Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Интернетӕй пайда кӕнгӕйӕ зондӕй архай

Интернетӕй пайда кӕнгӕйӕ зондӕй архай

Интернетӕй пайда кӕнгӕйӕ зондӕй архай

ИНТЕРНЕТЫ фӕрцы цы нӕй базонӕн, ахӕмӕй, ӕвӕццӕгӕн, ницыуал ис. Цы агурыс, уый дзы дӕ бон у ссарын кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр. Уӕдӕ диссаг нӕу, адӕм дзы ӕппӕт дунейы дӕр кӕй пайда кӕнынц истытӕ базонынӕн, кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнынӕн ӕмӕ кӕрӕдзимӕ истытӕ фыссынӕн.

Нӕ бон кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын кӕй у, уый у не Сфӕлдисӕджы диссаджы лӕвар. Уый фӕрцы нӕ бон у нӕ кӕрӕдзийӕ истытӕ базонын. Адӕмимӕ фыццаг ныхас кӕнын райдыдта Йегъовӕ. Йегъовӕ сын бӕлвырдӕй загъта, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй амондджын уой (Райд. 1:28–30). Фӕлӕ афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ уыцы лӕварӕй иуӕй-иутӕ раст не спайда кӕнынц. Афтӕ рауад, зӕххыл адӕм куы фӕзындысты, уӕд. Сайтан Евӕйӕн мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, ӕмӕ Евӕ уыцы ныхӕстыл баууӕндыд, стӕй ма сӕ Адамӕн дӕр радзырдта. Адам дӕр уыцы мӕнг ныхӕстӕм байхъуыста, ӕмӕ ныр уый тыххӕй адӕм се ’ппӕт дӕр тухӕн кӕнынц (Райд. 3:1–6; Ром. 5:12).

Интернетӕй та цы зӕгъӕн ис? Интернетӕй ис базонӕн бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕ ис тагъддӕр саразӕн. Фӕлӕ Интернеты цы фыст ис, уый алыхатт ӕцӕг нӕ вӕййы, хатт ыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ацӕуы, стӕй дзы ӕнцонтӕй фенӕн вӕййы ӕнӕгъдау цыдӕртӕ. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, Интернетӕй пайда кӕнгӕйӕ зондӕй куыд архайӕм, ууыл.

Ӕцӕг хабар у ӕви мӕнг?

Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ Интернеты хорз йеддӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы ис. Интернеты информациагурӕг системӕтӕ ис абарӕн, зокъотӕ ӕнӕвзаргӕйӕ чи ӕмбырд кӕны, ахӕм адӕмимӕ. Уыдон дзӕбӕх зокъотӕ дӕр ӕмӕ маргджын зокъотӕ дӕр иу чыргъӕдмӕ фембырд кӕнынц, ӕмӕ дзы стӕй, ӕвзаргӕ сӕ нӕ ракӕнынц, афтӕмӕй хӕринаг саразынц. Уыцы зокъотӕй бахӕрис? Фыццаг уал сӕм дзӕбӕх не ’ркӕсис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыццаг уал сӕм ӕркӕсис. Интернеты информациагурӕг системӕтӕ тынг бирӕ компьютерты фӕрцы дуне сайттӕй ӕмбырд кӕнынц алыхуызон информаци, ӕмӕ уыцы сайттыл та хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы нӕ вӕййы, ахӕм нӕй. Хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнӕм, кӕннод ӕвзӕр информацийӕ «фӕхъӕстӕ» уыдзыстӕм.

1993 азы иу зындгонд журналы уыд ахӕм ныв: дыууӕ куыдзы компьютеры раз бадынц ӕмӕ дзы иу иннӕмӕн дзуры, зӕгъгӕ, куыдз кӕй дӕ, уый Интернеты ӕппындӕр ничи базондзӕн. Абон Интернеты бирӕтӕ куыд фӕкӕнынц, афтӕ раджы заман Хӕйрӕг дӕр йӕхи нӕ равдыста, ӕмӕ Евӕмӕ калмы уылты сдзырдта – загъта йын, дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хуызӕн уай, зӕгъгӕ. Абон, Интернет кӕмӕ ис, уыдонӕй кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон у, ӕмӕ йӕхи ахуыргонд лӕг схона, цавӕрдӕр хъуыддаджы алцы дӕр чи зоны, ахӕмӕй йӕхи равдиса. Ӕмӕ арӕх се ’цӕг ном дӕр не схъӕр кӕнынц. Кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон у, ӕмӕ дзы йӕ хъуыдытӕ, йӕ уынаффӕтӕ ныффысса, алыхуызон информаци ӕмӕ дзы къамтӕ сӕвӕра.

Интернетӕй куы фӕпайда кӕныс, уӕд-иу Евӕйау алцӕуыл уайтагъд ма баууӕнд. Фыццаг уал-иу дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ ратт: 1) уыцы информаци дзы чи сӕвӕрдта? Йӕ авторыл ӕууӕндӕн ис? 2) Цӕмӕн ӕй сӕвӕрдтой Интернеты? Фыст цӕмӕн ӕрцыд? Фыссӕг иннӕтӕн йӕхи зонд хъары ӕви, хабӕрттӕ ӕцӕг куыд сты, афтӕ сӕ фыссы? 3) Уыцы информаци кӕцӕй райста? Кӕм ӕй ссардта, уый дзы фыссы, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр феной, ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ? 4) Информаци зӕронд нӕу? Фыццаг ӕнусы апостол Павел Тимофейӕн цы уынаффӕ радта, уый нын абон дӕр пайда уыдзӕн. Павел ныффыста: «Дӕ бар дын цы бакодтой, уый хъахъхъӕн ӕмӕ дӕхи хиз, сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, уыцы дзӕгъӕл ныхӕстӕй ӕмӕ мӕнг зонындзинадӕй – уыцы зонындзинад ӕркӕны, ӕцӕг цы у, уый ныхмӕ чи у, ахӕм ныхӕстӕм» (1 Тим. 6:20).

Интернеты фӕрцы нын фылдӕр рӕстӕг фӕзыны ӕви нын нӕ рӕстӕг хӕргӕ кӕны?

Интернетӕй пайда кӕнгӕйӕ зондӕй куы архайӕм, уӕд иуӕй-иу хъуыддӕгтыл хардз кӕндзыстӕм къаддӕр рӕстӕг, къаддӕр тыхтӕ ӕмӕ къаддӕр ӕхца. Интернеты дӕ бон у, цы балхӕнинаг дӕ, уый ссарын ӕмӕ, хӕдзарӕй дӕр ма рахизай, афтӕмӕй йӕ асламдӕр аргъӕй балхӕнын. Цӕмӕй налогтӕ бафидай, искуыдӕм ӕхца арвитай ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ бакӕнай, уый тыххӕй дӕр дӕ банкмӕ цӕуын нӕ хъӕуы. Искуыдӕм цӕуын куы фӕнд кӕнай, уӕд Интернеты фӕрцы дӕ бон у дӕ фӕндаг спълан кӕнын, стӕй билеттӕ дӕр балхӕнын. Ӕнцонтӕй дзы ис ссарӕн телефонты номыртӕ, адристӕ ӕмӕ, кӕдӕм куыд цӕугӕ у, уый дӕр. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕ алы бӕстӕты уыдӕттӕй пайда кӕнынц ӕмӕ уый сӕ куыстӕн у стыр ӕххуыс.

Фӕлӕ Интернет тӕссаг дӕр у. Цӕмӕй? Ахъуыды-ма кӕнӕм, цас рӕстӕг ыл ацӕуы, ууыл. Иуӕй-иутӕ ӕгӕр бирӕ рӕстӕг хардз кӕнынц хъӕзтытыл, истытӕ ӕлхӕныныл, писмотӕ ӕрвитыныл, истытӕ агурыныл ӕмӕ алыхуызон сайттӕм кӕсыныл. Уый тыххӕй хатт ферох кӕнынц сӕ бинонты, се ’мбӕлтты ӕмӕ ӕмбырд дӕр. Бирӕтӕн сӕ бон ӕнӕ Интернетӕй цӕрын дӕр нал вӕййы. Зӕгъӕм, 2010 азы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Корейӕйы ӕрыгӕттӕн сӕ 18,4 проценты Интернетыл афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй сӕ бон цӕрын нал у. Германийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ та «сылгоймӕгтӕ фылдӕр хъаст кӕнын райдыдтой, сӕ лӕгтӕ Интернетыл ӕгӕр кӕй сахуыр сты». Иу сылгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ лӕг Интернетыл кӕй сахуыр, уый тыххӕй афтӕ тынг фӕивта, ӕмӕ йӕ базонӕн дӕр нал уыд, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ бинонты цард фехӕлд.

Интернетыл чи сахуыр, иу ахӕм адӕймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ писмо ӕрбарвыста ӕмӕ дзы йӕхи тыххӕй ныффыста, Интернетыл афтӕ тынг кӕй сахуыр, ӕмӕ наркоманӕй уӕлдай нал уыд. Хатт-иу боны мидӕг 10 сахаты бӕрц уыд Интернеты. Афтӕ загъта: «Фыццаг мӕм афтӕ касти, ӕмӕ дзы ӕвзӕрӕй ницы ис». Фӕлӕ стӕй райдыдта ӕмбырдтӕ цух кӕнын ӕмӕ кувгӕ дӕр нал кодта. Ӕмбырдтӕм-иу куы ацыд, уӕд дӕр-иу цӕттӕ нӕ уыд, ӕмӕ-иу йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты, ногӕй та Интернетмӕ кӕд бацӕудзӕн, ууыл. Йӕ амондӕн ӕй фӕстӕдӕр бамбӕрста, йӕ хъуыддаг хорз кӕй нӕу ӕмӕ уӕд алцыдӕр сарӕзта, цӕмӕй уыцы уавӕр сраст кодтаид. Хъуамӕ Интернетыл уыйбӕрц рӕстӕг макуы хардз кӕнӕм, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй нӕ бон мауал уа.

Интернеты цӕмӕ фӕкӕсыс?

1 Фессалоникӕгтӕм 5:21, 22 фыст ис: «Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут, хорз цы у, ууыл фидар хӕцут. Уӕхи хизут алы ӕвзӕрдзинадӕй». Интернеты истӕмӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ уый тыххӕй цы хъуыды кӕны. Хъуамӕ дзы ӕнӕгъдауӕй ӕмӕ, чырыстӕттӕн кӕсӕн цӕмӕ нӕй, ахӕмӕй мацы уа. Ныртӕккӕ Интернеты порнографи алы къахдзӕфыл дӕр ис. Ӕмӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд уыцы къӕппӕджы ӕнцонтӕй бахаудзыстӕм.

Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Зӕгъӕм, Интернеты цӕмӕдӕр кӕсын, ӕмӕ мӕ цардӕмбал, йе та мӕ ныййарджытӕй кӕнӕ ме ’мчырыстӕттӕй исчи ӕрбахызт, уӕд, цӕмӕ кӕсын, уый уайтагъд ахгӕндзынӕн?» Кӕд о, уӕд хуыздӕр уаид, ӕмӕ Интернеты куы уӕм, уӕд-иу иунӕгӕй куы нӕ уаиккам. Интернет бынтондӕр аивта, адӕм кӕрӕдзиимӕ куыд ныхас кӕнынц ӕмӕ истытӕ куыд фелхӕнынц, уый. Фӕлӕ ма сын уымӕй уӕлдай равдыста ног мадзал, сӕ зӕрдӕты мидӕг сӕ бон хӕтын куыд у, уымӕн (Матф. 5:27, 28).

Арвитай йӕ ӕви йӕ ма арвитай?

Интернеты уылты кӕрӕдзимӕ писмотӕ дӕр фервитӕм. Ӕмӕ йӕ хъуамӕ бӕлвырдӕй зонӕм, цы ӕрвитӕм, уый ӕцӕг кӕй у, ӕнӕгъдауӕй дзы кӕй ницы ис ӕмӕ нын бар кӕй ис, цӕмӕй ма йӕ ӕндӕр искӕмӕ дӕр арвитӕм *. Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: ацы информаци искӕмӕн исты пайда уыдзӕн? Цӕмӕн мӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр базоной? Дисы сӕ бафтауон, уый тыххӕй?

Интернетӕй писмотӕ фыссӕн кӕй ис, уый у стыр ӕххуыс, кӕд ӕмӕ дзы раст пайда кӕнӕм, уӕд. Иннӕрдыгӕй та, гӕнӕн ис, ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕхъӕугӕ хабӕртты бын фӕуӕм. Мыййаг, иннӕтӕм ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ не ’рвитӕм ӕмӕ сын уыдӕттӕ кӕсыныл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг нӕ ацӕуы? Цалынмӕ писмо арвитӕм, уӕдмӕ уал-иу ахъуыды кӕнӕм, цӕмӕн ӕй ӕрвитӕм, ууыл. Раздӕр-иу адӕм сӕ бинонтӕм ӕмӕ се ’мбӕлттӕм писмотӕ куы фыстой, уӕд-иу сын ракодтой сӕхи хабӕрттӕ. Уӕдӕ абон Интернетӕй искӕмӕ писмо куы ӕрвитӕм, уӕд-иу уым дӕр сӕйраджыдӕр ныффыссӕм нӕхи тыххӕй. Хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнӕн куы нӕ уа, уӕд ӕй кӕмӕдӕр цӕмӕн хъӕуы ӕрвитын?

Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис Интернеты тыххӕй? Ныр ӕм хӕстӕг дӕр мауал цӕуӕм? Чи зоны, иуӕй-иуты афтӕ дӕр хъӕудзӕн бакӕнын. Йӕхицӕй афтӕ чи загъта, ӕмӕ Интернетыл наркоманау сахуыр ис, уыцы ӕфсымӕр растдӕр афтӕ бакодта. Фӕлӕ «хъуыды кӕнын» куы сахуыр уай ӕмӕ дӕ «уый [куы] хъахъхъӕна», уӕд дын Интернет стыр ӕххуыс уыдзӕн (Ӕмб. 2:10, 11).

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Уый хауы къамтӕм дӕр. Нӕ бон у, ӕмӕ искӕй къамтӕ исӕм, цӕмӕй нӕхимӕ уой. Фӕлӕ нын уый бар нӕй, ӕмӕ сӕ кӕмӕнфӕнды ӕрвитӕм, науӕд, къамты чи ис ӕмӕ кӕм цӕрынц, уый фыссӕм.

[Ныв 4 фарсыл]

Куыд ис базонӕн, цы информаци кӕсыс, уый ӕцӕг кӕй у?

[Ныв 5 фарсыл]

Цалынмӕ писмо арвитай, уӕдмӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнай?