Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон ссардтой Мессийӕйы!

Уыдон ссардтой Мессийӕйы!

Уыдон ссардтой Мессийӕйы!

«Мах ссардтам Мессийӕйы» (ИОАН. 1:41).

1. Андрей цавӕр хабӕртты фӕстӕ загъта, мах ссардтам Мессийӕйы, зӕгъгӕ?

АРГЪАУӔГ ИОАНН лӕууы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕимӕ. Ӕмӕ Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк!» Уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы, Андрей ӕмӕ Иоанн, ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ Йесойы фӕдыл ацыдысты ӕмӕ уыцы бон йемӕ баззадысты. Фӕстӕдӕр Андрей бацагуырдта йе ’фсымӕры, Симон Петры, ӕмӕ йын диссаджы хабар фехъусын кодта: «Мах ссардтам Мессийӕйы» (Иоан. 1:35–41).

2. Мессийӕйы тыххӕй пехуымпар-ныхӕстӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

2 Уыцы хабӕртты фӕстӕ Андрей, Петр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой ӕмӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр баууӕндыдысты, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессийӕ Йесо кӕй у, ууыл, ӕмӕ уый иннӕтӕн дӕр фидарӕй дзырдтой. Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ ноджыдӕр цалдӕр пехуымпар-ныхасмӕ Мессийӕйы тыххӕй. Уый фӕрцы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм Библийыл ӕмӕ, Йегъовӕ Мессийӕйӕ кӕй равзӕрста, ууыл.

«Мӕнӕ дӕм дӕ... Паддзах фӕцӕуы»

3. Йесо Иерусалиммӕ паддзахы цыд куы бакодта, уӕд цавӕр пехуымпар-ныхӕстӕ сӕххӕст сты?

3 Мессийӕ Иерусалиммӕ паддзахы цыд бакӕндзӕн. Пехуымпар Захари загъта: «Цин кӕн, Сионы чызг! Фырцинӕй хъӕр кӕн, Иерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм дӕ паддзах фӕцӕуы! Уый у рӕстгӕнӕг ӕмӕ уӕлахиздзау. Уый у сӕрныллӕг ӕмӕ ӕрбацӕуы хӕрӕгыл, сыл хӕрӕджы къӕлӕуыл» (Зах. 9:9). Псаломзарӕггӕнӕг та загъта: «Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!» (Пс. 118:26). Йесо Иерусалиммӕ куы бацӕйцыди, уӕд бирӕ адӕм фырцинӕй хъӕр кодтой. Йесо уыцы адӕмӕн рагацау нӕ загъта, цӕмӕй афтӕ бакодтаиккой. Уыдон сӕххӕст кодтой, пехуымпар-ныхасы цы фыст уыд, уый. Библийы ацы хабары тыххӕй кӕм фыст ис, уый куы кӕсай, уӕд-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ ӕмӕ хъусыс, адӕм куыд хъӕр кӕнынц, уый. (Бакӕс Матфейы 21:4–9.)

4. Псаломы 118:22, 23 ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?

4 Бирӕтӕ Йесойы Мессийӕйыл нӕ банымайдзысты, фӕлӕ Хуыцауӕн у зынаргъ. Пехуымпар-ныхӕсты куыддӕриддӕр фыст уыд, афтӕ бирӕтӕ Йесойӕ се сӕфт уыдтой ӕмӕ йӕ нымадтой ницӕйагыл. Уыцы адӕммӕ уырнындзинад нӕ уыд (Ис. 53:3; Мар. 9:12). Фӕлӕ Библи зӕгъы: «Аразджытӕ цы дур аппӕрстой, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уыцы хъуыддаг сарӕзта Йегъовӕ, ӕмӕ нӕм диссаг кӕсы» (Пс. 118:22, 23). Иухатт Йесо, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонимӕ куы ныхас кодта, уӕд уыцы пехуымпар-ныхасы кой ракодта. Ӕмӕ Петр загъта, уыцы ныхӕстӕ Чырыстийыл кӕй сӕххӕст сты (Мар. 12:10, 11; Хъуыд. 4:8–11). Йесо сси сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдӕн йӕ «бындуры сӕйраг дур». Уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы адӕм Йесойы Мессийӕйыл нӕ банымадтой, фӕлӕ Йесо у, «Хуыцау кӕй равзӕрста ӕмӕ йын зынаргъ чи у», уый (1 Пет. 2:4–6).

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй йӕ иу ауӕй кодта, иннӕтӕ йӕ ныууагътой

5, 6. Мессийӕйы чи ӕмӕ куыд ауӕй кӕндзӕн, уый тыххӕй пехуымпар-ныхӕсты цы уыди фыст ӕмӕ куыд сӕххӕст сты?

5 Мессийӕ йӕ хӕларыл кӕй нымайдзӕн, уый йӕ ауӕй кӕндзӕн. Давид загъта ахӕм пехуымпар-ныхас: «Мемӕ хӕларӕй чи цард, мӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтон, мӕ къӕбӕр мын чи хордта, уый... мӕ ныхмӕ рацыд» (Пс. 41:9). Раджы заманты-иу адӕймаг къӕбӕр иумӕ кӕимӕ хордта, уый йӕ ӕрдхордыл нымадта (Райд. 31:54). Уӕдӕ уыцы пехуымпар-ныхас ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ Мессийӕйы йӕ хӕлар ауӕй кӕндзӕн. Уымӕй мӕнгарддӕр ми ма цы хъуамӕ уыдаид! Йесо уыцы адӕймаджы кой кодта, йӕ апостолтӕн афтӕ куы загъта: «Уе ’ппӕты кой нӕ кӕнын. Ӕз зонын, кӕй равзӕрстон, уыдоны. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Фыстад цы зӕгъы, уый: „Мӕ къӕбӕр мын чи хордта, уый мӕ ныхмӕ рацыд“» (Иоан. 13:18). Йесо кодта Иудӕ Искариоты кой – йӕ фӕдылдзӕуӕг ӕмӕ йӕ хӕлар чи уыд, уый кой. Иудӕ Йесойы куы ауӕй кодта, уӕд Давиды ныхӕстӕ сӕххӕст сты.

6 Мессийӕйы йӕ уӕйгӕнӕг ауӕй кӕндзӕн 30 ӕвзист ӕхцайыл, цагъары аргъыл! Матфей куыд ныффыста, афтӕмӕй Иудӕ Йесойы ауӕй кодта 30 ӕвзист ӕхцайыл – ӕндӕр аргъ ын не скодта! Ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст Захарийы 11:12, 13 фыст пехуымпар-ныхас. Фӕлӕ цымӕ Матфей цӕмӕн зӕгъы, зӕгъгӕ, афтӕ сӕххӕст, «пехуымпар Йереми цы загъта, уый»? Матфейы рӕстӕджы Захарийы чиныг ӕмӕ Йеремийы чиныг, стӕй ма ӕндӕр пехуымпарты чингуытӕ дӕр иумӕ хуыдтой «Пехуымпарты чингуытӕ». Ӕвӕццӕгӕн-иу дзы Йеремийы чиныг уыд фыццаг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы чингуытӕ иумӕ хуыдтой Йеремийы номӕй. (Абар Лукайы 24:44.) Иудӕ уыцы 30 ӕвзист ӕхцайӕ ницы сарӕзта – кувӕндоны сӕ фехста, «стӕй ацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта» (Матф. 26:14–16; 27:3–10).

7. Захари 13:7 куыд сӕххӕст?

7 Мессийӕйы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ныууадздзысты. Захари ныффыста: «Фыййауы ӕрцӕв, ӕмӕ фысты дзуг алырдӕмты фӕлидза» (Зах. 13:7). Н. э. 33 азы 14 нисаны Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахсӕв мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ фыст у: „Фыййауы ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ фысты дзуг алырдӕмты фӕлидздзӕн“». Ӕмӕ растдӕр афтӕ ӕрцыд. Матфей ныффыста, Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр кӕй ныууагътой ӕмӕ кӕй алыгъдысты (Матф. 26:31, 56).

Фӕаххосджын ӕй кӕндзысты ӕмӕ йӕ фӕнӕмдзысты

8. Исайы 53:8 ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?

8 Мессийӕйы тӕрхондонмӕ акӕндзысты ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты. (Бакӕс  Исай 53:8.) 14 нисаны райсомӕй Сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, Йесойы сбастой ӕмӕ йӕ ромаг хицау Понтий Пилатмӕ акодтой. Пилат ӕй ӕрфарста ӕмӕ йӕм ницы аххос ссардта. Фӕлӕ адӕмы куы бафарста, Йесойы уын рауадзон, зӕгъгӕ, уӕд хъӕр систой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!» Уыдон ын загътой, цӕмӕй Йесойы бӕсты рауагътаид Вараввӕйы, фыдгӕнӕджы. Пилат адӕмы ӕрсабыр кӕныны тыххӕй Вараввӕйы рауагъта. Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ хъӕдыл байтыгътаиккой (Мар. 15:1–15).

9. Псаломы 35:11 цы фыст ис, уый Йесойы рӕстӕджы куыд сӕххӕст?

9 Мессийӕйы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ дзурдзысты. Давид ныффыста: «Ӕгъатыр ӕвдисӕнтӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, фӕрсынц мӕ, цы нӕ зонын, уымӕй» (Пс. 35:11). Растдӕр пехуымпар-ныхасы куыд фыст уыд, афтӕ «сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондон ӕгасӕй дӕр агуырдтой мӕнгӕвдисӕнтӕ Йесойы ныхмӕ, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой» (Матф. 26:59). Библийы фыст ис, йӕ ныхмӕ бирӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ кӕй дзырдтой, фӕлӕ сӕ ныхӕстӕ кӕрӕдзийыл кӕй нӕ бадтысты (Мар. 14:56). Йесойы знӕгтӕм нымады дӕр нӕ уыд, ӕвдисӕнтӕ дзы мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодтой. Уыдон бӕллыдысты Йесойы мӕлӕтмӕ.

10. Исай 53:7 куыд сӕххӕст?

10 Мессийӕ ницы дзурдзӕн, чи йӕ аххосджын кӕндзӕн, уыдонӕн. Пехуымпар Исай уый тыххӕй ныффыста: «Уый уыд тынг уынгӕджы, ӕмӕ йӕхи радта, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид, фӕлӕ йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Уӕрыкк ӕргӕвдынмӕ куыд фӕкӕнынц, афтӕ акодтой уый дӕр, ӕмӕ фыс йе ’лвынджыты раз куыд сабыр фӕлӕууы, афтӕ уымӕн дӕр йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд» (Ис. 53:7). Йесойы «сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ куы аххосджын кодтой, уӕд... ӕппындӕр ницы сдзырдта». Пилат ӕй бафарста: «Дӕ ныхмӕ цас цыдӕртӕ дзурынц, уый нӕ хъусыс?» Фӕлӕ «Йесойӕн йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд, ӕмӕ бӕстӕйы хицау стыр дисы бафтыд» (Матф. 27:12–14). Йесо йе знӕгтӕн иу ӕфхӕрӕн ныхас дӕр нӕ загъта (Ром. 12:17–21; 1 Пет. 2:23).

11. Исай 50:6 ӕмӕ Михей 5:1 куыд сӕххӕст сты?

11 Исай ныффыста, Мессийӕйы кӕй фӕнӕмдзысты. Исай зӕгъы: «Чи мӕ цавта, уыдонмӕ мӕ фӕсонтӕ бадардтон, мӕ рустӕ – мӕ боцъо мын чи тыдта, уыдонмӕ. Ӕфхӕрӕн митӕй ӕмӕ тутӕй мӕ цӕсгом не ’мбӕхстон» (Ис. 50:6). Пехуымпар Михей ныффыста: «Израилы тӕрхонгӕнӕджы русыл лӕдзӕгӕй балӕудзысты» (Мих. 5:1). Марчы ныхӕстӕй бӕрӕг у, уыцы пехуымпар-ныхӕстӕ Йесойы тыххӕй кӕй уыдысты. Марк ныффыста: «Чидӕртӕ [йыл] райдыдтой тутӕ кӕнын, стӕй йын-иу йӕ цӕсгом бамбӕрзтой ӕмӕ йӕ тымбылкъухӕй цавтой, ӕмӕ йын дзырдтой: „Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд-ма нын ӕй зӕгъ, чи дӕ ныццавта?“ Уый фӕстӕ йӕ хъахъхъӕнджытӕ дзӕхстытӕгӕнгӕ акодтой». Марк ма ныффыста, ӕфсӕддонтӕ йын йӕ сӕр хъӕз лӕдзӕгӕй кӕй фӕхостой, кӕй йыл фӕтутӕ кодтой, стӕй йӕ разы хынджылӕгӕй сӕ зонгуытыл кӕй ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын кӕй бакуывтой (Мар. 14:65; 15:19). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо уыцы адӕмы раз ницы аххосджын уыд, цӕмӕй йын ахӕм митӕ бакодтаиккой.

Суанг мӕлӕты онг Хуыцауыл уыд иузӕрдион

12. Псалом 22:16 ӕмӕ Исай 53:12 куыд сӕххӕст сты?

12 Мессийӕйы байтындздзысты хъӕдыл. Давид загъта: «Фыдгӕнджытӕ мӕ алыварс ӕрлӕууыдысты. Домбайау мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ къӕхтӕм лӕбурынц» (Пс. 22:16). Марчы Евангелийы фыст ис, ацы пехуымпар-ныхас кӕй сӕххӕст, ӕмӕ уыцы хабар хорз зонынц, Библи чи кӕсы, уыдон. Марк ныффыста, Йесойы хъӕдыл кӕй байтыгътой райсомы 9 сахатмӕ ’ввахс (Мар. 15:24, 25). Ӕндӕр пехуымпар-ныхасы та фыст ис, Мессийӕ тӕригъӕдджынтимӕ кӕй амӕлдзӕн. Исай ныффыста: «Уый йӕ уд радта мӕлӕтмӕ ӕмӕ йӕ банымадтой фыдгӕнӕгыл» (Ис. 53:12). Куыд сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ? Йесойӕн «йемӕ... хъӕдтыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы дӕр – сӕ иуы йӕ рахиз фарс, иннӕйы та йӕ галиу фарс» (Матф. 27:38).

13. Псаломы 22:7, 8 ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?

13 Давид ныффыста, адӕм Мессийӕйӕн ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй кӕндзысты. (Бакӕс  Псалом 22:7, 8.) Йесо хъӕдыл куы хъизӕмар кодта, уӕд ын адӕм ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой. Матфей уыцы хабары тыххӕй афтӕ ныффыста: «Сӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыди, уыдон та-иу сӕ сӕртӕ батылдтой ӕмӕ йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой: „Кувӕндон куы хӕлдтай ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ куы арӕзтай! Дӕхи фервӕзын кӕн! Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд хъизӕмӕртты хъӕдӕй ӕрхиз!“» Сауджынты хистӕртӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ дзы хистӕр лӕгтӕ хынджылӕг кодтой: «Иннӕты ирвӕзын кодта, йӕхи фервӕзын кӕнын та йӕ бон нӕу! Израилы Паддзах куы у – ӕрхизӕд хъизӕмӕртты хъӕдӕй, ӕмӕ йыл уӕд баууӕнддзыстӕм. Хуыцауӕй уыди ныфсджын, гъемӕ кӕд Хуыцауы хъӕуы, уӕд ӕй фервӕзын кӕнӕд. Афтӕ куы дзырдта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“» (Матф. 27:39–43). Кӕд Йесойӕн тынг зын уыд, уӕддӕр йӕхиуыл хӕцыд ӕмӕ сын ӕвзӕрӕй ӕппындӕр ницы загъта. Ӕмӕ нын уымӕй Йесо у фӕзминаг.

14, 15. Фыстады Мессийӕйы уӕлӕдарӕсы тыххӕй ӕмӕ йын туаг сӕн кӕй дардзысты, уый тыххӕй цы пехуымпар-ныхӕстӕ ис, уыдон куыд сӕххӕст сты?

14 Мессийӕйы уӕлӕдарӕсыл хӕлттӕ ӕппардзысты. Давид ныффыста: «Мӕ уӕлӕдарӕс мын сӕ кӕрӕдзийыл дих кӕнынц, мӕ дарӕсыл мын хӕлттӕ ӕппарынц» (Пс. 22:18). Ӕмӕ растдӕр афтӕ ӕрцыд. Библийы фыст ис: «Хъӕдыл ӕй куы байтыгътой, уӕд та йын йӕ уӕлӕдарӕсыл хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ байуӕрстой кӕрӕдзийыл» (Матф. 27:35; бакӕс Иоанны 19:23, 24).

15 Мессийӕйӕн ратдзысты туаг сӕн ӕмӕ мастимӕ хӕццӕ сӕн. Пехуымпар-ныхасы фыст ис: «Хӕрынӕн мын радтой маргджын кӕрдӕг, ӕмӕ мын дойны куы уыд, уӕд мын хъавыдысты туаг сӕн бадарынмӕ» (Пс. 69:21). Ацы ныхӕстӕ дӕр кӕй сӕххӕст сты, уый зонӕм, Матфей цы ныффыста, уымӕй: «Радтой [йын] сӕн мастимӕ хӕццӕйӕ. Фӕлӕ дзы куы ацахуыста, уӕд дзы нуазын нӕ бакуымдта». Фӕстӕдӕр «сӕ иу ауад, губкӕ раскъӕфта, туаг сӕны йӕ атылдта, стӕй йӕ хъӕз лӕдзӕгыл ӕрсагъта ӕмӕ йын ӕй йӕ дзыхмӕ схаста» (Матф. 27:34, 48).

16. Псалом 22:1 куыд сӕххӕст?

16 Афтӕ зындзӕн, цыма Хуыцау Мессийӕйы ныууагъта. (Бакӕс  Псалом 22:1.) Марк ныффыста, боны 3 сахатмӕ ’ввахс Йесо хъӕрӕй кӕй сдзынӕзта: «Ели, Ели, лама савахфани?», ома, «мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?» (Мар. 15:34). Йесо ацы ныхӕстӕ уый тыххӕй нӕ загъта, ӕмӕ йӕ Фыдыл нал ӕууӕндыд. Зыдта йӕ, йӕ мӕлӕты рӕстӕг куы ӕрцӕуа, уӕд ӕй Хуыцау йе знӕгтӕй кӕй нӕ бахъахъхъӕндзӕн. Афтӕмӕй Йесойӕн уыд фадат равдисынӕн, алкӕддӕр Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн. Йесо Хуыцаумӕ куы сдзынӕзта, уӕд сӕххӕст сты Псаломы 22:1 фыст ныхӕстӕ.

17. Захари 12:10 ӕмӕ Псалом 34:20 куыд сӕххӕст сты?

17 Знӕгтӕ Мессийӕйы барӕхойдзысты. Йе стджытӕ йын нӕ асӕтдзысты. Захари загъта, Иерусалимы цӕрджытӕ кӕй «кӕсдзысты, кӕй барӕхуыстой, уымӕ» (Зах. 12:10). Псаломы 34:20 та фыст ис: «[Хуыцау ын] йе стджытӕ... иууылдӕр хъахъхъӕны, иу дӕр ын дзы саст не ’рцыд». Апостол Иоанн ныффыста, ацы пехуымпар-ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты. Уый ныффыста: «Ӕфсӕддонтӕй [йын] сӕ иу йӕ фарс арцӕй барӕхуыста, ӕмӕ дзы туг ӕмӕ дон ракалд. Уыцы хабӕрттӕ чи федта, уый лӕууы ӕвдисӕн, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ сты раст... [...] Адӕттӕ уымӕн ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, Фыстад цы зӕгъы, уый: „Йе стджытӕй йын иу дӕр нӕ асӕтдзысты“. Ӕмӕ ма Фыстад ӕндӕр ран дӕр зӕгъы: „Кӕсдзысты, кӕй барӕхуыстой, уымӕ“» (Иоан. 19:33–37).

18. Йесойы хъӕздгуытимӕ кӕй бавӕрдзысты, уыцы пехуымпар-ныхас куыд сӕххӕст?

18 Мессийӕйы бавӕрдзысты хъӕздгуытимӕ. (Бакӕс  Исай 53:9.) 14 нисаны изӕрырдӕм «иу... аримафейаг хъӕздыг лӕг, Иосиф, зӕгъгӕ», бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта, цӕмӕй йӕ бавӕрдтаид. Ӕмӕ йын Пилат дӕр бар радта. Матфей ныффыста: «Иосиф ын йӕ мард рахаста, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг хъуымацы йӕ батыхта ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй бакъахта ӕмӕ уымӕй размӕ ӕвӕрд кӕм ничима уыди, уыцы зӕппадзы. Стӕй зӕппадзмӕ бахизӕныл стыр дур бафӕлдӕхта ӕмӕ ацыди» (Матф. 27:57–60).

Кадджын кӕнут Мессийӕйы, нӕ Паддзахы!

19. Псаломы 16:10 цы пехуымпар-ныхас ис, уый куыд сӕххӕст?

19 Йегъовӕ Мессийӕйы райгас кӕндзӕн. Давид ныффыста: «Ды мын мӕ уд ингӕны нӕ ныууадздзынӕ» (Пс. 16:10). 16 нисаны сылгоймӕгтӕ бацыдысты, Йесойы кӕм бавӕрдтой, уыцы зӕппадзмӕ. Ахъуыды-ма кӕн, куыд бадис кодтаиккой, зӕппадзы зӕды куы федтой, уӕд. Зӕд сылгоймӕгтӕн загъта: «Ма тӕрсут. Сымах агурут, хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы назаретаг Йесойы. Ам нӕй – райгас. Мӕнӕ, кӕм ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат дӕр фенут» (Мар. 16:6). Фӕстӕдӕр, 33 азы Фӕндзайӕм боны, Петр Иерусалимы бирӕ адӕмы раз загъта, Давид 16-ӕм псаломы цы пехуымпар-ныхас ныффыста, уый тыххӕй: «Давид бирӕ раздӕр зыдта, Чырысти кӕй райгас уыдзӕн, ӕмӕ уый кой кодта, зӕгъгӕ йӕ Хуыцау ингӕны нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ буар нӕ бамбийдзӕн» (Хъуыд. 2:29–31). Хуыцау йӕ зынаргъ Фырты буар ӕмбийын нӕ бауагъта. Ӕмӕ сарӕзта стыр диссаг – райгас ӕй кодта уӕларвон цардмӕ! (1 Пет. 3:18).

20. Мессийӕйы Паддзахады тыххӕй пехуымпар-ныхӕстӕ цы зӕгъынц?

20 Хуыцау фехъусын кӕндзӕн, Йесо йӕ Фырт кӕй у. (Бакӕс  Псалом 2:7; Матфейы 3:17.) Уымӕй уӕлдай ма адӕм дӕр кадджын кодтой Йесойы ӕмӕ йӕ Паддзахад, Йесо Иерусалиммӕ куы бацӕйцыд, уӕд. Абон мах дӕр Йесойы кадджын кӕнӕм. Ӕмӕ Йесойы тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй иннӕтӕн дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый нын хӕссы стыр циндзинад (Мар. 11:7–10). Тагъд Чырысти йе знӕгты фесафдзӕн, «ӕцӕгдзинад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады номыл» тохмӕ куы рацӕуа, уӕд (Пс. 2:8, 9; 45:1–6). Уый фӕстӕ Йесо ӕгас зӕххӕн дӕр уыдзӕн Паддзах, ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр фӕрнӕй цӕрдзысты ӕмӕ цух ницӕмӕй уыдзысты (Пс. 72:1, 3, 12, 16; Ис. 9:6, 7). Йесо Чырысти, Йегъовӕйы уарзон Фырт, ныр у Паддзах уӕлӕрвты. Уӕдӕ нӕм цӕй диссаджы кад ӕрхауди, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уӕм ӕмӕ ацы диссаджы хабӕрттӕ иннӕтӕн дзурӕм!

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йесойы куыд ауӕй кодтой ӕмӕ йӕ куыд ныууагътой?

• Йесойӕн йӕ мӕлӕты рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд цавӕр пехуымпар-ныхӕстӕ сӕххӕст сты?

• Йесо Мессийӕ кӕй у, ууыл фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндыс?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Йесо Иерусалиммӕ паддзахы цыд куы бакодта, уӕд цавӕр пехуымпар-ныхӕстӕ сӕххӕст сты?

[Ныв 15 фарсыл]

Йесо нӕ тӕригъӕдты тыххӕй амард, фӕлӕ ныр у Паддзах