Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ – «фарндӕттӕг Хуыцау»

Йегъовӕ – «фарндӕттӕг Хуыцау»

Йегъовӕ – «фарндӕттӕг Хуыцау»

«Фарндӕттӕг Хуыцау уӕд уе ’ппӕтимӕ дӕр» (РОМ. 15:33).

1, 2. Райдианы 32 ӕмӕ 33 сӕрты цавӕр хабары тыххӕй кӕсӕм? Уыцы хабар цӕуыл ахицӕн?

ХАБАР ӕрцыд Пенуелмӕ хӕстӕг, Иорданы цӕугӕдоны скӕсӕнварс Иавокы дӕлвӕзы цур. Исав фехъуыста, йӕ фаззон ӕфсымӕр Иаков фӕстӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ кӕй ӕрцӕуы, ӕмӕ 400 адӕймагимӕ йӕ размӕ рацыд. Кӕрӕдзи тынг рагӕй нӕ федтой. Исав Иаковӕн хистӕр фырты бартӕ куы ауӕй кодта, уӕдӕй рацыд ссӕдз азы. Фӕлӕ уӕддӕр Иаков тӕрсы, йе ’фсымӕры маст ӕм нырма дӕр кӕй судзы ӕмӕ йӕ марынвӕнд кӕй кӕны, уымӕй. Ӕмӕ Исавӕн йӕ разӕй лӕварӕн фос арвыста, ӕдӕппӕтӕй уыдысты 550 фылдӕр. Арвыста сӕ хицӕн дзугтӕй, иу дзуг иннӕмӕй стырдӕр.

2 Ӕппынфӕстаг ӕфсымӕртӕ куы фембӕлдысты, уӕд цы ’рцыд? Иаков равдыста хъӕбатырдзинад дӕр ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад дӕр – Исавы размӕ рацыд ӕмӕ йын авд хатты ныллӕг акуывта. Фӕлӕ ма уый размӕ Иаков бакодта ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг – Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йӕ Исавӕй бахъахъхъӕдтаид. Цымӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд фехъуыста? Куыннӕ! Библийы кӕсӕм: «Исав азгъордта Иаковы размӕ, ныхъхъӕбыс ын кодта, йӕ хъуырыл ын ныттыхстис ӕмӕ йын пъатӕ кодта» (Райд. 32:11–20; 33:1–4).

3. Иаков ӕмӕ Исавы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

3 Иаков ӕмӕ Исавы хабарӕй зыны, абон ӕмбырды искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй бафидауӕм. Науӕд не ’мбырды фарн ӕмӕ иудзинад фӕцуддзӕн. Иаков Исавы раз ницӕмӕй фӕрӕдыд ӕмӕ йӕ хатыр курын дӕр ницӕй тыххӕй хъуыд. Исав хистӕр фырты бартӕн нӕ аргъ кодта ӕмӕ сӕ хӕринаджы къусыл баивта. Фӕлӕ уӕддӕр Иаков, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй йе ’фсымӕримӕ бафидыдтаид ӕмӕ дарддӕр хӕларӕй цардаиккой (Райд. 25:31–34; Дзут. 12:16). Иаковы цӕвиттонӕй зыны, куыд тынг хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ фӕрнӕй, хӕларӕй цӕрӕм. Стӕй ма дзы бӕрӕг у уый, ӕмӕ, уыцы хъуыддаджы тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курӕм, уӕд нӕ кӕй фехъусдзӕн. Иннӕтимӕ хӕларӕй куыд цӕрӕм, уымӕн ма Библийы ис ӕндӕр цӕвиттонтӕ дӕр. Ацы статьяйы дзы цалдӕрыл аныхас кӕндзыстӕм.

Ӕппӕты тынгдӕр нын фӕзминаг чи у

4. Хуыцау адӕмы тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта?

4 Иннӕтимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын ӕппӕты тынгдӕр фӕзминаг у Йегъовӕ, «фарндӕттӕг Хуыцау» (Ром. 15:33). Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ стӕм тӕригъӕдджын. Ӕмӕ тӕригъӕдджын чи у, уый та у мӕлӕты аккаг (Ром. 6:23). Фӕлӕ нӕ Хуыцау бирӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд мах тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын. Ӕмӕ йӕ уарзон Фырт Йесойы зӕхмӕ ӕрӕрвыста, цӕмӕй ӕххӕст адӕймагӕй райгуырдаид ӕмӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй йӕ цард радтаид. Ӕмӕ Йесо йӕ Фыды фӕндон зӕрдиагӕй сӕххӕст кодта (Иоан. 10:17, 18). Уый фӕстӕ Йегъовӕ Йесойы уӕларвон цардмӕ райгас кодта. Уӕлӕрвты Йесо Йегъовӕйы раз йӕ нывонды аргъимӕ ӕрлӕууыд. Уыцы нывонд, кӕнӕ ахӕсты аргъ, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр ирвӕзын кӕны ӕнусон мӕлӕты тӕрхонӕй. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 9:14, 24.)

5, 6. Йесо Чырыстийы нывонд адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой?

5 Тӕригъӕды тыххӕй адӕм систы Хуыцауы знӕгтӕ. Цымӕ сын Йесойы нывонд куыд ӕххуыс кӕны? Исайы 53:5 фыст ис: «Цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый нын ӕрхаста фарн ӕмӕ йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сдзӕбӕх стӕм». Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой. Библийы кӕсӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Йӕ Фырт нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм – о, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты» (Еф. 1:7).

6 Библи Йесойы тыххӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ фӕнд уый фӕрцы сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ цы у йӕ фӕнд? Цӕмӕй «йӕ Фырты фӕрцы йӕхиимӕ бафидауын кӕна алкӕй дӕр – зӕххыл чи ис, уыдон уой ӕви, уӕлӕрвты чи ис, уыдон. Фидауын та сӕ кӕны, йӕ Фырт... цы туг ныккалдта, уый фӕрцы». Хуыцау йӕхиимӕ кӕй фидауын кӕны, ома йӕ хӕлӕрттӕ кӕй кӕны, уыдон сты «уӕлӕрвты чи ис, уыдон» ӕмӕ «зӕххыл чи ис, уыдон». Цымӕ чи сты? (Бакӕс Колоссӕгтӕм 1:19, 20.)

7. Чи сты «уӕлӕрвты чи ис, уыдон» ӕмӕ «зӕххыл чи ис, уыдон»?

7 Йесойы нывонды фӕрцы сӕрст чырыстӕттӕ ӕрцыдысты «рӕстгӕнджытыл нымад», ома систы Хуыцауы фырттӕ, ӕмӕ «фӕрнӕй цӕрынц Хуыцауимӕ». (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:1.) Библи сӕ хоны «уӕлӕрвты чи ис, уыдон», уымӕн ӕмӕ сын ис уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ӕмӕ «зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 5:10). «Зӕххыл чи ис, уыдон» та сты, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм (Пс. 37:29).

8. Ӕмбырды исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлай, уӕд дын Йегъовӕйы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

8 Павел Ефесы сӕрст чырыстӕттӕм цы ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, Чырыстийы нывонды тыххӕй куыд бузныг уыд, уый: «Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау... нын радта цард ӕмӕ нӕ Чырыстиимӕ баиу кодта, кӕд нӕ фыдракӕндтӕм гӕсгӕ мард уыдыстӕм, уӕддӕр,– о, сымах йе стыр хорзӕхы фӕрцы фервӕзтыстут» (Еф. 2:4, 5). Не ’ппӕт дӕр, уӕлӕрвты чи цӕрдзӕн, уыдон дӕр ӕмӕ зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдон дӕр, тынг аргъ кӕнӕм Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн ӕмӕ йе стыр хорзӕхӕн. Йегъовӕ тынг бирӕ сарӕзта, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уа йемӕ фӕрнӕй цӕрын, ӕмӕ дзы уый тыххӕй мах бузныг стӕм. Иуӕй-иу хатт цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй не ’мбырды фарн ӕмӕ иудзинадӕн фӕцудынӕй тӕссаг вӕййы. Ахӕм уавӕрты-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Хуыцау нын фӕзминаг цӕмӕй у, ууыл ӕмӕ-иу бацархайӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн цы фарн ис, уый бахъахъхъӕныныл.

Бафӕзмӕм Авраамы ӕмӕ Исахъы

9, 10. Авраам куыд равдыста, иннӕтимӕ йӕ хӕларӕй цӕрын кӕй фӕндыд, уый?

9 Авраамы тыххӕй Библийы фыст ис: «„Авраам баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл“, ӕмӕ хуынд ӕрцыд „Йегъовӕйы хӕлар“» (Иак. 2:23). Авраам йӕ уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕй равдыста, уыдонӕй иу уыд, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл кӕй архайдта, уый. Зӕгъӕм, иуафон Авраамы фыййӕуттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лоты фыййӕуттӕ кӕрӕдзиимӕ нал фидыдтой (Райд. 12:5; 13:7). Авраам ӕмӕ Лот аскъуыддзаг кодтой, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, сӕ иу ӕндӕр ранмӕ куы ацӕуа, уӕд. Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы зын уавӕры Авраам куыд бакодта. Уый афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, ӕз куыд зӕгъон, афтӕ хъуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ ӕз хистӕр дӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар дӕн. Авраам равдыста, йе ’фсымӕры лӕппуимӕ йӕ хӕларӕй цӕрын кӕй фӕндыд.

10 Авраам Лотӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Не ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ’хсӕн дӕр быцӕутӕ цӕмӕн хъуамӕ уа, ӕфсымӕртӕ куы стӕм?» Стӕй ма загъта: «Зӕхх иууылдӕр дӕ разы нӕй? Курын дӕ, ахицӕн у мӕнӕй. Кӕд ды галиуырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та рахизырдӕм ацӕудзынӕн, кӕд ды рахизырдӕм ацӕуай, уӕд ӕз та галиуырдӕм ацӕудзынӕн». Лот равзӕрста уыцы бӕстӕйы хуыздӕр зӕхх, фӕлӕ йӕм Авраам уый тыххӕй не смӕсты ис (Райд. 13:8–11). Уый бӕрӕг у, фӕстӕдӕр, знӕгтӕ Лоты уацары куы акодтой, уӕд ӕм Авраам уайтагъд ӕххуысмӕ кӕй фӕзынд ӕмӕ йӕ знӕгты къухӕй кӕй байста, уымӕй (Райд. 14:14–16).

11. Авраам йӕ сыхаг филистимӕгтимӕ хӕларӕй цӕрыныл кӕй архайдта, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

11 Ӕркӕсӕм ма ӕндӕр хабармӕ дӕр. Ханааны зӕххыл Авраам царди филистимӕгтӕм хӕстӕг. Ӕмӕ уыдонимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл архайдта. Иухатт филистимӕгтӕ байстой, Авраамы лӕггадгӕнджытӕ Вирсавийы цы цъай скъахтой, уый. Авраам уӕд ницы загъта. Фӕстӕдӕр филистимаг паддзах Аврааммӕ ӕрцыд, цӕмӕй йемӕ фарны бадзырд скодтаид. Авраам филистимаг паддзахӕн расомы кодта, йӕ байзӕддӕгтӕм ын хорз зӕрдӕ кӕй дардзӕн. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ракодта йӕ цъайы кой. Паддзах ууыл тынг бадис кодта ӕмӕ йын загъта, фӕстӕмӕ йын ӕй кӕй ратдзӕн. Ӕмӕ Авраам, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыд, уыцы зӕххыл дарддӕр дӕр фӕрнӕй царди (Райд. 21:22–31, 34).

12, 13. а) Исахъ йӕ фыды куыд фӕзмыдта? ӕ) Исахъ фарнмӕ кӕй тырныдта, уый тыххӕй йын Йегъовӕ куыд раарфӕ кодта?

12 Авраамы фырт Исахъ дӕр йӕ фыдау уыд фарнуарзаг. Йӕ бон цы уыд, уымӕй архайдта филистимӕгтимӕ хӕларӕй цӕрыныл. Исахъ ӕмӕ йӕ бинонтӕ цардысты Беер-Лахай-Роийы, Негевы зӕххыл. Уый уыд хус бӕстӕ. Ӕххормаг заман дзы куы скодта, уӕд Исахъ йӕ бинонтимӕ цӕрынмӕ алыгъд Герармӕ, зӕхх хуыздӕр кӕм уыд, уырдӕм. Ӕмӕ уый та уыд филистимӕгты зӕхх. Йегъовӕ Исахъӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йын радта стыр хорӕрзад ӕмӕ бирӕ фос. Филистимӕгтӕ Исахъмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой. Нӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй Исахъы мулк фылдӕр кодтаид, ӕмӕ йын йӕ цъайтӕ сыджытӕй байдзаг кодтой. Ӕппынфӕстаг филистимаг паддзах Исахъӕн загъта, цӕмӕй уыцы бӕстӕйӕ ацыдаид. Исахъ дӕр афтӕ бакодта, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд фарн халын (Райд. 24:62; 26:1, 12–17).

13 Исахъ йӕ бинонтимӕ уырдыгӕй ӕндӕр ранмӕ куы ацыд, уӕд та йӕ лӕггадгӕнджытӕ уым дӕр цъай скъахтой. Филистимаг фыййӕуттӕ Исахъы фыййӕуттимӕ уыцы цъайы тыххӕй схыл сты, ацы дон мах у, зӕгъгӕ. Исахъы дӕр йӕ фыдау нӕ фӕндыд хыл кӕнын, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, цӕмӕй ӕндӕр цъай скъахтаиккой. Филистимӕгтӕ та уыцы цъайы тыххӕй дӕр райдыдтой дзурын. Ӕмӕ та ногӕй, цӕмӕй филистимӕгтимӕ ма сызнаг уыдаид, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, Исахъ йӕ бинонтимӕ сыстад ӕмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыд. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ та уыцы ран дӕр цъай скъахтой, ӕмӕ йӕ Исахъ схуыдта Реховоф. Фӕстӕдӕр уырдыгӕй ацыд Вирсавимӕ, хуыздӕр зӕхх кӕм уыд, уырдӕм. Уым ын Йегъовӕ раарфӕ кодта ӕмӕ йын загъта: «Мацӕмӕй тӕрс, ӕз демӕ дӕн. Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты мӕ лӕггадгӕнӕг Авраамы тыххӕй» (Райд. 26:17–25).

14. Филистимаг паддзах Исахъмӕ фарны бадзырд скӕныны тыххӕй куы ’рцыд, уӕд Исахъ куыд равдыста, фарнмӕ кӕй тырныдта?

14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Исахъӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы цъайтӕ скъахтой, уыдон ма раттаид. Стӕй йын Йегъовӕ дӕр ӕххуыс кодта. Суанг ма филистимаг паддзах дӕр уый бамбӕрста, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмимӕ Исахъмӕ Вирсавимӕ куы ’рцыд ӕмӕ йемӕ фарны бадзырд куы скодта, уӕд ын афтӕ загъта: «Мах ӕй нӕхи цӕстӕй уынӕм, Йегъовӕ демӕ кӕй ис». Фӕлӕ Исахъ йӕ бартыл тох кӕныны бӕсты цалдӕр хатты йӕ цӕрӕнбынат аивта, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕцын нӕ фӕндыд. Паддзах ӕмӕ йӕм йӕ адӕм куы ’рцыдысты, уӕд дӕр та Исахъ равдыста, фарнмӕ кӕй тырныдта. Библийы фыст ис: «Исахъ [йӕ уазджытӕн] куывд скодта ӕмӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой. Стӕй дыккаг бон райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн расомы кодтой. Ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ Исахъ афӕндараст кодта ӕмӕ сӕ фӕндагыл фарнимӕ ацыдысты» (Райд. 26:26–31).

Бафӕзмӕм Иосифы

15. Иосифы ӕфсымӕртӕн сӕ бон йемӕ сабырӕй ныхас кӕнын цӕуылнӕ уыд?

15 Исахъы фырт Иаков уыд «сабыр адӕймаг» (Райд. 25:27). Статьяйы райдианы куыд базыдтам, афтӕмӕй Иаков, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй йе ’фсымӕр Исавимӕ бафидыдтаид. Иаков ууыл сахуыр йӕ фыдӕй. Йӕ фырттӕй та цы зӕгъӕн ис? Йӕ 12 фыртӕй Иаков ӕппӕты фылдӕр уарзта Иосифы. Иосиф йӕ фыды коммӕ касти, нымадта йӕ, ӕмӕ Иаковӕн уыди йӕ ныфс, йӕ зӕрдӕдарӕн (Райд. 37:2, 14). Фӕлӕ Иосифмӕ йӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ афтӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ бон нӕ уыд йемӕ сабырӕй ныхас кӕнын. Се сӕфт дзы афтӕ тынг федтой, ӕмӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой ӕмӕ стӕй сӕ фыды баууӕндын кодтой, Иосифы хъӕддаг сырд кӕй бахордта, ууыл (Райд. 37:4, 28, 31–33).

16, 17. Иосиф йе ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй ракаст, уымӕй куыд равдыста, семӕ йӕ хӕларӕй цӕрын кӕй фӕндыд?

16 Йегъовӕ Иосифӕн арфӕ кодта ӕмӕ, рӕстӕг куы рацыд, уӕд Иосиф Египеты сси стыр хицау – фараоны фӕстӕ дыккаг лӕг. Ханааны тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Иосифы ӕфсымӕртӕ ӕрцыдысты Египетмӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ. Ӕмӕ уым Иосифимӕ куы фембӕлдысты, уӕд ӕй нӕ базыдтой – ӕвӕццӕгӕн ыл египетаг уӕлӕдарӕс кӕй уыд, уый тыххӕй (Райд. 42:5–7). Иосифӕй рох нӕ уыд, йе ’фсымӕртӕ йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ фыдӕн дӕр цы маст бавзарын кодтой, уый. Ӕмӕ йӕ бон уыд, ӕмӕ сӕ йӕ маст райстаид. Фӕлӕ уый бацархайдта семӕ бафидауыныл. Стӕй куы рабӕрӕг, цы сарӕзтой, ууыл кӕй фӕсмон кӕнынц, уӕд сын йӕхи раргом кодта ӕмӕ сын загъта: «Ардӕм [мӕ] кӕй ауӕй кодтат, уый тыххӕй уӕхи ма хӕрут ӕмӕ уӕхимӕ ма мӕсты кӕнут. Хуыцау мӕ уӕ разӕй рарвыста, цӕмӕй уӕ аирвӕзын кӕна». Ӕмӕ «пъатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ сын кӕугӕйӕ хъӕбыстӕ кодта» (Райд. 45:1, 5, 15).

17 Иаков куы амард, уӕд Иосифы ӕфсымӕртӕ старстысты, ныр сӕ Иосиф йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй. Иосифӕн уый тыххӕй куы радзырдтой, уӕд ныккуыдта ӕмӕ сын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕнут. Уӕхи дӕр ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕтты дӕр хойрагӕй цух нӕ уадздзынӕн». Ацы хатт дӕр та Иосиф равдыста, фарнуарзаг кӕй уыд. Йе ’фсымӕрты «ӕрсабыр кодта ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕлмӕн ныхасӕй барӕвдыдта» (Райд. 50:15–21).

Фыст ӕрцыдысты «махӕн зонд бацамонынӕн»

18, 19. а) Ацы статьяйы ныхас кӕуыл цыди, уыдонӕй цӕуыл сахуыр дӕ? ӕ) Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?

18 Павел ныффыста: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4). Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ӕппӕты тынгдӕр нын фӕзминаг чи у, уымӕй, ома Йегъовӕйӕ, стӕй ма Авраамӕй, Исахъӕй, Иаковӕй ӕмӕ Иосифӕй?

19 Цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй цы сарӕзта, ууыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр фӕнддзӕн ӕппӕт тыхтӕй архайын иннӕтимӕ хӕларӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрыныл. Авраам, Исахъ, Иаков ӕмӕ Иосифы тыххӕй цы базыдтам, уымӕй бӕрӕг у, ныййарджытӕн сӕ бон кӕй у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уой ӕмӕ сӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ахуыр кӕной. Мах ма базыдтам, фарнмӕ чи тырны, уыдонӕн Йегъовӕ уыцы хъуыддаджы кӕй ӕххуыс кӕны. Ӕмӕ Павел дӕр афтӕ уымӕн ныффыста, зӕгъгӕ, Йегъовӕ у «фарндӕттӕг Хуыцау». (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:33; 16:20.) Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, Павел афтӕ цӕмӕн загъта, хъуамӕ фарнмӕ тырнӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ аныхас кӕндзыстӕм, уый нӕ бон куыд у аразын, ууыл.

Цы базыдтай?

• Иаков Исавимӕ фембӕлыны размӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йемӕ бафидыдтаид?

• Йегъовӕ тынг бирӕ сарӕзта, цӕмӕй адӕмӕн фадат уа, ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суой. Уый дӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?

• Цӕуыл сахуыр дӕ Авраамӕй, Исахъӕй, Иаковӕй ӕмӕ Иосифӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Иаков Исавимӕ бафидауыны тыххӕй цы сарӕзта, уыдонӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг цы уыд?