Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы фыддунейы стӕм «рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ»

Ацы фыддунейы стӕм «рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ»

Ацы фыддунейы стӕм «рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ»

«Уыдон иууылдӕр... ӕргом дзырдтой, кӕм цардысты, уыцы зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй сты» (ДЗУТ. 11:13).

1. Йесо цы загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ацы дунемӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый тыххӕй?

ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй загъта, зӕгъгӕ, «уыдон ацы дунейы сты». Фӕлӕ ма стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоан. 17:11, 14). Йӕ ныхӕстӕй бӕлвырд уыд, ӕцӕг чырыстӕттӕ «ацы цардӕвӕрдмӕ», йӕ хуыцау Сайтан кӕмӕн у, уымӕ, цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый (2 Кор. 4:4). Кӕд ацы фыддунейы цӕрынц, уӕддӕр ацы дунейӕ не сты. Уыдон дзы сты «ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» (1 Пет. 2:11).

Цардысты «рӕстӕгмӕйы цӕрджытау»

2, 3. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Енох, Ной, Авраам ӕмӕ Саррӕ «ӕцӕгӕлӕттау ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытау» кӕй цардысты?

2 Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕддӕриддӕр хицӕн кодтой, сӕ алыварс цы адӕм цард, уыдонӕй. Зӕгъӕм, Енохы ӕмӕ Нойы тыххӕй Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, уыдон цыдысты ӕцӕг Хуыцауимӕ (Райд. 5:22–24; 6:9). Сӕ дыууӕ дӕр хъӕбатырӕй хъусын кодтой, Йегъовӕ Сайтаны фыддунейӕн кӕй стӕрхон кодта, уый тыххӕй. (Бакӕс 2 Петры 2:5; Иудӕйы 14, 15.) Кӕд сӕ алыварс фыдадӕм цард, уӕддӕр уыдон, раст цы уыд, уый арӕзтой. Уымӕ гӕсгӕ Енохӕй Хуыцауы «зӕрдӕ... рухс кодта». Ной та, «йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн» (Дзут. 11:5; Райд. 6:9).

3 Авраам ӕмӕ Саррӕ дӕр нын сты фӕзминаг. Уыдон хорз цардысты халдейаг горӕт Уры, фӕлӕ сын Хуыцау куы загъта, цӕмӕй уырдыгӕй рацыдаиккой ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕйы цатырты цардаиккой, уӕд ӕм байхъуыстой (Райд. 11:27, 28; 12:1). Апостол Павел уый фӕдыл афтӕ ныффыста: «Хуыцау Аврааммӕ куы фӕсидт, уӕд ӕм уый йӕ уырнындзинады фӕрцы байхъуыста, йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагъта ӕмӕ ацыд, бынӕн кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы зӕхмӕ. О, уый ацыд, кӕд ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта, уӕддӕр. Уый йӕ уырнындзинады фӕрцы, Хуыцау ын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым цард ӕцӕгӕлонау, цыма искӕй зӕхх уыди, афтӕ. Царди цатырты Исахъ ӕмӕ Иаковимӕ – уыдонӕн дӕр Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Авраамӕн цӕмӕй бавӕрдта зӕрдӕ, уымӕй» (Дзут. 11:8, 9). Павел ма уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй загъта: «Уыдон иууылдӕр суанг сӕ мӕлӕты онг фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл, кӕд сын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты, уӕддӕр. Фӕлӕ сӕ дардӕй уыдтой ӕмӕ сыл цин кодтой, стӕй ӕргом дзырдтой, кӕм цардысты, уыцы зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй сты» (Дзут. 11:13).

Йегъовӕ израилӕгты бафӕдзӕхста

4. Цалынмӕ израилӕгтӕ сӕ зӕххыл не ’рцардысты, уӕдмӕ сӕ Йегъовӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста?

4 Авраамӕн йӕ байзӕддӕгтӕ куы сбирӕ сты, уӕд сӕ Йегъовӕ скодта иу адӕм, Израил, зӕгъгӕ, ӕмӕ сын радта закъӕттӕ дӕр ӕмӕ зӕхх дӕр (Райд. 48:4; Дык. з. 6:1). Израилӕгтӕ хъуамӕ макуы рох кодтаиккой, уыцы зӕххы ӕцӕг Хицау Йегъовӕ кӕй у (Лев. 25:23). Кӕд сӕ бон уыцы зӕххӕй пайда кӕнын уыд, уӕддӕр хъуамӕ хъуыстаиккой, Йегъовӕ цы дзырдта, уымӕ. Стӕй ма израилӕгтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, «адӕймаг афтид дзулӕй [кӕй] нӕ цӕры» ӕмӕ сӕм хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый сын Йегъовӕ кӕй дӕтты (Дык. з. 8:1–3). Цалынмӕ израилӕгтӕ сӕ зӕххыл не ’рцардысты, уӕдмӕ сӕ Йегъовӕ бафӕдзӕхста: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ бакӕндзӕн, дӕ фыдӕлтӕн, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн, кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы зӕхмӕ,– уый сын расомы кодта, дӕуӕн ӕй кӕй ратдзӕн. Уыцы зӕххыл уыдзӕн, ды кӕй нӕ сарӕзтай, ахӕм стыр ӕмӕ рӕсугъд горӕттӕ, алы диссӕгтӕй ды кӕй нӕ байдзаг кодтай, ахӕм хӕдзӕрттӕ, ды кӕй не скъахтай, ахӕм доны дзыхъхъытӕ, ды кӕй нӕ ныссагътай, ахӕм сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ оливӕбӕлӕстӕ. Ӕмӕ куы хӕрай ӕмӕ ӕфсӕст куы уай, уӕд-иу кӕс: ма-иу ферох кӕн Йегъовӕйы» (Дык. з. 6:10–12).

5. Йегъовӕйы цӕуылнӕуал фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ йӕ адӕм уыдаиккой? Цавӕр ног адӕм равзӕрста?

5 Йегъовӕ сӕ дзӕгъӕлы нӕ бафӕдзӕхста. Неемийы рӕстӕджы левиттӕй цалдӕр Хуыцауӕй хатыр кургӕйӕ дзырдтой, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд цы ’рцыд, уый тыххӕй. Израилӕгтӕ дзӕбӕх хӕдзӕртты куы ӕрцардысты, хӕринаг ӕмӕ сӕм сӕн парахат куы сси, уӕд «хордтой ӕмӕ бафсӕстысты, цардӕй къӕртт ӕппӕрстой». Уыдон Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ-иу суанг, цы пехуымпарты уылты сӕ фӕдзӕхста, уыдоны мардтой. Уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ се знӕгты къухмӕ радта. (Бакӕс Неемийы 9:25–27; Оси 13:6–9.) Фӕстӕдӕр, Израил Ромы дӕлбар куы уыд, уӕд, дзуттӕгтӕ зӕрдӕвӕрд Мессийӕйы дӕр амардтой, ӕмӕ уымӕй фыддӕр хъуыддаг ма цы хъуамӕ уыдаид! Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы нал фӕндыд, цӕмӕй дзуттӕгтӕ йӕ адӕм уыдаиккой, ӕмӕ равзӕрста ног адӕм – «Хуыцауы Израил» (Матф. 21:43; Хъуыд. 7:51, 52; Гал. 6:16).

«Ацы дунейӕ не стут»

6, 7. а) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ӕмӕ ацы дунейы тыххӕй цы загъта, уый куыд бамбарын кӕнис? ӕ) Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕ Сайтаны дунейӕ цӕуылнӕ хъуамӕ уыдаиккой?

6 Ацы статьяйы райдианы куыд загътам, афтӕмӕй чырыстон ӕмбырды Сӕр Йесо Чырысти бӕлвырдӕй загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ацы дунеимӕ, ома Сайтаны фыддунеимӕ, иумӕйагӕй кӕй мацы хъуамӕ уа. Йӕ мӕлӕты размӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне уарзид, йӕхиуӕтты куыд уарзы, афтӕ. Сымах та ацы дунейӕ не стут, фӕлӕ уӕ ӕз равзӕрстон ацы дунейӕ, ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дуне йе сӕфт уыны» (Иоан. 15:19).

7 Цасдӕры фӕстӕ чырыстон дин алы бӕстӕты апарахат ис. Фӕлӕ чырыстӕттӕ уӕддӕр дунейӕ хъуамӕ ма уыдаиккой. Кӕмфӕнды ма цардаиккой, уӕддӕр Сайтаны дунейӕ хъуамӕ хицӕн кодтаиккой. Чырыстийы мӕлӕтӕй иу-30 азы куы рацыд, уӕд апостол Петр, Ромы паддзахады алы рӕтты чи цард, уыцы чырыстӕттӕм ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ацы дунейы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл ма цӕут – уыдон тох кӕнынц уӕ ныхмӕ. Ацы дунейы адӕмы ’хсӕн уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауӕй фӕзминаг ут» (1 Пет. 1:1; 2:11, 12).

8. Фыццаг чырыстӕттӕ ацы дунейӕ кӕй нӕ уыдысты, уый иу историкы ныхӕстӕй куыд зыны?

8 Чырыстӕттӕ Ромы паддзахады рӕстӕджы цардысты «ӕрцӕуӕггӕгтау ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытау». Ӕмӕ историк Кеннет Скотт Латуретт куыд ныффыста, афтӕмӕй чырыстӕтты арӕх карзӕй ӕфхӕрдтой. Мӕнг дины ӕгъдӕуттӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй сӕ аххосджын кодтой, Хуыцауыл не ’ууӕндынц, зӕгъгӕ. Иннӕ адӕм сӕ рӕстӕг цы ирхӕфсӕнтыл ӕрвыстой ӕмӕ цы бӕрӕгбӕттӕ арӕзтой, уыдонмӕ чырыстӕттӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ цыдысты, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ баст уыдысты мӕнг динимӕ ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадимӕ. Ӕмӕ афтӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕ дзырдтой, адӕмӕй, дам, се сӕфт уынынц.

Дунейӕ ӕххӕстӕй нӕ пайда кӕнӕм

9. Адӕмӕй не сӕфт кӕй нӕ уынӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

9 Абон та хабар куыд у? Мах дӕр фыццаг чырыстӕттау «ацы ӕвзӕр дунеимӕ» нӕ хӕццӕ кӕнӕм (Гал. 1:4). Уый тыххӕй нӕ абон бирӕтӕ не ’мбарынц ӕмӕ нӕ чидӕртӕ та се сӕфт дӕр уынынц. Фӕлӕ мах адӕмӕй не сӕфт нӕ уынӕм, кӕд иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, уӕддӕр. Адӕмы уарзгӕ кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй цӕуӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр фехъусын кӕнӕм «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» (Матф. 22:39; 24:14). Хорз хабар уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ нӕ фидарӕй уырны, тагъд Йегъовӕйы Паддзахад, Чырысти йӕ сӕргъы, афтӕмӕй, ӕнӕххӕст адӕмы хицауӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕй баивдзӕн, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, ахӕм ног дунейӕ (Дан. 2:44; 2 Пет. 3:13).

10, 11. а) Ацы дунейӕ куыд пайда кӕнӕм? ӕ) Чырыстӕттӕ ацы дунейӕ ӕххӕстӕй кӕй нӕ пайда кӕнынц, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у?

10 Ацы дуне лӕууы йӕ сӕфты къахыл, ӕмӕ мах, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, ӕмбарӕм, абон уый рӕстӕг кӕй нӕу, цӕмӕй ацы дунейы нӕхицӕн хорз цард агурӕм. Апостол Павел загъта: «Рӕстӕг бирӕ нал баззад». Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, «чи ӕлхӕны, уыдон» уӕнт, «цыма сӕм ницы ис, афтӕ». Павел ма загъта: «Ӕмӕ ацы дунейӕ чи пайда кӕны, уыдон дӕр уӕнт, цыма дзы ӕххӕстӕй нӕ пайда кӕнынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ» (1 Кор. 7:29–31). Ацы дунейӕ куыд пайда кӕнӕм? Зӕгъӕм, нырыккон техникӕйы ӕмӕ Интернеты фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр цалдӕр сӕдӕ ӕвзагыл адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, Библи цы дзуры, уый базонынӕн. Уӕдӕ кусгӕ дӕр кӕнӕм, цӕмӕй нӕ бон нӕхи фӕдарын уа. Стӕй ма фелхӕнӕм, цардӕн нӕ цы фӕхъӕуы, уыдӕттӕ дӕр. Фӕлӕ ацы дунейӕ ӕххӕстӕй нӕ пайда кӕнӕм, ома нын ӕхца, мулк ӕмӕ куыст царды сӕйраг не сты. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:9, 10.)

11 Чырыстӕттӕ ацы дунейӕ ӕххӕстӕй кӕй нӕ пайда кӕнынц, уый ма бӕрӕг у, уӕлдӕр ахуырадмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй дӕр. Ацы дунейы бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕймаг хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй уӕлдӕр ахуырад райса, цӕмӕй уа кадджын ӕмӕ бирӕ ӕхца куса. Фӕлӕ мах нӕхи нымайӕм рӕстӕгмӕйы цӕрджытыл ӕмӕ нӕ разы ӕвӕрӕм бынтон ӕндӕр нысӕнттӕ. Мах нӕхицӕн «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ» нӕ домӕм, ома нӕ бӕллӕм, ацы дунейы кадджындӕр цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уыдӕттӕм (Йер. 45:5; Ром. 12:16). Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йын хъусӕм йӕ фӕдзӕхстмӕ: «Кӕсут, зыд мацӕуыл кӕнут, уымӕн ӕмӕ адӕймагмӕ алцыдӕр парахатӕй куы уа, уӕд дӕр йӕ цард, цы йӕм ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу» (Лук. 12:15). Уӕдӕ ӕрыгон чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, ӕппӕты сӕйраг кӕй у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уыдон хъуамӕ ахӕм ахуырад райсой, цӕмӕй сӕ бон уа сӕхи дарын. Фӕлӕ сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ хъуамӕ сӕхи бацӕттӕ кӕной Йегъовӕйӕн «ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт хъаруйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» лӕггад кӕнынмӕ (Лук. 10:27). Афтӕ куы кӕной, уӕд уыдзысты «Хуыцауы цӕсты... хъӕздыг» (Лук. 12:21; бакӕс Матфейы 6:19–21).

Царды сагъӕстыл ма суӕм

12, 13. Матфейы 6:31–33 фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы ацы дунейы адӕмӕй куыд хицӕн кӕнӕм?

12 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ма ацы дунейы адӕмӕй хицӕн кӕнынц, мулк ӕмӕ ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй дӕр. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм. Ӕппӕт уыдӕттыл ацы дунейы адӕм тыхсынц. Сымахӕн та уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц. Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матф. 6:31–33). Не ’мчырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц, Чырыстийы ныхӕстӕ раст кӕй сты. Ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй нӕ нӕ уӕларвон Фыд цух никуы уадзы.

13 Цы нӕм ис, уый фагыл нымайын хорз у (1 Тим. 6:6). Нӕ алыварс цы адӕм ис, уыдон та бынтон ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнынц. Зӕгъӕм, сӕ цард чи баиу кӕны, уыцы ӕрыгӕттӕй бирӕты фӕфӕнды, цӕмӕй сын алцыдӕр ӕвиппайды фӕзына. Фӕхъӕуы сӕ хӕдзар кӕнӕ квартирӕ, алцыдӕр дзы куыд уа, афтӕмӕй, хорз машинӕ ӕмӕ, ногдӕр чи у, ахӕм техникӕ. Фӕлӕ ацы дунейы рӕстӕгмӕйы цӕрджытау чи цӕры, уыцы чырыстӕттӕ сӕхиуыл хӕцын зонынц, ӕмӕ балхӕнынц, ӕцӕгдӕр сӕ цы хъӕуы ӕмӕ сӕ бон аххӕссын цӕуыл у, ӕрмӕст уыдӕттӕ. Ӕхсызгон у, бирӕтӕн алы дзауматӕ сӕйраг кӕй не сты ӕмӕ сын уый фӕрцы кӕй ис фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Чидӕртӕ сӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй, Вефилты, цӕуӕг цӕстдарджытӕй кӕнӕ миссионертӕй. Не ’ппӕт дӕр тынг аргъ кӕнӕм, немӕ иумӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн!

14. Йесойы фӕсномыг ныхасӕй зондӕн цы ис райсӕн?

14 Йесо тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг «ацы царды сагъӕстыл [куы] свӕййы, хъӕздыгдзинад ӕй йӕ фӕдыл [куы] асайы», уӕд Хуыцауы ныхас йӕ зӕрдӕйы нал сырӕзы, ӕмӕ уыцы адӕймаг «тыллӕг нӕ ратты» (Матф. 13:22). Фӕлӕ ацы дунейы рӕстӕгмӕйы цӕрджытау куы уӕм ӕмӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ куы райа, уӕд ныл ахӕм хабар никуы ӕрцӕудзӕн. Нӕ цӕст уыдзӕн «иу цӕмӕдӕр арӕзт», ома Хуыцауы Паддзахадмӕ, ӕмӕ нын уыцы Паддзахад царды уыдзӕн фыццаг бынаты (Матф. 6:22).

«Дуне... фӕивгъуыйы»

15. Апостол Иоанн ацы дунейы тыххӕй цы загъта?

15 Ӕцӕг чырыстӕттӕ ацы дунейы «ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ» уымӕн сты, ӕмӕ сӕ фидарӕй уырны, ацы дунейӕн бирӕ кӕй нал баззад (1 Пет. 2:11; 2 Пет. 3:7). Уый нӕ фидарӕй кӕй уырны, уый бӕрӕг у, куыд цӕрӕм, уымӕй, ома цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, цӕмӕ бӕллӕм ӕмӕ цӕмӕ тырнӕм, уыдӕттӕй. Апостол Иоанн йе ’мчырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй ма уарзой дуне кӕнӕ, дунейы цы ис, уый, уымӕн ӕмӕ «дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоан. 2:15–17).

16. Йегъовӕ дунейӕ цы «адӕмы» рахицӕн кодта, мах дӕр уыцы адӕмӕй кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

16 Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм» (Рац. 19:5). Израилӕгтӕ-иу коммӕгӕс куы уыдысты, уӕд-иу иннӕ адӕмтӕй тынг хицӕн кодтой, Хуыцауӕн куыд лӕггад кодтой, уымӕй ӕмӕ сӕ цардӕй дӕр. Афтӕ абон дӕр Йегъовӕйы адӕм хицӕн кӕнынц Сайтаны дунейӕ. Библи нын зӕгъы, «цӕмӕй ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзӕм ӕмӕ ацы дунейы уӕм ӕмбаргӕ, цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй, цалынмӕ нӕ диссаджы ныфс нӕ сӕххӕст ӕмӕ Стыр Хуыцау, стӕй нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти кады мидӕг нӕ раргом сты, уӕдмӕ. Уый йӕхи радта мах тыххӕй, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ӕппӕт фыдхъуыддӕгты уацарӕй ӕмӕ йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, уӕлдай зынаргъ ын чи уа ӕмӕ хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъара, ахӕм адӕм» (Тит. 2:11–14). Уыцы «адӕм» сты сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕны, уыцы милуангай «ӕндӕр фыстӕ» (Иоан. 10:16).

17. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ кӕй никуы фӕфӕсмон кӕндзысты, ацы фыддунейы рӕстӕгмӕйы цӕрджытау кӕй цардысты, ууыл?

17 Сӕрст чырыстӕттӕн сӕ «диссаджы ныфс» у, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уый (Рарг. 5:10). Ӕндӕр фыстӕн та ныфс ис, ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты. Уыцы ныфс куы сӕххӕст уа, уӕд ацы фыддуне нал уыдзӕн ӕмӕ сӕ нал хъӕудзӕн рӕстӕгмӕйы цӕрджытау цӕрын. Уӕд сын уыдзӕн рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, стӕй, цы хӕрой, уый дӕр сын уыдзӕн парахатӕй (Пс. 37:10, 11; Ис. 25:6; 65:21, 22). Израилӕгтӕ Йегъовӕйы куыд ферох кодтой, уыдон ӕй афтӕ никуы ферох кӕндзысты. Уыдон алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дардзысты, цыдӕриддӕр сӕм ис, уый сын «ӕгас зӕххы Хуыцау» кӕй дӕтты (Ис. 54:5). Нӕдӕр сӕрст чырыстӕттӕ, нӕдӕр ӕндӕр фыстӕ никуы фӕфӕсмон кӕндзысты, ацы фыддунейы рӕстӕгмӕйы цӕрджытау кӕй цардысты, ууыл.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Рагзаманты Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытау куыд цардысты?

• Фыццаг чырыстӕттӕ дунемӕ цы цӕстӕй кастысты?

• Ӕцӕг чырыстӕттӕ дунейӕ ӕххӕстӕй кӕй нӕ пайда кӕнынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

• Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ацы фыддунейы рӕстӕгмӕйы цӕрджытау кӕй цардыстӕм, ууыл кӕй никуы фӕфӕсмон кӕндзыстӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Фыццаг чырыстӕттӕ сӕхи хызтой, тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад кӕм уыд, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй