Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Историйы чи баззайдзӕн, ахӕм фембӕлд

Историйы чи баззайдзӕн, ахӕм фембӕлд

Историйы чи баззайдзӕн, ахӕм фембӕлд

«АЦЫ фембӕлд куы фӕуа, уӕд зӕгъдзыстут: „Уый ӕцӕгдӕр уыд, Хуыцауы адӕмы историйы чи баззайдзӕн, ахӕм фембӕлд!“» – загъта Стивен Летт, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советӕй. Ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕстӕ, уыцы фембӕлды цы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, уыдоны ноджы тынгдӕр бафӕндыд, дарддӕр цы фехъусдзысты, уый базонын. Уыдон ӕрӕмбырд сты, Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) 126-ӕм ӕрвылазон фембӕлдмӕ. Уый уыд 2010 азы 2 октябры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Конгрессты залы, Джерси-Ситийы (штат Нью-Джерси, АИШ). Уыцы фембӕлды цавӕр ахсджиаг хъуыдытӕ уыди?

Программӕ райдыдта ӕфсымӕр Летты раныхасӕй. Йӕ раныхасы дзырдта Йегъовӕйы уӕларвон уӕрдоны тыххӕй, Йезекилы чиныджы кӕй кой ис, уый тыххӕй. Уыцы стыр цӕхӕртӕкалгӕ уӕрдон ӕвдисы Хуыцауы организаци, уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр ис Йегъовӕйы къухы. Хуыцауы организацийы уӕларвон хаймӕ хауынц зӕдтӕ. Уыцы хай куыд архайы, уый абарӕн ис арвӕрттывдимӕ – йе змӕлдыл цӕст нӕ хӕцы. Ӕндӕр ныхасӕй, ӕфсымӕр Летт куыд загъта, афтӕмӕй, уый размӕ цӕуы, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ тагъд. Ӕмӕ Хуыцауы организацийы зӕххон хай дӕр афтӕ цӕуы размӕ. Ӕфсымӕр Летт ранымадта, фӕстаг азты Хуыцауы организацийы зӕххон хайы цы диссаджы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдонӕй цалдӕр.

Зӕгъӕм, кӕцыдӕр филиалтӕ баиу кодтой. Уый фӕрцы, уыцы бӕстӕты Вефилты чи лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ бон уыдзӕн сӕ тыхтӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ саразын. Ӕфсымӕр Летт хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты сразӕнгард кодта, зӕгъгӕ, кувут, цагъары къорды номӕй чи архайы, уыцы Разамонӕг советы тыххӕй, цӕмӕй дарддӕр дӕр уой ӕууӕнкджын дӕр ӕмӕ зондджын дӕр (Матф. 24:45–47).

Цымыдисаг хабӕрттӕ алы бӕстӕтӕй ӕмӕ интервьютӕ

Таб Хонсбергер, Гаитийы Филиалы комитетӕй, радзырдта, Гаитийы 2010 азы 12 январы цы зӕххӕнкъуыст уыд, уый тыххӕй. Уыцы зӕххӕнкъуысты фӕмард 300 000 адӕймаджы бӕрц. Ӕфсымӕр Хонсбергер радзырдта, сауджынтӕ адӕмӕн афтӕ кӕй дзырдтой, уый, дам, Хуыцау ӕвзӕргӕнджыты бафхӕрдта, хорз адӕмы та, дам, бахъахъхъӕдта. Фӕлӕ зӕххӕнкъуысты рӕстӕг ахӕстоны къултӕ куы ныппырх сты, уӕд цалдӕр мин фыдгӕнӕджы раирвӕзтысты. Уӕдӕ, Гаитийы бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм куы базонынц, ахӕм уӕззау рӕстӕг цӕмӕн у, уый, уӕд сын уый стыр ныфсы хос фӕвӕййы. Ӕфсымӕр Хонсбергер радзырдта, зӕххӕнкъуысты йӕ ус кӕмӕн фӕмард, иу ахӕм иузӕрдион ӕфсымӕры тыххӕй. Уыцы ӕфсымӕр загъта: «Ныр дӕр ма кӕугӕ фӕкӕнын. Нӕ йӕ зонын, цас ма маст кӕндзынӕн, фӕлӕ Йегъовӕйы организацийы цы уарзондзинад ис, уый мын мӕ зӕрдӕ тавы. Ис мын диссаджы ныфс ӕмӕ мӕ тынг фӕнды, цӕмӕй уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурон».

Марк Сандерсон радзырдта Филиппинты тыххӕй. Ныр лӕггад кӕны Бруклины Вефилы, раздӕр та уыд Филиппинты Филиалы комитеты. Ӕмӕ уыцы бӕстӕйы хабӕрттӕ куы дзырдта, уӕд йӕ цӕсгомыл дӕр бӕрӕг уыд, ӕхсызгон ын кӕй у. Уый радзырдта, Филиппинты фӕд-фӕдыл 32 хатты кӕй уыд хъусынгӕнджыты фылдӕр нымӕц, стӕй, уыцы бӕстӕйы Библи кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдоны нымӕц хъусынгӕнджыты нымӕцӕй бирӕ фылдӕр кӕй у. Радзырдта ма иу ӕфсымӕры тыххӕй, Мигель, зӕгъгӕ. Уымӕн амардтой йӕ фырты фырты. Мигель йӕ тых, йӕ бонӕй архайдта, цӕмӕй йын йӕ марӕджы ссардтаиккой ӕмӕ йӕ сбадын кодтаиккой. Фӕстӕдӕр ахӕстоны куы хъусын кодта, уӕд уыцы лӕгыл сӕмбӕлд. Кӕд Мигель йӕхимидӕг тынг фӕтыхсти, уӕддӕр ӕм фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй сдзырдта. Фӕстагмӕ уыцы лӕгимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ уый дӕр хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ Йегъовӕйы бауарзта. Ныр у не ’фсымӕр. Мигель йемӕ балымӕн ис, ӕмӕ ныр архайы, цӕмӕй йын йӕ ног ӕфсымӕры ахӕстонӕй раздӕр рауадзой *.

Дарддӕр программӕйы уыди интервьютӕ. Марк Нумар, Библион скъолаты хайады чи лӕггад кӕны, уый, райста интервьютӕ ӕртӕ къайӕ – Алекс ӕмӕ Сарӕ Райнмюллерӕй, Дейвид ӕмӕ Кристӕ Шейферӕй ӕмӕ Роберт ӕмӕ Кетрӕ Сиранкойӕ. Алекс Райнмюллер ӕххуыс кӕны Рауагъдады комитетӕн. Уый радзырдта, 15 азы йеддӕмӕ йыл куы нӕма цыд, уӕд Канадӕйы пионерӕй куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй. Арӕх-иу кусгӕ дӕр кодта. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕмӕ тынг баввахс ис. Ӕфсымӕр Нумар ӕй куы бафарста, Вефилы йын тынгдӕр чи баххуыс кодта, уӕд загъта ӕртӕ иузӕрдион ӕфсымӕры тыххӕй ӕмӕ радзырдта, алчидӕр ын дзы куыд баххуыс кодта, цӕмӕй фӕлтӕрдджындӕр суыдаид. Алексы ус Сарӕ радзырдта иу хойы тыххӕй, сси йын ӕввахс ӕмбал. Уыцы хо йӕ уырнындзинады тыххӕй Китайы бирӕ азтӕ фӕбадти ахӕстӕтты. Сарӕ загъта, цӕуыл сахуыр, уыцы хъуыддӕгтӕй сӕ иу у, ӕдзух Йегъовӕмӕ кӕй кувы ӕмӕ йыл уый фӕрцы йӕ ныфс кӕй дары.

Дейвид Шейфер ӕххуыс кӕны Ахуырадон комитетӕн. Уый радзырдта йӕ мады фидар уырнындзинады тыххӕй ӕмӕ йын ӕрыгонӕй ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнынӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы ӕфсымӕрты тыххӕй, уыдысты хъӕддзаутӕ. Йӕ ус Кристӕ ӕхсызгонӕй радзырдта, Вефилы кӕимӕ лӕггад кодта, уыцы ацӕргӕты тыххӕй. Уыдон ын фӕзминаг уыдысты, Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ суанг «гыццыл хъуыддаджы ӕууӕнкджын» кӕй уыдысты, уымӕй (Лук. 16:10).

Роберт Сиранко ӕххуыс кӕны Фысджыты комитетӕн. Ӕфсымӕр Сиранко ӕхсызгонӕй радзырдта йӕ фыды ӕмӕ йӕ мады ныййарджыты тыххӕй. Уыдон уыдысты венгриаг иммигранттӕ ӕмӕ уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ. 1950 азты, гыццыл лӕппу ма куы уыд, уӕд-иу уыди стыр конгрессты. Уӕд бамбӕрста, Йегъовӕйы организаци ӕрмӕст йе ’мбырд кӕй нӕу, фӕлӕ бирӕ стырдӕр. Йӕ бинойнаг Кетрӕ радзырдта, пионерӕй цы ӕмбырды лӕггад кодта, уый тыххӕй. Уыцы ӕмбырды чидӕртӕ цыдысты, раст дин чи ныууагъта, уыдоны зондыл ӕмӕ ма дзы уыди ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр. Уӕд ноджы хуыздӕр бамбӕрста, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй иузӕрдион уай. Кетрӕ уыцы зындзинӕдты фидар фӕлӕууыд. Фӕстагмӕ йӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй ӕмӕ йӕ ӕндӕр ӕмбырдмӕ арвыстой, ӕмӕ уым цы иудзинад уыд, уый йын стыр удӕнцой ӕрхаста.

Интервьюты фӕстӕ Манфред Тонак радзырдта Эфиопийы тыххӕй. Уыцы бӕстӕйы кой ис Библийы дӕр, ӕмӕ дзы абон ис 9 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Уыдонӕн сӕ фылдӕр цӕрынц Эфиопийы сӕйраг горӕт Аддис-Абебӕйы кӕнӕ уымӕ хӕстӕг. Уымӕ гӕсгӕ, сӕйраг горӕтӕй дард чи у, уыцы рӕтты хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кӕны. Ӕмӕ уый тыххӕй, эфиопаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй ӕндӕр бӕстӕты чи цӕры, уыдоны сразӕнгард кодтой, цӕмӕй уырдӕм ӕрцӕуой ӕмӕ дзы хорз хабар фехъусын кӕной. Бирӕтӕ сӕ ӕрцыдысты ӕмӕ, уыцы ран цы Ӕвдисӕнтӕ ис, уыдоны дӕр бафидар кодтой ӕмӕ ма хъусын кӕнгӕйӕ бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы дӕр ссардтой.

Программӕйы ма уыд цалдӕр раныхасы иу фарстайы фӕдыл – Уӕрӕсейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ӕмӕ, тӕрхондӕтты сӕ бартыл куыд тох кӕнынц, уый тыххӕй. Уӕрӕсейы, уӕлдайдӕр та Мӕскуыйы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕфхӕрын куыд райдыдтой, уый тыххӕй радзырдта Аулис Беридал, Уӕрӕсейы Филиалы комитетӕй. Филип Брамли, Иугонд Штатты филиалы юридикон хайадӕй, радзырдта, фӕстаг мӕйты цы ӕхсызгон хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй – Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон ӕркаст, Ӕвдисӕнты цы фараст хъуыддаджы аххосджын кодтой, уыдонмӕ. Уыцы Тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ иууылдӕр иу хъуыдымӕ ӕрцыдысты: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фараст хъуыддагӕй сӕ иуы дӕр аххосджын не сты. Цалдӕр фарстайы фӕдыл та Тӕрхондон лӕмбынӕг бамбарын кодта, Ӕвдисӕнты цӕмӕй аххосджын кӕнынц, уый раст цӕуылнӕ у. Европӕйы тӕрхондоны уынаффӕ Уӕрӕсейы куыд ӕххӕст кӕндзысты, уый кӕд нырма бӕрӕг нӕу, уӕддӕр ӕфсымӕр Брамли загъта, зӕгъгӕ нӕ ныфс ис, ӕмӕ уыцы тӕрхондоны уынаффӕ стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзӕн, ӕндӕр бӕстӕты тӕрхондӕтты цы хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрст цӕуа, уыдонӕн.

Уыцы ӕхсызгон хабӕртты фӕстӕ ӕфсымӕр Летт фехъусын кодта, Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон равзаринагыл кӕй банымадта, Францийы рагӕй цы тӕрхон цӕуы, уый: баст у, хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй цы хъалон домы, уыимӕ. Ацы кадджын Тӕрхондон равзаринагыл ӕрмӕстдӕр иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ банымайы. Абоны онг Европӕйы тӕрхондон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддӕгтӕй ӕркаст 39-мӕ, ӕмӕ дзы 37 фӕдыл рахаста ахӕм уынаффӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ аххосджын не сты. Ӕфсымӕр Летт Хуыцауы адӕмы се ’ппӕты дӕр сразӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ кувой, ныртӕккӕ дзы цы хъуыддаг ӕвзӕрст цӕудзӕн, уый тыххӕй.

Уый фӕстӕ ныхасы рацыд Ричард Морлан, Ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгты скъолайы ахуыргӕнджытӕй иу. Уый радзырдта уыцы скъолайы тыххӕй ӕмӕ дзы цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахуыр кодтой, уыдон дзы райгондӕй кӕй баззадысты, уый тыххӕй.

Разамонӕг советы уӕнгты раныхӕстӕ

Гай Пирс радзырдта зӕрдӕбын раныхас 2011 азы стихы фӕдыл: «Йегъовӕйы ном уӕд де ’мбӕхсӕн» (Соф. 3:12). Ӕфсымӕр Пирс загъта, зӕгъгӕ, кӕд Йегъовӕйы адӕм абон бирӕ хъуыддӕгты амондджын сты, уӕддӕр нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, хуымӕтӕг рӕстӕджы кӕй нӕ цӕрӕм. Йегъовӕйы стыр бон у тынг ӕввахс, фӕлӕ уӕддӕр адӕм ӕмбӕхсӕн агурынц мӕнг дины, политикӕйы, хъӕздыгдзинады, бирӕтӕ та сӕхи, дунейы цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ ӕнӕуынӕг скӕнынц. Цӕмӕй ӕцӕг ӕмбӕхсӕн бынат ссарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувӕм,– уый та афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йӕ хъуамӕ хорз зонӕм, кад ӕмӕ йын аргъ кӕнӕм, нӕ зӕрдӕ йыл дарӕм ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ йын мацы ӕвгъау кӕнӕм.

Стӕй Дэйвид Сплэйнӕн уыд раныхас, «Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдтӕ?», зӕгъгӕ. Йӕ раныхас се ’ппӕты дӕр хъуыдытыл бафтыдта. Хуыцауы ӕнцойады тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ Хуыцау ницы аразы, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт уыцы «ӕнцойады бон» дӕр «фыдӕбон кӕнынц». Уый фӕрцы, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн (Иоан. 5:17). Уӕдӕ Хуыцауы ӕнцойадмӕ куыд бацӕуӕм? Уый тыххӕй адӕймаг хъуамӕ тӕригъӕдтӕ мауал араза ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, хорз хъуыддӕгты фӕрцы рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцӕудзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ нӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисӕм ӕмӕ Хуыцауы фӕнд ӕдзух нӕ хъуыдыйы дарӕм ӕмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй уыцы фӕнд сӕххӕст уа. Иуӕй-иу хатт уый тынг зын вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, Йегъовӕйы организаци нын цы уынаффӕтӕ ӕмӕ цы разамынд дӕтты, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕфсымӕр Сплэйн хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты сразӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл ӕппӕт тыхтӕй бацархайой.

Фӕстаг раныхас уыд Энтони Моррисӕн, хуынди «Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?» Ӕфсымӕр Моррис фӕлмӕн фыдау фӕдзӕхста хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты, цӕмӕй сӕ зӕрдыл дарой, пехуымпар-ныхӕстӕм гӕсгӕ ма цавӕр хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдон. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц уыцы хабӕрттӕм. Зӕгъӕм, «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!», зӕгъгӕ, кӕй дзурдзысты ӕмӕ мӕнг динӕн йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (1 Фес. 5:2, 3; Рарг. 17:15–17). Ӕфсымӕр Моррис бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу исты ног хабӕрттӕ куы фехъусӕм, фӕлӕ ацы пехуымпар-ныхӕстимӕ баст куы нӕ уой, уӕд-иу афтӕ ма дзурӕм: «Ӕвӕццӕгӕн, Армагеддон райдыдта!» Уый бӕсты, загъта ӕфсымӕр Моррис, хуыздӕр уаид, зӕрдӕрухсӕй ӕмӕ фӕразонӕй куы ’нхъӕлмӕ кӕсиккам, Михейы 7:7 куыд фыст ис, афтӕ. Фӕлӕ ма уыимӕ ӕфсымӕр Моррис сразӕнгард кодта, цӕмӕй, тох йӕ тӕмӕны куы бацӕуы, уӕд ӕфсӕддонтӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгом куыд балӕууынц, афтӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр ӕнгом балӕууой кӕрӕдзимӕ ӕмӕ Разамонӕг советмӕ. «Йегъовӕмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон уе ’ппӕт дӕр, уӕ зӕрдӕтӕ фидар уӕнт!» – загъта ӕфсымӕр Моррис (Пс. 31:24).

Фӕстагмӕ уыцы фембӕлды уыд, историйы чи баззайдзӕн, ахӕм диссаджы хъусинӕгтӕ. Разамонӕг советы уӕнг Джефри Джексон фехъусын кодта, англисаг ӕвзаг хорз чи нӕ зоны, уыдонӕн кӕй фӕнд кӕнынц «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» хуымӕтӕг англисаг ӕвзагыл мыхуыры уадзынмӕ, нырма уал рӕстӕгмӕ. Уый фӕстӕ Стивен Летт фехъусын кодта, Иугонд Штатты кӕй райдайдзысты облӕстон цӕстдарджыты ӕмӕ сӕ устыты бӕрӕг кӕнын. Стӕй фехъусын кодта, Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола амӕй фӕстӕмӕ кӕй хуындзӕн Библион скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн. Ноджы ма фехъусын кодта ног скъолайы тыххӕй дӕр: Библион скъола чырыстон къайтӕн. Уыцы скъолайы къайтӕ сахуыр уыдзысты Йегъовӕйы организацийӕн ноджы фылдӕр ӕххуыс кӕнын. Ӕфсымӕр Летт ма загъта, ныр Паттерсоны афӕдз дыууӕ хатты кӕй уыдзӕн Скъола цӕуӕг цӕстдарджытӕн ӕмӕ сӕ устытӕн ӕмӕ Скъола Филиалы комитетты уӕнгтӕн ӕмӕ сӕ устытӕн. Стӕй дзы чи ахуыр кодта, уыдон дӕр ӕй дыккаг хатт рацӕудзысты.

Программӕйы кӕрон Йегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывта 97-аздзыд Джон Барр, Разамонӕг советы бирӕ рӕстӕг чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕр *. Йӕ куывд се ’ппӕты зӕрдӕтӕ дӕр бацагайдта. Уыцы фембӕлды чи уыд, уыдонӕй алчидӕр ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, ацы бон ӕцӕгдӕр историйы баззайдзӕн.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Кӕс «Ежегодник Свидетелей Иеговы», 2011 аз, 62, 63 фӕрстӕ.

^ 20 абз. Ӕфсымӕр Баррӕн йӕ зӕххон цард фӕци 2010 азы 4 декабры.

[Хицӕнгонд текст 19 фарсыл]

Се ’ппӕтӕн дӕр ӕхсызгон уыд интервьютӕм байхъусын

[Хицӕнгонд текст 20 фарсыл]

Йегъовӕ арфӕ кӕны Эфиопийы хъусын кӕныны хъуыддагӕн