Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раздӕр тарстӕн мӕлӕтӕй, ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнусон цардмӕ

Раздӕр тарстӕн мӕлӕтӕй, ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнусон цардмӕ

Раздӕр тарстӕн мӕлӕтӕй, ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнусон цардмӕ

Радзырдта йӕ Пьеро Гатти

ДАРДӔЙ райхъуыст ӕнахуыр гуыв-гуыв ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр кодта. Сиренӕтӕ ныууасыдысты, цӕмӕй адӕм бамбӕхстаиккой. Стӕй райхъуыст бомбӕты ӕхситт ӕмӕ, бӕстӕ куыд пырх кӕнынц, уый. Ахӕм гыбар-гыбур кодта, ӕмӕ хъустӕ къуырма кодтой, адӕмӕн-иу фыртӕссӕй сӕ уд ныллӕууыд.

Уый уыд 1943–1944 азты Миланы, Италийы. Ӕз уыдтӕн ӕрыгон салдат, ӕмӕ-иу мӕ арӕх арвыстой, адӕм-иу бомбӕтӕй кӕм ӕмбӕхстысты, уыцы бынӕттӕм мӕрдтӕ ӕмбырд кӕнынмӕ. Адӕмы-иу уӕнггай фӕйнӕрдӕм фӕхаста ӕмӕ-иу сӕ базонӕн дӕр нал уыди. Ӕмӕ ӕрмӕст иннӕты мӕлӕт нӕ уыдтон, фӕлӕ-иу хатт мӕхӕдӕг дӕр мӕлӕты цӕстытӕм кастӕн. Уӕд-иу Хуыцаумӕ куывтон, ацы тугкалӕн хӕсты удӕгасӕй куы баззайон, уӕд дын дӕ фӕндон ӕххӕст кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.

Мӕлӕтӕй нал тӕрсын

Ӕз схъомыл дӕн иу италиаг хъӕуы, уый уыд горӕт Комойӕ 10 километры дарддӕр, Швейцаримӕ ӕввахс. Маст ӕмӕ мӕлӕт цы сты, уый базыдтон, гыццыл ма куы уыдтӕн, уӕд. Мӕ дыууӕ хойы амардысты «испанкӕйӕ» (гриппӕй). 1930 азы та, ӕхсӕз азы йеддӕмӕ мыл нӕ цыд, афтӕ амард мӕ мад Луиджиа. Ӕз хъомыл кодтон католик бинонты ’хсӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ католикты ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кодтон ӕмӕ алы къуыри дӕр аргъуанмӕ цыдтӕн. Фӕлӕ, мӕлӕтӕй тӕрсын кӕй нӕ хъӕуы, уый аргъуаны нӕ базыдтон, базыдтон ӕй сӕрӕлвынӕны.

1944 азы Дыккаг дунеон хӕст йӕ сау «тыллӕг» ӕмбырд кодта. Уыцы рӕстӕджы дӕсгай мин италиаг салдӕттӕ хӕстӕй алыгъдысты, хӕсты чи нӕ архайдта, уыцы Швейцаримӕ, ӕмӕ уыдоны ’хсӕн уыдтӕн ӕз дӕр. Уым нӕ ӕрцӕрын кодтой ӕрлидзӕггӕгты лагерты. Мӕн арвыстой, уыцы бӕстӕйы цӕгат-скӕсӕны ’рдыгӕй горӕт Штайнахы раз цы лагер уыд, уырдӕм. Уым нын иуцасдӕр сӕрибардзинад лӕвӕрдтой, нӕ бон уыди лагерӕй ӕддӕмӕ дӕр рацӕуын. Штайнахы цы сӕрӕлвынӕг уыд, уый йӕ куысты хъуыди ӕххуыс. Гъемӕ йӕм кусынмӕ бацыдтӕн ӕмӕ цӕргӕ дӕр уымӕ кодтон. Иу мӕй йеддӕмӕ йӕм нӕ фӕкуыстон, фӕлӕ уӕд базонгӕ дӕн иу адӕймагимӕ, ӕмӕ мӕ цард бынтондӕр фӕивта.

Сӕрӕлвынӕгмӕ-иу ӕрбацыд Адольфо Теллини, йӕхӕдӕг уыд Италийӕ, фӕлӕ цӕргӕ та кодта Швейцарийы. Уый уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Раздӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй никуы фехъуыстон, ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ уӕд ӕнӕхъӕн Италийы 150 йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Адольфо мын радзырдта, Библийы цы диссаджы хабӕрттӕ фыст ис, уыдоны тыххӕй, стӕй адӕм фарнӕй ӕмӕ «цардӕй [кӕй] бафсӕддзысты», уый тыххӕй (Иоан. 10:10; Рарг. 21:3, 4). Тагъд хӕстытӕ ӕмӕ мӕлӕт кӕй нал уыдзӕн, уыцы хъуыды мыл базыртӕ басагъта. Ӕрлидзӕггӕгты лагермӕ фӕстӕмӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд уыцы диссаджы ныфсы тыххӕй радзырдтон ӕндӕр ӕрыгон италиагӕн, Джузеппе Тубинийӕн, ӕмӕ уымӕн дӕр уыцы хабар йӕ зӕрдӕмӕ рухс бауагъта. Адольфо ӕмӕ ма нӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕндӕртӕ дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лагеры бӕрӕг кодтой.

Иу бон мӕ Адольфо акодта Арбонмӕ, Штайнахӕй иу-10 километры дарддӕр. Уым Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты гыццыл къорд ӕмбырдтӕ уагъта италиаг ӕвзагыл. Цы дзы фехъуыстон, уый мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыди, ӕмӕ та иннӕ къуыри дӕр уырдӕм ацыдтӕн. Фӕстӕдӕр уыдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессы, Цюрихы сын цы Конгрессты зал уыд, уым. Уым слайдтыл ӕвдыстой, ӕгасӕй кӕцӕй не здӕхтысты, уыцы концлагертӕ, дуне мӕрдтӕ дзы кӕрӕдзийыл калдӕй куыд уыдысты, уый. Уыдӕттӕ куы федтон, уӕд сыл мӕ зӕрдӕ тынг фӕрысти. Ноджы ма базыдтон, Германийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕты сӕ уырнындзинады тыххӕй кӕй амардтой. Уыцы конгрессы базонгӕ дӕн Марийӕ Пиццатоимӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй уыд, уый тыххӕй йын италиаг фашистон хицӕуттӕ тӕрхон рахастой, 11 азы кӕй хъуамӕ фӕбадтаид ахӕстоны.

Хӕст куы фӕци, уӕд фӕстӕмӕ Италимӕ ацыдтӕн ӕмӕ уым Комойы цы гыццыл ӕмбырд уыд, уырдӕм цӕуын райдыдтон. Мемӕ Библи ӕдзух ничи ахуыр кодта, фӕлӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ хорз ӕмбӕрстон. Марийӕ Пиццато дӕр уыд уыцы ӕмбырды. Уый мемӕ аныхас кодта, донаргъуыд ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы райсын, уый тыххӕй, ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй ацыдаин Марчелло Мартинеллимӕ. Уыцы ӕфсымӕр царди Кастьоне-Андевеннойы, Сондриойы провинцийы. Марчелло уыд иузӕрдион сӕрст ӕфсымӕр. Фашистон хицӕуттӕ йын куы стӕрхон кодтой, уӕд ын радтой 11 азы. Кӕм цард, уырдӕм ӕм велосипедыл фӕцыдтӕн 80 километры.

Марчелло мын Библийӕ бамбарын кодта, донаргъуыд райсынӕн цы хъӕуы, уый. Уый фӕстӕ иумӕ Йегъовӕмӕ скуывтам ӕмӕ ацыдыстӕм Аддӕйы цӕугӕдонмӕ, ӕмӕ уым донаргъуыд райстон. Уыцы хабар ӕрцыд 1946 азы сентябры. Уый уыд диссаджы бон! Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй сфӕнд кодтон ӕмӕ мын фидӕнӕй фидар ныфс кӕй фӕзынд, ууыл афтӕ цин кодтон, ӕмӕ, уыцы бон велосипедыл 160 километры куыд фӕцыдтӕн, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон!

Хӕсты фӕстӕ Италийы фыццаг конгресс уыд 1947 азы майы. Уыди дзы 700 адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты, фашистты къухӕй карз ӕфхӕрд чи баййӕфта, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Уыцы конгрессы ӕрцыд иу ӕнахуыр хабар. Джузеппе Тубинийӕн, ӕрлидзӕггӕгты лагеры Библийы тыххӕй кӕимӕ ныхас кодтон, уымӕн, уыди донаргъуыды фӕдыл раныхас, ӕмӕ стӕй йӕхӕдӕг дӕр донаргъуыд райста!

Уыцы конгрессы базонгӕ дӕн ӕфсымӕр Нейтан Норримӕ, Бруклины Вефилӕй. Уый мӕн дӕр ӕмӕ Джузеппейы дӕр сразӕнгард кодта, цӕмӕй нӕ цард ӕгасӕй дӕр радтаиккам Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн. Уӕд сфӕнд кодтон, иу мӕйы фӕстӕ кӕй райдайдзынӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Фӕлӕ хӕдзармӕ куы ӕрбацыдтӕн ӕмӕ мӕ фӕнды тыххӕй мӕ бинонтӕн куы загътон, уӕд мын иууылдӕр дзурын райдыдтой, афтӕ ма бакӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ фӕнд нӕ аивтон. Ӕмӕ иу мӕйы фӕстӕ лӕггад кӕнын райдыдтон Миланы Вефилы. Уым лӕггад кодта цыппар миссионеры: Джузеппе (Джозеф) Романо йӕ ус Анджелинӕимӕ ӕмӕ Карло Бенанти йӕ ус Констансимӕ. Мӕ хӕдразмӕ сӕм ӕрбаиу Джузеппе Тубини, уый уыд фӕндзӕм, ӕз та уыдтӕн ӕхсӕзӕм.

Вефилы иу мӕй куы фӕдӕн, уӕд мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Ӕз уыдтӕн, Италийы чи райгуырд, фыццаг ахӕм районон цӕстдарӕг. Уӕд ма цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кодта ӕфсымӕр Джордж Фредьянелли. Италийы уый уыд фыццаг миссионер, цӕугӕ та ӕркодта 1946 азы Америкӕйы Иугонд Штаттӕй. Цалдӕр къуырийы мӕ ахуыр кодта, ӕмӕ стӕй уыцы диссаджы куыстмӕ мӕхӕдӕг бавнӕлдтон. Уӕлдайдӕр бахъуыды кодтон, фыццаг кӕй бӕрӕг кодтон, уыцы ӕмбырд. Уый уыд Фаэнцӕйы. Ахъуыды-ма кӕнут, уымӕй размӕ мын ӕмбырды раныхас никуы уыд! Фӕлӕ уӕддӕр се ’ппӕты дӕр, стӕй дзы цы бирӕ ӕрыгӕттӕ уыд, уыдоны дӕр сразӕнгард кодтон, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныныл ахъуыды кодтаиккой. Фӕстӕдӕр уыцы ӕрыгӕттӕй кӕмӕндӕрты италиаг ӕмбырдты сӕ бар бакодтой стыр хӕстӕ.

Афтӕ райдыдтон цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Уый уыд диссаджы рӕстӕг. Мӕ царды уыд, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыдтӕн, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ, стӕй ивындзинӕдтӕ, зындзинӕдтӕ ӕмӕ циндзинад. Уымӕй уӕлдай ма мӕхиуыл банкъардтон мӕ зынаргъ ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты стыр уарзт.

Дины уавӕр хӕсты фӕстӕ Италийы

Италийы уӕд дины уавӕр куыд уыди, уый дӕр уын радзурон. Бартӕ иууылдӕр уыдысты Католикон аргъуаны къухы. Кӕд ног конституци йӕ тыхы 1948 азы бацыд, уӕддӕр фашистты закъӕттӕ, Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар цы закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ уыд, уыдон, ивд ӕрцыдысты ӕрмӕст 1956 азы. Дины кусджытӕ нӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый тыххӕй-иу арӕх конгресстӕ ауадзын бахъыгдардтой. Фӕлӕ-иу хатт сӕ фӕндтӕй ӕппындӕр ницы рауад, 1948 азы астӕуккаг Италийы иу гыццыл горӕт Сульмонӕйы куыд уыд, афтӕ.

Конгресс цыди театры. Хуыцаубоны райсомӕй ӕз уыдтӕн сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, Джузеппе Романойӕн та уыд раныхас. Конгресмӕ тынг бирӕ адӕм ӕрӕмбырд. Уыцы рӕстӕг ӕнӕхъӕн Италийы 500 хъусынгӕнӕджы дӕр нӕ уыд, ӕмӕ театры та уыди 2000 адӕймаджы, ӕмӕ дзы адӕмӕй къух бакӕнӕн дӕр нӕ уыд. Раныхасы кӕрон иу ӕрыгон лӕппу, залы цы дыууӕ сауджыны бадти, уыдоны ардыдӕй, сценӕмӕ сгӕпп кодта ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг хъӕр кӕнын райдыдта – фӕндыди йӕ адӕмы сызмӕнтын. Ӕз ын уайтагъд загътон: «Кӕд дӕ исты зӕгъын фӕнды, уӕд дӕхицӕн зал баххуырс ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый дзур». Уыцы лӕппу адӕмы дисы ницӕмӕй бафтыдта, ӕмӕ йӕ хъӕры бын фӕкодтой. Уӕд сценӕйӕ фӕстӕмӕ ӕргӕпп кодта ӕмӕ фӕцыдӕр.

Уыцы бонты искуыдӕм цӕуын ӕнцон нӕ уыд. Иу ӕмбырдӕй иннӕмӕ цыдтӕн куы фистӕгӕй, куы велосипедыл, куы адӕмӕй йедзаг, хӕлддзаг автобустыл, куы та поездыл дӕр. Уыди-иу афтӕ, ӕмӕ-иу ӕхсӕв арвыстон скъӕты кӕнӕ, кусӕнгӕрзтӕ кӕм дардтой, уыцы агъуысты. Хӕст нырма уӕд фӕци, ӕмӕ италиӕгтӕн сӕ фылдӕр уыдысты мӕгуыр. Ӕфсымӕртӕ бирӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр кӕцӕй цы уыди. Фӕлӕ ахӕм уавӕрты дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр ницы уыд.

Ахуыр кӕнын Галаады скъолайы

1950 азы мӕн ӕмӕ Джузеппе Тубинийы фӕхуыдтой Галаады скъолайы 16 къласмӕ. Ахуыр куы райдыдтам, уӕд ӕй уайтагъд бамбӕрстон, англисаг ӕвзаг сахуыр кӕнын мын ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн. Мӕ бон цы уыди, уый арӕзтон, фӕлӕ мын уӕддӕр зын уыди. Хӕс нын радтой, цӕмӕй ӕнӕхъӕн Библи англисагау бакастаиккам. Цӕмӕй уыцы хъуыддаг мӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй-иу хатт сихор хӕрынмӕ дӕр не ’рбацыдтӕн, ӕмӕ-иу мӕхицӕн хъӕрӕй кастӕн. Уӕдмӕ мӕ рад дӕр ӕрцыд раныхасы рацӕуынмӕ. Нӕ ахуыргӕнӕг мын цы загъта, уый цыма знон уыд, афтӕ йӕ хъуыды кӕнын: «Дӕ къухты змӕлд ӕмӕ, куыд зӕрдиагӕй дзырдтай, уый тынг хорз уыд, фӕлӕ дын дӕ англисаг ӕвзагӕй ӕппындӕр ницы бамбӕрстон!» Фӕлӕ уӕддӕр ахуыр ӕнтыстджынӕй кӕронмӕ фӕдӕн. Уый фӕстӕ нӕ Джузеппеимӕ фӕстӕмӕ Италимӕ снысан кодтой. Скъолайы нӕ цӕуыл сахуыр кодтой, уый фӕрцы нӕ бон уыд ӕфсымӕртӕн хуыздӕр лӕггад кӕнын.

1955 азы ракуырдтон Лидийӕйы. Лидийӕ уыд, 7 азы размӕ донаргъуыды фӕдыл раныхас кӕмӕн дзырдтон, уыдонӕй сӕ иу. Йӕ фыд Доменико уыди диссаджы ӕфсымӕр. Кӕд фашистон хицӕутты къухӕй ӕфхӕрд баййӕфта ӕмӕ кӕд ӕртӕ азмӕ Вентотенейы сакъадахмӕ хаст ӕрцыд, уӕддӕр йӕ авд сывӕллонӕн дӕр баххуыс кодта рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн. Лидийӕ дӕр хъӕбатырӕй тох кодта рӕстдзинады сӕрыл. Цалынмӕ нын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕныны бар нӕ радтой, уӕдмӕ йын тӕрхон кодтой ӕртӕ хатты. Нӕ цард куы баиу кодтам, уымӕй 6 азы фӕстӕ райгуырд нӕ фыццаг лӕппу, Беньямино. 1972 азы та райгуырд нӕ дыккаг лӕппу, Марко. Тынг ӕхсызгон мын у, сӕ дыууӕ дӕр ӕмӕ сӕ бинонтӕ дӕр Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц.

Йегъовӕйӕн дарддӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын

Иннӕтӕн кӕй лӕггад кӕнын, уый мын хӕссы стыр циндзинад. Бирӕ ахӕм хабӕрттӕ мыл ӕрцыд, ӕмӕ сӕ абон дӕр нӕ рох кӕнын. Зӕгъӕм, 1980-ӕм азты райдианы мӕ каис ныффыста Италийы президентмӕ, Сандро Пертинимӕ. Фашистты рӕстӕджы сӕ дыууӕ дӕр хаст ӕрцыдысты Вентотенейы сакъадахмӕ, уым дардтой, хицауады знӕгтыл кӕй нымадтой, уыдоны. Мӕ каисы фӕндыд йемӕ фембӕлын, цӕмӕй йын рӕстдзинады тыххӕй радзырдтаид. Президент куы сразы ис, уӕд ӕз дӕр йемӕ ацыдтӕн. Куы йӕм бацыдыстӕм, уӕд ныл афтӕ бацин кодта, ӕмӕ уый ӕнхъӕл ӕппындӕр нӕ уыдыстӕм. Мӕ каисӕн ма хъӕбыс дӕр ныккодта. Стӕй йемӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй аныхас кодтам ӕмӕ йын литературӕ дӕр ныууагътам.

1991 азмӕ, 44 азы дӕргъы, фӕлӕггад кодтон районон цӕстдарӕгӕй, бӕрӕг кодтон ӕмбырдтӕ Италийы алы рӕтты. Уый фӕстӕ лӕггад кодтон Конгрессты залы цӕстдарӕгӕй, фӕлӕ цыппар азы фӕстӕ тынг фӕрынчын дӕн, ӕмӕ мӕ бон уым лӕггад кӕнын нал уыд. Фӕлӕ Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы абон дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнон, ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын. Ӕфсымӕртӕ мын ныр дӕр фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ дын раныхӕстӕ куы вӕййы, уӕд афтӕ зӕрдиагӕй фӕдзурыс, ӕмӕ нӕ зӕрдӕты зынг ссудзы. Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, азтӕ мын мӕ хъару кӕй нӕ асастой.

Ӕрыгонӕй мӕлӕтӕй фылдӕр ницӕмӕй тарстӕн, фӕлӕ, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый куы базыдтон, уӕд мын фӕзынди фидар ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзынӕн – Йесо куыд загъта, афтӕмӕй цардӕй кӕй бафсӕддзынӕн (Иоан. 10:10). Ӕмӕ ныр ӕз уыцы цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын – адӕм фӕрнӕй, ӕдасӕй ӕмӕ амондджынӕй куы цӕрой ӕмӕ Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй куы бафсӕдой, уымӕ. Кад уӕд нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг Хуыцауӕн, йӕ ном хӕссыны аккаг нӕ чи скодта, уымӕн (Пс. 83:18).

[Картӕ 22, 23 фӕрстыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

ШВЕЙЦАРИ

БЕРН

Цюрих

Арбон

Штайнах

ИТАЛИ

РОМ

Комо

Милан

Аддӕйы цӕугӕдон

Кастьоне-Андевенно

Фаэнцӕ

Сульмонӕ

Вентотене

[Ныв 22 фарсыл]

Цӕуӕм Галаадмӕ

[Ныв 22 фарсыл]

Джузеппеимӕ Галаады

[Ныв 23 фарсыл]

Нӕ чындзӕхсӕвы бон

[Ныв 23 фарсыл]

Мӕ зынаргъ цардӕмбалимӕ иумӕ стӕм 55 азӕй фылдӕр