Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ма бафынӕй ут»! Ацы фӕдзӕхст ахсджиаг цӕмӕн у?

«Ма бафынӕй ут»! Ацы фӕдзӕхст ахсджиаг цӕмӕн у?

«Ма бафынӕй ут»! Ацы фӕдзӕхст ахсджиаг цӕмӕн у?

«КӔЙ ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг [«уымӕн йӕ нысан цы уыдзӕн», фип.]?» (Матф. 24:3). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр дзуапп радта, уый фыст ис Матфейы 24 сӕры, Марчы 13 сӕры ӕмӕ Лукайы 21 сӕры. Уыцы нысан цы уыдзӕн, уый сын бамбарын кодта бӕлвырд, хуымӕтӕг ӕмӕ лыстӕг хабӕртты онг. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕнцонтӕй базыдтаиккой уыцы нысанимӕ баст хабӕрттӕ. Уый фӕстӕ ма сын загъта: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут» (Матф. 24:42).

Фӕлӕ кӕд нысан афтӕ ӕнцонтӕй уыдаид базонӕн, уӕд ма Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ? Ӕвӕццӕгӕн, дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг уый, ӕмӕ, чи зоны, иуӕй-иуты исты хъыгдардтаид, ӕмӕ уыцы нысан мацӕмӕуал дардтаиккой. Уый тыххӕй сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдаид, ӕмӕ нысанимӕ баст хабӕрттӕ куыд ӕххӕст кодтаиккой, уымӕ сӕ хъус нал дардтаиккой. Дыккаг та уый, ӕмӕ, чырыстон кӕм цардаид, уым уыцы нысанимӕ баст хабӕрттӕй искӕцы куы не ’ххӕст кодтаид, уӕд ӕм афтӕ кастаид, ӕмӕ уый йӕ цардыл не ’ндавы. Ӕмӕ уӕд хъуыды кӕнын райдыдтаид, Йесо цы пехуымпар-ныхас загъта, уымӕн йӕ фӕстаг хай, ома «стыр бӕллӕхы» тыххӕй кӕм фыст ис, уый, тагъд нӕма сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ йӕ нырма нӕ хъӕуы йӕ фӕдзӕхстмӕ хъусын, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ (Матф. 24:21).

«Нымады дӕр [сӕм] ницы уыди»

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Нойы рӕстӕджы чи цард, уыцы адӕмы. Ной кӕй хъусын кодта ӕмӕ стыр нау кӕй арӕзта, уый куыннӕ уыдтаиккой. Стӕй сӕ алыварс цы фыдмитӕ кодтой, уый дӕр сын ӕнӕзонгӕ нӕ уыди. Фӕлӕ сӕ фылдӕрмӕ «нымады дӕр ницы уыди» (Матф. 24:37–39). Абон дӕр адӕм, истӕмӕй сӕ куы фӕфӕдзӕхсынц, уӕд сӕхи раст афтӕ фӕдарынц. Зӕгъӕм, бирӕтӕ, фӕндагыл цы амонӕнтӕ вӕййы, уыдонмӕ сӕ хъус нӕ фӕдарынц ӕмӕ машинӕтыл ӕгӕр тагъд фӕцӕуынц. Уый тыххӕй хицауад дӕр хатт горӕты фӕндӕгтыл цӕхгӕрмӕ къуыппытӕ саразын кӕны, цӕмӕй машинӕтӕ сабырдӕр цӕуой. Раст афтӕ чырыстон дӕр, чи зоны, фӕуыны фӕстаг бонты нысанимӕ баст хабӕрттӕ, фӕлӕ цы хъуыддӕгтӕ фӕаразы, уыдон ӕй фӕкъуылымпы кӕнынц, ӕмӕ къӕрцхъус нал вӕййы. Афтӕ рауад йӕ хабар иу ӕрыгон хойӕн, Ариель, зӕгъгӕ, цӕры Ныгуылӕн Африкӕйы.

Ариель уарзта телевизоры сылгоймӕгты гандболмӕ кӕсын. Ӕмӕ йе скъолайы гандболы командӕ куы фӕзынд, уӕд ӕй афтӕ тынг бафӕндыд уым хъазын, ӕмӕ дзы айрох, йӕ уырнындзинадӕн тӕссаг кӕй уыдзӕн. Уыцы командӕйы вратарӕй хъазын райдыдта. Дарддӕр хабар куыд рауад? Ариель дзуры: «Нӕ командӕйы чызджытӕй кӕмӕндӕрты уыд уарзӕттӕ, ӕмӕ уыцы лӕппутӕ кодтой наркотиктӕ ӕмӕ тамако дымдтой. Ӕз сӕ кӕй хицӕн кодтон, уый тыххӕй-иу мӕ хынджылӕг кодтой». Ариелмӕ афтӕ каст, ӕмӕ, се ’хсӕн кӕй уыдзӕн, уый йыл нӕ фӕзындзӕн. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр уыцы хъазт суанг йӕ уырнындзинадыл дӕр ӕвзӕрырдӕм фӕзынд. Уый дзуры: «Мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ ӕдзух уыдысты гандболимӕ. Ӕмбырдты-иу куы уыдтӕн, уӕд-иу мӕ мӕ хъуыдытӕ залӕй ахастой, гандболӕй кӕм хъазыдыстӕм, уырдӕм». Уыцы хъазт фӕзынд суанг йӕ чырыстон миниуджытыл дӕр. Кӕд фыццаг ӕнӕуи хъазын уарзта, уӕд ӕй ныр та рамбулыны йеддӕмӕ ӕндӕр ницы мӕт уыди. Рамбулын-иу ӕй тынг кӕй фӕндыд, уый тыххӕй-иу бирӕ тренировкӕтӕ кодта. Ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ ӕдзух уыди тыхст. Гандболы тыххӕй ма йӕ суанг йе ’мбӕлттӕ дӕр нал хъуыдысты.

Фӕлӕ иухатт хъазты рӕстӕджы цы ’рцыд, уый йын уыд, цыма йыл исчи уазал дон бакалдта, афтӕ. Иннӕ командӕйӕн радтой пенальтийы бар. Ариель воротӕтыл слӕууыд. Дарддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй зӕгъы: «Пурти ӕрцахсыны тыххӕй Йегъовӕмӕ куыд скуывтон, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон!» Уӕд ӕм бахъардта, Йегъовӕйӕ куыд тынг адард. Ӕмӕ куыд бакодта?

Ариель зӕгъы: «Уый размӕ кастӕн киномӕ „Вопросы молодежи. Чему посвятить свою жизнь?“ *. Ӕмӕ сфӕнд кодтон, ногӕй йӕм бакӕсон, зӕгъгӕ, ӕрмӕст ыл ацы хатт хъуамӕ дзӕбӕх ахъуыды кодтаин. Уыцы кинойы ӕрыгон лӕппу, Андре, зӕгъгӕ, цы уавӕры уыд, ӕз дӕр раст ахӕм уавӕры уыдтӕн. Уӕлдайдӕр дзы мӕ хъус ӕрдардтон, хистӕр нӕлгоймаг Андрейӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ, зӕгъгӕ, бакӕс Филиппӕгтӕм 3:8 ӕмӕ йыл ахъуыды кӕн. Ӕмӕ ӕз дӕр афтӕ бакодтон. Ӕмӕ уый фӕстӕ командӕ ныууагътон.

Уӕд мӕ цард тынг фӕивта. Ӕдзух рамбулыны тыххӕй нал хъуыды кодтон, ӕмӕ сулӕфыдтӕн, раздӕрау нал тыхстӕн. Ныр уыдтӕн бирӕ амондджындӕр ӕмӕ мӕ чырыстон ӕмбӕлттимӕ тынгдӕр балымӕн дӕн. Ӕмбырды хъуыддӕгтӕн фылдӕр аргъ кӕнын райдыдтон. Ӕмбырдты-иу лӕмбынӕг хъуыстон, ӕмӕ та мын ногӕй циндзинад хӕссын райдыдтой. Уацамынды дӕр арӕхдӕр райдыдтон цӕуын. Ныр арӕх фӕлӕггад кӕнын ӕххуысгӕнӕг пионерӕй».

Кӕд дӕ исты хъыгдары, Йесо цы нысаны кой кодта, уымӕ дӕ хъус лӕмбынӕг дарынӕн, уӕд дӕ хъӕуы Ариелау ӕвӕстиатӕй архайын. Дӕлдӕр ис цалдӕр уынаффӕйы. Бацагур ӕрмӕг «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы уагъд литературӕйы индекс»-ы фӕрцы. Индекс дын уыдзӕн, ӕмбӕхст хӕзнатӕ кӕй фӕрцы ис ссарӕн, ахӕм картӕйы хуызӕн. Уымӕ гӕсгӕ дӕ бон у, дӕ уавӕры чи уыд, ахӕм чырыстӕтты хабӕрттӕ, стӕй хорз уынаффӕтӕ ссарын. Ӕмбырдтӕм дӕхи хорз куы цӕттӕ кӕнай ӕмӕ-иу ӕмбырды рӕстӕг дӕхицӕн ахсджиаг хъуыдытӕ искуы куы афыссай, уӕд дын фылдӕр пайда хӕсдзысты. Стӕй-иу залы разӕй куы сбадай, уӕд дын хъусын дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. Ӕрмӕг фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ ӕвзӕрст куы фӕцӕуы, уӕд-иу дзуапп раттыныл фӕстиат ма кӕн. Абон дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон-иу абар, Йесо цы нысаны кой кодта, уыимӕ, стӕй ма «фӕстаг бонты» тыххӕй ноджыдӕр цы пехуымпар-ныхӕстӕ ис, уыдонимӕ. Уыдӕттӕ дын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй «ма бафынӕй» уай (2 Тим. 3:1–5; 2 Пет. 3:3, 4; Рарг. 6:1–8).

«Уӕхи цӕттӕ дарут»

Фӕстаг бонты нысан ӕххӕст кӕны «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матф. 24:7, 14). Библийы чи ӕрцыд фыст, уыцы хабӕрттӕ абон милуангай адӕм сӕхиуыл ӕвзарынц. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ сты: низтӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафынц, уый. Фӕлӕ бирӕтӕ цӕрынц, сабыр ӕмӕ ӕдас кӕм у, ахӕм рӕтты. Кӕд нысанимӕ баст хабӕрттӕй кӕцыдӕртӕ дӕхиуыл нӕ бавзӕрстай, уӕд цымӕ хъуамӕ афтӕ хъуыды кӕнай, ӕмӕ стыр бӕллӕх нырма тагъд нӕ уыдзӕн? Афтӕ хъуыды кӕнын зондыл дзурӕг нӕ уаид.

Ахъуыды-ма кӕн Йесойы пехуымпар-ныхасыл, зӕгъгӕ, «сыстдзӕн фыднизтӕ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Лук. 21:11). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо афтӕ кӕй нӕ загъта, ӕмӕ ацы хабӕрттӕ зӕххыл алы ран дӕр уыцы иу рӕстӕджы цӕудзысты ӕмӕ иухуызон ӕххӕст кӕндзысты. Фӕлӕ загъта, зӕгъгӕ, «куы иу ран, куы иннӕ ран» уыдзысты. Уӕдӕ уыцы иу хабӕрттӕ алы ран дӕр уыцы иу рӕстӕджы кӕй цӕудзысты, уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма Йесо иутӕй куы загъта, зӕгъгӕ, ӕййафдзысты хӕринагхъуаг, уӕд уый фӕстӕ иннӕтӕн та афтӕ загъта: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрдӕй... ма ӕруӕззау уой» (Лук. 21:34). Уымӕ гӕсгӕ нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр сӕхиуыл бавзардзысты нысанимӕ баст хабӕрттӕ иууылдӕр. Йесо загъта: «Куы уынат, ӕмӕ адӕттӕ цӕуынц, уӕд ӕй зонут: Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг» (Лук. 21:31). Абон телевизоры ӕмӕ Интернеты фӕрцы нӕ бон у нысанимӕ баст хабӕрттӕ иууылдӕр уынын, кӕд, кӕм цӕрӕм, уым уыцы хабӕрттӕ нӕ цӕуынц, уӕддӕр.

Стӕй дӕ рох ма уӕд, стыр бӕллӕх кӕд райдайдзӕн, Йегъовӕ уыцы «бон ӕмӕ... сахат» кӕй снысан кодта (Матф. 24:36). Ӕмӕ зӕххыл цыфӕнды ма ӕрцӕуа,– уыцы «бон ӕмӕ... сахат» ницы фӕивдзӕн.

Чырыстӕттӕ кӕмфӕнды ма цардаиккой, Йесо сӕ се ’ппӕты дӕр бафӕдзӕхста: «Уӕхи цӕттӕ дарут» (Матф. 24:44). Хъуамӕ ӕдзух цӕттӕ уӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон нӕу ӕнӕхъӕн бон ӕмбырды хъуыддӕгтӕ аразын. Стӕй нӕ ничи зоны, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд кӕм уыдзыстӕм. Чидӕртӕ, чи зоны, куысты уой, чидӕртӕ та хӕдзары куыстытӕ кӕной (Матф. 24:40, 41). Уӕдӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй цӕттӕ уӕм?

Эммануэль, Викторинӕ ӕмӕ се ’хсӕз чызджы цӕрынц Африкӕйы. Кӕм цӕрынц, уым нысанимӕ баст хабӕрттӕ се ’ппӕт не ’ххӕст кӕнынц. Фӕлӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй цӕттӕ уыдаиккой, ӕмӕ сфӕнд кодтой алы бон дӕр Библийыл иумӕ ныхас кӕнын. Эммануэль зӕгъы: «Алкӕйдӕр кӕд ӕвдӕлдаид, ахӕм рӕстӕг нын зын уыди ссарын. Фӕстагмӕ сфӕнд кодтам, райсомӕй-иу ӕхсӕзыл, иу сахаты ӕрдӕгмӕ, иумӕ кӕй ӕрӕмбырд уыдзыстӕм. Брошюрӕйы алы бонӕн цы стих ис, уый куы равзарӕм, уӕд ма бацӕттӕ кӕнӕм цалдӕр абзацы, уыцы къуыри кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы публикацитӕй искӕцыйӕ». Цымӕ сын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «ма бафынӕй» уой? Бӕгуыдӕр! Эммануэль у ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор. Викторинӕ арӕх фӕлӕггад кӕны ӕххуысгӕнӕг пионерӕй, ӕмӕ бирӕтӕн баххуыс кодта рӕстдзинад базонынӕн. Сӕ чызджытӕ дӕр иууылдӕр ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архайынц.

Йесо нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕдӕ кӕсут, ма бафынӕй ут» (Мар. 13:33). Ма бауадз, цӕмӕй дӕ уыцы хъуыддаджы исты бахъыгдара. Ӕмбырдты ӕмӕ нын нӕ публикациты цы уынаффӕтӕ раттынц, уыдонмӕ хъус, Ариель куыд байхъуыста, афтӕ. Ӕмӕ Эммануэлы бинонтау алы бон дӕр исты араз, цӕмӕй цӕттӕ уай ӕмӕ «ма бафынӕй» уай.

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. Уыцы драмӕ у, иу ӕрыгон лӕппуйӕн, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразын куыд зын уыд, уый тыххӕй.

[Ныв 4 фарсыл]

Эммануэль ӕмӕ йӕ бинонтӕ алы бон дӕр Библийыл кӕй фӕныхас кӕнынц, уый фӕрцы сӕхи цӕттӕ дарынц