Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Дзуттаг Фыстыты Мессийӕйы тыххӕй цал пехуымпар-ныхасы ис, уый бӕлвырдӕй зӕгъӕн ис?

Дзуттаг Фыстытӕ лӕмбынӕг куы раиртасӕм, уӕд фендзыстӕм, Йесо Чырыстийыл куыд бирӕ пехуымпар-ныхӕстӕ сӕххӕст. Уыцы пехуымпар-ныхӕсты фыст ис, цы хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, Мессийӕ кӕд хъуамӕ суыдаид, цавӕр хъуыддӕгтӕ хъуамӕ арӕзтаид, адӕм ӕм цы цӕстӕй кастаиккой ӕмӕ йын Хуыцау цы бахӕс кодта, уый тыххӕй. Уыцы пехуымпар-ныхӕсты фӕрцы нӕ бон у сбӕлвырд кӕнын, Йесо Мессийӕ кӕй у. Фӕлӕ, Дзуттаг Фыстыты Мессийӕйы тыххӕй бӕлвырдӕй цал пехуымпар-ныхасы ис, уый банымайын нӕ куы фӕнда, уӕд хъуамӕ тагъд ма кӕнӕм.

Цавӕрдӕр пехуымпар-ныхас Мессийӕмӕ хауы ӕви нӕ, уый фӕдыл се ’ппӕтӕн иу хъуыды нӕй. Уый тыххӕй йӕ чиныджы фыста Альфред Эдерсхайм, дзуттаг истори иртасӕг («The Life and Times of Jesus the Messiah»). Уый ныффыста, зӕгъгӕ, Йесойы размӕ дзуттӕгтӕ хъуыды кодтой, Дзуттаг Фыстыты Мессийӕйы тыххӕй 456 пехуымпар-ныхасы кӕй ис, кӕд дзы бирӕты Мессийӕйы кой нӕй, уӕддӕр. Уыцы 456 скъуыддзагмӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕсӕм, уӕд нӕм дзы иуӕй-иуты фӕдыл фӕзындзӕн фарста, Йесо Чырыстимӕ хауынц ӕви нӕ. Зӕгъӕм, Эдерсхайм фыста, Райдианы 8:11 стих дзуттӕгтӕ кӕй нымадтой, Мессийӕмӕ чи хауы, ахӕм пехуымпар-ныхасыл. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ «бӕлон оливӕбӕласы сыф Мессийӕйы хохӕй ӕрбахаста». Эдерсхайм ма фыста, Рацыды 12:42 стих дӕр раст кӕй не ’мбӕрстой. Ӕмбӕрстой йӕ афтӕ: «Моисей ӕдзӕрӕг быдырӕй куыд рацыд, афтӕ Мессийӕ дӕр рацӕудзӕн Ромӕй». Ахуыргӕндтӕй ӕмӕ иннӕтӕй дӕр бирӕтӕм зын фӕкӕсдзӕн ацы дыууӕ стихы ӕмӕ сӕ куыд ӕмбарын кӕнынц, уый Йесо Чырыстиимӕ сбӕттын.

Йесо Чырыстийыл ӕцӕгдӕр чи сӕххӕст, ӕрмӕст уыцы пехуымпар-ныхӕстӕ куы райсӕм, уӕд дӕр зын зӕгъӕн уыдзӕн, бӕлвырдӕй цал сты. Райсӕм Исайы 53 сӕр – уым цы пехуымпар-ныхӕстӕ ис, уыдонӕй базонӕн ис бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ Мессийӕйы тыххӕй. Исайы 53:2–7 фыст ис: «Уымӕн нӕдӕр уындджын бакаст ис [...] Адӕм ӕй ӕппындӕр ницӕмӕ дардтой, сӕхи дзы дард ластой [...] Уый нын нӕ низтӕ ахаста [...] Уый барӕхуыстой нӕ фыдракӕндты тыххӕй [...] Уӕрыкк ӕргӕвдынмӕ куыд фӕкӕнынц, афтӕ акодтой уый дӕр». Ацы скъуыддзаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр иу пехуымпар-ныхасыл хъуамӕ банымайӕм? Ӕви дзы цы хабӕрттыл цӕуы дзырд, уыдонӕй алкӕцы дӕр хъӕуы хицӕн пехуымпар-ныхасыл нымайын?

Ӕркӕсӕм ма Исайы 11:1 стихмӕ дӕр. Уым фыст ис: «Йессейы бындзӕфхадӕй рацӕудзӕн къалиу, йӕ уидӕгтӕй ссӕудзӕн тау ӕмӕ ӕрхӕсдзӕн бирӕ дыргъ». Уыцы пехуымпар-ныхас та ногӕй ӕмбӕлы 10 стихы ӕмӕ уым дӕр ис ахӕм хъуыды. Цымӕ ацы дыууӕ стихы хъуамӕ дыууӕ хицӕн пехуымпар-ныхасыл банымайӕм ӕви иу пехуымпар-ныхасыл, дыууӕ раны чи ӕмбӕлы, ахӕмыл? Исайы 53 сӕры ӕмӕ Исайы 11 сӕры фыст пехуымпар-ныхӕсты фӕдыл цы хъуыдымӕ ӕрцӕудзыстӕм, уымӕй аразгӕ уыдзӕн Мессийӕйы тыххӕй пехуымпар-ныхӕсты нымӕц ӕдӕппӕтӕй дӕр.

Уымӕ гӕсгӕ хорз уыдзӕн, Дзуттаг Фыстыты Мессийӕйы тыххӕй бӕлвырдӕй цал пехуымпар-ныхасы ис, уый банымайыныл куы нӕ архайӕм. Нӕ публикациты ис ссарӕн, Мессийӕмӕ чи хауы ӕмӕ Йесойыл чи сӕххӕст, уыцы пехуымпар-ныхӕсты таблицӕтӕ *. Уыцы таблицӕтӕй нӕ бон у пайда кӕнын, Библи нӕхӕдӕг кӕнӕ нӕ бинонтимӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд кӕнӕ та уацамынды. Ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг куы раиртасӕм, уӕд ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм, Йегъовӕйы ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййы, ууыл. Библийы Мессийӕйы тыххӕй цы бирӕ пехуымпар-ныхӕстӕ ис, уыдон цасфӕнды ма уой, уӕддӕр бӕлвырдӕй ӕвдисынц, Йесо кӕй у Чырысти, ома Мессийӕ.

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. «Фыстады ӕмбарынад», 1 том, 1223 фарс; 2 том, 387 фарс (англ.); «Все Писание вдохновлено Богом и полезно», 374, 375 фӕрстӕ; «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 200 фарс.