Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕй ӕмӕ иумӕ цин кӕнӕм!

Цӕй ӕмӕ иумӕ цин кӕнӕм!

Цӕй ӕмӕ иумӕ цин кӕнӕм!

АДӔЙМАГ амондджын уа ӕмӕ цин кӕна, уый бонӕй-бон зындӕр у. Бирӕтӕ, иннӕтӕн хорзӕй цы радзурой, уый дӕр нӕ фӕзонынц. Абон стыр горӕтты цард ахӕм у, ӕмӕ бирӕтӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сты иунӕг, никӕй хъӕуынц, ӕмӕ адӕмӕй сӕхи дард фӕласынц.

Психобиолог Альберто Оливерио куыд зӕгъы, афтӕмӕй абон адӕм сӕхимӕ иунӕг арӕх фӕкӕсынц. Сӕ хабар афтӕ рауайы, стыр горӕтты чи цӕры, уыцы адӕмӕн. Алчи сӕ йӕхи цардӕй фӕцӕры, ӕмӕ сӕм арӕх нымады дӕр нӕ вӕййы се ’мкусджыты ӕмӕ сӕ сыхӕгты цард, стӕй, цы дуканитӕм фӕцӕуынц, уыдоны уӕйгӕнджыты цард дӕр. Ахӕм уавӕр арӕх депрессимӕ дӕр ӕркӕны.

Фӕлӕ не ’мчырыстӕттӕн сӕ хабар афтӕ нӕу. Апостол Павел ныффыста: «Алкӕддӕр цин кӕнут» (1 Фес. 5:16). Нӕ бон у бирӕ цӕуылдӕрты цин кӕнын. Мах лӕггад кӕнӕм Иунӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйӕн. Библийы цы рӕстдзинад ис, уый ӕмбарӕм. Ис нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Ӕмӕ нӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр уыцы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уой (Пс. 106:4, 5; Йер. 15:16; Ром. 12:12).

Ӕцӕг чырыстӕттӕ уымӕй хицӕн кӕнынц, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр цин кӕнынц, ӕмӕ ма сӕ цинӕй хай кӕнынц кӕрӕдзийӕн дӕр. Павел дӕр филиппӕгтӕм уый тыххӕй ныффыста афтӕ: «Мӕ зӕрдӕ райы ӕмӕ уе ’ппӕтимӕ цин кӕнын. Ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ зӕрдӕтӕ хъуамӕ афтӕ райой ӕмӕ хъуамӕ мемӕ цин кӕнат» (Фил. 2:17, 18). Ацы дыууӕ стихы Павел фӕд-фӕдыл дыууӕ хатты дзуры иумӕ цин кӕныны тыххӕй.

Чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕхи хизой, цӕмӕй сӕхи иннӕтӕй дард ма ласой. Адӕймаг йе ’фсымӕртӕй ӕмӕ йӕ хотӕй йӕхи дард куы ласа, уӕд семӕ иумӕ куыд цин кӕндзӕн? Павел нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй не ’фсымӕртимӕ «цин [кӕнӕм] нӕ Хицауимӕ иудзинады». Нӕ бон куыд у ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайын? (Фил. 3:1).

Не ’мчырыстӕттимӕ иумӕ цин кӕнӕм

Павел филиппӕгтӕм куы фыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыд Ромы ӕмӕ уыд ахст, хорз хабар кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй (Фил. 1:7; 4:22). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы зынг нӕ ахуыссыд. Павел цин кодта, уымӕн ӕмӕ йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр лӕвӕрдта Йегъовӕйы хъуыддагӕн. Павел йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Кувинаг нозт нывондыл куыд рауадзынц, афтӕ ӕз дӕр мӕхи нывондӕн хӕссын» (Фил. 2:17). Йӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй бӕрӕг у, нӕ циндзинад нӕ уавӕртыл баст кӕй нӕу. Кӕд Павел ахст уыд, уӕддӕр загъта, зӕгъгӕ, «дарддӕр дӕр цин кӕндзынӕн» (Фил. 1:18).

Филиппты ӕмбырд Павел сарӕзта, ӕмӕ уый тыххӕй уыцы ӕфсымӕрты хъулон уарзт кодта. Уый йӕ зыдта, йӕ бон кӕй уыд йе ’фсымӕрты ныфсыл ныфс бафтауын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ йӕхӕдӕг куыд цин кодта, уый тыххӕй сын куы радзырдтаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ныффыста: «Ме ’фсымӕртӕ, фӕнды мӕ, цӕмӕй йӕ зонат, цы уавӕрты бахаудтӕн, уыдон ма хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс дӕр кӕй фесты. Чырыстийы тыххӕй ахст кӕй дӕн, уый базыдтой Ромы паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсады иууылдӕр, стӕй иннӕ адӕм се ’ппӕт дӕр» (Фил. 1:12, 13). Павел сын ацы хабар куы радзырдта, уӕд сӕ ныфсыл ныфс бафтыд. Афтӕмӕй Филиппты ӕфсымӕртимӕ иумӕ цин кодта, ӕмӕ уыдон дӕр йемӕ цин кодтой. Филиппӕгтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, цин цӕй тыххӕй хъуамӕ кодтаиккой, уыдӕттӕ, ӕмӕ Павел ахст кӕй уыд, уый тыххӕй сӕ ныфс хъуамӕ ма асастаид. Уыдон хъуамӕ Павелы бафӕзмыдтаиккой (Фил. 1:14; 3:17). Стӕй ма филиппӕгтӕн сӕ бон уыди Павелы тыххӕй кувын ӕмӕ йӕ цы хъуыди, уыдӕттӕй йын ӕххуыс кӕнын (Фил. 1:19; 4:14–16).

Мах дӕр Павелау цин кӕнӕм? Нӕ царды ӕмӕ ныл нӕ лӕггады хорзӕй цы ӕрцӕуы, уыдӕттыл фӕхъуыды кӕнӕм? Не ’фсымӕртимӕ куы вӕййӕм, уӕд нӕ бон вӕййы уацамындӕй исты хорз хабӕрттӕ радзурын. Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ ныл исты диссаджы хабар ӕрцӕуа. Чи зоны, нӕ ныхас хорз кӕй райдыдтам кӕнӕ адӕймагӕн хорз бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй ӕрхастам, уый фӕрцы нӕм хорз байхъуыста. Кӕнӕ нын, чи зоны, искӕимӕ хорз ныхас рауад Библийы стихы фӕдыл. Науӕд уацамынды куы уыдыстӕм, уӕд нӕ адӕм базыдтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм. Кӕрӕдзийӕн ахӕм хабӕрттӕ куы фӕдзурӕм, уӕд афтӕмӕй нӕ бон вӕййы иумӕ цин кӕнын.

Йегъовӕйы адӕмӕй бирӕтӕ сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной. Пионертӕ, цӕуӕг цӕстдарджытӕ, вефилӕгтӕ, миссионертӕ ӕмӕ аразджытӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгӕйӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц, ӕмӕ сын уый хӕссы циндзинад. Мах дӕр семӕ иумӕ фӕцин кӕнӕм? Сӕ куыстӕн сын кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ семӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм «Хуыцауы паддзахады хъуыддаджы» кӕй лӕггад кӕнӕм, ууыл кӕй цин кӕнӕм, уый нӕ бон у хъуыддагӕй равдисын (Кол. 4:11). Ӕмбырдты кӕнӕ конгрессты семӕ иумӕ куы вӕййӕм, уӕд-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм. Стӕй, куыд зынгзӕрдӕ сты, уымӕй-иу сӕ бафӕзмӕм. Нӕ бон у, ӕмӕ-иу сӕ фӕхонӕм ӕмӕ-иу къӕбӕр дӕр иумӕ бахӕрӕм. Афтӕмӕй-иу ссардзыстӕм фадӕттӕ, цӕмӕй-иу нын радзурой, сӕ лӕггады сыл цы хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдон ӕмӕ-иу нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауой (Фил. 4:10).

Фӕлварӕнтыл чи ӕмбӕлы, уыдонимӕ цин кӕнӕм

Павел-иу фӕлварӕнты ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар кӕй разынд, уый йын лӕвӕрдта хъарутӕ, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаид (Кол. 1:24; Иак. 1:2, 3). Павел ӕй зыдта, филиппаг ӕфсымӕртӕн дӕр ахӕм фӕлварӕнтӕ кӕй уыдаид, ӕмӕ йӕхӕдӕг фӕлварӕнты фидар кӕй фӕлӕууыдаид, уымӕй-иу йе ’фсымӕрты ныфсыл ныфс кӕй бафтыдтаид. Ӕмӕ ууыл цин кодта. Уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕрмӕст уыцы кад [уӕм] не ’рхауд, цӕмӕй Чырыстийыл баууӕндат, фӕлӕ ма цӕмӕй уый тыххӕй зындзинӕдтӕ дӕр бавзарат. Сымах мӕн тохгӕнгӕ федтат, ӕмӕ куыд тох кӕнын, уый тыххӕй ныр дӕр хъусут, ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ тох ахӕм у» (Фил. 1:29, 30).

Абон дӕр нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй. Хатт нӕ ныхмӕ карзӕй фӕцӕуынц, хатт та – нӕ. Зӕгъӕм, раст дин чи ныууагъта, уыдон ныл цъыф фӕкалынц, нӕ бинонтӕй нӕм исчи фӕмӕсты кӕны, куысты кӕнӕ ныл скъолайы фӕхудынц. Йесо загъта, ахӕм фӕлварӕнтыл дис кӕй хъуамӕ ма кӕнӕм ӕмӕ нӕ ныфс дӕр кӕй хъуамӕ ма асӕтта. Фӕлӕ фӕлварӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ цин кӕнӕм. Йесо загъта: «Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ уыл алы ӕвзӕртӕ куы мысой. Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг» (Матф. 5:11, 12).

Иуӕй-иу бӕстӕты не ’фсымӕрты карзӕй кӕй ӕфхӕрынц, уый тыххӕй куы фехъусӕм, уӕд-иу хъуамӕ ма тӕрсӕм. Фӕлӕ хъуамӕ цин кӕнӕм, фидар кӕй лӕууынц, ууыл. Нӕ бон у уыдоны тыххӕй кувын ӕмӕ Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ сын ӕххуыс кӕна фидар лӕууынӕн (Фил. 1:3, 4). Чи зоны, уыцы зынаргъ ӕфсымӕртӕн нӕ бон ӕндӕр ницӕмӕй уыдзӕн баххуыс кӕнын. Фӕлӕ нӕ бон баххуыс кӕнын вӕййы, нӕхи ӕмбырды фӕлварӕнтыл чи ӕмбӕлы, уыдонӕн. Кӕй сыл тыхсӕм, уый нӕ бон у хъуыддагӕй равдисын. Зӕгъӕм, хатт сӕ нӕ бон у нӕ бинонты ахуырмӕ фӕхонын, семӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын кӕнӕ иумӕ баулӕфын. Уыдӕтты фӕрцы нӕ бон уыдзӕн иумӕ цин кӕнын.

Нӕ бон иумӕ бирӕ цӕуылдӕрты у цин кӕнын. Нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, ацы дунейы куыд кӕнынц, мах дӕр афтӕ иннӕтӕй нӕхи дард ласӕм. Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй не ’фсымӕртимӕ иумӕ уӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн нӕ цинӕй хай кӕнӕм. Афтӕмӕй ӕмбырды уыдзӕн уарзондзинад ӕмӕ иудзинад. Стӕй тынг цин кӕндзыстӕм, уыйбӕрц ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ иумӕ кӕй стӕм, ууыл (Фил. 2:1, 2). Павел нӕ разӕнгард кӕны: «Хицауимӕ иудзинады кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр цин кӕнут. Ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын: цин кӕнут!» (Фил. 4:4).

[Ныв барлӕвӕрдӕй 6 фарсыл]

Globe: Courtesy of Replogle Globes