Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

• Цавӕр ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм?

1) Мах хъуамӕ тӕрсӕм Хуыцауӕй (1 Пет. 3:12). 2) Хъуамӕ не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнӕм. 3) Цы нӕм ис, уый хъуамӕ фагыл нымайӕм (15/4, 6, 7 фӕрстӕ).

• Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ, Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕззаузонд кӕй хъуамӕ уӕм, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ ӕппынӕдзух хъуамӕ уӕм тызмӕг, ӕлхынцъ ӕрфыг кӕнӕ нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй хъуамӕ ма ӕрвитӕм?

Нӕ бон у Йесойыл ахъуыды кӕнын. Уый-иу иннӕтимӕ фынгыл дӕр бадти. Йесо тызмӕг куы уыдаид, уӕд ӕм хӕстӕг дӕр ничи бацыдаид. Суанг ма дзы сывӕллӕттӕ дӕр нӕ тарстысты (15/4, 10 фарс).

• Сывӕллоны райгуырды фӕстӕ лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ раздӕрау ӕнгом куы нал уой, уӕд сын цы баххуыс кӕндзӕн?

Хъуамӕ, кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый ӕвдисой. Лӕг хъуамӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араза, цӕмӕй йӕ бинойнагмӕ афтӕ ма кӕса, ӕмӕ йӕ нал уарзы. Ӕмӕ хъуамӕ ӕргом ныхас кӕной сӕ сусӕг ахастдзинӕдтыл (1/5, 12, 13 фӕрстӕ).

Ромӕгтӕм 11 сӕры цы оливӕбӕласы кой ис, уый цӕмӕ амоны?

Оливӕбӕласы цӕвиттон баст у, Авраамы байзӕддагмӕ ма ноджыдӕр чи хауы, уыдонимӕ, «Хуыцауы Израилимӕ». Оливӕбӕласы уидаг амоны Йегъовӕмӕ, бӕласы зӕнг та амоны Йесомӕ. Дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Йесойыл куы нӕ баууӕндыдысты, уӕд Хуыцау, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстон чи сси, уыдоны уыцы бӕласыл «бафтыдта», ӕмӕ афтӕмӕй, Авраамы байзӕддагмӕ ма ноджыдӕр чи хауы, уыдоны нымӕц баххӕст кодта (15/5, 22–25 фӕрстӕ).

• Мӕгуыртӕн нӕ бон цавӕр хорз хабар у фехъусын кӕнын?

Уыцы хорз хабар у, Хуыцау Чырыстийӕн паддзахы бартӕ кӕй радта, уый. Чырыстийӕ хуыздӕр Хицау нӕй ӕмӕ мӕгуырдзинадӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр уый скӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ у ӕнӕхъӕн дунейы паддзах ӕмӕ йын лӕвӕрд ис стыр бартӕ, йӕ зӕрдӕ риссы мӕгуыртыл, стӕй йӕ бон у мӕгуырдзинады аххосаг бындзарӕй стонын, ома нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы хиуарзон зондахаст фӕивын (1/6, 7 фарс).

• Куыд ӕмбаргӕ сты, Чырысти Кайафӕйӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон, «дӕхӕдӕг ӕй куы загътай», зӕгъгӕ? (Матф. 26:63, 64).

Ацы ныхӕстӕ, «дӕхӕдӕг ӕй куы загътай», зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, раздӕр арӕх дзырдтой. Афтӕ-иу загътой, истӕимӕ-иу разы куы уыдысты, уӕд. Хистӕр сауджын Кайафӕ Чырыстийы бафарста, Хуыцауы Фырт у ӕви нӕ, ӕмӕ йын Йесо афтӕ кӕй загъта, «дӕхӕдӕг ӕй куы загътай», зӕгъгӕ, уымӕй йын йӕ фарстайӕн разыйы дзуапп радта (1/6, 18 фарс).

• Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, ӕххӕст адӕймаг Йесойӕн цы цот уыдаид, уыдоны цардӕй дӕр ахӕсты аргъ фыст ӕрцыдаид?

Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Йесойӕн, ӕххӕст адӕймаг уӕвгӕйӕ, йӕ бон уыд миллиардгай ӕххӕст адӕмӕн цард раттын. Фӕлӕ йын цы цот уыдаид, уыдоны цардӕй ахӕсты аргъ фыст не ’рцыд. Адамы цардӕн сӕрмӕ-сӕр аргъ уыд ӕрмӕстдӕр Йесойы ӕххӕст цард (1 Тим. 2:6, фип.) (15/6, 13 фарс).

• Чырыстӕттӕ куыд равдисдзысты, Хъуыддӕгты 20:29, 30 мӕнг ахуыргӕнджыты тыххӕй цы фӕдзӕхст ис, уымӕ кӕй хъусынц?

Уыдон семӕ нӕдӕр ныхас кӕнынц, нӕдӕр сӕ хӕдзармӕ хонынц (Ром. 16:17; 2 Иоан. 9–11). Чырыстӕттӕ сын нӕ кӕсынц сӕ чингуытӕ кӕнӕ, Интернеты цы фыссынц, уыдӕттӕ, телевизоры дӕр сӕм нӕ кӕсынц (15/7, 15, 16 фӕрстӕ).

• Чи хъуамӕ ахуыр кӕна сывӕллӕтты Хуыцауы тыххӕй?

Уый хъуамӕ араза фыд дӕр ӕмӕ мад дӕр, Библи цы уынаффӕ дӕтты, уымӕ гӕсгӕ (Ӕмб. 1:8; Еф. 6:4). Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, сывӕллӕтты мад дӕр ӕмӕ фыд дӕр куы фӕхъомыл кӕнынц, уӕд сыл уый хорзырдӕм фӕзыны (1/8, 6, 7 фӕрстӕ).