Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, уый у ме стыр цин

Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, уый у ме стыр цин

Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, уый у ме стыр цин

Радзырдта йӕ Фред Раск

Псаломы 27:10 фыст ис Давиды ныхӕстӕ: «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мӕ мад куы ныууагътаиккой, уӕддӕр мӕ Йегъовӕ райстаид». Уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый мӕхиуыл ӕрыгонӕй бавзӕрстон. Ӕмӕ мӕ фӕнды уый тыххӕй радзурын.

ӔЗ СХЪОМЫЛ ДӔН штат Джорджийы (АИШ) мӕ фыдыфыды бӕмбӕджы фермӕйы. Уый уыди, 1930-ӕм азты дунейы чи сӕвзӕрд, уыцы экономикон кризисы рӕстӕг. Мӕ мады ӕмӕ мӕ ноггуырд ӕфсымӕры мӕлӕты фӕстӕ мӕ фыдӕн цард царды ад нал кодта. Ӕмӕ дард горӕтмӕ кусынмӕ ацыд, мӕн та йӕ фыдимӕ ныууагъта. Фӕстӕдӕр мӕ цалдӕр хатты йӕхимӕ цӕрынмӕ хуыдта, фӕлӕ уымӕй афтӕ дӕр ницы рауад.

Хӕдзары куыстытӕ уыдысты мӕ фыды хистӕр хоты бар. Мӕ фыдыфыд уырнӕг адӕймаг нӕ уыд. Фӕлӕ мӕ фыдыхотӕ уыдысты баптисттӕ ӕмӕ сӕ диныл тынг хӕцыдысты. Ӕмӕ-иу мӕн дӕр алы хуыцаубон аргъуанмӕ кодтой, кӕннод-иу мӕм над ӕнхъӕлмӕ каст. Уӕдӕ мын нӕдӕр мӕ фыдыфыд, нӕдӕр мӕ фыдыхотӕ дин нӕ бауарзын кодтой. Фӕлӕ ӕз уарзтон скъолайы ахуыр кӕнын, стӕй спорт дӕр.

Се ’рбацыд мын мӕ цард фӕивта

1941 азы, 15 азы мыл куы цыд, уӕд нӕм иу бон хӕдзармӕ ӕрбацыд иу ацӕргӕ нӕлгоймаг йӕ бинойнагимӕ. Йӕхи мын бацамыдта, зӕгъгӕ, дам, дӕн дӕ хӕстӕг Талмадж Раск. Уый размӕ йын йӕ кой никуы фехъуыстон, фӕлӕ куыд загъта, афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ ус дӕр уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уый нын радзырдта, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрой. Ӕмӕ уый та тынг хицӕн кодта, аргъуаны-иу цы хъуыстон, уымӕй. Талмадж ӕмӕ йӕ ус цы дзырдтой, уый нӕ бинонтӕн сӕ фылдӕр ницӕмӕ ӕрдардтой, суанг ма сыл былысчъилтӕ дӕр кодтой. Уый фӕстӕ сын нӕ хӕдзармӕ цӕуыны бар нал уыд. Фӕлӕ сӕ мӕ фыды кӕстӕр хо Мэри (мӕнӕй ӕртӕ азы хистӕр йеддӕмӕ нӕ уыд) райста Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кодта, ахӕм публикацитӕ.

Мэри тагъд бамбӕрста, рӕстдзинад кӕй ссардта, ӕмӕ 1942 азы райста донаргъуыд ӕмӕ сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уый дӕр йӕхиуыл бавзӕрста Йесойы ныхӕстӕ: «Адӕймагӕн йе знӕгтӕ уыдзысты йӕхи бинонтӕ» (Матф. 10:34–36). Бинонтӕ йӕ ныхмӕ тынг цыдысты. Мэрийӕн йӕ хистӕр хотӕй сӕ иу окруджы хицауады ’хсӕн уыд нымад сылгоймаг ӕмӕ йӕ ныхасӕн уыд стыр уӕз. Ӕмӕ горӕты мэрӕн Талмаджы ӕрцахсын кодта. Талмаджы фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, ын бар нӕй, афтӕмӕй уӕй кӕныны куыст кӕны. Ӕмӕ йын стӕрхон кодтой.

Горӕты мэр ма уыд тӕрхонгӕнӕг дӕр, ӕмӕ, тӕрхондоны цы ныхӕстӕ загъта, уыдон ныммыхуыр кодтой нӕ горӕты газеты: «Ацы адӕймаг цы литературӕ парахат кӕны... уый маргӕй уӕлдай нӕу». Талмадж тӕрхондоны уынаффӕйы фӕдыл хъаст балӕвӕрдта ӕмӕ рамбылдта, фӕлӕ уӕдмӕ уӕддӕр дӕс боны ахӕстоны фӕци.

Мэри мын куыд баххуыс кодта

Мэри цӕуыл баууӕндыд, уый ӕрмӕст мӕнӕн нӕ дзырдта, фӕлӕ ма райдыдта нӕ сыхӕгтӕн дӕр хъусын кӕнын. Иу нӕлгоймаг дзы райста чиныг, «Ног дуне» *, зӕгъгӕ, ӕмӕ Мэри йемӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ-иу ӕм ӕз дӕр йемӕ цыдтӕн. Йӕ ус нын загъта, йӕ лӕг уыцы чиныг ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кӕй фӕкасти. Мӕн нӕ фӕндыди, ӕмӕ диныл уайтагъд ныххӕцыдаин, фӕлӕ-иу цы базыдтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы адӕм кӕй сты, ууыл сӕйраджыдӕр Библийы ахуырӕдты фӕрцы нӕ баууӕндыдтӕн. Ууыл баууӕндыдтӕн, сӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ.

Зӕгъӕм, иу бон Мэриимӕ пъамидортӕ рувынмӕ уыдыстӕм, ӕмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ цӕугӕйӕ ауыдтам, бырӕттӕ-иу кӕм сыгътой, уырдыгӕй фӕздӕг кӕй кӕлы. Куыд разынд, афтӕмӕй Мэрийы хотӕ басыгътой йӕ литературӕ, стӕй фонограф ӕмӕ, библион раныхӕстӕ фыст кӕм уыди, уыцы пластинкӕтӕ. Ӕз сӕм рамӕсты дӕн. Фӕлӕ мын мӕ фыды хотӕй сӕ иу, цыма мын стыр хорздзинад ракодта, уыйау загъта: «Фӕстӕдӕр ма нын бузныг дӕр зӕгъдзынӕ».

Мэрийӕн дзырдтой, цӕмӕй йӕ ног дин ныууадза ӕмӕ сыхӕгтӕн ма хъусын кӕна. Фӕлӕ уый никӕмӕ байхъуыста. Ӕмӕ йӕ уӕд 1943 азы хӕдзарӕй сыстын кодтой. Уӕдмӕ мӕхӕдӕг дӕр базыдтон диссаджы хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, Хуыцауӕн ном кӕй ис, ӕрмӕст уый нӕ базыдтон, фӕлӕ уарзӕгой, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у ӕмӕ адӕмы зындоны арты кӕй нӕ судзы. Уымӕй уӕлдай ма, кӕд мӕхӕдӕг ӕмбырдты никуыма уыдтӕн, уӕддӕр базыдтон, Йегъовӕйӕн кӕй ис, уарзондзинад кӕм ис, ахӕм организаци.

Иуцасдӕры фӕстӕ, хӕдзары раз кӕрдӕг куы карстон, уӕд, мӕ размӕ иу машинӕ сабыргай ӕрбацыд. Бадти дзы дыууӕ адӕймаджы, ӕмӕ мӕ сӕ иу бафарста, Фред ды дӕ, зӕгъгӕ. Куы йӕ базыдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уӕд сын загътон: «Цомут, кӕм нӕ ничи бахъыгдардзӕн, ахӕм ранмӕ ӕмӕ уым аныхас кӕнӕм». Куыд разынд, афтӕмӕй сӕ Мэри ӕрбарвыста. Сӕ иу хуынди Шилд Туджиян, уыди цӕуӕг цӕстдарӕг. Ацы ӕфсымӕр мын мӕ ныфсыл ныфс бафтыдта ӕмӕ мын мӕ уырнындзинад бафидар кодта, ӕмӕ мӕ уыцы рӕстӕг уый тынг хъуыди. Мӕ бинонтӕ ныр мӕнырдӕм фесты, уымӕн ӕмӕ дзырдтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый раст кӕй у.

Мэри цӕрынмӕ ацыд Виргинимӕ ӕмӕ мӕм уырдыгӕй ныффыста, зӕгъгӕ, кӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сфӕнд кодтай, уӕд рацу ӕмӕ мемӕ цӕр. Ӕз дӕр ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ ацӕуын сфӕнд кодтон. 1943 азы октябры иу майрӕмбон изӕрӕй къоппы нывӕрдтон, ӕнӕмӕнг мӕ цы хъуыди, уыдӕттӕ ӕмӕ йӕ ӕрцауыгътон иу бӕласыл хӕдзарӕй гыццыл дарддӕр. Сабаты мӕ къопп фӕстӕмӕ райстон, стӕй, куыд ничи мӕ федтаид, афтӕ нӕ сыхӕгты хӕдзармӕ бахӕццӕ дӕн ӕмӕ уырдыгӕй горӕтмӕ ацыдтӕн. Горӕт Роанокмӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд уым Мэрийы ссардтон, царди Эднӕ Фаулсмӕ.

Мӕ уырнындзинад фидар кӕны, донаргъуыд райстон, лӕггад кӕнын Вефилы

Эднӕ уыд сӕрст чырыстон. Уыцы хо уыди, Библийы кӕй кой ис, уыцы Лидийӕйы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ уыд тынг фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг. Эднӕ стыр хӕдзар арендӕйы райста ӕмӕ ма мӕ фыдыхо Мэрийӕ уӕлдай йӕхимӕ суазӕг кодта йе ’фсымӕры усы йӕ дыууӕ чызгимӕ. Уыцы дыууӕ чызджы, Глэдис ӕмӕ Грейс Грегори, фӕстӕдӕр миссионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. Глэдисыл ныр цӕуы 90 азӕй фылдӕр, фӕлӕ абон дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕны Японийы филиалы.

Эднӕйы хӕдзары куы цардтӕн, уӕд-иу алы ӕмбырдмӕ дӕр цыдтӕн ӕмӕ хъусын кӕнын дӕр ахуыр кодтон. Фӕндыд мӕ Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕрӕй-фылдӕр зонын, ӕмӕ мын ахӕм фадат уыд, уымӕн ӕмӕ мӕ бон уыд сӕрибарӕй Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр цӕуын. Ӕмӕ 1944 азы 14 июны донаргъуыд райстон. Мэри, Глэдис ӕмӕ Грейс райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ сӕ арвыстой Цӕгат Виргинимӕ. Сӕ лӕггад стыр ӕххуыс фӕци, цӕмӕй Лисбурджы ӕмбырд фӕзындаид. 1946 азы райдианы ӕз дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон уыдонмӕ ӕввахс окруджы. Уыцы аз сӕрды иумӕ ацыдыстӕм Кливлендмӕ (штат Огайо). 4–11 августы дзы уыд, тынг кӕй бахъуыды кодтон, уыцы ӕхсӕнадӕмон конгресс.

Уыцы конгрессы Нейтан Норр (нӕ организацийӕн разамынд уӕд уый лӕвӕрдта) радзырдта, Бруклины Вефил кӕй хъуамӕ фестырдӕр кодтаиккой. Фӕнд кодтой цӕрынӕн ног агъуыст саразын ӕмӕ типографи фестырдӕр кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ хъуыди бирӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ. Гъемӕ ӕз дӕр мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ, хъуамӕ Йегъовӕйӕн уым лӕггад кӕнон. Стӕй анкетӕ байдзаг кодтон ӕмӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ 1946 азы 1 декабры Вефилы лӕггад кӕнын райдыдтон.

Уымӕй иу азы фӕстӕ, литературӕ ӕрвитыны хайады куы куыстон, уӕд, кӕм бадтӕн, уырдӕм мӕм бацыд Макс Ларсон, типографийы цӕстдарӕг, ӕмӕ мын загъта, уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайадмӕ мӕ кӕй снысан кодтой. Уыцы хайады лӕггадгӕнгӕйӕ тынг бирӕ базыдтон, Библийы уагӕвӕрдтӕй куыд ис пайда кӕнӕн ӕмӕ Хуыцауы организаци куыд архайы, уый тыххӕй, уӕлдайдӕр та Томас (Бад) Салливанимӕ куы куыстон, уӕд (уыд нӕ хайады цӕстдарӕг).

Мӕ фыд мӕ цалдӕр хатты Вефилы бабӕрӕг кодта. Фӕстагмӕ уырнӕг адӕймаг сси. Фӕстаг хатт ма мӕм ӕрцыд 1965 азы, ӕмӕ мын уӕд загъта: «Дӕ бон у, дӕхӕдӕг-иу мӕм ӕрцӕуай, фӕлӕ дӕм ӕз ардӕм никуыуал ӕрцӕудзынӕн». Йӕ мӕлӕты размӕ ма йӕм мӕхӕдӕг цалдӕр хатты уыдтӕн. Уый уырныдта, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзӕн. Мӕн та ныфс ис, Йегъовӕ йӕ кӕй нӕ ферох кодта, ӕмӕ, мӕрдты куы ӕгас кӕна, уӕд мӕ фыд дӕр кӕй райгас уыдзӕн ам зӕххыл,– йӕхӕдӕг куыд хъуыды кодта, афтӕ нӕ, фӕлӕ,– ӕмӕ йын уыдзӕн ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрыны ныфс.

Ӕндӕр ахсджиаг конгресстӕ ӕмӕ арӕзтад

Конгресстӕ-иу алкӕддӕр тынг фӕзындысты ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты уырнындзинадыл, уӕлдайдӕр 1950-ӕм азты Нью-Йорчы стадион «Янки»-йы цы ӕхсӕнадӕмон конгресстӕ уыд, уыдон. 1958 азы стадионтӕ «Янки»-йы ӕмӕ «Поло Граундс»-ы цы конгресс уыд, уым программӕйы иу хайы адӕмӕй къух бакӕнӕн дӕр нӕ уыд. Уыдис дзы 253 922 адӕймаджы 123 бӕстӕйӕ. Уыцы конгрессӕй иу хабар никуы ферох кӕндзынӕн. Лӕггад кодтон конгрессы бюройы, ӕмӕ мӕм уырдӕм тагъд-тагъд ӕрбауад ӕфсымӕр Норр ӕмӕ мын загъта: «Фред, ам ӕввахс арендӕйы цы банкетты зал райстам, уым ныртӕккӕ пионертӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты. Фӕлӕ афтӕ рауад, ӕмӕ сын раныхас чи радзура, уыцы ӕфсымӕры снысан кӕнын мӕ айрох. Дӕ бон нӕ уаид уырдӕм фӕтагъд кӕнын? Фӕндагыл ахъуыды кӕн, дӕ бон сын цавӕр хорз хъуыдытӕ уаид радзурын, ууыл». Цалынмӕ уырдӕм лӕфлӕфгӕнгӕ бахӕццӕ дӕн, уӕдмӕ бирӕ фӕкуывтон.

1950-ӕм ӕмӕ 1960-ӕм азты Нью-Йорчы ӕмбырдтӕ тынг сбирӕ сты, ӕмӕ, арендӕйы цы бынӕттӕ истой, уыдон нал фаг кодтой. Уымӕ гӕсгӕ, 1970 азӕй 1990 азмӕ Манхэттены ӕртӕ хӕдзары балхӕдтой ӕмӕ сӕ сарӕзтой замманай залтӕ ӕмбырдтӕн. Ӕз уыдтӕн уыцы залты арӕзтадон комитетты цӕстдарӕг. Ӕмӕ мын тынг ӕхсызгон вӕййы уыцы рӕстӕг ӕрхъуыды кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕхи цӕстӕй уыдтон, Йегъовӕ куыд тынг арфӕ кодта, уыцы арӕзтады иумӕ цы ӕмбырдтӕ архайдтой, уыдонӕн. Уыдон нӕдӕр се ’хцатӕ ӕвгъау кодтой, нӕдӕр сӕ хъарутӕ, ӕмӕ уыцы агъуыстытӕ арӕзт фесты ӕмӕ дзы ныр дӕр кувынц ӕцӕг Хуыцауӕн.

Ивындзинӕдтӕ мӕ царды

Вефилы кӕм цардтӕн, уыцы бынаты ӕмӕ типографийы ’хсӕн уыд парк. Ӕмӕ 1957 азы иу бон уыцы паркыл куыстмӕ фӕцӕйцыдтӕн, ӕмӕ мӕ къӕвда ӕрцахста. Уалынмӕ мӕ размӕ ауыдтон иу рӕсугъд бурхил чызджы, уыди ног вефилаг. Зонтик ӕм нӕ уыд, ӕмӕ йӕм бацыдтӕн, мӕ зонтик нӕ дыууӕйы фаг дӕр уыдзӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ иумӕ ацыдыстӕм. Афтӕмӕй базонгӕ дӕн Марджориимӕ. 1960 азы нӕ цард баиу кодтам, ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ, къӕвда бонты дӕр ӕмӕ хур бонты дӕр, иумӕ Йегъовӕйы фӕндагыл цӕуӕм. 2010 азы сентябры сбӕрӕг кодтам, 50 азы иумӕ кӕй стӕм, уый.

Нӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ уыдыстӕм балцы, ӕмӕ куыддӕр фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтыстӕм, афтӕ мын ӕфсымӕр Норр загъта, Галаады скъолайы ахуыргӕнӕгӕй мӕ кӕй снысан кодтой. Цӕй стыр кад мӕм ӕрхауд! 1961–1965 азты цы фондз курсы ацыд, уыдон фондз мӕйы нӕ цыдысты, фӕлӕ фылдӕр. Ӕмӕ дзы сӕйраджыдӕр ахуыр кодтой филиалты кусӕг ӕфсымӕрты, амыдтой сын, филиалы хъуыддӕгты разамынд хуыздӕр куыд дӕттӕн ис, уый. 1965 азы кӕрон та Галаады скъолайы ногӕй фондз мӕйы дӕргъы ахуыр кӕнын райдыдтой миссионертӕ.

1972 азы мӕ Галаады скъолайӕ раивтой, кӕсджыты фарстатӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы хайадмӕ, снысан мӕ кодтой цӕстдарӕгӕй. Алыхуызон фарстаты ӕмӕ уавӕрты фӕдыл мӕ ӕрмӕг агурын кӕй хъуыди, уый фӕрцы хуыздӕр бамбӕрстон, Хуыцауы Ныхасы цы ахуырӕдтӕ ис, уыдон, стӕй искӕмӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ нӕ Хуыцауы диссаджы закъӕттӕм гӕсгӕ архайӕн куыд ис, уый дӕр.

1987 азы та мӕ раивтой ног хайадмӕ, Рынчындӕттӕн информацидӕттӕг хайад, зӕгъгӕ. Рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитетты цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ лӕггад кодта, уыдонӕн уагътой семинартӕ. Уым сын амыдтой, куыд ис дохтыртӕн, тӕрхонгӕнджытӕн ӕмӕ ӕндӕр ӕхсӕнадон кусджытӕн ӕмбарын кӕнӕн, Библимӕ гӕсгӕ туджы фӕдыл цы хъуыдыйыл хӕст стӕм, уый. Бӕллӕх уый мидӕг уыд, ӕмӕ-иу дохтыртӕ сӕхи фӕндӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕн туг бауагътой. Арӕх-иу уый тыххӕй тӕрхондонмӕ дӕр балӕвӕрдтой, цӕмӕй сын туг уадзынӕн бар радтаиккой.

Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, дохтыртӕн-иу уыдоны кой куы кодтам, уӕд-иу загътой, нӕ нӕм сты, кӕнӕ, ӕгӕр зынаргъ сты, зӕгъгӕ. Ахӕм дзуапп-иу чи радта, уыцы хирургӕн-иу уӕд загътон: «Дӕ къух-ма мӕм равдис». Ӕмӕ-иу стӕй мӕ ныхасмӕ бафтыдтон: «Ды уый зоныс, ӕмӕ ӕнӕ тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕй ӕппӕты хуыздӕр дӕхимӕ кӕй ис?» Ахӕм дзӕбӕх ныхасӕй-иу дохтырӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, йӕхӕдӕг дӕр хорз кӕй зыдта, уыцы хъуыддаг: скальпелӕй арӕхстджынӕй куы архайай, уӕд туг бирӕ нӕ фесафдзынӕ.

Фӕстаг ссӕдз азы дӕргъы дохтыртӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕн уыцы хабӕрттӕ бамбарынӕн кӕй ӕххуыс кодтам, уымӕн Йегъовӕ тынг раарфӕ кодта. Туджы фӕдыл ахӕм хъуыдыйыл хӕст цӕмӕн стӕм, уый хуыздӕр куы бамбӕрстой, уӕд нӕм бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Уыдон базыдтой, медицинӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕнӕ тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕ рынчынӕн стыр ӕххуыс кӕй сты, стӕй дохтыртӕй бирӕтӕ цӕттӕ кӕй сты немӕ ӕмгуыст кӕнынмӕ ӕмӕ кӕй ис, ӕнӕ тугӕй дзӕбӕх кӕныныл разы кӕм сты, ахӕм рынчындӕттӕ.

1996 азӕй Марджориимӕ лӕггад кӕнӕм Хъахъхъӕнӕн мӕсыгы ахуырадон центры Паттерсоны (штат Нью-Йорк). Уый ис Бруклинӕй цӕгатырдӕм 110 километры дарддӕр. Ам цыбыр рӕстӕг акуыстон уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады. Стӕй та иуцасдӕр уыдтӕн ахуыргӕнӕг филиалы кусджытӕн ӕмӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕн. Уый фӕстӕ та мӕ ногӕй снысан кодтой, кӕсджыты фарстатӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы хайады цӕстдарӕгӕй (Бруклинӕй йӕ рахастой Паттерсонмӕ). Ӕмӕ фӕстаг 12 азы кӕнын уыцы куыст.

Азтӕ ныл сӕ уӕз ӕруагътой

Ныр мыл цӕуы 80 азӕй фылдӕр, ӕмӕ мын Вефилы мӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын фӕзындӕр. Дӕс азӕй фылдӕр тох кӕнын ракимӕ. Хатт мӕхимӕ Езекийы хуызӕн фӕкӕсын, цыма Йегъовӕ мӕнӕн дӕр Езекийау мӕ царды бонтыл бафтыдта (Ис. 38:5). Мӕ бинойнагӕн дӕр йе ’нӕниздзинад ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кӕны, рынчын у Альцгеймеры низӕй, ӕмӕ уыцы низимӕ иумӕ тох кӕнӕм. Марджори кӕддӕриддӕр ӕнтыстджынӕй лӕггад кодта Йегъовӕйӕн, ӕрыгӕттӕн уыд зондамонӕг, мӕнӕн та мӕ иузӕрдион ӕххуысгӕнӕг. Стӕй Библи алкӕддӕр тынг зӕрдиагӕй иртӕста ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр афтӕ арӕхстджынӕй амыдта. Рӕстдзинад базонынӕн бирӕтӕн баххуыс кодтам, ӕмӕ нын сывӕллӕтты хуызӕн систы. Гъемӕ нӕ ныр дӕр нӕ рох кӕнынц.

Мӕ фыдыхо Мэри амард 2010 азы мартъийы, 87 азы йыл куы цыди, уӕд. Мэри тынг хорз амыдта Хуыцауы Ныхас ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кодта раст дины фарс слӕууынӕн. Бирӕ азты уыд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг. Ӕз дзы тынг бузныг дӕн, мӕнӕн дӕр кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый базыдтаин ӕмӕ уыйау нӕ уарзӕгой Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдтаин. Мэрийы бавӕрдтой йӕ лӕджы фарсмӕ. Уый кӕддӕр лӕггад кодта миссионерӕй Израилы. Фидарӕй мӕ уырны, Йегъовӕ сӕ кӕй нӕ ферох кодта ӕмӕ сӕ кӕй райгас кӕндзӕн.

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын 67 азӕй фылдӕр, ӕмӕ мӕ цардмӕ фӕстӕмӕ куы акӕсын, уӕд дзы тынг бузныг вӕййын, уыйбӕрц арфӕдзинӕдтӕй мӕ кӕй схайджын кодта, уый тыххӕй. Йегъовӕйы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнын, уый мын стыр циндзинад хӕссы. Хуыцауы стыр хорзӕхыл мӕ ныфс кӕй дарын, уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, йӕ Фырт нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый мӕхи цӕстӕй кӕй фендзынӕн, уымӕ: «Мӕ номы тыххӕй йӕ хӕдзӕрттӕ, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууагъта, уый ссардзӕн, цы ныууагъта, уымӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ уыдзӕн ӕнусон цардӕй хайджын» (Матф. 19:29).

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Мыхуыры рацыд 1942 азы; ныр нал цӕуы (иронау нӕ уыд).

[Ныв 19 фарсыл]

1928 азы мӕ фыдыфыды бӕмбӕджы фермӕйы, штат Джорджи (АИШ)

[Ныв 19 фарсыл]

Мӕ фыдыхо Мэри ӕмӕ нӕ хӕстӕг Талмадж

[Ныв 20 фарсыл]

Мэри, Глэдис ӕмӕ Грейс

[Ныв 20 фарсыл]

1944 азы 14 июны, донаргъуыд куы истон, уӕд

[Ныв 20 фарсыл]

Вефилы, уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады

[Ныв 21 фарсыл]

1958 азы Мэриимӕ ӕхсӕнадӕмон конгрессы стадион «Янки»-йы

[Ныв 21 фарсыл]

Марджориимӕ нӕ чындзӕхсӕвы бон

[Ныв 21 фарсыл]

2008 азы ист къам