Маст чи кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ сабыр кӕнӕм
Маст чи кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ сабыр кӕнӕм
«Йегъовӕ [мӕ] байсӕрста, цӕмӕй... ӕрсабыр кӕнон, маст чидӕриддӕр кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ» (ИС. 61:1, 2).
1. Йесо, маст чи кодта, уыдонӕн куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ цӕмӕн?
ЙЕСО ЧЫРЫСТИ загъта: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоан. 4:34). Йесо, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый аразгӕйӕ равдыста, йӕ Фыдау адӕмы кӕй уарзы (1 Иоан. 4:7–10). Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты у бӕрӕг, зӕгъӕм, удӕнцой сын кӕй дӕтты, уымӕй. Апостол Павел дӕр ӕй «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» уымӕн схуыдта (2 Кор. 1:3). Йесо ахӕм уарзондзинад равдыста зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ раздӕр загъта пехуымпар Исай. (Бакӕс Исайы 61:1, 2.) Иухатт Йесо Исайы ныхӕстӕ Назареты ӕмбырдгӕнӕны куы бакаст, уӕд загъта, йӕхиуыл кӕй сӕххӕст сты (Лук. 4:16–21). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыди – маст чи кодта, уыцы адӕмы зӕрдӕтӕ сабыр кодта ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта.
2, 3. Чырыстӕтты цӕмӕн хъӕуы Йесойау адӕмы ныфс уадзын?
1 Кор. 11:1). Павел загъта: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фес. 5:11). Абон уый уӕлдай ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ «тынг уӕззау рӕстӕг» цӕрӕм (2 Тим. 3:1). Ӕгас зӕххыл дӕр бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ӕфхӕрд ӕййафынц ӕмӕ хъизӕмар кӕнынц.
2 Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ Йесойы фӕзмой ӕмӕ, маст чи кӕны, уыдоны ныфс уадзой (3 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, ацы фыддунейы фӕстаг бонты бирӕтӕ «уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ». Ӕмӕ абон ӕцӕгдӕр афтӕ у – ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ кӕнынц фыддӕрӕй-фыддӕр (2 Тим. 3:2–4, 13).
4. Абон дуне цы уавӕры ис?
4 Ахӕм хабӕрттӕ нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕсой. Хуыцауы Ныхасы куыд фыст ис, афтӕмӕй «ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоан. 5:19). «Ӕгас дунемӕ» хауынц политикӕ, дин ӕмӕ коммерци, стӕй, Хӕйрӕг йӕ мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнынӕн кӕмӕй пайда кӕны, уыцы фӕрӕзтӕ дӕр. Ӕцӕгдӕр, Сайтан Хӕйрӕг у «ацы дунейы хицау» ӕмӕ «ацы цардӕвӕрды хуыцау» (Иоан. 14:30; 2 Кор. 4:4). Дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг тынг мӕсты у. Зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад (Рарг. 12:12). Йегъовӕ Хӕйрӕджы митӕн бирӕ нал быхсдзӕн ӕмӕ тагъд ацы дуне фесафдзӕн. Афтӕмӕй кӕрон скӕндзӕн, йӕ хицаудзинады фӕдыл цы дзырддаг фарста сӕвзӕрд, уымӕн. Уыцы хабар нын стыр ныфсы хос куыннӕ у! (Райд., 3 сӕр; Иов, 2 сӕр).
Хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл
5. Чырысти хъусын кӕныны тыххӕй цы загъта, уый ацы фӕстаг бонты куыд ӕххӕст кӕны?
5 Чырысти фӕстаг бонты тыххӕй куы дзырдта, уӕд загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар абон куыд цӕуы хъуыстгонд, афтӕ никуыма цыди. Уыцы куыст Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр. Ныртӕккӕ сӕ нымӕц у 7 500 000 фылдӕр ӕмӕ сты 107 000 ӕмбырдӕй фылдӕры. Уыдон дӕр Йесойау адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнынц (Матф. 4:17). Афтӕмӕй Ӕвдисӕнтӕ удӕнцой хӕссынц, маст чи кӕны, уыцы адӕмӕн. Ӕрмӕст фарон ӕмӕ ӕндӕраз рӕстӕмбис нымадӕй донаргъуыд райста 570 601 адӕймаджы!
6. Абон хорз хабар хъуыстгонд куыд цӕуы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
6 Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ тӕлмац кӕнынц ӕмӕ йӕ парахат кӕнынц 500 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Ахӕм стыр куыст уый размӕ никуыма цыд! Кӕд уыдон Хӕйрӕджы дунейы цӕрынц, уӕддӕр Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ бонӕй-бонмӕ сӕ нымӕцыл ӕфты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау сын куы не ’ххуыс кӕнид ӕмӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд куы нӕ дӕттид, уӕд уымӕн гӕнӕн нӕ уаид. Хорз хабар ӕгас дунейы хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый фӕрцы йӕ бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсынц, ӕмӕ уыдон дӕр ссарынц, Хуыцау йӕ адӕмӕн кӕй дӕтты, уыцы удӕнцой.
Не ’фсымӕртӕн ӕмӕ нӕ хотӕн удӕнцой хӕссӕм
7. а) Йегъовӕ нын абон нӕ зындзинӕдтӕ иууылдӕр цӕуылнӕ аиуварс кӕны? ӕ) Ӕфхӕрд ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕййафгӕйӕ нӕ бон фидар фӕлӕууын кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?
7 Ацы фыддунейы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕт дӕр алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм. Ӕмбарӕм ӕй, цалынмӕ Хуыцау ацы дунейӕн кӕрон не скӕна, уӕдмӕ нын нӕ зындзинӕдтӕ иууылдӕр кӕй нӕ аиуварс кӕндзӕн. Стӕй ма Библийӕ зонӕм, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уый дӕр. Уый фӕрцы нын фадат ис, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс кӕй лӕууӕм, уый (2 Тим. 3:12). Ӕмӕ кӕд ӕфхӕрд ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕййафӕм, уӕддӕр нын нӕ уӕларвон Фыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нын удӕнцой дӕтты. Ӕмӕ уый фӕрцы, фыццаг ӕнусы Фессалоникӕйы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттау мах дӕр стӕм фидар ӕмӕ нӕм ис уырнындзинад. (Бакӕс 2 Фессалоникӕгтӕм 1:3–5.)
8. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн удӕнцой кӕй дӕтты, уый Библийӕ куыд зыны?
8 Мах ӕй фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн удӕнцой кӕй дӕтты. Зӕгъӕм, цъаммар ус-паддзах Йезавел пехуымпар Илийайы марынвӕнд куы скодта, уӕд уый фӕтарсти ӕмӕ ӕндӕр ранмӕ алыгъди. Суанг ма Йегъовӕйӕн афтӕ дӕр загъта, мӕ бон нал у, айс мын мӕ цард, зӕгъгӕ. Йегъовӕ йын уый тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта, фӕлӕ дзы ныфс бауагъта, цӕмӕй йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый дарддӕр кодтаид (1 Пад. 19:1–21). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн удӕнцой кӕй дӕтты, уый ма бӕрӕг у фыццаг ӕнусы чырыстӕтты хабарӕй дӕр. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Ӕгас Иудейӕ, Галилейӕ ӕмӕ Самарийы ӕмбырдӕн скодта сабыр рӕстӕг, ӕмӕ фидарӕй-фидардӕр кодта». Ӕмӕ сӕ Хуыцауы «сыгъдӕг тых кӕй фидар кодта, уый фӕрцы фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 9:31). Мах дӕр Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фидар кӕны, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм!
9. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы цӕвиттоныл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый удӕнцой хӕсдзӕн?
9 Йесойы цӕвиттоныл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд нын уый дӕр хӕсдзӕн удӕнцой. Йесо загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:28–30). Йесо адӕмы кӕй уарзта ӕмӕ сӕм хорз зӕрдӕ кӕй дардта, уый тыххӕй Библийы куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ куы фӕзмӕм, уӕд-иу нӕ нӕ мӕстытӕ айрох уыдзысты ӕмӕ-иу нын фенцондӕр уыдзӕн.
10, 11. Ӕмбырды иннӕтӕн удӕнцой дӕттын йӕ бон кӕмӕн у?
10 Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нын нӕ хотӕ дӕр арӕх вӕййынц удӕнцойы хос. Ӕркӕсӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Исчи уӕ рынчын у? Уӕд фӕдзурӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, ӕмӕ йын уыдон скувӕнт». Ӕмӕ уый куыд баххуыс кӕндзӕн адӕймагӕн? «Уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд исты тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕд ын уыдон дӕр Иак. 5:14, 15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырды иннӕтӕн дӕр сӕ бон у хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн удӕнцой дӕттын.
хатыргонд ӕрцӕудзысты» (11 Арӕх сылгоймагӕн ӕнцондӕр вӕййы йӕ сагъӕстӕ сылгоймагӕн радзурын. Уӕлдайдӕр ацӕргӕ ӕмӕ фӕлтӕрд хотӕн у сӕ бон ӕрыгон хотӕн хорз уынаффӕтӕ дӕттын. Чи зоны, уыдон дӕр кӕддӕр ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты ӕмӕ сӕ бон баци сӕ сӕрты ахизын. Ӕрыгон хотӕ сын сӕ сагъӕстӕ куы дзурой, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг куы байхъусой ӕмӕ-иу сӕ фӕлмӕн ныхасӕй куы барӕвдауой, уӕд сын стыр ӕххуыс уыдзысты. (Бакӕс Титмӕ 2:3–5.) Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр сӕ бон у, ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдауын, ӕмӕ кӕнгӕ дӕр хъуамӕ афтӕ кӕной (1 Фес. 5:14, 15). Хорз уаид, не ’ппӕт дӕр нӕ зӕрдыл куы дариккам, Хуыцау нын «удӕнцой [кӕй] дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр, цӕмӕй махӕн дӕр нӕ бон уа иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой дӕттын» (2 Кор. 1:4).
12. Ӕмбырдтӕм цӕуын цӕмӕн хъӕуы?
12 Удӕнцой ма нын хӕссы, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уый дӕр. Хуыцауы Ныхасӕй дзы цы хъуыдытӕ фехъусӕм, уыдон нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Иудӕ ӕмӕ Силӕ «бирӕ раныхӕстӕй ӕфсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтыдтой ӕмӕ сӕ фидар кодтой» (Хъуыд. 15:32). Ӕмбырды размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕрӕдзиимӕ фӕныхӕстӕ кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи бафидар кӕнынц. Уӕдӕ кӕд зын уавӕры стӕм ӕмӕ тынг тыхсӕм, уӕд нӕхи иннӕтӕй дард ма ласӕм – уый нын нӕ уавӕр фыддӕр цы фӕкӕна, ӕндӕр ницы (Ӕмб. 18:1). Хъуамӕ апостол Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕм. Уый загъта: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25).
Библи нын хӕссы удӕнцой
13, 14. Бамбарын кӕн, Библи нын удӕнцой куыд хӕссы, уый.
13 Донаргъуыд дӕ ӕви Библи нырма ӕрӕджы райдыдтай ахуыр кӕнын, уӕддӕр дӕ бон у Хуыцауы Ныхасы удӕнцой ссарын. Павел ныффыста: «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый... фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4). Библи нын удӕнцой хӕссы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй алцыдӕр хорз зонӕм ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уӕм (2 Тим. 3:16, 17). Хуыцауы Ныхас ӕмӕ нӕ литературӕ куы кӕсӕм ӕмӕ сӕ куы иртасӕм, уӕд хуыздӕр ӕмбардзыстӕм Хуыцауы фӕндтӕ ӕмӕ нӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕдзухдӕр уыдзӕн нӕ цӕстыты раз. Уый нын хӕсдзӕн удӕнцой ӕмӕ нын иннӕ хъуыддӕгты дӕр стыр пайда уыдзӕн.
14 Йесо адӕмы ахуыр кодта ӕмӕ сын удӕнцой лӕвӕрдта Фыстады фӕрцы, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Зӕгъӕм, куы райгас, уый фӕстӕ фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын «Фыстад... ӕмбарын кодта». Семӕ куы ныхас кодта, уӕд сын уый сӕ зӕрдӕты стыр ныфс бауагъта (Лук. 24:32). Павел дӕр Йесойы фӕзмыдта ӕмӕ «адӕмимӕ ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ». Зӕгъӕм, Верийы кӕмӕн хъусын кодта, уыдон «Хуыцауы ныхасмӕ тынг зӕрдиагӕй хъуыстой ӕмӕ алы бон дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой» (Хъуыд. 17:2, 10, 11). Уӕдӕ йӕ уынӕм, куыд ахсджиаг у Библи алы бон дӕр кӕсын ӕмӕ нӕ литературӕ иртасын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый ацы уӕззау рӕстӕг удӕнцой хӕсдзӕн ӕмӕ нын нӕ ныфс фидар кӕндзӕн.
Нӕ бон ма куыд у иннӕтӕн удӕнцой хӕссын
15, 16. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауынӕн нын цавӕр фадӕттӕ ис?
15 Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕмӕ сын удӕнцой хӕссынӕн бирӕ фадӕттӕ ис. Зӕгъӕм, нӕ бон у, ацӕргӕ йе та рынчын чи у, ахӕм ӕфсымӕр кӕнӕ хойӕн дуканийӕ исты ӕрбахӕссын. Йе та сӕм нӕ бон у хӕдзары истӕмӕй фӕкӕсын дӕр. Афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, уыдонӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл кӕй хъуыды кӕнӕм (Фил. 2:4). Стӕй ма сӕ нӕ бон у ӕппӕлын, сӕ зындзинӕдты сӕрты кӕй хизынц ӕмӕ сӕм кӕй ис хорз миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ фидар уырнындзинад.
16 Цӕмӕй нӕ ацӕргӕ хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, уый тыххӕй сӕ нӕ бон у абӕрӕг кӕнын ӕмӕ семӕ аныхӕстӕ кӕнын. Царды сыл цы хабӕрттӕ ’рцыд ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд арфӕ кодта, уый тыххӕй нын куы дзурой, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусӕм. Афтӕмӕй нӕхи ныфсыл дӕр ныфс бафтдзӕн! Нӕ бон ма у семӕ Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ дӕр кӕсын. Хорз ма уаид, семӕ-иу иумӕ куы бацӕттӕ кӕниккам, ацы къуыри ӕмбырды Библи ахуыры рӕстӕг цы ӕрмӕг ӕвзардзыстӕм кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй цы статья ахуыр кӕндзыстӕм, уый. Кӕнӕ та семӕ иумӕ ис нӕ кинотӕй искӕцымӕ бакӕсӕн. Науӕд та сын нӕ публикацитӕй бакӕсӕн йӕ та радзурӕн ис, чи сӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хабӕрттӕ.
17, 18. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сын удӕнцой кӕй дӕтдзӕн?
17 Куы йӕ зонӕм, ӕмӕ не ’фсымӕр кӕнӕ нӕ хо цӕуылдӕр тыхсы, уӕд нӕ бон у уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кувын (Ром. 15:30; Кол. 4:12). Зындзинӕдтимӕ куы тох кӕнӕм ӕмӕ иннӕты ныфсыл ныфс куы ӕфтауӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕгау фидарӕй зӕгъын: «Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн. Никуы бауадздзӕн рӕстгӕнӕджы фӕцудын» (Пс. 55:22). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ нын алкӕддӕр удӕнцой дӕтдзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн. Уый йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты никуы ныууадздзӕн.
18 Хуыцау йӕ рагон лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Ӕз, ӕз уын мӕхӕдӕг рӕвдауын уӕ зӕрдӕтӕ» (Ис. 51:12). Йегъовӕ махӕн дӕр нӕ зӕрдӕтӕ рӕвдаудзӕн, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй махӕн дӕр нӕ бон уа иннӕтӕн удӕнцой дӕттын. Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл,– алкӕмӕн дӕр нӕ удӕнцойы хос уыдзысты, апостол Павел сӕрст чырыстӕттӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Уадз ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти йӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцау, мах чи бауарзта ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхы фӕрцы ӕнӕкӕрон удӕнцой ӕмӕ диссаджы ныфс чи радта, уыцы Хуыцау, уӕ зӕрдӕтӕ барӕвдауӕнт ӕмӕ уӕ бафидар кӕнӕнт, цӕмӕй алкӕддӕр аразат ӕмӕ дзурат, хорз цы у, уый» (2 Фес. 2:16, 17).
Бахъуыды кодтай?
• Хъусын кӕныны хъуыддаг абон куыд апарахат?
• Нӕ бон куыд у иннӕтӕн удӕнцой дӕттын?
• Йегъовӕ йӕ адӕмӕн удӕнцой кӕй дӕтты, уый Библийӕ куыд зыны?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 28 фарсыл]
Ды дӕр, маст чи кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕныс?
[Ныв 30 фарсыл]
Ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр сӕ бон у иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауын