Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнхъӕлмӕ кастысты Мессийӕмӕ

Ӕнхъӕлмӕ кастысты Мессийӕмӕ

Ӕнхъӕлмӕ кастысты Мессийӕмӕ

«Адӕм иууылдӕр Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, уымӕ гӕсгӕ Иоанны тыххӕй хъуыдытӕ кодтой, мыййаг, кӕд уый у Чырысти, зӕгъгӕ» (ЛУК. 3:15).

1. Зӕд фыййӕуттӕн цавӕр диссаджы хабар фехъусын кодта?

ӔХСӔВ. Фыййӕуттӕ быдыры сӕ фос хъахъхъӕнынц. Ӕвиппайды сӕ разы Йегъовӕйы зӕд фӕзынд, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй сӕ алыварс бӕстӕ ныррухс. Фыййӕуттӕ тынг фӕтарстысты, фӕлӕ сын зӕд фехъусын кодта диссаджы хабар: «Ма тӕрсут. Ӕз уӕм ӕрхастон, ӕппӕт адӕмы зӕрдӕтӕ дӕр цинӕй чи байдзаг кӕндзӕн, ахӕм хорз хабар: абон... райгуырд уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Хицау Чырысти!» Зӕд цы сывӕллоны кой кодта, уый хъуамӕ суыдаид Чырысти, кӕнӕ Мессийӕ. Зӕд сын загъта, зӕгъгӕ, уыцы сывӕллоны ссардзыстут кӕвдӕсы, хӕстӕг сӕм цы горӕт уыд, уым. Стӕй ӕвиппайды сӕ разы дуне зӕдтӕ февзӕрд, ӕмӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнын райдыдтой: «Кад уӕлӕрвты бӕрзондылбадӕг Хуыцауӕн! Зӕххыл та, йӕ хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕмы ’хсӕн фарн!» (Лук. 2:8–14).

2. «Мессийӕ» цы нысан кӕны? Адӕм Мессийӕйы куыд хъуамӕ базыдтаиккой?

2 Дзуттаг фыййӕуттӕ зыдтой, Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти, кӕй амоны Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ (Рац. 29:5–7). Фӕлӕ Йегъовӕ Мессийӕйӕ ӕцӕгдӕр уыцы сывӕллоны кӕй равзӕрста, уый тыххӕй уыцы фыййӕуттӕ ӕмӕ иннӕ адӕм дӕр фылдӕр куыд хъуамӕ базыдтаиккой? Фыццаджыдӕр хъуамӕ раиртӕстаиккой, Мессийӕйы тыххӕй Фыстады цы пехуымпар-ныхӕстӕ уыд, уыдон, ӕмӕ стӕй хъуамӕ сӕ хъус дардтаиккой, уыцы пехуымпар-ныхӕстӕ уыцы сывӕллоныл куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ.

Адӕм Мессийӕмӕ цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кастысты?

3, 4. Данелы 9:24, 25 цы пехуымпар-ныхас ис, уый куыд сӕххӕст?

3 Бирӕ азты фӕстӕ Аргъауӕг Иоанн райдыдта хъусын кӕнын. Цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уымӕ кӕсгӕйӕ иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, мыййаг, кӕд уый у Мессийӕ, зӕгъгӕ. (Бакӕс Лукайы 3:15.) Фӕлӕ Библийы иу пехуымпар-ныхасы фыст ис 70 къуырийы тыххӕй, ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыд базонын, Мессийӕ кӕд фӕзындзӕн, уыцы рӕстӕг. Уыцы пехуымпар-ныхасы фыст ис: «Дӕ адӕмӕн... нысангонд ӕрцыд ӕвдай къуырийы... [...] Иерусалим фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕныны тыххӕй ӕмӕ йӕ ногӕй саразыны тыххӕй бардзырд куы рацӕуа, уӕдӕй Разамонӕг Мессийӕйы фӕзындмӕ рацӕудзӕн авд къуырийы ӕмӕ ӕхсай дыууӕ къуырийы» (Дан. 9:24, 25). Ахуыргӕндтӕ разы сты, уыцы къуыритӕ, авд боны кӕм ис, ахӕм къуыритӕ кӕй не сты, фӕлӕ, авд азы кӕм ис, ахӕм къуыритӕ. Дзырдбаст «ӕвдай къуырийы» ӕндӕр тӕлмацы у афтӕ: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз авд азы» («Данелы пехуымпары чиныг», 1928 аз).

4 Абон Йегъовӕйы адӕм зонынц, Данелы 9:25 цы 69 къуырийы кой ис, уыдон кӕй сты 483 азы ӕмӕ кӕй райдыдтой н. э. размӕ 455 азы. Уый уыд, Персы паддзах Артаксеркс Неемийӕн куы загъта, цӕмӕй Иерусалим ногӕй сарӕзтаид, уӕд (Неем. 2:1–8). Уыцы 483 азы фесты н. э. 29 азы, Йесо аргъуыд куы райста, уӕд. Йегъовӕ йӕ уӕд йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста, ӕмӕ афтӕмӕй Йесо сси Мессийӕ (Матф. 3:13–17) *.

5. Цавӕр пехуымпар-ныхӕстӕм ӕркӕсдзыстӕм?

5 Библийы ма ис бирӕ ӕндӕр пехуымпар-ныхӕстӕ Мессийӕйы тыххӕй. Ацы статьяйы дзы равзардзыстӕм цалдӕр: йӕ райгуырды, йӕ сабибонты ӕмӕ йӕ лӕггады тыххӕй. Базондзыстӕм, Йесо зӕххыл куы цард, уӕд уыцы пехуымпар-ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты. Уый фӕрцы Библийыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм ӕмӕ бӕлвырдӕй фендзыстӕм, адӕм кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ ӕцӕгдӕр Йесо кӕй уыд.

Пехуымпар-ныхӕстӕ йӕ райгуырды ӕмӕ йӕ сабибонты тыххӕй

6. Райдианы 49:10 цы пехуымпар-ныхас ис, уый куыд сӕххӕст?

6 Мессийӕ уыдзӕн Иудӕйы мыггагӕй. Иаков йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фырттӕн куы арфӕ кодта, уӕд Иудӕйӕн афтӕ загъта: «Иудӕйы къухы уыдзӕн паддзахы лӕдзӕг, ӕмӕ хицауы лӕдзӕг – йӕ дыууӕ къахы ’хсӕн, цалынмӕ Шило не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый коммӕ кӕсдзысты адӕмтӕ» (Райд. 49:10). Дзуттаг ахуыргӕндтӕ никуы дызӕрдыг кодтой, Иаков йӕ фырт Иудӕйӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон Мессийӕмӕ кӕй хауынц. Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ куыд ӕмбарын хъӕуы? Иаков дзырдта, йӕ къухы паддзахы лӕдзӕг кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаджы тыххӕй. Уый ууыл дзурӕг у, уыцы адӕймагмӕ паддзахы бартӕ кӕй ис ӕмӕ адӕмыл йӕ бар кӕй цӕуы. Уӕдӕ ацы пехуымпар-ныхасӕй зыны, уыцы паддзах, ома хицауы бартӕ кӕмӕн ис, уый, Иудӕйы мыггагӕй кӕй уыдзӕн. Иудӕйы мыггагӕй фыццаг паддзах уыд Давид, фӕстаг та – Седеки. Фӕлӕ Иаковы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Седекийы фӕстӕ дӕр ма паддзах кӕй хъуамӕ уыдаид. Ӕмӕ хъуамӕ уыдаид ӕнустӕм. Иаков ӕй схуыдта «Шило» – ацы дзырд нысан кӕны «кӕй у, уый». Хуыцау Седекийӕн загъта, уыцы паддзах кӕй уыдзӕн, «бар кӕмӕн ис, уый» (Йез. 21:26, 27). Йесо куы нӕма райгуырд, уӕд зӕд Гавриил Марийӕйӕн загъта: «Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн. Ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн» (Лук. 1:32, 33). Йесо уыд Иудӕйы мыггагӕй ӕмӕ Давиды хӕдзарвӕндагӕй. Уымӕй уӕлдай, Седекийы фӕстӕ Давиды хӕдзарвӕндагӕй Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр Йесойӕ загъта, паддзахы бартӕ йын кӕй ратдзӕн. Уӕдӕ «Шило» у Йесо Чырысти (Матф. 1:1–3, 6; Лук. 3:23, 31–34).

7. Фыстады Мессийӕйы райгуырды тыххӕй цы пехуымпар-ныхас ис, уый куыд сӕххӕст?

7 Мессийӕ райгуырдзӕн Вифлеемы. Пехуымпар Михей ныффыста: «Ды дӕр, Вифлеем Ефрафӕ, ӕгӕр гыццыл дӕ, цӕмӕй Иудӕйы минты ’хсӕн уай. Дӕуӕй рацӕудзӕн, Израилы мӕ номӕй чи архайдзӕн, уыцы хицау – раджы замантӕй, рагӕй фӕстӕмӕ чи ис, уый» (Мих. 5:2). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Мессийӕ Вифлеемы кӕй хъуамӕ райгуырдаид. Уыцы горӕт уыд Иудӕйы ӕмӕ ма йӕ раздӕр хуыдтой Ефрафӕ дӕр. Фӕлӕ Йесойы мад Марийӕ ӕмӕ Марийӕйы лӕг Иосиф цардысты ӕндӕр горӕты – Назареты. Йесойы райгуырдмӕ бирӕ нал хъуыд, афтӕ Ромы паддзах адӕмӕн загъта, цӕмӕй сӕ алчидӕр йӕ райгуырӕн горӕтмӕ ацыдаид ӕмӕ йӕхи ныффыстаид. Ӕмӕ уый тыххӕй Марийӕ ӕмӕ Иосиф Вифлееммӕ ацыдысты, ӕмӕ уым райгуырд Йесо (Матф. 2:1, 5, 6). Уӕдӕ пехуымпар-ныхасы куыддӕриддӕр фыст уыд, афтӕ рауад!

8, 9. Мессийӕ куыд хъуамӕ райгуырдаид, уый тыххӕй пехуымпар-ныхас цы зӕгъы? Йӕ райгуырды фӕстӕ цы хабар ӕрцыд?

8 Мессийӕ райгуырдзӕн ӕнӕвнӕлд чызгӕн. (Бакӕс  Исай 7:14.) Ацы стихы фыст ис, ӕрыгон сылгоймагӕн кӕй райгуырдзӕн лӕппу. «Ӕнӕвнӕлд чызг» дзуттагау у бетула. Исайы 7:14 стихы та ис ӕндӕр дзуттаг дзырд – алма, ӕмӕ тӕлмац ӕрцыд «ӕрыгон сылгоймаг»-ӕй. Фӕлӕ дзырд алма амоны ӕнӕвнӕлд чызгмӕ дӕр. Зӕгъӕм, уыцы дзырдӕй Библийы хуынд ӕрцыд Ревеккӕ дӕр, мой куы нӕма скодта, уыцы рӕстӕг (Райд. 24:16, 43). Матфей Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй ныффыста, зӕгъгӕ, Йесо куы райгуырд, уӕд сӕххӕст сты Исайы 7:14 ныхӕстӕ. Уыцы ран Матфей, «ӕрыгон сылгоймаг» чи нысан кӕны, уыцы грекъаг дзырдӕй не спайда кодта, фӕлӕ, «ӕнӕвнӕлд чызг» чи нысан кӕны, уыцы грекъаг дзырдӕй, парфенос, зӕгъгӕ. Матфей ӕмӕ Лука сӕ Евангелиты цы фыссынц, уымӕй бӕрӕг у, Марийӕ ӕнӕвнӕлд чызг кӕй уыд ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй кӕй басывӕрджын (Матф. 1:18–25; Лук. 1:26–35).

9 Мессийӕ куы райгуыра, уый фӕстӕ гыццыл сывӕллӕтты амардзысты. Ахӕм хабар ма ӕрцыд Мессийӕйы райгуырдӕй сӕдӕ азты размӕ дӕр. Египеты фараон бардзырд радта, цӕмӕй дзуттаг ноггуырд лӕппуты се ’ппӕты дӕр Нилы цӕугӕдоны ӕппӕрстаиккой (Рац. 1:22). Йеремийы 31:15, 16 цы пехуымпар-ныхас ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ахӕм цыдӕр ногӕй кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид. Уым фыст ис, Рахил йӕ фырттыл кӕй кӕуы, уымӕн ӕмӕ сӕ знӕгтӕ акодтой. Йӕ хъарӕг хъуысы суанг Рамӕйы, Вениамины зӕххы Иерусалимӕй цӕгатырдӕм чи ис, уыцы горӕты. Матфей зӕгъы, зӕгъгӕ, ацы пехуымпар-ныхас сӕххӕст, паддзах Ирод бардзырд куы радта, цӕмӕй Вифлеемы гыццыл лӕппуты се ’ппӕты дӕр амардтаиккой, уӕд. (Бакӕс Матфейы 2:16–18.) Сӕ хъӕбулты мастӕй адӕм зӕрдӕскъуыд куыннӕ фӕуыдаиккой!

10. Осийы 11:1 цы пехуымпар-ныхас ис фыст, уый куыд сӕххӕст?

10 Мессийӕйы Египетӕй ракӕндзысты (Оси 11:1). Зӕд Иосифӕн ӕмӕ Марийӕйӕн загъта, цӕмӕй Йесойы Израилӕй Египетмӕ акодтаиккой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй паддзах Иродӕй бахъахъхъӕдтаиккой. Ӕмӕ уым уыдысты, цалынмӕ Ирод нӕ амард, уӕдмӕ. Ирод куы амард, уӕд Иосиф Йесойы фӕстӕмӕ Израилмӕ ӕркодта. Уӕдӕ афтӕмӕй сӕххӕст, Йегъовӕ Осийӕн цы загъта, уый: «Ӕз мӕ фырты Египетӕй ракодтон» (Матф. 2:13–15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойӕн йӕхи бон нӕ уыд афтӕ саразын, цӕмӕй, куыд райгуырд, уый, стӕй йӕ райгуырды фӕстӕ цы ’рцыд, уый дӕр растдӕр пехуымпар-ныхӕстӕм гӕсгӕ рауадаид.

Мессийӕ лӕггад кӕнын райдыдта!

11. Мессийӕйӕн фӕндаг чи ӕрцӕттӕ кодта?

11 Мессийӕйӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕндзысты. Малахи загъта, Мессийӕйӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ чидӕр кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид. Уый хъуамӕ адӕмӕн баххуыс кодтаид, цӕмӕй, Мессийӕ куы ӕрцыдаид, уӕд ыл баууӕндыдаиккой. Малахи йӕ схуыдта пехуымпар Илийа. (Бакӕс Малахи 4:5, 6.) Йесо загъта, уыцы Илийа Аргъауӕг Иоанн кӕй у (Матф. 11:12–14). Марк дӕр загъта, Иоанн фӕндаг кӕй ӕрцӕттӕ кодта. Ӕмӕ Исайы пехуымпар-ныхасы растдӕр уый уыд фыст (Ис. 40:3; Мар. 1:1–4). Иоаннӕн Йесо нӕ загъта, цӕмӕй йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кодтаид. Уый Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм Мессийӕйы базыдтаиккой. Уӕдӕ Хуыцау Иоанны равзӕрста, цӕмӕй бакодтаид, Илийайы лӕггадимӕ кӕй уыд абарӕн, ахӕм куыст ӕмӕ адӕмы Мессийӕйы ӕрцыдмӕ бацӕттӕ кодтаид.

12. Хуыцау Мессийӕйӕн цавӕр куыст бахӕс кодта?

12 Хуыцау Мессийӕйӕн бахӕс кодта сӕрмагонд куыст. Иу бон Йесо уыд Назареты, цы горӕты схъомыл, уым, ӕмӕ ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд. Йесо Исайы чиныджы тыхтон райхӕлдта ӕмӕ дзы бакаст мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Ӕз хайджын дӕн Йегъовӕйы тыхӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ уый байсӕрста, цӕмӕй мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнон. Уый мӕ рарвыста, цӕмӕй уацайрӕгтӕн дзурон, кӕй ссӕрибар уыдзысты, ӕмӕ куырмытӕн – цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты, цӕмӕй ӕфхӕрд адӕмы суӕгъд кӕнон, цӕмӕй хъусын кӕнон Йегъовӕйы хорзӕхы азы тыххӕй». Йесо бамбарын кодта, уыцы пехуымпар-ныхас йӕхи тыххӕй кӕй уыд. Уӕдӕ Йесо ӕцӕгдӕр Мессийӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй загъта: «Ныртӕккӕ Фыстадӕй цы ныхӕстӕ фехъуыстат, уыдон абон сӕххӕст сты» (Лук. 4:16–21).

13. Йесо Галилейӕйы кӕй лӕггад кӕндзӕн, уый тыххӕй Исай цы загъта?

13 Пехуымпар-ныхасы фыст ис, Мессийӕ Галилейӕйы кӕй лӕггад кӕндзӕн. Пехуымпар Исай «Завулоны зӕххы», «Неффалимы зӕххы» ӕмӕ «ӕндӕрбӕстаг адӕмты Галилейӕйы» тыххӕй ныффыста: «Талынджы чи уыд, уыцы адӕм федтой ӕмбисонды рухс, саудалынг бӕстӕйы чи цард, уыдоныл хур скаст» (Ис. 9:1, 2). Йесо йӕ лӕггад райдыдта Галилейӕйы, горӕт Капернаумы. Адӕмы ма ахуыр кодта Завулоны ӕмӕ Неффалимы зӕххыты дӕр. Йесо уыцы бӕстӕты адӕмӕн ӕххуыс кодта рӕстдзинад базонынӕн, ӕмӕ сын уыцы рӕстдзинад уыд «ӕмбисонды рухс» (Матф. 4:12–16). Галилейӕйы Йесо хохыл радзырдта йӕ зындгонд раныхас, равзӕрста йӕ апостолты, стӕй йӕ фыццаг диссаг дӕр уыцы бӕстӕйы сарӕзта. Ӕмӕ куы райгас, уӕд дӕр Галилейӕйы фӕзынд фондзсӕдӕ ахуыргӕнинагӕй фылдӕрмӕ (Матф. 5:1–7:27; 28:16–20; Мар. 3:13, 14; Иоан. 2:8–11; 1 Кор. 15:6). Уӕдӕ Йесо «Завулоны зӕххыл ӕмӕ Неффалимы зӕххыл» кӕй хъусын кодта, уымӕй сӕххӕст сты Исайы ныхӕстӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар Израилы ӕндӕр рӕтты дӕр хъусын кодта.

Ӕндӕр пехуымпар-ныхӕстӕ Мессийӕйы тыххӕй

14. Псалом 78:2 куыд сӕххӕст?

14 Мессийӕ адӕмы ахуыр кӕндзӕн ӕмбисӕндты ӕмӕ фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы. Псаломзарӕггӕнӕг Асаф афтӕ зарыд: «Ӕз дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй» (Пс. 78:2). Ацы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты, уый нын зӕгъы Матфей. Йесо-иу алкӕддӕр адӕмы ахуыр кодта ӕмбисӕндты ӕмӕ фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы. Матфей ныффыста, Йесо хъыцъыйы нӕмыджы ӕмӕ ӕнхъизӕны тыххӕй кӕй радзырдта, цӕмӕй адӕмӕн бамбарын кодтаид, Хуыцауы Паддзахад цы у, уый. Ӕмӕ стӕй ныффыста: «Ӕмӕ сын ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй ницы дзырдта. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар цы загъта, уый: „Ӕз дзурдзынӕн фӕсномыг ныхӕстӕй. Фехъусын кӕндзынӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ сусӕг цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдон“» (Матф. 13:31–35). Йесойы ӕмбисӕндты ӕмӕ фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы бирӕтӕ бамбӕрстой Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад.

15. Исай 53:4 куыд сӕххӕст ис?

15 Мессийӕ адӕмы дзӕбӕх кӕндзӕн. Пехуымпар Исай загъта: «Ӕцӕгдӕр, уый нын нӕ низтӕ ахаста ӕмӕ нын нӕ рыст йӕхимӕ айста» (Ис. 53:4). Петрӕн йӕ усы мад куы фӕрынчын, уӕд ӕй Йесо сдзӕбӕх кодта. Уый фӕстӕ Петры хӕдзармӕ бирӕ адӕм ӕрбацыд, ӕмӕ Йесо уыдоны дӕр сдзӕбӕх кодта. Уыцы хабӕртты тыххӕй Матфей загъта: «Афтӕмӕй сӕххӕст, пехуымпар Исай цы загъта, уый: „Нӕ низтӕ нын айста ӕмӕ нын нӕ рынтӕ ахаста“» (Матф. 8:14–17). Фӕлӕ Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йесо адӕмы ӕндӕр хӕттыты дӕр дзӕбӕх кодта.

16. Исай 53:1 Йесомӕ кӕй хауы, уый апостол Иоанны ныхӕстӕй куыд зыны?

16 Йесо Мессийӕ кӕй у, ууыл бирӕтӕ нӕ баууӕнддзысты, кӕд хорз хъуыддӕгтӕ араздзӕн, уӕддӕр. (Бакӕс  Исай 53:1.) Ацы пехуымпар-ныхас кӕй сӕххӕст, уый тыххӕй ныффыста апостол Иоанн: «Кӕд сӕ разы уыйбӕрц диссӕгтӕ сарӕзта, уӕддӕр ыл не ’ууӕндыдысты. Ӕмӕ уымӕй сӕххӕст сты пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: „Йегъовӕ, мах цы хабар фехъуыстам, ууыл чи баууӕндыд? Ӕмӕ кӕмӕн раргом Йегъовӕйы цонджы хъару?“» (Иоан. 12:37, 38). Фӕстӕдӕр апостол Павел хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд дӕр бирӕтӕ нӕ баууӕндыдысты, Йесо Мессийӕ кӕй уыд, ууыл (Ром. 10:16, 17).

17. Псаломы 69:4 цы пехуымпар-ныхас ис, уый куыд сӕххӕст?

17 Мессийӕ адӕмӕн ӕвзӕрӕй ницы кӕндзӕн, афтӕмӕй дзы се сӕфт уындзысты (Пс. 69:4). Йесо загъта: «Ӕз сӕ разы куы нӕ сарӕзтаин, ӕндӕр исчи кӕй никуы сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгтӕ, уӕд сыл тӕригъӕд нӕ уаид, ныр та мын мӕ хъуыддӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, фӕлӕ уӕддӕр се сӕфт федтой мӕнӕй дӕр ӕмӕ мӕ Фыдӕй дӕр. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, сӕ Закъоны цы фыст ис, уый: „Ницы сын кодтон, афтӕмӕй мӕ се сӕфт федтой“» (Иоан. 15:24, 25). Ам цы Закъоны кой ис, уымӕ хауынц, уыцы рӕстӕджы Сыгъдӕг Фыстытӕй цыдӕриддӕр чингуытӕ уыд, уыдон (Иоан. 10:34; 12:34). Евангелитӕй бӕрӕг у, бирӕтӕ, уӕлдайдӕр та дзуттаг дины разамонджытӕ, Йесойӕ се сӕфт кӕй уыдтой. Уымӕй уӕлдай ма Йесо загъта: «Дуне... мӕнӕй... йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕвдисӕн лӕууын, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй» (Иоан. 7:7).

18. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Фыццаг ӕнусы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, сӕ ахуыргӕнӕг Мессийӕ кӕй уыд, ууыл. Уыдон ӕй зыдтой, Дзуттаг Фыстыты Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпар-ныхӕстӕ уыди, уыдон иууылдӕр Йесойыл кӕй сӕххӕст сты (Матф. 16:16). Ацы статьяйӕ базыдтам, Мессийӕйӕн йӕ райгуырды, йӕ сабибонты ӕмӕ йӕ лӕггады тыххӕй цы пехуымпар-ныхӕстӕ уыд, уыдон кӕй сӕххӕст сты. Фӕлӕ ма Библийы Мессийӕйы тыххӕй ис бирӕ ӕндӕр пехуымпар-ныхӕстӕ дӕр, ӕмӕ уыдоныл та дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы. Ацы пехуымпар-ныхӕстыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ноджы фидардӕрӕй ӕууӕнддзыстӕм, Йегъовӕ Мессийӕйӕ Йесойы кӕй равзӕрста, ууыл.

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. «Ӕвдай къуырийы» тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Внимайте пророчеству Даниила!», 11 сӕрӕй.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йесойы райгуырды тыххӕй Библийы цавӕр пехуымпар-ныхӕстӕ ис?

• Мессийӕйӕн фӕндаг чи ӕрцӕттӕ кодта?

• Куыд сӕххӕст сты, Исайы 53 сӕры цы пехуымпар-ныхӕстӕ ис, уыдон?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]