Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы у хуыцауы ӕнцойад?

Цы у хуыцауы ӕнцойад?

Цы у хуыцауы ӕнцойад?

«Хуыцауы адӕмӕн ныр дӕр ма у сабат – ӕнцойады бон» (ДЗУТ. 4:9).

1, 2. Райдианы 2:3 стихӕй цы ис базонӕн ӕмӕ цавӕр фарстатӕ равзардзыстӕм?

РАЙДИАНЫ чиныджы фыццаг сӕры фыст ис, Хуыцау ӕхсӕз бонмӕ зӕхх адӕмӕн цӕрынӕн куыд ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй. Уыцы бонтӕ ӕнӕуи бонтӕ нӕ уыдысты, ома, 24 сахаты чи вӕййы, ахӕмтӕ. Алкӕцы дӕр дзы ахаста бирӕ фылдӕр рӕстӕг. Алы «боны» кӕроны тыххӕй дӕр Библийы фыст ис: «Уыди изӕр ӕмӕ уыди райсом» (Райд. 1:5, 8, 13, 19, 23, 31). Фӕлӕ «ӕвдӕм боны» тыххӕй Библи афтӕ зӕгъы: «Хуыцау раарфӕ кодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта, уымӕн ӕмӕ уыцы бон улӕфын райдыдта йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй» (Райд. 2:3).

2 Дӕ хъус-ма ӕрдар, афтӕ фыст дзы кӕй ис, «улӕфын райдыдта», зӕгъгӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ н. э. размӕ 1513 азы дӕр, Моисей ацы ныхӕстӕ куы фыста, уӕд, Хуыцау улӕфгӕ кодта, ома Хуыцауы ӕнцойады «бон», «ӕвдӕм бон», уыцы рӕстӕджы нӕма фӕци. Уый фӕстӕ ма Хуыцау загъта, адӕмӕн сӕ бон кӕй у йе ’нцойадмӕ бацӕуын. Цымӕ ма ныр дӕр у Хуыцауы ӕнцойады бон? Абоны онг дӕр «улӕфгӕ» кӕны? Кӕд о, уӕд махӕн та йе ’нцойадмӕ бацӕуын нӕ бон куыд у? Ацы фарстатӕн дзуапп базонын ӕнӕмӕнг хъӕуы.

Хуыцау абон дӕр «улӕфгӕ» кӕны?

3. «Ӕвдӕм бон» Йесо Чырыстийы рӕстӕджы дӕр кӕй нӕма фӕци, уый Иоанны 5:16, 17 стихтӕй куыд зыны?

3 «Ӕвдӕм бон» Йесо Чырыстийы рӕстӕджы дӕр ӕмӕ фыццаг чырыстӕтты рӕстӕджы дӕр кӕй нӕма фӕци, уымӕн ис дыууӕ бӕлвырдгӕнӕны. Фыццаг бӕлвырдгӕнӕн у, Йесо Чырысти йе знӕгтӕн цы загъта, уый. Йесо рынчынты сабаты дӕр кӕй дзӕбӕх кодта, уый тыххӕй йӕм йе знӕгтӕ мӕсты кодтой. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сабат уыд улӕфты бон ӕмӕ кусӕн ницы уыд. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд ныры онг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын» (Иоан. 5:16, 17). Цы зӕгъын ӕй фӕндыд уымӕй? Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕн сӕ хъуыды уыд ахӕм: «Ӕз ӕмӕ мӕ Фыд иу хъуыддаг аразӕм. Ныр цалдӕр миназы мӕ Фыдӕн у сабатбон, фӕлӕ уӕддӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ уӕд мӕнӕн мӕ бон цӕуылнӕ у сабаты исты аразын?» Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, йӕ рӕстӕджы дӕр ма кӕй уыд «ӕвдӕм бон», кӕнӕ Хуыцауы ӕнцойады бон, ома, Хуыцау зӕххыл куы ницыуал фӕлдыста, уыцы рӕстӕг. Фӕлӕ, Хуыцау уӕды онг дӕр кӕй «фыдӕбон кодта», уый та афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый уыцы рӕстӕджы дӕр сабыргай ӕххӕст кодта *.

4. «Ӕвдӕм бон» фыццаг чырыстӕтты рӕстӕджы дӕр кӕй нӕма фӕци, уый Павелы ныхӕстӕй куыд зыны?

4 Дыккаг бӕлвырдгӕнӕн та нӕ бон у ссарын апостол Павелы ныхӕсты. Дзуттӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым дзуры Хуыцауы ӕнцойады тыххӕй. Уыцы фыстӕджы 4 сӕры, Райдианы 2:2 фыст ныхӕстӕ ӕрхӕссыны размӕ, Павел загъта: «Мах та, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон, цӕуӕм йе ’нцойадмӕ» (Дзут. 4:3, 4, 6, 9). Уымӕй бӕрӕг у, Павелы рӕстӕджы дӕр «ӕвдӕм бон» кӕй нӕма фӕци. Кӕд хъуамӕ фӕуа «ӕвдӕм бон»?

5. Йегъовӕ «ӕвдӕм бон» цӕй тыххӕй рахицӕн кодта ӕмӕ йӕ фӕнд кӕронмӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн?

5 Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ «ӕвдӕм бон» ахсджиаг хъуыддагӕн кӕй рахицӕн кодта. Райдианы 2:3 фыст ис: «Хуыцау раарфӕ кодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта». Йегъовӕ уыцы «бон» рахицӕн кодта, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кодтаид, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕнд уыди, уый. Йӕ фӕнд та у, цӕмӕй коммӕгӕс адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрой ӕмӕ зӕхмӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕм зилой (Райд. 1:28). Гъе уыцы фӕнд сӕххӕст кӕныныл «ныры онг дӕр фыдӕбон кӕнынц» Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти, «сабатыл йӕ бар [кӕмӕн] цӕуы», уый (Матф. 12:8). Уӕдӕ Хуыцауы ӕнцойады бон уыдзӕн, цалынмӕ йӕ фӕнд кӕронмӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый та уыдзӕн Чырыстийы Миназон хицаудзинады кӕрон.

«Уыдонау ӕгоммӕгӕс ма суӕм»

6. Кӕй хабӕрттӕ нын сты зондзонӕн ӕмӕ цӕмӕн?

6 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн бӕлвырд бамбарын кодта, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕнд уыд, уый. Фӕлӕ уыдон уыцы фӕнды ныхмӕ рацыдысты. Адам ӕмӕ Евӕйы фӕстӕ ма ноджыдӕр бирӕ адӕм нӕ хъуыстой Хуыцаумӕ. Суанг ма Хуыцауы адӕм дӕр, израилӕгтӕ, разындысты ӕгоммӕгӕс. Йӕ рӕстӕджы Павел чырыстӕтты дӕр фӕдзӕхста, уыдонӕй дӕр кӕмӕндӕрты тӕссаг кӕй уыд, израилӕгтау ӕгоммӕгӕс кӕй суыдзысты, уымӕй. Павел ныффыста: «Гъемӕ уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй нӕ тӕригъӕды мачи бафта ӕмӕ уыдонау ӕгоммӕгӕс ма суа» (Дзут. 4:11). Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у: ӕгоммӕгӕс адӕм Хуыцауы ӕнцойадмӕ нӕ бацӕудзысты. Цымӕ уый махӕн ууыл дзурӕг у, ӕмӕ исты хъуыддаджы Хуыцауы фӕнды ныхмӕ куы цӕуӕм, уӕд йе ’нцойадмӕ нӕ бацӕудзыстӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп базонын тынг ахсджиаг у, ӕмӕ ууыл дарддӕр фылдӕр аныхас кӕндзыстӕм. Фӕлӕ уал фыццаг ӕркӕсӕм израилӕгты хабармӕ ӕмӕ базонӕм, Хуыцауы ӕнцойадмӕ цӕуылнӕ бацыдысты, уый.

«Уыдон ме ’нцойадмӕ нӕ бацӕудзысты»

7. Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд ӕм цавӕр фӕнд уыд ӕмӕ израилӕгтӕ цы хъуамӕ арӕзтаиккой?

7 Н. э. размӕ 1513 азы Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейӕн раргом кодта, израилӕгты тыххӕй йӕм цавӕр фӕнд уыд, уый. Хуыцау загъта: «[Ӕз] цӕуын, цӕмӕй сӕ египетӕгты къухӕй фервӕзын кӕнон, уыцы зӕххӕй сӕ ракӕнон ӕмӕ сӕ бакӕнон хъӕздыг зӕхмӕ, зӕхх парахат кӕм у, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уырдӕм» (Рац. 3:8). Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй ссӕрибар кодта, цӕмӕй сӕ йӕ адӕм скодтаид, Авраамӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ (Райд. 22:17). Хуыцау израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдоны фӕрцы Хуыцауимӕ фӕрнӕй цардаиккой ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ уыдаиккой (Ис. 48:17, 18). Йегъовӕ сын загъта: «Кӕд ныр алы хъуыддаджы дӕр мӕ коммӕ кӕсат ӕмӕ мын мӕ бадзырд ӕххӕст кӕнат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у» (Рац. 19:5, 6). Уӕдӕ израилӕгтӕ Хуыцауы адӕм уыдаиккой, йӕ закъӕттӕ йын куы ’ххӕст кодтаиккой, ӕрмӕстдӕр уӕд.

8. Израилӕгтӕ Хуыцауы коммӕ куы кастаиккой, уӕд куыд цардаиккой?

8 Ахъуыды-ма кӕн, цӕй диссаджы цард уыдаид израилӕгтӕн, Йегъовӕйы коммӕ куы кастаиккой, уӕд! Йегъовӕ сын афтӕ раарфӕ кодтаид, ӕмӕ сӕ быдыртӕй ӕмӕ сӕ сӕнӕфсирдӕттӕй истаиккой хъӕздыг тыллӕг, сӕ фос сбирӕ уыдаиккой. Хуыцау ма сын зӕрдӕ бавӕрдта, се знӕгтӕй дӕр сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 10:23–27.) Иннӕ адӕмты дӕлбар нӕ бауыдаиккой. Суанг ма, Йесо Чырысти зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд дӕр уыдаиккой сӕрибар адӕм, Ромы паддзахад сӕ йӕ дӕлбар нӕ бакодтаид. Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй Израилы цӕвиттоны фӕрцы иннӕ адӕмтӕ бӕлвырд федтаиккой: ӕцӕг Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн хай кӕны йӕ арфӕдзинӕдтӕй.

9, 10. а) Израилӕгты фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхын кӕй фӕндыд, уый раст цӕуылнӕ уыд? ӕ) Израилӕгтӕн Египеты сӕ бон уыдаид Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кувын?

9 Израилӕгтӕн уыди диссаджы фадат – Йегъовӕ йӕ фӕнд уыдоны уылты сӕххӕст кодтаид. Уый фӕрцы уыдон схайджын уыдаиккой Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй, ӕмӕ ӕрмӕст сӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр (Райд. 22:18). Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр, Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм уой ӕмӕ иннӕ адӕмтӕн цӕвиттонӕн хӕссинаг уой, уый кадыл нӕ банымадтой. Уый цы, фӕлӕ ма сӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхын дӕр ӕрфӕндыд! (Бакӕс Нымӕцтӕ 14:2–4.) Фӕлӕ Египетмӕ куы аздӕхтаиккой, уӕд Йегъовӕйы фӕнд нӕ сӕххӕст уыдаид, ома израилӕгтӕ иннӕ адӕмтӕн цӕвиттонӕн хӕссинаг адӕм не суыдаиккой. Египеты та ногӕй цагъартӕ куы суыдаиккой, уӕд сӕ бон нӕ уыдаид Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд нӕ цыдаиккой. Афтӕ куы загътой, фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхӕм, зӕгъгӕ, уӕд ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл хъуыды кодтой, Хуыцауыл ӕмӕ йӕ фӕндыл нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр уыцы адӕмы тыххӕй уымӕн загъта: «Уый тыххӕй [мын] уыцы фӕлтӕр фенад, ӕмӕ загътон: „Ӕдзух сӕ зӕрдӕты фӕдыл адзӕгъӕл вӕййынц, нӕ мын базыдтой мӕ фӕндӕгтӕ“. Гъемӕ сӕм смӕсты дӕн, ӕмӕ расомы кодтон: „Уыдон ме ’нцойадмӕ нӕ бацӕудзысты“» (Дзут. 3:10, 11; Пс. 95:10, 11).

10 Египетмӕ аздӕхын сӕ кӕй фӕндыд, уымӕй равдыстой, Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕн кӕй нӕ аргъ кодтой. Уый бӕсты сӕ хъуыди, Египеты цы хӕринӕгтӕ хордтой, уыдон: джитъритӕ, харбызтӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ (Ным. 11:5). Ӕмӕ уымӕй уыдысты Исавы хуызӕн, хистӕр фырты бартӕн ӕппындӕр чи нӕ аргъ кодта ӕмӕ сӕ хӕринаджы къусыл чи ауӕй кодта, уый хуызӕн (Райд. 25:30–32; Дзут. 12:16).

11. Египетӕй чи рацыд, уыцы израилӕгтӕ кӕд Йегъовӕйыл не ’ууӕндыдысты, уӕддӕр йӕ фӕнд аивта?

11 Египетӕй чи рацыд, уыцы израилӕгтӕ Йегъовӕйыл не ’ууӕндыдысты. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ нӕ аивта, уыцы адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд уыдис, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ сӕхицӕй коммӕгӕсдӕр разындысты. Уыдон Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъуыстой – Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой. Йесо Навины 24:31 фыст ис: «Цалынмӕ Йесо ӕгас уыд, уӕдмӕ Израилы адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой. Лӕггад ын кодтой, Йесойы фӕстӕ дӕр ма чи цард ӕмӕ, Йегъовӕ Израилы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон чи зыдта, уыцы хистӕр лӕгты рӕстӕджы дӕр».

12. Кӕцӕй йӕ зонӕм, чырыстӕттӕн абон дӕр сӕ бон кӕй у Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын?

12 Фӕлӕ уыцы коммӕгӕс израилӕгтӕ базӕронд сты ӕмӕ амардысты. Сӕ байзӕддӕгтӕ та «нӕ зыдтой Йегъовӕйы ӕмӕ, Израилы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон дӕр». Ӕмӕ, «Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтыл бафтыдысты» ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой (Тӕрх. 2:10, 11). Уыцы израилӕгтӕ Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ кастысты, уый тыххӕй йемӕ фӕрнӕй нал цардысты. Уымӕ гӕсгӕ сын Зӕрдӕвӕрд зӕхх «ӕнцойады бынат» не сси. Павел уыцы израилӕгты тыххӕй ныффыста: «Навины фырт Йесо сӕ куы бакодтаид ӕнцойады бынатмӕ, уӕд уый фӕстӕ Хуыцау ӕндӕр боны кой нал кодтаид». Стӕй ма загъта: «Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн ныр дӕр ма у сабат – ӕнцойады бон» (Дзут. 4:8, 9). Ацы ран Павел, «Хуыцауы адӕм», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд кодта чырыстӕтты кой. Ӕмӕ уыдонмӕ хаудысты, раздӕр Моисейы закъон чи ’ххӕст кодта, уыцы чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ чи никуы цард, уыцы чырыстӕттӕ дӕр. Павелы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ чырыстӕттӕн абон дӕр сӕ бон у Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын.

Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы ӕнцойадмӕ нӕ бацыдысты

13, 14. а) Моисейы рӕстӕджы израилӕгты цы аразын хъуыди, цӕмӕй Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдаиккой? ӕ) Павелы рӕстӕджы чырыстӕтты цы аразын хъуыди, цӕмӕй Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдаиккой?

13 Павел дзуттаг чырыстӕттӕм уый тыххӕй ныффыста, ӕмӕ сӕ чидӕртӕ цыдысты Хуыцауы фӕнды ныхмӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:1.) Цымӕ куыд? Моисейы закъонӕй кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕ уыцы рӕстӕджы дӕр ӕххӕст кодтой. Раст у, уый размӕ израилӕгтӕ хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой Моисейы закъон, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссардтаиккой, ӕмӕ афтӕ уыд 1 500 азы дӕргъы. Фӕлӕ сӕ Чырыстийы мӕлӕты фӕстӕ Моисейы закъон нал хъуыди. Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ уый не ’мбӕрстой, ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодтой, Закъоны кӕцыдӕр фӕдзӕхстытӕ сӕ уӕддӕр кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын *.

14 Павел уыцы дзуттаг чырыстӕттӕн бамбарын кодта, ӕнӕххӕст адӕмӕй хистӕр сауджынтӕ чи уыд, уыдонӕй Йесо Чырысти хуыздӕр хистӕр сауджын кӕй у. Равдыста сын, Израилимӕ цы бадзырд арӕзт уыд, уымӕй ног бадзырд хуыздӕр кӕй уыд. Стӕй ма сын бамбарын кодта, Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндон «адӕймаджы къухӕй конд» кувӕндонӕй «кадджындӕр ӕмӕ ӕххӕстдӕр» кӕй у (Дзут. 7:26–28; 8:7–10; 9:11, 12). Моисейы закъоны сабатбоны тыххӕй цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Павел бамбарын кодта, чырыстӕттӕн Хуыцауы ӕнцойадмӕ сӕ бон бацӕуын куыд у, уый. Павел ныффыста: «Хуыцауы адӕмӕн ныр дӕр ма у сабат – ӕнцойады бон. Хуыцауы ӕнцойадмӕ чи бацыд, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнцад йӕ хъуыддӕгтӕй, Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕрӕнцад, афтӕ» (Дзут. 4:8–10). Уыцы дзуттаг чырыстӕттӕ хъуамӕ афтӕ мауал хъуыды кодтаиккой, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы хорзӕх «йӕ хъуыддӕгты» фӕрцы ссардзӕн, ома, Моисейы закъон кӕй ӕххӕст кӕны, уый фӕрцы. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ йӕ хорзӕх лӕвар кӕны, Йесо Чырыстийыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн.

15. Цӕмӕй Йегъовӕйы ӕнцойадмӕ бацӕуӕм, уый тыххӕй коммӕгӕс цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

15 Моисейы рӕстӕджы израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ цӕуылнӕ бацыдысты? Йегъовӕйы коммӕ кӕй нӕ кастысты, уый тыххӕй. Павелы рӕстӕджы та чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы ӕнцойадмӕ цӕуылнӕ бацыдысты? Уыдон дӕр уый тыххӕй – Йегъовӕйы коммӕ нӕ кастысты. Йегъовӕ йӕ адӕмӕй Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нал домдта ӕмӕ йын уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕндӕр хуызы кӕй хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, ууыл не ’ууӕндыдысты.

Абон нӕ бон куыд у Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын

16, 17. а) Абон чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

16 Абон махӕй афтӕ ничи хъуыды кӕны, ӕмӕ ирвӕзындзинад райсыны тыххӕй чырыстӕттӕ хъуамӕ Моисейы закъон ӕххӕст кӕной. Павел ефесӕгтӕм бӕлвырд ныффыста: «Уыцы стыр хорзӕхы фӕрцы сымах фервӕзтыстут уӕ уырнындзинады руаджы, ӕмӕ уый уӕхи фӕрцы нӕу – уый Хуыцауы лӕвар у. Уый уӕ хъуыддӕгты фӕрцы нӕу» (Еф. 2:8, 9). Уӕдӕ абон чырыстӕттӕн Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын сӕ бон куыд у? Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ йе ’нцойады бон уый тыххӕй кӕй рахицӕн кодта, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кодтаид, зӕххы тыххӕй ӕмӕ йӕм коммӕгӕс адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый. Абон нын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты ӕмбарын кӕны, йӕ фӕнд цы у ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ организацийы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд йе ’нцойадмӕ бацӕудзыстӕм.

17 Фӕлӕ нын ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цы дзуры, уымӕ куы нӕ хъусӕм кӕнӕ та, махмӕ цы кӕсы раст, ӕрмӕст уый куы аразӕм, уӕд цӕудзыстӕм Йегъовӕйы фӕнды ныхмӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды ныхмӕ куы цӕуӕм, уӕд та йӕ хӕлӕрттӕ нӕ уыдзыстӕм. Коммӕгӕс стӕм ӕви нӕ, уый рабӕрӕг вӕййы алыхуызон уавӕрты, ӕмӕ иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм уыдонӕй цалдӕрыл. Ахӕм уавӕрты цавӕр уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдыстӕм ӕви нӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ кувӕндоны сабаты дӕр лӕггад кодтой, ӕмӕ уымӕй Моисейы закъон нӕ хӕлдтой. Йесойы та Хуыцау махӕн сӕвӕрдта хистӕр сауджынӕй. Уӕдӕ Йесойӕн уыдис бар, цӕмӕй сабаты арӕзтаид, Йегъовӕ йын цы бахӕс кодта, уый (Матф. 12:5, 6).

^ 13 абз. Дзуттаг чырыстӕттӕй ма исчи н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ дӕр Сыгъдӕггӕнӕн бон нывӕндтӕ хаста ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Кӕд ӕцӕгдӕр нывӕндтӕ хастой, уӕд уымӕй ӕвдыстой, Чырыстийы нывондӕн кӕй нӕ аргъ кодтой. Фӕлӕ дзуттаг чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ уӕддӕр хӕцыдысты Моисейы закъонӕй кӕцыдӕр ӕгъдӕуттыл (Гал. 4:9–11).

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

• Йегъовӕ «ӕвдӕм бон» цӕй тыххӕй рахицӕн кодта?

• «Ӕвдӕм бон» кӕй нӕма фӕци, уый кӕцӕй зонӕм?

• Моисейы рӕстӕджы чи цард, уыцы израилӕгтӕ ӕмӕ, Павелы рӕстӕджы чи цард, уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы ӕнцойадмӕ цӕуылнӕ бацыдысты?

• Абон нӕ бон куыд у Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 27 фарсыл]

Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ организацийы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд йе ’нцойадмӕ бацӕудзыстӕм

[Нывтӕ 26, 27 фӕрстыл]

Абон Хуыцауы адӕмы цы аразын хъӕуы, цӕмӕй йе ’нцойадмӕ бацӕуой?