37–39. (Бакӕс ӕй.) Абон бирӕтӕ не ’мбарынц, израилӕгты дарӕсыл хаутӕ ӕмӕ ӕрвхуыз бӕттӕн цӕмӕн хъуамӕ уыдаид. Уыцы закъон ахсджиаг цӕмӕн уыд, уый ӕмбарыс? Фыццаджыдӕр, цӕмӕй Хуыцауы адӕм, сӕ алыварс цы адӕмтӕ царди, уыдонӕй хицӕн кодтаиккой. Ӕмӕ сӕ кӕд ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕндыд, уӕд ын хъуамӕ йӕ фӕдзӕхстытӕм хъуыстаиккой ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй хицӕн кодтаиккой (Лев. 18:24, 25). Фӕлӕ ма уыцы закъон хъуыди ноджы иу цӕмӕндӕр. Ӕмӕ ныртӕккӕ ууыл аныхас кӕндзыстӕм. Стӕй ма фылдӕр базондзыстӕм, тӕссаг нын кӕмӕй у, уыцы хъуыддӕгтӕй дыккаджы тыххӕй дӕр.

10. Йегъовӕ адӕмы тынг хорз кӕй зоны, уый куыд равдыста?

10 Йегъовӕ йӕ адӕмӕн уыцы закъон цӕмӕн радта, уый сын бамбарын кодта афтӕ: «Цӕмӕй уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ цӕстыты фӕдыл ма цӕуат». Афтӕ уый тыххӕй загъта, ӕмӕ адӕмы тынг хорз зоны. Зоны йӕ, нӕ зӕрдӕ, цӕст цы уыны, уымӕ кӕй бабӕллы. Нӕ зӕрдӕ мӕнгард кӕй у ӕмӕ нӕ хатт ӕвзӕр хъуыддӕгтыл кӕй ардауы, уый зонгӕйӕ нӕ Йегъовӕ фӕдзӕхсы: «Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис. Чи йын цы базондзӕн?» (Йер. 17:9). Израилӕгтӕн дӕр уымӕн загъта, цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ӕмӕ сӕ цӕстыты фӕдыл ма цыдаиккой. Йегъовӕ зыдта, израилӕгтӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтӕм куы кастаиккой, уӕд сӕ бафӕндыдаид, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уыдаиккой. Фыццаг сӕ, чи зоны, се ’ддаг бакастӕй бафӕзмыдтаиккой, стӕй та хъуыды кӕнын дӕр ӕмӕ архайын дӕр уыдоны хуызӕн райдыдтаиккой (Ӕмб. 13:20).

11. Нӕ зӕрдӕйы ӕмӕ нӕ цӕстыты фӕдыл ацӕуынӕй нын тӕссаг цавӕр хъуыддаджы у?

11 Абон нӕ мӕнгард зӕрдӕйӕн бирӕ ӕнцондӕр у, цӕмӕй, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕ бӕллын райдайа. Мах ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ нӕм ӕвзӕр фӕндтӕ фӕзына, уымӕн бирӕ нӕ хъӕуы. Ахӕм уавӕры нын, Нымӕцты 15:39 цы хъуыды ис, уый куыд баххуыс кӕндзӕн? Зӕгъӕм, дзырд дарӕсыл куы цӕуа, уӕд дӕр тӕссаг у нӕ зӕрдӕйы ӕмӕ нӕ цӕстыты фӕдыл ацӕуынӕй. Нӕ алыварс адӕм ахӕм дзаумӕттӕ скӕнынц, цӕмӕй-иу иннӕтӕм ӕнӕгъдау хъуыдытӕ фӕзына. Ахӕм адӕмы уынӕм скъолайы, куысты ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уым. Ӕдзух сӕ кӕй уынӕм, уый тыххӕй нӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ бафӕнда, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ дарӕсӕй чырыстӕтты хуызӕн нал уыдзыстӕм, фӕлӕ уыцы адӕмы хуызӕн (Ром. 12:1, 2).

12, 13. а) Кӕд нӕ иуӕй-иу хатт, ӕвзӕр цы у, уымӕ кӕсын бафӕнды, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? ӕ) Иннӕтӕм ӕвзӕр фӕндтӕ цӕй тыххӕй фӕзындзӕн, ахӕм исты цӕуылнӕ хъуамӕ аразӕм?

12 Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ фӕндтыл нӕ бар цӕуа. Ӕвзӕр цы у, уымӕй-иу хъуамӕ нӕ цӕстытӕ азилӕм. Ацы хъуыддаджы нын фӕзминаг у иузӕрдион Иов. Уый йӕ «цӕстытимӕ скодта бадзырд». Йӕ фидар фӕнд уыди, цӕмӕй йӕ усы йеддӕмӕ уарзоны цӕстӕй макӕцы сылгоймагмӕ бакастаид (Иов 31:1). Давид дӕр йӕхицӕн фидарӕй загъта: «Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ цӕстыты раз ницы ӕрӕвӕрдзынӕн» (Пс. 101:3). Давидау мах дӕр хъуамӕ фидарӕй аскъуыддзаг кӕнӕм, «ницӕйаг цы у», уыдӕттӕм кӕй нӕ кӕсдзыстӕм. «Ницӕйаг цы у», уымӕ ис ахӕссӕн, Йегъовӕимӕ нын нӕ хӕлардзинад йӕ бон цӕмӕндӕриддӕр фехалын у, уыдӕттӕ. Уымӕ хауы, нӕ цӕст цӕмӕ сцыбӕл вӕййы, ома нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ цӕй тыххӕй фӕзыны ӕмӕ нӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл цы ардауы, ӕппӕт уыдӕттӕ.

13 Гӕнӕн ис, ӕмӕ суанг нӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн суӕм, «ницӕйаг цы у», уый, кӕд сӕм мах аххосӕй ӕвзӕр фӕндтӕ фӕзыны, уӕд. Афтӕ, чи зоны, рауайа нӕ уӕлӕдарӕсы тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъусӕм, Библийы цы фыст ис, уымӕ: хъуамӕ дарӕм «аив дарӕс» ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уа, «хӕдӕфсарм» кӕй стӕм (1 Тим. 2:9). Ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд равдисдзыстӕм, нӕхи цы фӕнды, ӕрмӕст ууыл кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ иннӕтӕн дӕр кӕй аргъ кӕнӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм, иннӕтӕн хуыздӕр цы уыдзӕн ӕмӕ сӕ фидардӕр цы фӕкӕндзӕн, ууыл, нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ (Ром. 15:1, 2). Чырыстон ӕмбырдты мингай ӕрыгӕттӕ сты раппӕлинаг ӕмӕ фӕзминаг, куыд конд вӕййынц, уымӕй. Сӕ зӕрдӕйы ӕмӕ сӕ цӕстыты фӕдыл кӕй нӕ цӕуынц, уый нын тынг ӕхсызгон у. Уыдоны фӕнды сӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын.

Ӕцӕг цы нӕу, уыдӕтты фӕдыл ма ацу

14. Ӕцӕг цы нӕу, уыдӕтты тыххӕй Самуил израилӕгты куыд бафӕдзӕхста?

14 Зӕгъӕм, фӕцӕуыс стыр ӕдзӕрӕг быдырыл. Ӕмӕ иу афон ауыдтай дон. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та уый дон нӕу. Ницы дзы ис! Цы ’рцӕудзӕн, дон цы фенхъӕлдтай, уырдӕм куы фӕзилай? Фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ ӕмӕ уыцы ӕдзӕрӕг быдыры амӕлдзынӕ. Йегъовӕ дӕр зоны, куыд тӕссаг у, ӕцӕг цы нӕу, ууыл дӕ ныфс куы дарай. Ӕмӕ иухатт Йегъовӕ израилӕгты дӕр уый тыххӕй бафӕдзӕхста. Сӕ алыварс чи царди, уыцы адӕмтӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыди паддзӕхтӕ, ӕмӕ израилӕгты дӕр бафӕндыд, цӕмӕй сын паддзах уа. Уый уыд стыр тӕригъӕд, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, Йегъовӕ сӕ Паддзах уа, уый сӕ кӕй нӕ фӕнды. Ӕппынфӕстаг сын Йегъовӕ бар радта, цӕмӕй адӕмӕй паддзах равзӕрстаиккой. Фӕлӕ сӕм йӕ пехуымпар Самуилы арвыста, ӕмӕ сӕ уый бафӕдзӕхста, «ницӕйаг мӕнгхуыцӕутты» фӕдыл, ома, ӕцӕг цы нӕу, мӕнг цы у, уыдӕтты фӕдыл цӕуын тӕссаг кӕй у. (Бакӕс 1 Самуилы 12:21.)

15. Израилӕгтӕ, мӕнг цы уыд, уыдӕтты фӕдыл куыд цыдысты?

15 Чи зоны, израилӕгтӕ хъуыды кодтой, зӕххон паддзахыл Йегъовӕйӕ тынгдӕр кӕй ис зӕрдӕ дарӕн. Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ хъуыды кодтой, уӕд цыдысты, мӕнг цы уыд, уыдӕтты фӕдыл. Иу мӕнгдзинадыл кӕм баууӕндыдысты, уым ӕнцонтӕй райдыдтаиккой ӕууӕндын, Сайтанӕй ма ноджыдӕр цы мӕнгдзинӕдтӕ цӕуы, уыдоныл дӕр. Зӕгъӕм, паддзахӕн йӕ бон уыд, цӕмӕй сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын кодтаид. Мӕнгхуыцӕуттӕн, ома хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн, чи фӕкувы, уыдонмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ иугӕр цӕстӕй уынынц ӕмӕ сӕм сӕ бон къухӕй бавналын дӕр у, уӕд сыл сӕ бон у сӕ зӕрдӕ дарын дӕр. Уыдон сӕ зӕрдӕ нӕ дарынц, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, фӕлӕ ӕппӕт дӕр чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау Йегъовӕйыл. Фӕлӕ апостол Павел мӕнгхуыцӕутты тыххӕй загъта, «ӕппындӕр... ницы» сты, зӕгъгӕ (1 Кор. 8:4). Мӕнгхуыцӕуттӕн сӕ бон ӕппындӕр ницы у аразын, нӕдӕр уынын, нӕдӕр хъусын, нӕдӕр дзурын. Уӕдӕ зондыл дзурӕг нӕ уаид, нӕ бон сӕ уынын ӕмӕ сӕм ӕвналын кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй сыл нӕ зӕрдӕ куы дариккам. Мӕнгхуыцӕуттӕн сӕ бон никӕмӕн у баххуыс кӕнын. Уыдон сты, ӕцӕг цы нӕу, уыдӕттӕ ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыцы адӕм дӕр «уыдонау уыдзысты» (Пс. 115:4–8).

16. а) Абон Сайтан адӕмы, ӕцӕг цы нӕу, уыдӕтты фӕдыл куыд сайы? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕимӕ абаргӕйӕ ӕхца ӕмӕ мулк «ницы» сты?

16 Сайтан абон дӕр тынг хорз арӕхсы, адӕмы, ӕцӕг цы нӕу, уыдӕтты фӕдыл сайынмӕ. Зӕгъӕм, бирӕты баууӕндын кодта, ӕхца, хорз куыст ӕмӕ сӕм бирӕ алыхуызон хорз дзауматӕ куы уа, уӕд амондджын кӕй уыдзысты ӕмӕ сын тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ сыл цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр сӕ бон у уыдӕттыл сӕ зӕрдӕ дарын. Фӕлӕ цымӕ ахӕм цыдӕртӕ адӕймагӕн тынг баххуыс кӕндзысты, зӕгъӕм, куы фӕрынчын уа, науӕд ӕрдзон бӕллӕхы куы бахауа кӕнӕ экономикӕ ӕвзӕр уавӕрмӕ куы ’рцӕуа, уӕд? Адӕймаг, цӕмӕн цӕры, уый куы нӕ зона, уӕд ын уыдӕттӕ куыд баххуыс кӕндзысты? Уыдоны фӕрцы царды ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ссардзӕн? Мӕлӕтӕй йӕ фервӕзын кӕндзысты? Нӕ зӕрдӕ ӕхца ӕмӕ мулкыл куы дарӕм, уӕд фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм. Уыдӕтты фӕрцы амондджын нӕ уыдзыстӕм, ӕмӕ нӕ низтӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр нӕ бахъахъхъӕндзысты. Уыдӕттӕ иууылдӕр ницы сты (Ӕмб. 23:4, 5). Фӕлӕ Йегъовӕйӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй. Уый у ӕцӕг Хуыцау. Уӕдӕ ӕцӕг амондджын ӕмӕ ӕдас уыдзыстӕм, Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр нын ӕрмӕст Йегъовӕйы бон у баххуыс кӕнын. Йӕ хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уымӕй стырдӕр амонд нӕй. Мах ӕй никуы ныууадздзыстӕм ӕмӕ, ӕцӕг цы нӕу, уыдӕтты фӕдыл никуы ацӕудзыстӕм.

17. Ацы статья нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ гӕсгӕ дӕ цы аразын фӕнды?

17 Куыд хорз у, Йегъовӕ нӕ Хӕлар кӕй у ӕмӕ нын ӕнусон царды фӕндагыл цӕуынӕн кӕй ӕххуыс кӕны! Цӕмӕй нӕ фӕдзӕхсы, уыдӕттӕм нӕ хъус куы дарӕм, уӕд цӕрдзыстӕм ӕнустӕм. Ацы статьяйӕ базыдтам, бирӕтӕ рӕдыд фӕндагыл кӕй тыххӕй цӕуынц, ӕртӕ ахӕм тӕссаг хъуыддаджы тыххӕй: адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл цӕуын, зӕрдӕйы фӕдыл цӕуын ӕмӕ, ӕцӕг цы нӕу, уыдӕтты фӕдыл цӕуын. Иннӕ статьяйӕ та базондзыстӕм, Йегъовӕ ма нӕ цы ӕртӕ хъуыддагӕй фӕдзӕхсы, уый ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «алы рӕдыд фӕндагӕй» не сӕфт уынӕм ӕмӕ дзы нӕхи хизӕм (Пс. 119:128).

Куыд хъуыды кӕныс?

Ацы стихты цы хъуыдытӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ дӕ бон куыд у архайын?

Рацыд 23:2

Нымӕцтӕ 15:37–39

1 Самуилы 12:21

Псалом 119:128

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 11 фарсыл]

Искуы дӕ фӕфӕнды «адӕмӕн сӕ фылдӕры» фӕдыл ацӕуын?

[Ныв 13 фарсыл]

Дӕ зӕрдӕйы ӕмӕ дӕ цӕстыты фӕдыл цӕуын тӕссаг цӕмӕн у?

[Ныв 14 фарсыл]

Ӕцӕг цы нӕу, уыдӕтты фӕдыл нӕ цӕуыс?