Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фарнмӕ тырнӕм

Фарнмӕ тырнӕм

Фарнмӕ тырнӕм

«Цӕй уӕдӕ тырнӕм, фарн цы хӕссы... уымӕ» (РОМ. 14:19).

1, 2. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн фарн цӕй фӕрцы ис?

АЦЫ дунейы адӕмы ’хсӕн фарн нӕй. Суанг уыциу бӕстӕйы чи цӕры ӕмӕ уыциу ӕвзагыл чи дзуры, уыдон дӕр хӕст сты алыхуызон динтыл, сты алыхуызон политикон партиты, стӕй дзы чи мӕгуырдӕр цӕры, чи – хъӕздыгдӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн та ис фарн, кӕд «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» сты, уӕддӕр (Рарг. 7:9).

2 Не ’хсӕн ахӕм фарн сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ис, ӕмӕ «фӕрнӕй цӕрӕм Хуыцауимӕ». Уыцы фарнӕй та уымӕн стӕм хайджын, ӕмӕ йын ӕууӕндӕм йӕ Фыртыл, йӕ тугӕй нӕ чи балхӕдта, ууыл (Ром. 5:1; Еф. 1:7). Уымӕй уӕлдай ма ӕцӕг Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хайджын кӕны йӕ сыгъдӕг тыхӕй. Фарн та у, сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый (Гал. 5:22). Не ’хсӕн ма фарн уый тыххӕй ис, ӕмӕ «ацы дунейӕ не стӕм» (Иоан. 15:19). Мах политикӕйӕ дард лӕууӕм ӕмӕ нӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ исӕм. Библийы куыд загъд ис, афтӕмӕй мах «нӕ хъаматӕй сарӕзтам гутӕттӕ» (Ис. 2:4).

3. а) Не ’хсӕн фарн цӕй фӕрцы ис? ӕ) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Не ’хсӕн фарн ӕрмӕст уый тыххӕй нӕй, ӕмӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй не ’фсымӕртӕн ӕвзӕрдзинад ма аразӕм. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты алыхуызон адӕм ис, уӕддӕр сӕ «кӕрӕдзийы уарзынц» (Иоан. 15:17). Уый тыххӕй «алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн» (Гал. 6:10). Махӕн тынг зынаргъ у, Йегъовӕимӕ ӕмӕ нӕ кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй кӕй цӕрӕм. Уыцы фарн хъӕуы хъахъхъӕнын. Уымӕ гӕсгӕ аныхас кӕнӕм, ӕмбырды мидӕг фарнмӕ куыд тырнӕм, ууыл.

Куы фӕрӕдийӕм

4. Искӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд нӕ бон куыд у фарнмӕ тырнын?

4 «Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм,– ныффыста ахуыргӕнинаг Иаков.– Ныхасӕй чи нӕ рӕдийы, уый та у алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг» (Иак. 3:2). Уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕмбырды дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзи ма бамбарой кӕнӕ кӕрӕдзимӕ фӕхъыг уой (Фил. 4:2, 3). Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕ афтӕ аскъуыддзаг кӕнӕн дӕр вӕййы, цӕмӕй ӕмбырды фарн ма фехӕла. Ӕркӕсӕм, цавӕр уынаффӕйӕ хъуамӕ спайда кӕнӕм, кӕйдӕр куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд. (Бакӕс Матфейы 5:23, 24.)

5. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд нӕ бон куыд у фарнмӕ тырнын?

5 Зӕгъӕм, чидӕр нӕ цыдӕр гыццыл хъуыддаджы фӕхъыг кодта, уӕд, цымӕ, хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, кӕд нӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ нӕ хатыр кӕд ракурдзӕн? «[Уарзондзинад], ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы»,– фыст ис 1 Коринфӕгтӕм 13:5. Ахӕм уавӕры, фарнмӕ кӕй тырнӕм, уый равдисдзыстӕм, чи нӕ фӕхъыг кодта, уымӕн куы ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ уыцы хъуыддаг куы ферох кӕнӕм, уӕд. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:13.) Гыццыл хъуыддӕгты афтӕ кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Уӕд не ’хсӕн уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад, ӕмӕ раст кӕй бакодтам, уый тыххӕй нӕ зӕрдӕ уыдзӕн сабыр. Иу ӕмбисонд афтӕ дзуры: «Адӕймаг... иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны» (Ӕмб. 19:11).

6. Цы хъуамӕ саразӕм, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна ӕмӕ нӕ бон нӕ маст ферох кӕнын куы нӕ уа, уӕд?

6 Фӕлӕ нӕ, зӕгъӕм, чидӕр фӕхъыг кодта ӕмӕ нӕ бон нӕу нӕ маст ферох кӕнын. Иннӕтӕн хабар куы дзурӕм, уӕд уый зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ фыдкой кӕнын ӕмбырды фарн халы. Цы ис саразӕн, цӕмӕй хъуыддаг сабырӕй аскъуыддзаг кӕнӕм? Матфейы 18:15 фыст ис: «Де ’фсымӕр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ӕм бацу ӕмӕ йын йӕ рӕдыд хибарӕй зӕгъ. Кӕд дӕм байхъуса, уӕд ссардтай де ’фсымӕры». Кӕд Матфейы 18:15–17 цы фыст ис, уый уӕззау тӕригъӕд аскъуыддзаг кӕнынмӕ хауы, уӕддӕр, 15 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕй нӕ бон у ӕндӕр уавӕры дӕр спайда кӕнын. Чи нӕ фӕхъыг кодта, уыимӕ хуыздӕр уыдзӕн хибарӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕнын, стӕй бацархайын, цӕмӕй бафидауӕм *.

7. Ӕвӕстиатӕй бафидауын цӕмӕн фӕхъӕуы?

7 Апостол Павел ныффыста: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут; хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд, Хӕйрӕгӕн бынат ма дӕттут» (Еф. 4:26, 27). «Бафидау ӕвӕстиатӕй дӕ зылынгӕнӕгимӕ, цалынмӕ йемӕ тӕрхондонмӕ цӕуыс, уӕдмӕ»,– загъта Йесо (Матф. 5:25, «Ног Фӕдзӕхст», 2006). Цӕмӕй иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрӕм, уый тыххӕй хъуыддаг хъуамӕ ӕвӕстиатӕй аскъуыддзаг кӕнӕм. Цӕмӕн? Науӕд хъуыддаг кӕны стырдӕр, ӕмӕ уӕд вӕййы зындӕр аскъуыддзаг кӕнӕн, зӕгъӕм, хъӕдгом уайтагъд дзӕбӕх кӕнын куы нӕ райдайай, уӕд дзы инфекци куыд бахауы ӕмӕ куыд срӕсийы, растдӕр афтӕ. Не ’фсымӕртимӕ бафидауынӕн нӕ хъуамӕ мацы хъыгдара, нӕдӕр сӕрбӕрзонддзинад, нӕдӕр хӕлӕг кӕнын, нӕдӕр ӕхца уарзын (Иак. 4:1–6).

Хъуыддаг бирӕтӕм куы хауа

8, 9. а) Фыццаг ӕнусы Ромы ӕмбырды чырыстӕттӕ цӕуыл быцӕу кодтой? ӕ) Быцӕу чи кодта, уыцы чырыстӕттӕн Павел цавӕр уынаффӕ радта?

8 Иуӕй-иу хатт ӕмбырды быцӕу рауайы бирӕты ’хсӕн дӕр. Ахӕм хабар ӕрцыд, апостол Павел кӕмӕ ныффыста, уыцы чырыстӕтты ’хсӕн Ромы. Быцӕу рауад, дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй чырыстон дин чи райста, уыдоны ’хсӕн. Ӕвӕццӕгӕн, ӕмбырды чидӕртӕ сӕрбӕрзондӕй кастысты, йе ’фсарм цыдӕр кӕныны бар кӕмӕн нӕ лӕвӕрдта йе та бирӕ цыдӕртӕ кӕныны бар кӕмӕн лӕвӕрдта, уыдонмӕ. Ахӕм адӕймӕгтӕ сӕхи рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ иннӕтӕн тӕрхон кодтой. Цавӕр уынаффӕ радта Павел ӕмбырдӕн? (Ром. 14:1–6).

9 Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нал хъуыд, уый чи ӕмбӕрста, уыдонӕн Павел загъта, цӕмӕй се ’фсымӕртӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ ма кастаиккой (Ром. 14:2, 10). Ахӕм зондахаст къуылымпыйы хос уыди, уӕдмӕ дӕр Закъонмӕ гӕсгӕ йӕхи цавӕрдӕр хӕринӕгтӕй чи хызта, уыцы чырыстӕттӕн. «Хуыцауы къухты фыдӕбон хӕринаджы тыххӕй мауал саф,– фӕдзӕхста сӕ Павел.– Цӕйнӕфӕлтау де ’фсымӕр фӕрӕдийа, фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ ӕндӕр ахӕм исты дӕр ма араз» (Ром. 14:14, 15, 20, 21). Иннӕмӕй та Павел фӕдзӕхста, йе ’фсарм лӕмӕгъ кӕмӕн уыд, уыцы чырыстӕтты, цӕмӕй ма тӕрхон кӕной, ӕндӕрхуызон чи хъуыды кӕны, уыдонӕн (Ром. 14:13). Дзырдта сын, зӕгъгӕ, «цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут» (Ром. 12:3). Чи быцӕу кодта, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр Павел ныффыста: «Цӕй уӕдӕ тырнӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ» (Ром. 14:19).

10. Кӕрӕдзи чи нӕ бамбары, уыдонӕн сӕ бон куыд у ромаг чырыстӕтты бафӕзмын?

10 Мах зонӕм, Ромы ӕмбырды чырыстӕттӕ Павелы уынаффӕмӕ кӕй байхъуыстой ӕмӕ сӕ зондахаст кӕй аивтой. Абон дӕр чырыстӕттӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд хъуамӕ Фыстады уынаффӕтӕ сӕрныллӕгӕй агурой ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайой. Ромы чырыстӕтты хабар куыд уыд, афтӕ абон дӕр, чи быцӕу кӕны, уыдон хъуамӕ сӕ зондахаст аивой, цӕмӕй «кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрой» (Мар. 9:50).

Ӕххуыс нӕ кӕд бахъӕуы

11. Хистӕр нӕлгоймаг цы хъуамӕ араза, исчи йын куы зӕгъа, йе ’мчырыстон ӕй кӕй фӕхъыг кодта?

11 Зӕгъӕм, кӕйдӕр йӕ хӕстӕг кӕнӕ ӕмбырдӕй чидӕр фӕхъыг кодта, ӕмӕ йӕ фӕнды уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймагимӕ аныхас кӕнын. Ӕмбисӕндты 21:13 фыст ис: «Мӕгуыры ӕрдиагмӕ йӕ хъустӕ чи сӕхгӕны, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕххуысмӕ сиддзӕн, фӕлӕ йын дзуапдӕттӕг нӕ уыдзӕн». Хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ йӕ хъустӕ ма «сӕхгӕна». Фӕлӕ ӕндӕр ӕмбисонд фӕдзӕхсы: «Тӕрхоны фыццаг чи райдайы дзурын, уый раст вӕййы, цалынмӕ иннӕ не ’рбацӕуы ӕмӕ не сбӕлвырд кӕны, хъуыддаг ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ» (Ӕмб. 18:17). Хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ лӕмбынӕг байхъуса, чи йӕм ӕрбацыд, уымӕ, фӕлӕ йӕ фарс ма рахӕца. Уый фӕстӕ йӕ хистӕр нӕлгоймаг бафӕрсдзӕн, зӕгъгӕ, чи дӕ фӕхъыг кодта, уыимӕ аныхас кодтай ӕви нӕ. Ӕмӕ йын Библийӕ цалдӕр хъуыдымӕ йӕ хъус ӕрдардзӕн, цӕмӕй йе ’мчырыстонимӕ бафидауой.

12. Быцӕугӕнджытӕй иумӕ байхъусын, ӕмӕ афтӕмӕй уынаффӕ рахӕссын тӕссаг кӕй у, уый цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг?

12 Адӕймаг быцӕугӕнджытӕй иумӕ куы байхъусы, ӕмӕ афтӕмӕй уынаффӕ куы рахӕссы, уӕд уый у тӕссаг. Уый бӕрӕг у, Библи цы ӕртӕ хабары кой кӕны, уыдонӕй. Потифар баууӕндыд, йӕ бинойнаг ын Иосифы тыххӕй цы загъта, ууыл, зӕгъгӕ мыл тыххӕй хӕцынмӕ хъавыд. Потифар йӕ бинойнагыл баууӕндыд, ӕмӕ Иосифы ахӕстоны бакодта (Райд. 39:19, 20). Паддзах Давид баууӕндыд Сивӕйы ныхӕстыл, зӕгъгӕ, мӕ хицау Мемфивосфей де знӕгты фарс у. Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Давид ӕнӕ ахъуыдыгӕнгӕйӕ Сивӕйӕн загъта: «Мемфивосфейы исбон иууылдӕр у дӕу!» (2 Сам. 16:4; 19:25–27). Паддзах Артаксерксӕн дӕр радзырдтой, дзуттӕгтӕ Иерусалимы къултӕ кӕй амайынц ӕмӕ Персы паддзахады ныхмӕ растынмӕ кӕй хъавынц. Паддзах сын сӕ мӕнг ныхӕстыл баууӕндыд, ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ сӕ куыст ӕрлӕууын кӕной. Уый тыххӕй Хуыцауы кувӕндоны арӕзтад ӕрлӕууыд (Езд. 4:11–13, 23, 24). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъусынц, Павел Тимофейӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ, ома, цалынмӕ хабӕрттӕ иууылдӕр нӕ базоной, уӕдмӕ уынаффӕ нӕ хӕссынц. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:21.)

13, 14. а) Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, быцӕу чи кӕны, уыдоны тыххӕй? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы баххуыс кӕндзӕн хъуыддаг раст аскъуыддзаг кӕнынӕн?

13 Библийы фыст ис: «Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ цыдӕр зоны, уӕд ӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕма зоны» (1 Кор. 8:2). Чи зоны нӕм афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы ӕхсӕн цы ’рцыд, уый хорз зонӕм. Фӕлӕ зӕрдыл дарын хъӕуы, хабӕрттӕ иууылдӕр бӕстон кӕй нӕ фӕзонӕм, уый. Стӕй, чи быцӕу кӕны, уыдоны тыххӕй дӕр алцы кӕй нӕ фӕзонӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уой, цӕмӕй сыл, уынаффӕ хӕсгӕйӕ, искӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕнӕ дам-думтӕ ма бандавой! Хуыцау тӕрхонгӕнӕгӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы, цӕмӕй ӕнӕхӕрам тӕрхон кӕна. Йесо, «цӕстӕй цы уыны, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕны тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъусы, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕны уайдзӕф» (Ис. 11:3, 4). Йесо архайдта Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ. Афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр архайынц Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ.

14 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуыддаг аскъуыддзаг кӕныны размӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ курой сыгъдӕг тыхы ӕххуыс ӕмӕ йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайой – Библийы ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» публикациты уынаффӕтӕ агурой (Матф. 24:45).

Фарн – цыфӕндыйӕ дӕр?

15. Чырыстон куы базона, йе ’муырнӕг уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, уӕд уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кӕд хъуамӕ зӕгъа?

15 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ фарнмӕ тырнӕм. Фӕлӕ Библийы фыст ис: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг» (Иак. 3:17). Библи зӕгъы, фыццаджыдӕр сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уӕм. Сыгъдӕг уый нысан кӕны, ӕмӕ, Хуыцау ӕфсармы тыххӕй цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм (1 Кор. 6:9, 10; Иак. 5:14–16). Чырыстон куы базона, йе ’муырнӕг уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уӕд ын хъуамӕ зӕгъа, цӕмӕй йӕ тӕригъӕды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радзура. Фӕлӕ йӕм куы нӕ байхъуса, уӕд, хабар чи зоны, уыцы адӕймаг хъуамӕ йӕхӕдӕг аныхас кӕна хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ. Тӕригъӕд чи сарӕзта, уый йӕм цӕмӕй ма фӕхъыг уа, уый тыххӕй куы ницы зӕгъа, уӕд уый дӕр аххосджын у уыцы тӕригъӕды (Лев. 5:1; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 29:24).

16. Ииуй паддзах Иорамӕн цы бакодта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

16 Иу хатт Ииуй куыд бакодта, уымӕй бӕрӕг у, сыгъдӕгдзинад фарнӕй ахсджиагдӕр кӕй у. Хуыцау Ииуйы арвыста, цӕмӕй паддзах Ахавы хӕдзарвӕндагыл йӕ тӕрхон сӕххӕст кодтаид. Ахав ӕмӕ Иезавелы фырт, цъаммар паддзах Иорам йӕ бӕхуӕрдоныл Ииуйы размӕ рацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Ииуй, фарнимӕ цӕуыс?» Цы йын загъта Ииуй? «Цӕй фарны кой кӕныс, цалынмӕ дӕ мад Йезавел хӕты ӕмӕ кӕлӕнтӕ кӕны, уӕдмӕ?» (2 Пад. 9:22). Ииуй Иорамыл фат суагъта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы ахызт. Ииуйау хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ афтӕ архайой, йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм чырыстоны хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ. Хъуамӕ йӕ ӕмбырдӕй ацух кӕной, цӕмӕй ӕмбырд Хуыцауимӕ фӕрнӕй цӕра (1 Кор. 5:1, 2, 11–13).

17. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй не ’хсӕн фарн уа?

17 Арӕхдӕр не ’хсӕн цы быцӕутӕ рауайы, уыдон уӕззау тӕригъӕдтӕ нӕ вӕййынц ӕмӕ сӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕвзарын нӕ фӕхъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ, куыд хорз уаид, нӕ уарзондзинад куы ӕвдисиккам ӕмӕ иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕниккам. «Рӕдыд чи ныххатыр кӕны, уый тырны уарзондзинадмӕ,– фыст ис Хуыцауы Ныхасы,– чи йыл фӕдзуры, уый та хорз ӕмбӕлтты кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны» (Ӕмб. 17:9). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд ӕмбырды уыдзӕн фарн ӕмӕ Йегъовӕмӕ уыдзыстӕм ӕнгомдӕр (Матф. 6:14, 15).

Фарнмӕ куы тырнӕм, уӕд арфӕгонд уыдзыстӕм

18, 19. Фарнмӕ куы тырнӕм, уӕд арфӕгонд куыд уыдзыстӕм?

18 «Фарн цы хӕссы», уымӕ куы тырнӕм, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм. Йегъовӕмӕ ӕнгомдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ не ’мчырыстӕттимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрдзыстӕм. Ӕмбырды фарнмӕ куы тырнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, «фарны хорз хабар» кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ хӕлар зӕрдӕ дарын (Еф. 6:15). Нӕ бон уыдзӕн, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр фӕлмӕн уӕм, ӕмӕ нын исчи ӕвзӕрӕй исты куы араза, уӕд нӕхиуыл хӕцын фӕраздзыстӕм (2 Тим. 2:24).

19 Стӕй ма нӕ зӕрдыл дарӕм, «рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» кӕй райгас уыдзысты (Хъуыд. 24:15). Уыцы рӕстӕг куы ӕрцӕуа, уӕд райгас уыдзысты милуантӕ – алы адӕмыхӕттытӕй, алы бӕстӕтӕй ӕмӕ алыхуызон рӕстӕг чи цард, ахӕмтӕ (Лук. 11:50, 51). Уыцы адӕмы фарн уарзыныл ахуыр кӕнын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр кад уыдзӕн. Абон нӕ Хуыцау фарн уарзын кӕй ахуыр кӕны, уый нын стыр ӕххуыс уыдзӕн фидӕны!

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Библийы ис уынаффӕтӕ, адӕймаг уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд цы ис бакӕнӕн, уый фӕдыл, зӕгъӕм, фыдкой куы кӕна кӕнӕ куы сайа. Кӕс 1999 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 14–19 фӕрстӕ.

Цы базыдтай?

• Искӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд нӕ бон куыд у фарнмӕ тырнын?

• Нӕхи нын куы фӕхъыг кӕной, уӕд нӕ бон куыд у фарнмӕ тырнын?

• Дыууӕ адӕймаджы куы фӕбыцӕу уой, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

• Сыгъдӕгдзинад фарнӕй ахсджиагдӕр цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Йегъовӕ уарзы, иннӕтӕн зӕрдиагӕй чи хатыр кӕны, уыдоны