Библи бинонтимӕ кӕнӕ иунӕгӕй куыд ахуыр кӕнӕн ис
Библи бинонтимӕ кӕнӕ иунӕгӕй куыд ахуыр кӕнӕн ис
ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӕмбырдты 2009 азы райдианы ӕрцыд ивындзинад: дыууӕ фембӕлды райдыдтой иумӕ уадзын. Ӕмӕ нӕ Разамонӕг совет сразӕнгард кодта, цӕмӕй къуырийы мидӕг иу изӕр рахицӕн кӕнӕм нӕ бинонтимӕ кӕнӕ иунӕгӕй Библи ахуыр кӕнынӕн. Уыцы рӕстӕгӕй хорз пайда кӕныс? Кӕд о, уӕд уый дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕн дӕр фӕуыдзӕн стыр ӕххуыс.
Бинонты ахуыры рӕстӕджы цы ис ахуыр кӕнӕн? Разамонӕг совет афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ бинонтӕ иууылдӕр иу цыдӕр хъуамӕ ахуыр кӕной. Алы бинонтӕн дӕр сӕ уавӕртӕ хицӕн кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ-иу бинонты хистӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна, йӕ бинонты тынгдӕр цавӕр фарстатӕм хъӕуы ӕркӕсын ӕмӕ сын тынгдӕр цавӕр ӕрмӕг баххуыс кӕндзӕн. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн дӕр сӕ бон у ахъуыды кӕнын, уыцы рӕстӕгӕй хуыздӕр куыд спайда кӕндзысты.
Иуӕй-иу бинонтӕ уыцы изӕр иумӕ фӕцӕттӕ кӕнынц ӕмбырды фембӕлдтӕм. Фӕлӕ бинонты ахуыр ис ӕндӕрхуызон дӕр ауадзӕн. Чидӕртӕ сӕ бинонтимӕ бакӕсынц Библи кӕнӕ нӕ публикацитӕй цавӕрдӕр ӕрмӕг, ӕмӕ йыл стӕй иумӕ аныхас кӕнынц. Иннӕтӕ та бацӕттӕ кӕнынц Библийӕ искӕцы скъуыддзаг ӕмӕ йӕ рольтӕм гӕсгӕ ахъазынц. Уый уӕлдай хорз вӕййы, гыццыл сывӕллӕттӕ кӕм ис, уыцы бинонтӕн. Бинонты ахуыр ӕмбырды хуызӕн нӕ хъӕуы уадзын, ома фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. Уыцы рӕстӕг нӕ бон у кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый сӕрибарӕй дзурын. Нӕ бон у, ӕмӕ, Библийы цы бакӕсӕм, уый-иу нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, ногӕй цы базонӕм, ууыл-иу аныхас кӕнӕм. Афтӕ куы уа, уӕд-иу бинонты ахуырӕй алчидӕр райгондӕй баззайдзӕн.
Ӕртӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм ӕфсымӕр ныффыста: «Бинонты ахуыры рӕстӕджы арӕхдӕр фӕахуыр кӕнӕм, уыцы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ фӕхъӕуы кӕсын, уыдон. Алчидӕр нӕ рагацау уыцы сӕртӕ бакӕсы. Сывӕллӕттӕ кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ равзарынц, цӕмӕй сӕ лӕмбынӕгдӕр раиртасой, ӕмӕ стӕй, цы ссарынц, уый радзурынц. Майкл [цӕуы йыл 7 азы] арӕх исты сныв кӕны кӕнӕ, цы бакӕсы, уый йӕхи ныхӕстӕй ныффыссы. Дейвид ӕмӕ Кейтлин [цӕуы сыл 13 ӕмӕ 15 азы] Библийы исты хабары тыххӕй куы бакӕсынц, уӕд ӕй иуӕй-иу хатт афтӕ ныффыссынц, цыма йӕ сӕхи цӕстӕй федтой. Зӕгъӕм, Иосиф фараоны дзулгӕнӕджы ӕмӕ сӕндары фынтӕ куыд хӕлдта, уый тыххӕй куы кастыстӕм, уӕд Кейтлин ныффыста сочинени, цыма йӕхӕдӕг дӕр уыцы ахӕстоны уыд ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй уыдта, афтӕ» (Райд., 40 сӕр).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы бинонтӕн дӕр ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр сӕ уавӕртӕ алыхуызон сты. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у равзарын, хуыздӕр ын цы уыдзӕн, уый. Бинонтимӕ кӕнӕ иунӕгӕй цы ис ахуыр кӕнӕн, уымӕн цалдӕр уынаффӕйы ис рамкӕйы. Ӕмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, дӕхимӕ дӕр ис бирӕ ӕндӕр хорз хъуыдытӕ.
[Рамкӕ/Ныв 7, 8 фарсыл]
Рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕ кӕм ис, ахӕм бинонтӕ:
• Бакӕсут иу сӕрчиныгӕй «Вопросы молодежи. Практические советы» ӕмӕ йыл аныхас кӕнут.
• Уӕ цӕстытыл ауайын кӕнут, цыма раджы заман цӕрут ӕмӕ хабӕрттӕ уӕхи цӕстӕй уынут. (Кӕс 1996 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 14 фарс, 17–18 абзацтӕ, уырыс.)
• Аныхас кӕнут, ныртӕккӕ ӕмӕ фидӕны уӕ лӕггады уӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрут.
• Нӕ видеофильмтӕй искӕцымӕ бакӕсут ӕмӕ йыл уый фӕстӕ аныхас кӕнут.
• «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы рубрикӕйӕ, «Кӕстӕртӕн», зӕгъгӕ, статья равзарут.
Сывӕллӕттӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм бинонтӕ:
• Иумӕ равзарут 1, 3, 11–16 сӕртӕ, чиныгӕй «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у».
• Бакӕсут ӕмӕ раиртасут Библийӕ цалдӕр сӕры ӕмӕ, цы базыдтат, ууыл аныхас кӕнут.
• Бацӕттӕ кӕнут, Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ чи хуыйны, уыцы фембӕлдмӕ кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуырмӕ.
• Аныхас кӕнут, уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнат.
Бинонтӕ кӕмӕн нӕй кӕнӕ йӕ бинонтӕ ӕнӕуырнӕг кӕмӕн сты, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ:
• Бакӕсут, облӕстон конгрессты цы ног публикацитӕ райстам.
• Бакӕсут ацы азы «Ежегодник», стӕй ивгъуыд азты «Ежегодник»-тӕ дӕр.
• Уацамынды уӕм адӕм арӕхдӕр цавӕр фарстатӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн дзуапп ссарут.
• Бацӕттӕ кӕнут, уацамынды ныхас куыд райдайдзыстут.
Гыццыл сывӕллӕттӕ кӕм ис, ахӕм бинонтӕ:
• Библийӕ искӕцы скъуыддзаг рольтӕм гӕсгӕ ахъазут.
• «Райхъал ут!»-ы 30 ӕмӕ 31 фарсыл цы хъӕзтытӕ вӕййы, уыдонӕй искӕцыйӕ ахъазут.
• Уӕ сывӕллӕттӕн Библийы хабӕрттӕ сӕ цӕстытыл ауайын кӕнынӕн цы баххуыс кӕндзӕн, ахӕм исты саразут. (Кӕс 2011 азы 15 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 11 фарс, статья «Дӕ фыдӕбӕттӕ уый аргъ сты!».)
• «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы рубрикӕйы, «Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут», зӕгъгӕ, цы статьятӕ вӕййы, уыдонӕй искӕцы иумӕ бакӕсут.